Уырыссаг адæмон аргъау «Теремок» - «Гæнах» ирон æвзагмæ тæлмацæй Астæуккаг къорды сывæллæттæ.
методическая разработка (старшая группа) на тему

Тотиева Анжела Анатольевна

Осетинская сказка - инсценеровка

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл tsaegat_iryston.docx78.78 КБ

Предварительный просмотр:

Цæгат Ирыстон – Аланийы муниципалон бюджетон  скъолаагъоммæйы уагдон

«Камбилеевкæйы  хъæуы 19- æм сывæллæтты рæвдауæндон»

Уырыссаг адæмон аргъау «Теремок» - «Гæнах»

ирон æвзагмæ тæлмацæй

Астæуккаг къорды сывæллæттæ.

C:\Users\МБДОУ 19\Desktop\i5NI5C07I.jpg

Бацæттæ кодтой хъомылгæнджытæ:

Цакъоты Мадинæ Дзæрæхы чызг

Тотиты Анжелæ Анатолийы чызг

2018 аз.

Ирон Гæнах (Теремок)

Амонæг: Ралæууыд уалдзæг. Цæрæгойтæ райхъал сты сæ фынæйæ. Дидинæг фестади æрдз. Уæртæ быз-бызаг бындз  дæр рахылд йæ æмбæхсæн бынатæй…

Бындз:  (йæ базыртæ айвæзта, ауыдта гыцылл хæдзар)

              Кæй хæдзар у ацы гыццыл хæдзар? Чи цæры йæ хуылфы? (кæсы мидæмæ). Замманай гыццыл хъæдын хæдзар мын.

Амонæг: Бацыд йæ хуылфмæ æмæ дзы æрцард

Уалынмæ æхситт кæнгæ æртæхы къогъо.

Къогъо:  Кæй хæдзар у ацы гыццыл хæдзар? Чи цæры йæ хуылфы?

Бындз:  Æз бындз быз-бызæг, ды та чи да?

Къогъо: Æз къогъо Пискъ

Бындз:  Рацу иумæ цæрæм, иунæгæй цæрæн нæй

                    (бакодта йæ мидæмæ)

Амонæг: Афтæ райдыдтой цæрын иумæ, дыууæйæ. Уалынмæ фæзынд мыст Хырт-Хыртбег.

Мыст:   Чи цæры ацы хæдзары?

               Æз бындз быз-бызæг!

               Æз къогъо Пискъ!

               Ды та чи дæ?

Мыст: Æз мыст Хырт-Хыртбег.

Къогъо:  Рацу, махимæ цæр, иумæ цæрын хуыздæр у. (бакодтой йæ мидæмæ)

Амонæг: Афтæ райдыдтой цæрын иумæ хæларæй, æртæйæ. Уалынмæ гæпп-гæппгæнгæ фæзынд хæфс Квашæ.

Хæфс: Кæй хæдзар у ацы гыццыл хæдзар? Чи цæры йæ хуылфы?

            Æз, бындз быз-бызæг,

            Æз, къогъо Пискъ,

            Æз мыст Хырт-Хыртбег,

            Ды та чи дæ?

Хæфс: Æз хæфс Квашæ

Мыст: Рацу махмæ иумæ цæрæм

Амонæг: Иумæ райдыдтой цæрын хæларæй цыппарæй.

                 Тагъд, тагъд сæм æрбауайы хъил-хъус, зылынкъх тæрхъус æд

                 лæппын.

Тæрхъус:   Диссаг, чи цæры ам? Æттæмæ ма ракæсут. (хойы сæм)

                Æз, бындз быз-бызæг,

                Æз, къогъо Пискъ,

                Æз мыст Хырт-Хыртбег,

                Æз, хæфс Квашæ,

                 Ды та чи дæ?

Æз тæрхъус хъи-лхъус, зылынкъх, мæ лæппынимæ

Хæфс: Рацу махмæ, иумæ цæрæм

Амонæг: Афтæ райдыдтой цæрын иумæ хæларæй фондзæй

                  Уалынмæ кæцæйдæр смудгæ фæзынд хинæйдзаг рувас (смуды)

Рувас: Чи цæры ацы хæдзары? Цыма дзы кæрчытæ нæй? (хойы)

             Æз, бындз быз-бызæг,

             Æз, къогъо Пискъ,

             Æз мыст Хырт-Хыртбег,

             Æз, хæфс Квашæ,

             Æз тæрхъус хъи-лхъус, зылынкъх, мæ лæппынимæ

             Ды та чи дæ?

Рувас: Æз рæссугъд, уæздан рувас

Тæрхъус:  Рацу махмæ иумæ цæрæм, иумæ тыхджын уыдзыстæм

Амонæг: райдыдтой цæрын иумæ æнгомæй, æхсæзæй

Уалынмæ æрбайхъуыст цъæх бирæгъы уынæр

Бирæгъ: Чи æрцард, ам?

                 Æз, бындз быз-бызæг,

                 Æз, къогъо Пискъ,

                 Æз мыст Хырт-Хыртбег,

                 Æз, хæфс Квашæ,

                Æз тæрхъус хъи-лхъус, зылынкъх, мæ лæппынимæ

                Æз рæссугъд, уæздан рувас

                Ды та чи дæ?

Бирæгъ: Æз тыхджын цъæх бирæгъ

Рувас: Рацу махмæ иумæ цæрæм, æцæг давгæ мауал кæн.

Амонæг: Афтæ иумæ цæрынц хæларæй, хъæлдзæгæй, кафынц.

Бындз: Куыд хорз у, æмбæлттæ! Ныр мах бирæ стæм æмæ тыхджын стæм! (кафынц, цин кæнынц)

Амонæг: Дардæй æрбхъæр кодта тызмæг арс

Арс: Гъе,Гъе! Ам чи ис?

Иумæ: Æмæ ды та чи дæ?

Арс: Æз, арс, уеппæты падздзах!

Иумæ: Мах дæ нал тæрсæм, мах ныр бирæ стæм, тыхджын стæм. (асырдтой йæ иумæ). Рацыдысты фæстæмæ.

Иумæ: Æгас цæуæд иудзинад!

Кæрæдзи къухтыл хæцгæ иу къахдзæф размæ.(поклон)


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Æнæсцох ахурадон архайд (НОД) Темæ: «Бийнонтæ» Астæуккаг къуар

Æнæсцох ахурадон архайд  (НОД) Темæ: «Бийнонтæ» Астæуккаг къуар...

Мамсыраты Дæбейы аргъау « Кæрдо бæлас»

laquo; Кæрдо бæлас»Автор: Мæлдзыг кæрдойы апп ссардта....

Гом ахуырады конспект «Мады бон» (хистœр къорд)

Гом ахуырады конспект «Мады  бон» (хистœр къорд)...

Мастер – класс бацæттæгæнæн къорды ныййарджытимæ «Аив кæнын ирон сылгоймаджы националон дарæс»

Мастер – классбацæттæгæнæн къорды ныййарджытимæ«Аив кæнын ирон сылгоймаджы националон дарæс»...