Открытый урок "Уалдзаг" (грамматическая тема "Номдар"
план-конспект урока (5 класс) на тему

Дзуцева Римма Болаевна

Открытый урок Уалдзаг(грамматическая тема "Номдар")

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл gom_urochy_plan_5_klasy.docx37.39 КБ

Предварительный просмотр:

Гом урочы пълан

Урочы темæ.  Уалдзӕг.  Номдар куыд  сæрмагонд ныхасы хай.

Урочы нысантæ:

- архайдон: ахуырдзаутимæ номдар иртасыныл   бакусын;

-  ацы ныхасы хайæ парахатæй пайда кæныны арæхстдзинад рæзын кæнын ;

-  мидисон: номдары, куыд ныхасы хай, æмбарыныл бакусын;

Универсалон ахуырадон архайдтытæ:

Регулятивон: хи цæстæнгасы бындурыл  хъуыдытæ дзурын.  Урочы темæ æмæ  проблемæйæн формулировкæ дæттын. Агурын мадзæлттæ сæ сæххæст кæнынæн.  Хи  архайды  нысантæ æмæ фæстиуджытæ  æриу кæнын. Куысты æнтысты къæпхæн бæрæг кæнын.

Зонадон: хицӕн кӕнын сӕйраг, агурын проблемӕ лыггӕнӕг мадзӕлттӕ, логикон ӕгъдауӕн раст тӕрхӕттӕ кӕнын.

Коммуникативон: аразын ахуырадон ӕмгуыстдзинад ахуыргӕнӕгимӕ ӕмӕ ӕмбӕлттимӕ.

Хи цӕстӕнгас дзурын ӕмӕ фидар кӕнын, хъусын зонын, хи рӕдыдтытӕ раст кӕнын арӕхсын.

Ахуырадон мадзӕлттӕ: компьютер, проектор, ахуыргӕнӕн чиныг, карточкӕтӕ,

                                        

Урочы цыд

I . Ахуырадон архайды мотивации.

  Этапы нысан: ахуырдзауты куыстмæ сразæнгард кæнын.

Слайд æмæ музыкæ

Ахуыргæнæг: – Уæ бон хорз, сывæллæттæ! Æхсызгон мын у тынг уæ фенд! Уæлдайдæр та ма хъуысы музыкæ, фæйнæгыл уынæм худæнбыл цæсгæмттæ, сæмбæлдис нæм уазджытæ нæ районы скъолатæй, горæтæй æмæ зæрдæ райы! Уый махӕн, фæлæ ацы цæсгæмттæ та цымæ цæуыл цин кæнынц, цæмæ сты худæнбыл?

Дзуапп.  Мӕнмӕ гӕсгӕ уыдон цин кӕнынц  уалдзӕгыл.

-Уæдæ мах дæр нæ урочы спайда кæндзыстæм уалдзæджы фæзындæй. (Æмбæлы æмдзæвгæ радзурын иу скъоладзауæн уалдзæджы тыххæй, скъоладзауты конд нывтыл ӕрдзурын).

  Слайд.  Æӕмдзӕвгӕ равдисын.  (Райуарын сыфтӕ амдзӕвгӕимӕ)

Уалдзӕг та ралӕууыд,

Къуыпа нӕрсы.

Мадау нын уый рӕвдыд

Амонд хӕссы.

Къуылдым нӕм разынди

Мигъты бынӕй.

Астым дӕр бахудти,-

Нал у фынӕй.

Малусӕг базмӕлыд,

Сдардта йӕ сӕр.

Уалдзӕджы фидиуӕг,

Фарнимӕ цӕр!        

Слайд. Абон нæ урок хъуамæ ацæуа ахæм девизимæ: «Алы дзырд дæр у хæрз гыццыл дуне, йæ сусæгдзинад  ссарын æрмæст зондæн ахъаз нæу, фæлæ ма у зæрдæрайгæ куыст». Ацы ныхæстæ ныффæссут уæ тетрæдты нымæцы фæстæ, темæйæн иу рæнхъ ныууадзгæйæ. Темæ та чысыл фæстæдæр уæхæдæг сбæрæг кæндзыстут.

 Ахуыргæнæг : - Ныр та уын радзурдзынæн иу лингвистикон аргъау.         

        

Слайд.  Морфологийы паддзахады, горæт Орфографийы, хох Ныхасы культурæйы царди-уыди иу сæрмагонд ныхасы хай. Уый нысан кодта предмет æмæ дзуапп лæвæрдта фарстатæ  чи?  цы?-йæн. Уыдис сæрмагонд æмæ иумæйаг, удджын æмæ æнæуд, ивта  хауæнтæ æмæ нымæцтæм гæсгæ. Хъуыдыйады арæхдæр уыдис сæйрат, æххæстгæнæн æмæ фадатон дзырд. Хуынгæ та кодта уыцы ныхасы хай… Номдар.

- Чи бамбæрста, нæ абоны урочы темæ цавæр у, уый? (Номдар куыд сæрмагонд ныхасы хай). Раст. Ныффыссут афтид рæнхъы нæ урочы темæ.

 - Кусдзыстæм  æртæ къордæй. Алы къорды дæр уыдзæн иу сырх, дыууæ цъæхы æмæ æртæ  бур жетоны.

II.Зонындзинæдты актуалондзинад æмæ архайды зындзинæдтæ нысан кæнын.

Этапы нысан: рацыд æрмæг фæлхат кæнын,  зындзинæдтæ бæлвырд кæнын алы скъоладзауы индивидуалон куысты.

  1. Ацы аргъауы горæт Орфографи æмæ хох Ныхасы культурæйы кой цæмæн кæнынц?

Дзуапп

2. Аргъауы мидисмæ гæсгæ ма радзурут, цавæр миниуджытæ ис  номдарæн.

Дзуапп

   3. Лæвæрд текст баххæст кæнут.

Слайд. «Номдар у… ныхасы хай, нысан кæны… æмæ дзуапп дæтты фæрстытæ… Номдартæ ивынц…, хъуыдыйады вæййынц…»

 Слайд

фӕрстытӕ

чи? цы? ӕмӕ иннӕ хауӕнты фӕрстытӕн

грамматикон

нысаниуӕг

Предмет нысан кӕны

грамматикон миниуджытӕ

Удджын,ӕнӕуд, сӕрмагонд,иумӕйаг ивы нымӕцтӕм ӕмӕ хауӕнтӕм гӕсгӕ

Синтаксисон роль

Хъуыдыйады уӕнгтӕм гӕсгӕ ӕрӕхдӕр вӕййы сӕйрат, ӕххӕстгӕнӕн.

Хатдзӕг: цавӕр ныхасы хай у

 Сӕрмагонд ныхасы хай номдар


III. Архайды алгоритм.

                                  нысан                  предмет

        фарст              чи? цы?

1.Номдар        ивы        хауæнтæ

                нымӕц

                                 хъуыдыйады                    сӕйрат, ӕххӕстгӕнӕн, фадатон дзырд

                                 вæййы

                

2.  Чиныгимӕ куыст.

     А). Бакӕсын парагрӕф.

     Б). Сӕххӕст кӕнын  320-ӕм фӕлтӕрӕн. Номдартӕ  цавӕр предметтӕ нысан кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ сӕ рафыссут. 

IV. Аулӕфт.  Базон-базон.          Дунетыл нӕй мӕнӕй фылдӕр,

                                        Цӕрын ӕмбӕлттимӕ ӕнгом.

                                        Ныхасы хӕйттӕн дӕн сӕ сӕр,

                                        Хӕссын ӕз предметӕн йӕ ном. (Номдар)

Фыццаг къорд: мыр к-йӕ чи райдыдта, дыккаг къорд: мыр г-йӕ чи райдыдта ӕмӕ ӕртыккаг къорд: мыр  ӕ-йӕ чи райдыдта, ахӕм дзырдтӕ  ныффыссын.

V.Æрмӕг фидар кӕнын.

1. Лӕмӕгъдӕр, ома, бур жетонтимӕ скъоладзаутӕ хъуыды кӕнынц дзырдтӕ ахӕм темӕйыл « Уалдзӕг».

2. Цъӕх жетонтимӕ – 10 номдары ӕрхъуыды кӕнын зын орфограммӕтимӕ.

3. Сырх жетонтимӕ сты капитантӕ. Уыдон фыссынц чысыл текст «Уалдзӕг Ирыстоны». Цы номдартӕй спайда кӕной, уыдонӕн сӕ хауӕнтӕ сбӕрӕг кӕнӕнт.

VI. Фӕйнӕджы цур куыст. Равзарын   хъуыдыйӕдтӕ текстӕй. 

Къуылдым нӕм разынди                                         Мадау нын уый рӕвдыд

Мигъты бынӕй.                                                 Амонд хӕссы

VI. Ног  универсалон ахуырадон архайд системӕмӕ ӕркӕныны этап.

1.Дзырдтӕн сӕ синонимтӕ ссарын. (Фӕйнӕджы цур куыст).

Сӕрибар – уӕгъдибар.    Къуыпа –къуыбыр.

Мӕнг-сайд.                        Мадау – гыццийау.

 Саби-сывӕллон.

Фӕтк – ӕгъдау. (Ам амдзавгайы  бындурыл хъомыладон куыст)

 Слайд. Ссарын  уӕлдай  дзырд  алы  рӕнхъы  дӕр:

А) Кусын,  аудын, ӕмбӕрзын, хъӕбул, кӕсын;        (номдар)

Æ) Æвзаг, бӕлон, гӕлӕбу, артист;  (ӕнӕуд)

Б) Адӕм, фос, чындз, ӕфсад.  ( иннӕтӕ сты ӕмбырдон номдартӕ)

В) Кӕсӕгтӕ, сывӕллӕттӕ, хистӕртӕ, цуанон;         ( иууон нымӕц)

Г) Æмбалимӕ, кӕстӕримӕ, фыдимӕ,  ӕрдхорд.  (номон хӕуӕн).

3. Слайд.        Цæмæй хицæн кæнынц лæвæрд номдартæ кæрæдзийæ?

Уалдзæг.                        Къуыпа.

Амонд.                        Мадау.

Фарнимӕ.                        Малусӕг.

VII. Хӕдзармӕ куыст. Алкӕмӕн дӕр раттын карточкӕ дыгай    хӕслӕвӕрдтимӕ.                                      

1. Дзырдбыд саразын темӕ «Номдар»-мӕ гӕсгӕ.

2. Ныффыссын  грамматикон аргъау «Царди-уыди номдар..,»

Слайд.                                 ( Бавдисын дзырдбыд)

г

ӕ

н

а

х

х

о

р

д

о

н

д

ы

м

ӕ

г

ӕ

д

а

с

а

д

с

у

а

р

и

а

р

к

ъ

а

у

1. Рагон фидар.

2.Хӕдзары стыр дзаума, мӕнӕуы бынат.

3.Фысы буары хай.

4. Хъахъхъӕнынц нын ӕй ӕфсад.

5. Лыстӕг ӕхца.

6. Зӕгӕлтимӕ кусӕн дзаума.

VIII. Рефлексия.

Слайд.-  Урочы  девизмӕ ногӕй ӕркӕсын. Цавӕр дзырд сбӕрӕг кодтам?

Дзуапп.

- Цы  базыдтам ацы дзырды тыххӕй?

Дзуапп.

Нысан: аргъ кӕнын хи архайдӕн ӕмӕ ӕмкъласонты архайдӕн.

-  Цы базыдтам урочы?

-  Цавӕр уыд нӕ урочы темӕ?

-  Кӕмӕн ӕмӕ цӕй тыххӕй у нӕ бон раарфӕ кӕнын?

-  Барӕггӕнӕнтӕ сӕвӕрын.

Слайд. Зӕгъут-ма, ныр та цӕмӕн сты худӕнбыл, цӕуыл цин кӕнынц?

Дзуапп.  Нӕ куыст сӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд.

- Сӕ цӕсгӕмтты хуызтӕ уын уӕ зӕрдыл ницы ӕрлӕууын кодтой?

Дзуапп. Ирыстоны тырыса.

- Цы нысан канынц?

Дзуапп. Урс – сыгъдӕгдзинад, сырх-хӕстон ӕхсар, бур – фарн, бӕркад.

- Ам дӕр та номдартӕ.  Уӕдӕ уын мӕ зӕрдӕ зӕгъы уды сыгъдӕгдзинад,  лӕгдзинадӕй ӕххӕст куыд уат ӕмӕ уын Дунейы фарн та ӕххуысгӕнӕг куыд уа!

Хӕдзармӕ куыст

1. Дзырдбыд саразын темӕ «Номдар»-мӕ гӕсгӕ;

2. Ныффыссын грамматикон аргъау «Царди-уыди  номдар…»

______________________________________________________________

        Хӕдзармӕ куыст

1. Дзырдбыд саразын темӕ «Номдар»-мӕ гӕсгӕ;

2. Ныффыссын грамматикон аргъау «Царди-уыди  номдар…»

______________________________________________________________

Хӕдзармӕ куыст

1. Дзырдбыд саразын темӕ «Номдар»-мӕ гӕсгӕ;

2. Ныффыссын грамматикон аргъау «Царди-уыди  номдар…»

        

Уалдзӕг та ралӕууыд,

Къуыпа нӕрсы.

Мадау нын уый рӕвдыд

Амонд хӕссы.

Къуылдым нӕм разынди

Мигъты бынӕй.

Астым дӕр бахудти,-

Нал у фынӕй.

Малусӕг базмӕлыд,

Сдардта йӕ сӕр.

Уалдзӕджы фидиуӕг,

Фарнимӕ цӕр!        

Уалдзӕг та ралӕууыд,

Къуыпа нӕрсы.

Мадау нын уый рӕвдыд

Амонд хӕссы.

Къуылдым нӕм разынди

Мигъты бынӕй.

Астым дӕр бахудти,-

Нал у фынӕй.

Малусӕг базмӕлыд,

Сдардта йӕ сӕр.

Уалдзӕджы фидиуӕг,

Фарнимӕ цӕр!        

                


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Разработка открытого урока по теме: «Географическая оболочка» Урок-открытие

Что такое географическая оболочка? ГО – это взаимосвязь и взаимодействие всех оболочек Земли -  всех сфер Земли.Какие это сферы?Постановка проблемы1.     Ученику дается г...

Торжественное открытие I открытого слёта юных экологов Агинского Бурятского округа (с приглашением команд Забайкальского края).

Природа является первоосновой всякой красоты. Она может размягчить даже самые чёрствые сердца. Великая природа, окружающая нас, способна порождать великие мысли и поступки.Вы услышали звуки музыки. Ав...

Открытое занятие по английскому языку в дошкольной группе в рамках "Дня открытых дверей" для родителей.Название "Вместе весело дружить""

Открытое занятие для родителей детей, посещающих дошкольную группу. Дети с преподавателем ищут друзей для загрустившего Шалтая-Болтая, который хочет найти себе друзей среди  домашних питомцев ...

Открытый урок по алгебре в 7 классе «А» тема: «Уравнения с одной переменной». Открытый урок по алгебре в 7 классе «А» тема: «Уравнения с одной переменной».

Открытый урок по алгебре в 7 классе «А»тема: «Уравнения с одной переменной».презентация по данной теме...

Открытый урок по географии "Антарктида, история открытия и исследования"

Материалы этого урока можно использовать на уроках географии в 7-х классах....

Открытый урок по теме «АВСТРАЛИЯ. Географическое положение. История открытия материка. Рельеф и полезные ископаемые».

ЗАДАЧИ УРОКА: ОБРАЗОВАТЕЛЬНЫЕ: 1. Отработка навыков составления составления характеристики географического положения материка Австралия;2.Продолжить работу с картами,  атласами, таблицам.ВОСПИТ...

Разработка урока географии в 5 классе по ФГОС на тему Великие географические открытия. Открытия Нового света.

Данная тема рассматривается в 5 классе по учебнику Н. Петровой и Максимовой по ФГОС. Хотелось перед структуру урока....