Номдартай арæзт фæрсдзырдтæ.
план-конспект урока

Урочы нысан: Фӕрсдзырдӕй цы ӕрмӕг рацыдысты, уый сфӕлхат кӕнын ӕмӕ ныффидар кӕнын.

     Бацамонын куыд аразт цауынц фарсдзырдта номдарай.

     Скъоладзаутӕм  рӕзын кӕнын уарзондзинад ныййарӕг мадмӕ, йӕ зӕронды бонмӕйын аргъ кӕнын, тырнын мадӕн йӕ фыдӕбӕттӕ бафидынмӕ.

Урочы ӕрмӕг:   текст «Мад», компьютер (презентаци), интерактивон фӕйнӕг,), ирон мелодитӕ,зонындзинӕдтӕ сбӕрӕг кӕнынӕн таблицӕтӕ.

Паспорттæ æмæ карточкæтæ дзырдуатон куыстæн.

 

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл nomdartay_arazt_farsdzyrdta._urok.docx31.16 КБ

Предварительный просмотр:

Темӕ: Номдартай арæзт фæрсдзырдтæ.

Урочы нысан: Фӕрсдзырдӕй цы ӕрмӕг рацыдысты, уый сфӕлхат кӕнын ӕмӕ ныффидар кӕнын.

     Бацамонын куыд аразт цауынц фарсдзырдта номдарай.

     Скъоладзаутӕм  рӕзын кӕнын уарзондзинад ныййарӕг мадмӕ, йӕ зӕронды бонмӕйын аргъ кӕнын, тырнын мадӕн йӕ фыдӕбӕттӕ бафидынмӕ.

Урочы ӕрмӕг:   текст «Мад», компьютер (презентаци), интерактивон фӕйнӕг,), ирон мелодитӕ,зонындзинӕдтӕ сбӕрӕг кӕнынӕн таблицӕтӕ.

Паспорттæ æмæ карточкæтæ дзырдуатон куыстæн.

                                                  Урочы цыд.

.Бацӕттӕгӕнӕн рӕстӕг: Уӕ бон хорз, сывӕллӕттӕ

  1. Дзырдуатон куыст.( дыгæйттæй,кæрæдзийы куыстытæ бæрæг кæнынц,афтæмæй.)

     -Уæ разы ис карточкæтæ,алчи дæр кæсы цы дзырдтæ дзы ис уыдон йæхинымар,стæй сæ кæрæдзийæн дзурут æмæ сæ фыссут тетрæдты, аивæм æмæ сбæрæг кæнæм кæрæдзийы куыстытæ.

  1. Ахуыргӕнӕджы ныхас:

     Мад…Мады тыххӕй зын дзурӕн у, йемӕ ӕнус куы фӕцӕрай, уӕддӕр. Уымӕн йӕ  зӕрдӕйы арфы ӕмбӕхст хъуыдытӕ, сагъӕстӕ, цин ӕмӕ рыст ӕппӕтӕй зӕгъын никӕй бон бауыдзӕн. Уымӕн уӕвӕн дӕр нӕй.

     Мад! Цымӕ цавӕр рӕсугъд, зӕрдӕмӕхъаргӕ ныхӕстӕй ссарӕн ис дӕ ном!

     Ныййарӕг мадӕн ис ӕппӕтӕй фӕлмӕндӕр ӕмӕ рӕвдауагдӕр къухтӕ, ӕппӕтӕй ӕнкъарагдӕр зӕрдӕ. Никӕцы хӕзнатимӕ ис абарӕн мадӕн.Никуы йын ничи бафыста йӕ фыдӕбӕттӕ.Ӕмӕ уыл цалфӕнды азы цӕуӕд- кӕддӕриддӕр уӕ хъӕуы мад, йӕ рӕвдыд, йӕ цӕстӕнгас.(Слайд 2)

     -Загъут-ма армаст адаймаган ваййы ныййараг мад?

Дзуапп:

     Ныййарӕг мад ӕрмӕст адӕймагӕн нӕй. Уый ис ӕппӕт удгоймаг цӕрӕгойтӕн ӕмӕ  мӕргътӕн дӕр. Ӕмӕ Хуыцау алы удӕн дӕр балӕвар кодта ныййарӕг мадмӕ уарзондзинад. Уыцы ӕнкъарӕнӕй схайджын кодта  раст ӕнӕмбаргӕ сырдты дӕр.(Слайд 3)

     Ахуыргӕнӕг: Сывӕллӕттӕ, зӕгъут – ма, уӕдӕ кӕй номимӕ баст уыдзӕн нӕ  урочы ныхасы сӕр.

(Дарддӕр дӕр дзурдзыстӕм мады тыххӕй).

     -Уӕ зӕрдӕмӕ фӕцыдысты мады тыххӕй рӕнхъытӕ? Мӕнмӕ гӕсгӕ, сымах дӕр тынг бирӕ уарзут уӕ мадӕлты, аккаг аргъ кӕнынмӕ сын бӕллут ӕмӕ ацы радзырды рӕнхъытӕ уӕ зӕрдыл дардзыстут.

  1. Цавар амбисандта зонут мады тыххай?

Ныффыссам ма сæ нæ тетрадты.

Мады хъæбыс адджын у.

Мады рæвдыдæй адджындæр ницы и.

Мады арм мæрдтырдыгæй дæр ауды.

        Мады зæрдæ сабийæн — хур, фыды зæрдæ — мæй.

Мады зæрдæ — риссаг, фыды зæрдæ — мæтгæнаг.

3. Хетæгкаты Къоста йа куысты равдыста мады сурæт,кæд æй æпппындæр нæ зыдта,уæддæр.)

4. Кӕй ӕмдзӕвгӕтӕ систы зарджытӕ мады тыххӕй?(Чеджемты Ӕ «Ныййарӕгӕй амонд» Илурты Риммӕ,  Плиты Г «Мады ном» Суанты Ким.)

 4.      Ахуыргӕнӕг: Табуафси.(Сывӕллӕттӕ бакастысты ӕмдзӕвгӕтӕ, ӕмбисӕндтӕ, ранымадтой поэты, фысджыты, нывгӕнджыты нӕмттӕ, кӕцытӕ сӕ уацмысты равдыстой мады фӕлгонц.)

     Мӕн уырны, сымах кӕй тырндзыстут уӕ мадӕлты фӕллӕйттӕ бафидынмӕ ӕмӕ кӕй разындзыстут аккаг хъӕбултӕ уӕ ныййарджытӕн.

Аргъ сын кӕнут, уарзут сӕ!

  5.   Ныр та иу гыццыл ахъазам,ама ныхасы хайтта на зардыл арлаууын канам.

     -3 адæймаджы размæ рацæуæд.

Чи фылдæр æмæ тагъддæр æрæмбырд кæндзæн бæлвырд ныхасы хæйтта.

Дзырдтæ æмбахст сты æнæхъæн къласы,иу амбырд кæны номдартæ,иннæ мивдисджытæ,иннæ миногонтæ.

Лидзын,зарын расхъиуын,дзурын,кусын

Рæсугъд,кадджын,тымбыл,хæрзконд,чысыл

Разæфтуан,сæуæхсид,рæхыс,къудзи

Мивдисаг лаугæйæ баззад,инната сбадтысты.

-Загъут-ма мивдисаджы ,ома архайды аууал ,архайды миниуæг цавæр ныхасы хай æвдисы?

 6.    Лæвæрд мивдисджытимæ саразут хъуыдыйæдтæ фæрсдзырдтæй пайда кæнут,афтæмæй.

7. Фӕрстытӕ рацыд ӕрмӕгӕй:

Файнагыл ныхасы хæйтты хæдзæрттæ.

-Кацы хæдзары цæрджытыл дзурдзыстам абоны урочы?

1.Цы хонӕм фӕрсдзырд?

2.Хъуыдыйады мидӕг цавӕр уӕнг у?

3.Сӕ нысаниуӕгмӕ гӕсгӕ цал къордыл дих кӕнынц? Цы ӕвдисынц?

4.Цавӕр ныхасы хӕйттӕй арӕзт сты?

8.  Фӕйнӕгыл ис текст мады тыххӕй. Сымах  хъуамӕ текст бакӕсат ӕмӕ дзы ссарат фӕрсдзырдтӕ.

Рыфыссут сӕ уӕ тетрӕдтӕм (иу кусы ффффæйнæгыл) ӕмӕ зӕгъут, сӕ нысаниуӕгмӕ гӕсгӕ цавӕр фӕрсдзырдтӕ сты.

          Текст.

     Мад… Зӕххыл тӕккӕ уӕздандӕр ӕмӕ кадджындӕр ном.  Ӕрдзӕн алафон дӕр ӕхсызгон у мады сыгъдӕг ном хъусын.

      Зӕгъ изӕрӕй мады ном, ӕмӕ арвыл стъалытӕ тыбар – тыбур сисынц. Мӕй та сыл уарзонӕй йӕ цӕст фӕхӕссы.

     Зӕгъ боныгон, ӕмӕ зӕххон дидинджытӕ сӕ уӕздан сӕртӕ буц ӕмӕ сӕрыстырӕй сивазынц хурмӕ. Уый та сӕ ӕхсызгонӕй сбуц кӕны йӕ фӕлмӕн хъарм тынтӕй.

     О, фырбуцӕй ын ӕрдз уымӕн лӕггад кӕны. Цӕрӕд бирӕ мады царддӕттӕг уарзон  ном! 

(алафон, изӕрӕй, арвыл, уарзонӕй, боныгон, буц ӕмӕ сӕрыстырӕй,  æхсызгонæй,фырбуцӕй, бирӕ).

 Ахуыргӕнӕг: 1).Зӕгъут- ма, фӕрсдзырдтӕ  алафон – цавӕр ныхасы хӕйттӕй арӕзт цӕуынц?, алафон – номивӕг+номдар).арвыл,боныгон.

Уада ма фарсдзырдта аразт вæййынц номдарæй дæр.

Райгом канут чингуытæ ама балвырддар бакасам армаг

2)  Хъуыдыйӕд равзарут синтаксисон ӕгъдауӕй.

. Уый та сӕ ӕхсызгонӕй сбуц кӕны йӕ фӕлмӕн хъарм тынтӕй.

9. АУЛАФТ.

6). Лӕвӕрд фӕрсдзырдтӕн ссарут сӕ антонимтӕ.

Арвыл -  зӕххыл

Боныгон – ӕхсӕвыгон

Сӕрыстырӕй – сӕркъулӕй

Бирӕ – цъус, гыццыл

10. Къордты куыст карточкӕтимӕ.

1 къорд.(Бахахх кӕнын фӕрсдзырдтӕ хъуыдыйӕдты)

 Макуы ракӕс тарӕрфыгӕй мадмӕ.

Мады хӕстӕ  никуы ничи бафыста.

Кӕддӕриддӕр  дӕ мадӕн аргъ кӕнын зон.

Ӕрӕджиау  бамбӕрстон мӕ мады сагъӕстӕ.

Фале  мӕм мӕ мад ӕнхъӕлмӕ кӕсы.

2 къорд. (Ссарын фӕрсдзырдтӕм антонимтӕ).

Искуы – никуы.

Райсомӕй – изӕрӕй.

Боныгон – ӕхсӕвыгон.

Рагацау – ӕрӕджиау.

Абон – ахсӕв.

 

11. Чиныгима куыст:фалт.161иумæ

Фæлт.163 самост.

 

12. Хатдзӕгтӕ:

Уӕдӕ цы базыдтам фӕрсдзырдӕй?

Цы хонӕм фӕрсдзырд?

Цал къордыл дих кӕнынц?

Цавӕр ныхасы хӕйттӕй арӕзт сты?

Нӕ урочы темӕ кӕй номимӕ баст уыд? (Мады)

Уӕдӕ цавӕр хатдзӕг скӕнӕн ис? (Мады хъӕуы уарзын, аргъ кӕнын ын хъӕуы, коммӕ кӕсын ӕм хъӕуы, хъӕуы тырнын уымӕ, цӕмӕй йын йӕ къух фӕрогдӕр кӕнӕм, ӕмӕ йын уымӕй фидӕм йӕ фыдӕбӕдтӕ).

                                                                       

                                                                             Мадӕн мӕлӕты бон нӕй!

                                                                            Мадӕн йӕ рухс ном – нӕ мӕсыг!

                                                                             Нӕ астӕу цӕрдзӕни фӕрнӕй!

                Тыбылты Сослан.

       

13.   Рефлекси:

          1.  Æз урочы куыстон …хорз/ ÆВЗÆР

     2.  МÆ КУЫСТÆЙ ÆЗ … РАЗЫ ДÆН/РАЗЫ НÆ ДÆН

     3.  УРОЧЫ НОГÆЙ … БАЗЫДТОН /НÆ БАЗЫДТОН

14. Хӕдзармӕ куыст.

Ныффыссын чысыл нывӕцӕн «Мӕ мады сурӕт».

 Хӕрзбон.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

«Номдар, мивдисӕг ӕмӕ фӕрсдзырдтыл афӕлгӕст»

Как девочка помогает в домашних делах своей маме...

Урок - хъазт 6 къласы Ныхасы темæ: «Афæдзы афонтæ. Зымæг.» Грамматикон темæ: «Номдарты тасындзæг бирæон нымæцы.»

Урок-викторина по осетинскому языку для учащихся 6 класса, не владеющих осетинским языком. Урок предусматривает групповую форму работы и проходит в виде игры КВН...

Урок осетинского яыка.Тема: "Ирыстон Цᴁгат Кавказы хсᴁн. Номдарты бирᴁон нымᴁц".

Тема: Ирыстон Цᴁгат Кавказы хсᴁн. Номдарты бирᴁон нымᴁц. Урок осетинского языка для невладеющей группы....