Темæ: «Æрдз æмæ адæймаджы 'хсæн удхæстæгдзинад»
план-конспект занятия (11 класс)

Солтанова Джульета Мухтаровна

1.    Системон – архайдон технологийы бындурыл раиртасын радзырды проблематикæ.

2.    Скъоладзаутæн æмбарын кæнын уацмысы аивадон фæрæзтæ æмæ уый руаджы урочы темæ æргом кæнын.

      3. Ӕрдз æмæ адæймаджы 'хсæн цы удхæстæгдзинады хъуыды ис, уый бамбарын

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл urok_11_klass._fastag_bah.docx29.43 КБ

Предварительный просмотр:

Кълас:   11-æм кълас  ( ирон литературæ)

Ахуыргæнæг: Солтанты Д.М.

Темæ: «Æрдз æмæ адæймаджы 'хсæн  удхæстæгдзинад»

 (Агънаты Гæстæны уацмыс «Фæстаг бæх» -мæ гæсгæ)

Урочы  нысантæ.

  1. Системон – архайдон технологийы бындурыл раиртасын радзырды проблематикæ.
  2. Скъоладзаутæн æмбарын кæнын уацмысы аивадон фæрæзтæ æмæ уый руаджы урочы темæ æргом кæнын.

3. Ӕрдз æмæ адæймаджы 'хсæн цы удхæстæгдзинады хъуыды ис, уый бамбарын

Урочы хуыз.

Ног зонындзинæдтæ райсыны урок.

Урочы ахуырадон фæстиуджытæ.

Предметон: текстæн йæ сæйраг хъуыды сбæрæг кæнын, анализ скæнын.

Метапредметон: уацмысы персонажты архайд, сæ ныхасæн аргъ кæнын.

Удгоймагон: удыхъæды хорз миниуджытæ рæзын кæнын.

Ахуыры методтæ æмæ формæтæ.

Иртасæн-абарсты метод, проектон метод, индивидуалон, къордгай куыст.

Æххуысгæнæг фæрæзтæ.

Презентации, интерактивон фæйнæг.

 

Урочы эпиграф:

                             «Адæймаг ацы зæххыл иу хатт цæры æмæ хъуамæ кадджын, фæрнджын лæджы цардæй фæцæра.

Урочы структурæ

Урочы этаптæ

Ахуыргæнæджы архайд.

Скъоладзауты куыст.

УАА

Мотиваци.

(ахуыргæнæг дæтты ног темæ бамбарынæн æххуыс чи у ахæм æрмæг.)

 Ахуыргæнæджы раныхас, кæцы скъоладзауты æркæндзæн ахæм хъуыдымæ: «Ацы зæххыл цыдæриддæр  равзæрд, уыдоны иууылдæр цæрын фæнды, æмæ дзы алкæмæн дæр, суанг кæрдæджы халæн дæр, зæххæй фæхицæн зын у, тынг зын. Кæрдæгæн йæ лыггом цæмæн ныддондзаст вæййы? Уый йæ хъысмæтыл фæкæуы. Алцæмæн дæр мæлæт и æмæ йæ афоныл куы æрцæуы, уæд уый Хуыцауы куывд у».

 Хи хъуыдытæ дзурын, æмбисæндтæ хæссын

Регулятивон

(ахуырадон нысан æвæрын),  

Актуализаци

(къуылымпытæ кæм æмæ цæмæн æййафдзысты, уый сбæрæг кæнын.)

 

  • Куыд уæм кæсы, Хъуыдайнат æмæ Зыгъары удхæстæгдзинад кæцы рæнхъыты разынд ирддæрæй?
  • Ацы скуыддзæгтæй уæ зæрдæмæ тынгдæр цы фæцыд?

 

Чиныгимæ кусынц къорты

Зонадон

(зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинæдтæ иумæйаг кæнын, класификаци хи куыстæн пълан аразын)

Урочы темæйыл куыст.

Цæлхдуртæ аиуварс кæныныл куыст.

Хъуыдайнат æмæ Зыгъары удхæстæгдзинад æвдисæг миниуджытæ.

Хъуыдайнат йæхæдæг цы уавæры вæййы, раст ахæм уавæры вæййы бæх дæр.

Хъуыдайнат кæимæ дзура, йæ зæгъинæгтæ кæмæн зæгъа, уый куы нæ вæййы, уæд сæ бæхæн фæкæны.

Хъуыдайнат фæзоны: йæ бæхы зæрдæ йын цыдæр цин агайы, цыдæр æхсызгондзинад ыл æмбæлы, æмæ йемæ фæцин кæны. Хатгай та, мæнæ Хъуыдайнаты туг куы амæлы, йæ уæнгтæ куы æркæлынц, уæд уый цы уавæры вæййы, уыцы уавæры вæййы

Зонадон

(хи ныхас раст рацаразын зонын; хъæугæ информаци ссарын æмæ радзурын зонын),

коммуникативон

(хи хъуыдытæ æргом кæнын),

удгоймагон

(этикон æмæ моралон домæнтæ æххæст кæнын).

Ног æрмæгыл куыст.

  •  Проблемон фарст æрæвæрын: Диссаг у, æрмæстдæр пайда чи хаста, уыцы бæхы сфæнд кодтой амарын.

Цæмæн?!

 Фæлæ Хъуыдайнат нæ бауаддзæн Мишайы йæ сау фæнд сæххæст кæнын. Æмæ бацыдысты тохы, иуæрдыгæй Хъуыдайнат æмæ Зыгъар, иннæрдыгæй Миша æмæ йæ фарсмæ цы мадзуратæ лæууыд уыдон.

-Проект:Сæ сæйраг миниуджытæ;

сæ цард, сæ куыстæй адæмæн хорздзинад хастой;

Хъуыдайнат æмæ Зыгъары тох.

Уацауы Миша ног дуджы минæвар у. Фæлæ, мæнмæ гæсгæ, мæнæ къуыдипп зæгъæ кæмæй фæзæгъынц, уыдонæй уыд.

Хъуыдайнат афтæ хъуыды кæны: «Ног дуг афтæ зæгъы, æмæ адæймаг адæймаджы ма æмбара…

Скъола хорз у, фæлæ скъола лæггæнæг нæу, дæ сæры дын зонд нæ ныссадздзæн, дæ зæрдæ дын нæ раивдзæн. Адæмы бамбарын, адæмимæ цæрын – уый тыххæй стыр скъолатæ фæуын нæ хъæуы, уыдон гæххæтты иу ран фыст дæр не сты – туджы хъуамæ уый, адæймагæй йемæ райгуырой.

Регулятивон

(ахуырадон нысан æвæрын, ахуырадон архæйдтытæ сбæрæг кæнын,

ахуыры фæстиу-джытæ рагацау сбæрæг кæнын),

 коммуникативон

(фæрстытæ æвæрын,

хи хъуыдытæ æргом кæнын),

удгоймагон

æрдз æмæ адæймаджы æхсæн удхæстæгдзинад, адæймаджы хуыздæр миниуджытæ

Ног зонындзинæдтæ дзургæйæ фидар кæнын.

Проект саразын.

Сæ сæйраг миниуджытæ;

сæ цард, сæ куыстæй адæмæн хорздзинад хастой;

Хъуыдайнат æмæ Зыгъары тох.

- Миша –иу бæхмæ хæстæг куы нæ бацыдаид?! Æмæ уæд йæ къухы цæуыннæ бафтыд Зыгъары фехсын?

Цæмæн – иу фæивгъуыдта?

Мишайæ къаддæр аххосджын нæ уыдысты йæ фарсмæ чи лæууыд æгомыгæй, уыдон дæр. Цымæ цæуыннæ исты дзырдтой, сæ цæстытæ алырдæм цæмæн радав-бадав кодтой? Цæуыннæ æрлæууыдысты рæстдзинады фарс?

Хъуыдайнат - раст адæймаг, уæззаузонд, кæстæры æмбары æмæ йын аргъ кæны, куырыхон хистæр, куыстуарзаг, хæсты тугвæндæгтыл нæ фæцудыдта, æфсармджын.

Зыгъар - æмбаргæ, кусаг, æууæндаг.

  • Армийы нæ уыди.
  • Армийæ æмбæхсын нæ хъæуы. Æрмæст хъуамæ алчидæр йæхицæн аргъ кæнын зона.

Миша хицау у! Æмæ сæм райсом æндæр зоотехник куы æрбацæуа æмæ уый æндæр уынаффæтыл куы схæца, уæд та? Хъуамæ рæстдзинад зæгъынæй мачи тæрса. Хъуыдайнат ацы царды цыдæртæ федта, бынæтты дæр куыста, æмæ-иу рæстдзинады ныхас чи загъта, уый никуы фæчъизидзæсгом

Ам Гæстæн равдыста царды æцæгдзинад. Мæнмæ гæсгæ Хъуыдайнаты фæлгонцы равдыста йæ фыды. Уый уыди къолхозы сæрдар, парторг, бæхтæрæг. Æмæ уый дæр бавзæрста бирæ зындзинæдтæ, йæ размæ йын бирæ цæлхдуртæ æвæрдтой, фæлæ баззад рæстзæрдæ адæймагæй.

Зонадон

(хи ныхас раст рацаразын зонын; хъæугæ информаци ссарын æмæ радзурын зонын),

удгоймагон

адæймаджы хуыздæр миниуджытæ

Рефлекси.

Æрмæг бафидар кæныныл куыст.

1. Нæ урочы нæ размæ цавæр нысантæ æвæрд уыди?

2. Куыд уæм кæсы, сæххæст сæ кодтам?

3. Цавæр хъуыдытæ уæм æвзæры?

4. Цы уыдис цымыдисагæй урочы?

6. Цы райстат уæхицæн ногæй?

1.Цы базыдтам ногæй нæ урочы?

2.Уæ зæрдæмæ фæцыд æви нæ?

3. Цæмæй хицæн кодта нæ урок иннæ уроктæй?

  • Сымахмæ гæсгæ, чи йын хæццæ кæндзæн дарддæр йæ хъуыддæгтæ?
  • Ирбег
  • Цæмæй бæрæг у?

 

 

дзупп дæттынц

Кæрдæгæн дæр ма йæ лыггом ныддондзаст вæййы… Æмæ уæдæ уæд бæх – адæймаджы уды конд йæ къухты змæлдæй, йæ иу сныхасæй, йæ цæстынгасæй чи бамбары, уый йæ хъысмæт нæ бамбæрста?

Зæгъут – ма, куыд ссардтой сæ мæлæт?

Диссаг у æрдзы сконд. Ахæм фыддзинад нæ бафæрæзтой сæ зæрдæтæ Хъуыдайнатæн дæр æмæ Зыгъарæн дæр. Ам дæр та сæ удхæстæгдзинад.

Амард Хъуыдайнат… Фæлæ йæ фæстæ ныууагъта сыгъдæг ном, рæсугъд фæд.

Суанг йæ фыццаг фæзындæй дæр бæрæг у, йæ фыды фыды хуызæн ныфсхаст, сæрæн кæй у, уый. Миша Хъуыдайнатмæ документ куы бавдыста уæд нæ фæтарст, гæххæтт æрбаскъуыдта, фæлæ йæ фыды фыды сонт хъæрмæ йæ мидбыной ныддур, йæ цæстытæ доны разылдта. Йæ бон бамбарын нæу Хъуыдайнаты Цæуылнæ исты зæгъы зоотехникæн?

Фæлæ йæ дадайы тыхст цæсгом куы федта, уæд ын йæ сæр йæ уæрджытыл авæрдта, афарста йæ цы кæны, уымæй.

Ирбег ног царды минæвар у. Хистæры фарн дæлæмæ чи не 'руаддзæн, уыдонæй. Æвæццæгæн уацмысы дæр уымæн æвдыст æрцыд, цæмæй зонæм: Цалынмæ нæм Ирбеджы хуызæн кæстæртæ уа, уæдмæ нæй фесæфæн ирон адæймагæн, ирондзинадæн. Уацмысы кæрон Хъуыдайнат йæ рыстыл нæ хъуыды кæны, фæлæ йæ бинонтыл.

Зонадон,

(архæйдтытæ зæрдыл лæууын кæнын; аххос æмæ фæстиуджыты бастдзинад сбæлвырд кæнын, архайдтытæ алгоритмæ гæсгæ кæнын),

коммуникативон

(хи хъуыдытæ бæлвырд нæнын алыхуызон критеритæй пайда кæны; ахуырады æмгуыстдзинадæн фæтк аразын),

удгоймагон

(æнтыстытæ бæлвырд кæнын; ахуырадон архайды къухы цы бафтыд, уый бæрæг кæнын)

Хатдзæгтæ скæнын.

Нæ абоны урокæн хатдзæг скæндзыстæм цыбыр тесты хуызы.

Цæуыл нæ ахуыр кæны уацмыс? Цы райстам нæхицæн?»

  • Ахæм кæстæртæ кæмæн и, уый æнамонд нæу, уый ацы зæххыл дзæгъæлы нæ фæцард. Хъуыдайнат кæд æппын ницы сарæзтæ, уæддæр цот схъомыл кодта: дыууæ лæппуйы æмæ чызг. Табу Хуыцауæн, иууылдæр сæ амонд ссардтой, бинонтæй цæрынц. Куыддæр ын йæ рынчыны хабар фехъусой, афтæ ам æрбалæудзысты. Хъуыдайнат амондджын у; йæ цотыцоты федта, зоны йæ – йæхæдæг нал уыдзæн, фæлæ йæ туг цæрдзæн, йæ хъæстæ а зæххæй нæ фесæфдзæн.

Уæдæ нæ хъуамæ алчи дæр тырна зæххыл ахæм фæд ныууадзынмæ.

Æртæ уацмысы иу кæны иу хъуыды: Фæци бæхы, ома, зæронд рæстæг, раллæуыд ног дуг. Хасаны бæх амард цæугæдоны ахизын нæ бафæразгæйæ, æмæ Хасан бахызт ууылты цæуæг машинæмæ; Танабайы Гульсары йæ фæстаг балцы æфцæгыл цæугæйæ – сæумæцъæхыл, хурыскасты размæ; ирон Хъуыдайнаты бæх Зыгъары та хъуамæ топпæй амардтаиккой, фæлæ йæхæдæг зæрдæскъуыд фæци.

«

Мæнмæ гæсгæ нæ Гæстæн æркодта ахæм хъуыдымæ:

Æрдз цыдæриддæр зайæгойæ, цæрæгойæ сфæлдыста, уыдон иууылдæр хъæуынц зæххыл æмæ сæ хъуамæ цæстыгагуыйау хъахъæнæм. Ацы уацмысы бæх у фон. Сæйрагдæр у адæймаг. Æцæг адæймаг, бæх та æмдзу кæны йемæ.

Æцæг ирон, йæ сæрыл ирон худ чи хæссы, ахæм рауад Хъуыдайнаты фæлгонц йæ бирæ зынтæ æмæ фыдæбæттимæ, йæ цин æмæ цардмæ уарзондзинадимæ, йæ æнæфæцудгæ рæстдзинадимæ.

Уацмыс у тох мæнгдзинады ныхмæ, адæймаджы сæрибар æмæ сыгъдæгдзинадыл, царды æвзæрæй цы ис, уый фесæфыныл, уаг æмæ æгъдауыл, рæстзæрдæ уæвыныл, хорздзинадыл, бæсты фарныл.

Хæдзармæ куыст.

Ныффыссын цыбыр нывæцæн  : «Адæймаг ацы зæххыл иу хатт цæры æмæ хъуамæ кадджын, фæрнджын лæджы цардæй фæцæра, кæнæХалоны сæдæ азы цардæй цæргæсы цыбыр цард хуыздæр у!

        

Бæрæг кæнынц сæхимæ хæслæвæрд.