Брытъиаты Елбыздыхъо – сӕрибар цардмӕ сидӕг
план-конспект урока (8 класс)

Технологон картæ ирон литературæйы урокмæ «Брытъиаты Елбыздыхъо – сӕрибар цардмӕ сидӕг»

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл brytiaty_elbyzdyho_-_saeribar_tsardmae_sidaeg.docx37.92 КБ

Предварительный просмотр:

ГОСУДАРСТВЕННОЕ БЮДЖЕТНОЕ ОБЩЕОБРАЗОВАТЕЛЬНОЕ УЧРЕЖДЕНИЕ

«ОБЩЕОБРАЗОВАТЕЛЬНАЯ ШКОЛА-ИНТЕРНАТ СРЕДНЕГО ОБЩЕГО ОБРАЗОВАНИЯ г.ВЛАДИКАВКАЗ»

ПОДГОТОВИЛА

учитель осетинского языка и литературы

Тотрова З.Х.


Технологон картæ ирон литературæйы урокмæ

Нымӕц: 15.02.21 аз

Кълас, ахуыргӕнӕг: 8 «А», Тотраты Заремӕ

Темæ: «Брытъиаты Елбыздыхъо – сӕрибар цардмӕ сидӕг»

                                                           

Урочы нысантæ

1.Фыссæджы цард æмæ сфæлдыстад ахуыргæнгæйæ рæзын кӕнын скъоладзауты критикон хъуыдыкæнынад.

2. Базонгæ кæнын скъоладзауты Елбыздыхъойы цардæй ист хабӕрттимӕ.

3. Рæзын кæнын сывæллæтты хъуыдыкӕнынад лӕджыхъӕд бæрæггæнæг миниуджытыл æрдзургæйæ.

Урочы хуыз

Ног æрмæг бафидар кæныны урок.

Урочы ахуырадон фæстиуджытæ

Предметон: наукон хъуыдыкæнынад рæзын кæнын, наукон терминологи, методтæ зонын, ӕрмӕгӕн анализ кæнын зонын

Метапредметон: хибарæй ахуыры эффективондæр мадзæлттæ æмæ фæрæзтæ æвзарынмæ арæхстдзинад, зонын æвзаджы æрмæгæй пайда кæнын хи хъуыдытæ æмæ æнкъарæнтæ æргом кæнынæн, ахъаз кæнын коммуникативон культурæйы рæзтæн, цæттæ уæвын искæй ныхасмæ байхъусынмæ.

Удгоймагон: зонын адæмты истори, культурæ, удварн хъæздыг кæнын, интеллектуалон ӕмӕ сфӕлдыстадон миниуджытӕ рӕзын кæнын.

Ахуыры методтæ æмæ формæтæ

Индивидуалон, фронталон, къордгай куыст.

Æххуысгæнæг фæрæзтæ

Компьютер, интерактивон фæйнæг, презентаци, чингуытæ.


Урочы эпиграф:

«Мӕ фыдгулы лӕг йӕ фӕдыл мацы хорздзинӕдтӕ  ныууадзӕд!

Лӕгӕн бирӕ цӕрӕнбон нӕй…Лӕг хъуамӕ йӕ фӕдыл исты  хорддзинӕдтӕ ныууадза адӕмӕн.»

Токаты Асӕх

Урочы организацион структурæ.

Урочы сæйраг этаптæ æмæ структурæ

Ахуыргæнæджы архайды мидис

Скъоладзауы архайды мидис

Универсалон ахуырадон архайд (УАА)

Мотиваци.

(ахуыргæнæг дæтты ног темæ бамбарынæн æххуыс чи у ахæм æрмæг)

Уӕ бон хорз,сывӕллӕттӕ!

-Нӕ уазджытӕн дӕр «Уӕ бон хорз!» зӕгъӕм.

-Уӕ бон хорз ӕмӕ нӕм алы бон ӕгас цӕут, нӕ буц уазджытӕ!

-Кӕрӕдзимӕ фӕлмӕн бахудӕм ӕмӕ райдайӕм нӕ урок.                        Презентацийы 1-Слайд)                                        - Цымыдисаг ӕмӕ табуйаг сты Иры хӕхбӕстӕ. Ирыстоны алы комы дӕр, алы хъӕуы дӕр кӕддӕриддӕр уыд кадджын, куырыхон лӕгтӕ. Цал ӕмӕ ма нӕ цал хатты бафтаудзысты дисыл, йӕ хорзы кой дардыл кӕмӕн айхъуыст,уыцы разагъды лӕгты царды хабӕрттӕ.

Абон урочы равзардзыстӕм, ирон лӕгӕн номдӕттӕг чи у, ахӕм миниуджытӕ Иры номхӕссӕг лӕгтӕй иуы цардвӕндагыл ӕрдзургӕйӕ.

-Чи сты ацы адæм? Цы сæм ис иудзинадæй?                     Презентацийы 2-Слайд

(Брытъиаты Елбыздыхъойы, Хъаныхъуаты Иналы, Гӕдиаты Секъайы æмæ Санаты Уарийы къамтæ)

Презентацийы  3-Слайд (Куырттаты ком)

-Ирыстоны уӕ ацы комы исчи уыд? Куыд хуыйны?

-Уӕлдӕр цы фысджыты тыххӕй дзырдтам, уыдонӕй ацы комы чи райгуырд?

-Куыд уæм кæсы, абон цæуыл дзурдзыстæм?                                   -Куырттаты ком, куыд рӕсугъд  у дӕ равӕрд,

Куыд рӕсугъд у дӕ ӕрдзӕн дӕр йӕ хуыз!

Урс цъити дыл дзаг хъӕлӕсӕй зары,

Дӕ уӕлдӕф махӕн ‘вдадзы хосы хыз!

Салам дæттынц.

- Брытъиаты Елбыздыхъо, Хъаныхъуаты Инал, Гӕдиаты Секъа æмæ Санаты Уари.

-Ирон фысджытӕ.

- Куырттаты ком.

- Брытъиаты Елбыздыхъо.

- Куырттаты комыл.

Регулятивон:

ахуырадон нысан æвæрын. 

Актуализаци

(зæрдыл æрлæууын кæнын рацыд æрмæгæй дарддæры куыстæн цы хъæуы, уыцы зонындзинæдтæ)

Дӕлдӕр кълӕсты Кочысаты Розӕйы пъесӕтӕй кӕцыимӕ базонгӕ стӕм?

Цӕмӕ гӕсгӕ райдыдта Розӕ пъесӕтӕ фыссын?

Цавӕр уацмыс у пъесӕ?

Ӕрмӕг æвзарыны размæ уал æркæсæм иуæй-иу дзырдты нысаниуæгмæ:                Презентацийы 4- Слайд

ӔГӔРОН  - бесконечный, бескрайний.                             

РАГБОНТӔ -  прошлое, старина.                                        

БӔРДЖЫТӔ - известный определённый.  

АС – величина, количество  ЦӔХӔРЦӔСТ– смелый, ловкий.

- Пъесӕ «Гӕды лӕг, кӕнӕ Нӕ пъырыстыф сӕрра»-имӕ.

- Ольгинскӕйы ӕвӕрд ӕрцыдысты. Елбыздыхъойы пъесӕтӕ. Адӕмы зӕрдӕмӕ тынг фӕцыдысты ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Розӕ дӕр райдыдта пъесӕтӕ фыссын.

- Драматикон кӕнӕ музыкалон уацмыс.

- Кӕнынц дзырдуатон куыст.

Зонадон:

рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын.

Коммуникативон: хи хъуыдытæ æргом кæнын.

Ног æрмæгыл куыст, текстыл æнцойгæнгæйæ.

Цæлхдуртæ аиуварс кæныныл куыст

Ахуыргæнæг кæны разныхас Хъантемыраты Риммæйы уац «Рæсугъд æмæ уарзон царды тыххæй дзуры»-йæ ( чиныг «Брытъиаты Елбыздыхъо æмæ нырыккон ирон литературæйы проблемæтæ».) пайдагæнгæйæ. Æвдыст цæуынц слайдтæ музыкæимæ.        

-Цӕй сӕрмӕ зилдух кӕны хӕххон цӕргӕс ?                          

-Куыдӕй лӕууы фыдӕлты мӕсыг?

 

                                                               

-Гыццыл æддæдæр та кӕй хæдзар агуры?                                      

-Кӕд райгуырд Елбыздыхъо?

Тексты фӕбӕрӕг кӕнут, Елбыздыхъомӕ цы дзырдтӕ хауынц, уыдон.                                     Чысылæй фæстæмæ дæр йæ уарзон бынæттæй иу уыд Дæллагхъæуы Ныхас.

Презентацийы  5-Слайд

-Цы у ныхас?                                    

-Кӕмӕн уыд ныхасмӕ цӕуыны бар?

- Ахæм бынат раджы заман уыд сылгоймæгтæн дæр, хуынд Хурбадæн. Ам-иу ирон сылгоймæгтæ кодтой алыхуызон куыстытæ, æвдыстой се 'рмдæсныдзинад. Ам æмбæрста ирон сылгоймаг æхсæнадон царды æууæлтæ.

Презентацийы  6-Слайд

- Абоны царды та цавæр бынат ис ирон Ныхасæн?                                   - Уыцы рæстæджы Ныхас уыд царды скъола. Ам хохæгтæ кæддæриддæр хъуыстой зонды ныхæстæ, рæзыд сæ дунеæмбарынад.

Бирæ хъæздыгдзинæдтæ ахаста Елбыздыхъо йемæ ирон ныхасæй. Цардбæллон лæппуйæн арфæтæ куыд нæ кодтаиккой Ныхасы бадæг куырыхон хистæртæ.                  

-Сымахмæ гæсгæ, цавæр арфæтæ кодтой Елбыздыхъойæн хистæртæ йæ царды фæндагыл æрлæугæйæ?

Елбыздыхъо йӕ царды бынат равзарыныл фæдыл фыста: «Æз мæхи нæма базыдтон, нæма равзæрстон бынат царды. Æз разы нæ дæн ницæййаг хъысмæтыл. Хъуамæ царды исты фæд ныууадзон. Уыцы фæдыл цæугæйæ фæлтæртæ æхсызгонæй мысой мæн- мæхи тыххæй нæ, фæлæ æндæрты разæнгард кæнынмæ»!                            Презентацийы  7-Слайд

Ацы ныхæстæ равдисын проекторæй æмæ сæ бындурыл скæнын беседæ. Беседæйы спайда кæнын æвзаргæ кастæй.                                                          - Цавæр нысан æвæры йæ размæ Елбыздыхъо? Бакæсут уыцы хъуыды æвдисæг рæнхъытæ.

- Цæмæ бæллы, ног фæлтæртæ йæ мысой, уымæ? Бакæсут уыцы хъуыды æвдисæг рæнхъытæ дæр.            -Цавæр адæймагæн нæ вæййы рох йæ ном, баззайы адæмы зæрдæты æмæ зонды?

- Æрыгон лæппу агуырдта фæндаг цардмæ, адæмы зæрдæтæм. Уыцы фæндагыл къахдзæфтæ кæнын райдыдта, реалон училищæйы ма куы ахуыр кодта, уæд. Сарæзта ахуыргæнинæгтæй драмон къорд æмæ æвæрдта къанæг пьесæтæ.

- Елбыздыххойы тынгдӕр йæхимæ цы æлвæста?                                        

-Йӕ ӕнарӕхст къухы фӕдыл фыццаг кӕй ныв фӕзынд?

- Мæнæ æндæр сыфтæ Елбыздыхъойы къухæй фыстæй. Фыццаг сыфыл стыр дамгъæтæй фыст: «Комеди- «Уæрæседзау», йæ бынмæ «Хъæлдзæг ныв».

-Цы нымадта Елбыздыхъо вазыгджын нысаныл?

Презентацийы  8-Слайд

Проекторæй равдисын æмæ бакæсын: «Цыфæнды фыд уавæрты дæр адæймаг хъуамæ тырна уды сæрибардзинадмæ, ма фесафа лæджы ном рæсугъдгæнæг миниуджытæ, бæрзонд хæсса йæ ном, йæ хорз æгъдæуттæ. Уыдон не сты, уæд та худинаджы бæсты мæлæтыл дæр разы уæвын».

- Абарын ацы ныхæсты хъуыды фæйнæгыл фыст Къостайы æмдзæвгæйы рæнхъыты хъуыдыимæ. Сбæрæг кæнын сæ иумæйаг идейон мидис.

Цæйнæфæлтау, сæрибар адæм,

Цагъарæй туг калæм æлдарæн,

Фæлтау нын амæлын хуыздæр.

- Цавæр аргъ кæнынц ацы ныхæсты автортæ сæрибардзинадæн?

- Цы нымайы Елбыздыхъо уды сæрибар бахъахъхъæныны ахсджиаг æууæлыл?

Фыссæджы цардимæ бабæттын хатдзæгтæ.

Презентацийы  9-Слайд

-Бакæсӕм урокмæ равзæрст эпиграф, абæттӕм æй Елбыздыхъо æмæ Къостайы хъуыдытимæ, сбæрæг кæнӕм фæлтæрты хъуыдыты æмбастдзинад.                                                                   -Куыд уыд Елбыздыхъо ӕмӕ Къостайы зӕрдӕйы ахаст Ирыстонмӕ, сӕ ирон адӕммӕ? - 

- Доны фаллаг фарс цы рагон хæдзæрттæ æмæ мæсгуыты хæлддзæгтæ баззад, уыдоны сæрмæ?

- Сæрыстырæй лæууы фыдæлты мæсыг, йæ фарсы стырдæр дуртæй иу дзуры æмыр хъæлæсæй: «Брытъиаты мыггаджы мæсыг дæн».

- Брытъиаты Елбыздыхъойы хæдзар.

1881 азы 10 мартъийы.

-Ныхас – фыдӕлтыккон организаци ӕмӕ хъӕубӕсты хистӕр лӕгты  иумӕйаг фарстатӕ лыггӕнӕн бынат.

-Стӕм хатт –иу нымд, зондджын сылгоймаджы дӕр ӕрбахуыдтой . Кӕд хӕдзары хистӕр нӕлгоймаг нӕ уыд, кӕнӕ ӕнӕфӕразон уыд, уӕд ӕрыгон лӕппуйӕн дӕр Ныхасмӕ цӕуыны бар уыд.

-Ӕппӕтдунеон ӕхсӕнадон змӕлд «Иры Сыр Нхас».

-Ирон лæгæн дард фæндагыл цæугæйæ хуыздæр арфæ вæййы, хорзыл амбæл, зæгъгæ. Елбыздыхъойӕн дӕр се стырдӕр арфӕ уыд афтӕ.

Дзуапп дӕттынц текстыл ӕнцойгӕнгӕйӕ.

-Тынгдӕр ӕй йӕхимӕ ӕлвӕста сыгъдӕг гӕххӕтты сыф.                

-Немыцаг философ Ницшейы ныв.

- Вазыгджын нысаныл нымадта, адæймаг æмæ нацийы ном бæрзонд æвæрыны хъуыддаг.

Дзуапп дӕттынц текст ӕмӕ ӕмдзӕвгӕйы рӕнхъытыл ӕнцойгӕнгӕйӕ.

-Сӕ дыууӕ дӕр æнæкæрон уарзтæй уарзтой Ирыстон, ирон адæмы. Уыдтой сæ адæмы хъизæмар æмæ агуырдтой уыцы тыхст цардæй фервæзыны фадат.

Зонадон: 

хи ныхас раст рацаразын зонын; хъæугæ информаци текстты ссарын æмæ радзурын зонын, ног зонындзинæдæ райсын.

Коммуникативон: хи хъуыдытæ æргом кæнын.

Удгоймагон:

æмбарын ахуыр кæныны ахадындзинад; куыст царды фæрæз кæй у.

Ног зонындзинæдтæ  фидар кæнын

-Акусæм къордты.

Фыццаг къорд – Елбыздыхъо ӕмӕ Къостайӕн се ‘хсӕн иудзинадӕй цы уыд?

Дыггак къорд –зӕгъут ӕмбисонды хъуыды: «Ном лӕгӕн йӕ кад у,йӕ царды сӕр».

Цалдæр минуты хъуыды кæнынц, стæй дзуапп дæттынц. Группæтæ кæрæдзийы дзуæппытæн аргъ кæнынц.

Зонадон: 

зонын, цы æрмæгыл бакуыстой, уымæй зонындзинæдтæ равдисын.

Коммуникативон: хи хъуыдытæ æргом кæнын, къордты архайын арæхсын, иумæйаг уынаффæмæ æрцæуын иумæйаг хъуыддаг аразгæйæ; искæй куыст аргъ кæнын зонын.

Удгоймагон:

адæймаджы æвæрццаг æмæ æппæрццаг миниуджæтæ зонын.

Рефлекси.

Æрмæг бафидар кæныныл куыст

Цы у адӕймагӕн номдӕттӕг?

-Цы амыдта  Елбыздыхъо йæ адӕмӕн?

-Сӕххӕст йӕ царды сӕйраг нысан?

-Цавӕр фӕндаг равзӕрста царды?

-Ирон театрылыл ӕрсагъта аивады тырыса. Йæ зæрдæйы тугтæй йыл ныффыста: «Рæстдзинад, Уарзондзинад, Сæрибар»!

- Адæймаг царды цы фæд ныууагъта, уый.

- Ног фæндаг, ног зонд, ног хъуыдытæ.

- Йæ ном сси ирон культурæйы ирддæр нæмттæй иу.

- Равзӕрста,чи нæма уыдис, уыцы ирон театры сценæ.

Зонадон:  

архæйдтытæ зæрдыл лæууын кæнын.

Коммуникативон:  хи хъуыдытæ æргом кæнын.

Удгоймагон:

адæймаджы æвæрццаг æмæ æппæрццаг миниуджытæ æвзарын.

Хатдзæгтæ скæнын

-Цы райстат уæхицæн æмæ цы ахæсдзыстут уемæ ацы урокæй?

Урочы райдайæны цы эпиграф бакастыстæм, уымæ раздæхæм, æмæ зæгъут, цы зæгъынмæ хъавыди Токаты Асӕх?

Нӕ урочы кӕрон мӕ фӕнды Джусойты Нафийы ныхӕстӕй бафидар кӕнын: «Елбыздыхъойӕн йӕхийау йӕ аивад дӕр ӕвзонг ӕмӕ рӕсугъдӕй цӕры ирон дзыллӕйы ‘хсӕн ӕмӕ цӕрдзӕн ӕнустӕм, цалынмӕ Иры зӕххыл аивад уарзаг адӕймаг уа,уӕдмӕ.»

Скъоладзаутæ дзурынц сæ хъуыдытæ.

Коммуникативон:   хи хъуыдытæ бæлвырд нæнын.

Регулятивон: æнтыстытæ бæлвырд кæнын; ахуырадон архайды къухы цы бафтыд, уый бæрæг кæнын.

Хæдзармæ куыст

Нывæцæн: «Цы уыд Брытъиаты Елбыздыхъойы царды нысан?»

-Алчи йӕ куыстӕн йӕхӕдӕг саргъ кӕнӕд (хорз,тынг хорз)

Бæрæг кæнынц сæхимæ хæслæвæрд.

Аргъ кӕнынц сӕ куыстӕн.

Удгоймагон УАА: зонындзинӕдтӕм тырнын.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Урок - викторина в 8 класс по осетинской литературе Йӕхӕдӕг чи нӕ судзы , уый иннӕйы дӕр не ссудзын кӕндзӕн.» (Брытъиаты Е. цард ӕмӕ сфӕлдыстадыл афӕлгӕст)

Урочы хӕстӕ :  1)    Сбӕрӕг  кӕнын  ахуырдзауты зонындзинӕдтӕ Брытъиаты Елбыздыхъойы цард ӕмӕ сфӕлдыстадӕй; 2)    Сывӕллӕтты  ахуыр кӕнын раст ха...

Биография Бритаева Елбыздыхъо

Вводный урок по творчеству Бритаева Елбыздыхъо в 8 классе...

Урок. Сæрибар æмæ намыс куыд зоны хъахъхъæнын ИРОН". (Фæрнион Къостайы очерк "Хъæбатыр цæргæсмæ гæсгæ).

1918-1922 азты Уæрæсейы цыдис мидхæст, революци фæуæлахиз, кусæг адæм сæ бартæ сæхимæ райстой. Уыцы хæсты кусджытæ рахæцыдысты, сæрибар цард сын чи радта, уыцы коммунистты партийы фарс, æмæ знæгтæ дæр...