«Батрадз нарты гуыппырсарты куыд фервæзын кодта».
план-конспект занятия (8 класс) на тему

Дзагоева Фатима Шотаевна

Уарзут райгуырæн Батрадзау,

 Арæхстæй куыд уат Ацæмæз,

Намыс, хъомысæй –Уырызмæг,

Ут хъæбатыр сымах Сосланау.

                                Гæлуаты Аким.

Скачать:

ВложениеРазмер
Microsoft Office document icon Нарты Батрадз54 КБ

Предварительный просмотр:

Урочы темæ: «Батрадз нарты гуыппырсарты куыд фервæзын кодта».

Эпиграф.

Уарзут райгуырæн Батрадзау,

                                                                               Арæхстæй куыд уат Ацæмæз,

Намыс, хъомысæй –Уырызмæг,

Ут хъæбатыр сымах Сосланау.

                                Гæлуаты Аким.

Урочы нысан:

1. Таурæгъы мидис бамбарын кæнын.

2. Скъоладзауты æххæст дзуаппытыл фæлтæрын.

3. Скъоладзаутæм æвзæрын кæнын ахæм æнкъарæнтæ, цæмæй уарзой сæ райгуырæн бæстæ, сæрыстыр уой  сæ фыдæлты кад æмæ зондæй.

Урочы фæлгонц: Нывтæ, дисктæ, презентаци.

Урочы цыд.

  1. Хæдзармæ куыстæй бафæрсын.

– Цы у адæмон сфæлдыстад?

– Кæимæ базонгæ стæм нæртон хъайтартæй?

– Фылдæр кæцы хъайтар фæцыди уæ зæрдæмæ?

(Слайдтæ равдисын).

(Фæйнæгыл лæвæрд нæмтты бынмæ ныффыссын, нæртон хъайтарты сæйраг миниуджытæ).

Уырызмæг                Сослан                        Сырдон

зондджын                тыхджын                хин

æгъдауджын                хъаруджын                кæлæн

номдзыд                        сæрæн                        æвзыгъд

намысджын                хъæбатыр                зонджын

куырыхон                домбай                        æрхъуыдыджын

цытджын                нæрæмон                цыргъзонд

æхсарджын                ныфсхаст                амалджын

                         

2. Ног æрмæг.

Урочы темæ зæгъын. Нарты кадджытæн сæ сæйраг темæ у ахæм, æддагон тыхгæнджыты ныхмæ лæууын, уæлахиз уæвын, цагъардзинад бавзарыны бæсты – мæлæт.

3. Дзырдуатон куыст.

Абайты Васо амоны.

Batraz – Batyr-as – богатырь асский (асты бæгъатыр).

Нартæн сæ гуыппырсартæ – уæйыгарæзт, хъаруджын, зондджын.

Сæ фæндаг сын разæргæвст æркодта – сæ фæндаг сын алыг кодта, цæхгæрмæ йыл ахызти.

Номдзыд хотыхтæ – кадджын хæцæнгæрзтæ.

Æхсæв йæ тар къабæзтæ зæххыл æрытыдта – æрталынг.

Уæйыг – аргъæутты архайæг, асæй стыр, зондæй къуымых.

Æхстбæрц – æхст кæй онг хæццæ кæна, уырдæм.

Болат Батрадз – тынг тыхджын, кард æй нæ кæрды, арт нæ судзы, æндон.

Бындзагъд сын ныккодта – иу дæр сæ нал баззади.

Уæхст – шампур        (равдисын ныв)

Кæфой – совок из прутьев (равдисын ныв)

Хъомысджын – тыхджын

Нарты Батрадз куы амардис, уæд ма йыл Хуыцау дæр скуыдта æмæ йыл æрæппæрста æртæ цæссыджы. Уыдон бынаты фæзынд æртæ кувæндоны: Реком, Таранджелос, Мыкалгабыртæ.

(Равдисын Рекомы ныв.)

– Цымæ чи уыдис уыцы нæртон гуырд, Хуыцау дæр ма кæуыл скуыдта?

4. Байхъусын таурæгъмæ.

Байхъусут-ма таурæгъмæ дискыл æмæ зæгъут, чи фылдæр фæцыдис уæ зæрдæмæ?

– Цæмæн?

5. Ахуыргæнæджы раныхас.

Батрадзы тыххæй презентаци.

Нарты Батрадз у домбай хъаруйы хицау, æхсарджын, хъæбатыр, æгъдауджын. Уый тыххæй йын нарт балæвар кодтой æртæ тыны. Батрадз у тынг уарзон адæмæн. Уый тох кæны уæйгуытимæ, иуцæстон уæйыджы фырт Алæфимæ, Хъулонзачъе уæйыгимæ.

Сахъ Батрадз карз тох кæны æлдæртты ныхмæ: уый басаста Хызы фидар.

Болатриу Батрадз бирæ зындзинæдтæ бавзæрста, фæлæ фервæзын кодта йæ фыдæлтæй иуы – Уоны æмæ ракуырдта Акулæйы рæсугъды.

Ныфсхаст Батрадз райста йæ фыды туг, тох кодта нæртон адæмы сæрыл.

6. Таурæгъ бакæсын цæггай.

– Гуыппырсартæ чи сты?

– Кæм-иу уыдысты нарт?

– Ацы хатт кæдæм бахаудтой?

– Цавæр у Хæмыц?

– Уæдæ кæй фервæзын кодта Батрадз?

– Цы ми бакодта Батрадз уæйгуытæн?

7. Æвзаргæ каст.

– Ссарут-ма, саг нарты гуыппырсарты кæдæм басайдта, уыцы бынат æмæ йæ бакæсут.

– Ссарут-ма, Батрадз куыдæй рарвыста Уырызмæг, Хæмыц æмæ Сосланы, уыцы бынат æмæ йæ бакæсут.

8. Фæйнæгыл фыст æмбисонд бакæсын:

Нарт æмвæнд, æмуынаффæ уыдысты: хистæры дзырдмæ куыд хъуыстой, кæстæры дзырдмæ дæр афтæ хъуыстой.

Куыд æмбарут æмбисонд?

Нæртон адæм кæрæдзи хорз æмбæрстой, æмвæнд, æмзонд уыдысты. кæрæдзийы дзырдæн аргъ кодтой. Кæд æмæ нарты гуыппырсартæ заргæ кодтой, уæддæр сæ Батрадз бамбæрста,  æххуыс сæ кæй хъæуы, уый. Уымæн æмæ иу уыдис сæ хъуыды. Æхсарджын гуырд сын бузныг зæгъыны тыххæй нæ баххуыс кодта, фæлæ йæ адæмы бирæ кæй уарзта, уый тыххæй

9. Рольтæм гæсгæ бакæсут.

– Ссарут-ма, ахæм дзырдтæ: «Уæд Хæмыц дзуры уæйгуытæм» æмæ йæ уымæй фæстæмæ бакæсут рольтæм гæсгæ.

10. Тестытимæ куыст.

– Баххуыс кæнут Батрадзæн Хызы фидары авд дуары байгом кæнынмæ.

Байгом кæн алы дуар дæр.

Кæй фервæзын кодта иудзонгон нартæй?

  1. Уырызмæджы.
  2. Æхсары.
  3. Æхсæртæджы.
  4. Сосланы.

Чи фервæзын кодта нарты гуыппырсарты?

  1. Сырдон.
  2. Ацæмæз.
  3. Батрадз.
  4. Æхсар.

Цавæр мыггæгтæ уыдис нартæм?

  1. Борæтæ.
  2. Æхсæртæггатæ.
  3. Алыккатæ
  4. Алæгатæ.

Чи уыдис нартæн сæ хистæр?

  1. Уырызмæг.
  2. Æхсар.
  3. Уæрхæг.
  4. Хæмыц.

Чи уыди нартæн сæ бæркадджындæр æфсин?

  1. Ацырухс.
  2. Сатана.
  3. Борæхан.
  4. Дзерассæ.

Кæмæн радтой нарт æртæ тыны?

  1. Батрадзæн.
  2. Ацæмæзæн.
  3. Сосланæн.
  4. Созырыхъойæн.

Чи сарæзта фæндыр?

  1. Сырдон.
  2. Хæмыц.
  3. Батрадз.
  4. Уырызмæг.

11. Ис ахæм таурæгъ.

Кæддæр нарт æрæмбырд сты æмæ сæ тыхджындæрæн, хъаруджындæр æмæ æгъдауджындæрæн радтой æртæ тыны. Уый уыдис Батрадз.

Абон нарт æрбарвыстой æртæ кæстæры æмæ  сын ныхасы бар раттæм.

1-аг нарт:

– Уæ къласы хуыздæр чи ахуыр кæны?

2 –аг нарт

– Æгъдауджындæр чи у?

3 –аг нарт

– Нарты Сосланы хуызæн рæсугъд чи кафы?

(Скъоладзаутæн раттын лæвæрттæ.)

Кæддæр нарт æртæ тыны балæвар кодтой Батрадзæн. Ныр æндæр рæстæг у, фæлæ æхсар, æгъдау,  лæгдзинад, адæмæн æххуыс кæнын баззадысты сæ бынаты. Стæй вазыгджын ссис зонындзинæдтæм тырнын.

12. Нывтимæ куыст.

– Фыццаг ныв цавæр таурæгъмæ хауы? (Нарты фæткъуы.)

– Дыккаг ныв та? (Дзерассæ – рæсугъд).

– Æртыккаг ныв та? (Батрадз æмæ сохъыр уæйыджы фырт Алæф).

РАСТ СÆРГОНД РАВЗАР

НАРТЫ ФÆТКЪУЫ.

БАТРАДЗ ÆМÆ УÆЙЫДЖЫ ФЫРТ АЛÆФ.

СЫРДОНЫ РАЙГУЫРД.

ДЗЕРАССÆ-РÆСУГЪД.

 БАТРАДЗ ÆМÆ ХУРЫ ЧЫЗГ.

НАРТЫ ФÆТКЪУЫ.

ДЗЕРАССÆ-РÆСУГЪД.

БАТРАДЗ ÆМÆ УÆЙЫДЖЫ ФЫРТ АЛÆФ.

(Раст дзуæппытæ ратгæйæ рауайдзæн хуызтæм гæсгæ Ирыстоны тырыса).

– Цы дзы рауад?

– Ирыстоны тырыса.

Сымахæй алкæмæн дæр йæ тугдадзинты кæлы ирон нæртон туг æмæ уæ куынæ фæнда, уæддæр уын уыцы туг кусын кæндзæн уæ зæрдæты. Æнусты сæрты нæм сыгъдæгæй æрхæццæ ирон тырыса, кæцыйы лæгæй хорз сты нæртон мыггаг Алæгатæ, хæстон æхсарæй æрттивынц-Æхсæртæггаты Батрадз, Сослан, Уырызмæг, бæркад хæссынц Борæты мыггаг. Мах, Ирыстоны хистæрты фæнды, цæмæй сымах дарддæр адæттат ацы тырыса суинаг фæлтæртæм сыгъдæг æмæ рæсугъдæй.

Æнæниз ут. Сымах хъуамæ уат уæ фыдæлтæй хуыздæр, уæ фыдæлтæй зондджындæр,  уæ фыдæлтæй амондджындæр. Афтæ амоны цард.

– Абон райсомæй æз арвыстон нарты дыргъдонмæ домбай лæппуты, цæмæй уын æрбахæссой нарты фæткъуы бæласæй фæткъуытæ. Ацы фæткъуытæ уын лæвар кæнæм уый тыххæй, цæмæй уа макуы ферох уа уæ райгуырæн бæстæ.  

Хæдзармæ куыст. Таурæгъ зонын хи ныхæстæй дзурын.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

КУЫД АРÆЗТ ÆРЦЫДИ КЪОСТАЙЫ ЗАРÆГ

КУЫД АРÆЗТ ÆРЦЫДИ  КЪОСТАЙЫ ЗАРÆГ...

«Куыд ӕхсадта чызг сӕ рудзынгӕмбӕрзӕн»

Как девочка помогает в домашних делах своей маме...

Куыд зонын Ирыстон

интеллектуальная игра по краеведению...

Урок. Сæрибар æмæ намыс куыд зоны хъахъхъæнын ИРОН". (Фæрнион Къостайы очерк "Хъæбатыр цæргæсмæ гæсгæ).

1918-1922 азты Уæрæсейы цыдис мидхæст, революци фæуæлахиз, кусæг адæм сæ бартæ сæхимæ райстой. Уыцы хæсты кусджытæ рахæцыдысты, сæрибар цард сын чи радта, уыцы коммунистты партийы фарс, æмæ знæгтæ дæр...

Стандартмæ гæсгæ арæзт ирон литературæйы урок куыд ахуырадон фæрæз.

Урок  цы у, ууыл бирæ чингуытæ, бирæ æрмæг фыст æрцыд. Ивд цæуынц ахуырадæн йæ нысантæ æмæ йæ мидис, фæзынынц ног технологитæ, фæлæ цавæрфæнды реформæтæ дæр куы æрцæуа арæзт скъолаты  , уæдд...

Архайды технологийы метод-куыд универсалон ахуырадон зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинæдты ахъаззаг бындур

laquo;Настоящий  учитель показывает  своему ученику не готовое задание, над которым положены тысячелетия труда, он ведет его  к  разрабатыванию  строительного материала,...

Нарт Нарт уæд уыдысты…

КВН на тему Нарт   Нарт   уæд  уыдысты&helli...