Урочы технологон картæ "Фыдæлты æгъдæуттæ æнæмæлгæ…"
план-конспект урока (5 класс)

Урочы технологон картæ "Фыдæлты æгъдæуттæ æнæмæлгæ…" 5 кълас  (ирон къорд)

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл fydaelty_aegdaeuttae_aenaemaelgae.docx47.84 КБ

Предварительный просмотр:

Урочы технологон картæ.

Ахуыргæнæг: Дзгойты А. Т.

Предмет: ирон æвзаг

                                                                           Кълас: 5 (ирон  къорд)

Урочы технологон картæ

Грамматикон темæ: Хъуыдыйады ӕмхуызон уӕнгтӕ.

Ныхасы темӕ: «Фыдæлты æгъдæуттæ æнæмæлгæ…» Джыккайты Шамилы уацмыс «Нӕ фыдӕлты фарн» -мӕ гӕсгӕ.

Урочы тип: Кæронбæттæн урок

Урочынысан: 1) Скъоладзаутӕн бафидар кӕнын хъуыдыйады ӕмхуызон

Уӕнгтӕ цы сты, уый.

2) Бакусын фысгӕ ӕмӕ дзургӕ ныхасы рӕзтыл.

3) Скъоладзауты хъуыдыкӕнынад рӕзын кӕныныл кусын.

Нӕ рагфыдӕлты истори зонын.

Фæстиуджытæ

Предметон

- бакусын дзургæ æмæ фысгæ ныхасы рæзтыл;

Метапредметон

-ахуырдзауты  хъуыдыкæнынад  рæзын кæнын;

Удгоймагон

-райгуырæн бæстæ уарын, фыдæлты истори зонын;

Предметты хсæн бастдзинад: литературон кæсынад (хъуыдыйæдтæ аив кæсын)

Æххуысгæнæг фæрæзтæ (ресурстæ): карточкӕтӕ хӕслӕвӕрдтимӕ, презентаци.

Урочы цыд

Ахуыргæнæджы архайды мидис

Скъоладзауы архайды мидис

Зонындзинæдтæ райсыныл архайды мотиваци

- Уӕ бон хорз,сывӕллӕттӕ!

-Ӕгас цу!

- Нӕ урокмӕ абон ӕрбацыд уазджытӕ ӕмӕ уыдонӕн дӕр «Ӕгас цӕут! » зӕгъӕм.

Цӕмӕй базонӕм нӕ урочы цӕуыл дзурдзыстӕм, уый ӕххуысӕн байхъусут ахӕм таурӕгъмӕ:

Иу бӕлас базӕронд ӕмӕ загъта: «О, адӕм! Ӕз зӕххыл хӕцынӕй бафӕлладтӕн ӕмӕ фӕлдӕхын, фӕлӕ-иу мӕ ӕгады ӕппӕрст ма акӕнут, - мӕ аууоны уӕ ӕз бирӕ куы фӕдардтон». Бӕлас хаугӕ-хауын дӕр йӕ кады мӕт кодта.

Бӕласӕн йӕ къалиутӕ цас бӕрзонддӕр цӕуой, уыйбӕрц тынгдӕр хӕцы йӕ уидӕгтыл. Ӕмӕ цымӕ адӕймаг дӕр афтӕ у? Адӕймаг дӕр хъуамӕ фидар хӕца йӕ уидӕгтыл: йӕ райгуырӕн зӕххыл, фыдӕлты хорз ӕгъдӕуттыл, йӕ мадӕлон ӕвзагыл, йӕ адӕмы сфӕлдыстадыл.

Адӕймаг дӕр уыцы бӕласау хъуамӕ кӕддӕриддӕр йӕ кады мӕт кӕна.

Ӕнусон сты ӕрмӕстдӕр, нӕ адӕм йӕ зӕрдӕйы рӕсугъддзинадӕй цы сфӕлдыста, уыцы фӕрныг ӕгъдӕуттӕ, зарджытӕ, таурӕгътӕ ӕмӕ нӕ фыдӕлты зӕхх

- Цӕуыл ныхас цӕуы таурӕгъы?

Уӕдӕ абон нӕ урочы цӕуыл дзурдзыстӕм?

Раст зӕгъут. Мах абон дзурдзыстӕм нӕ рагфыдӕлты фарны тыххӕй.

Урочы проблемон уавӕр саразын ӕмӕ цӕлхдуртӕ аиуварс кӕнын.

- Абон нӕ урокмӕ эпиграфӕн равзӕрстон Брытъиаты Аслӕнбеджы ныхӕстӕ. Байхъусут ма сӕм.(Экраныл фыст)

Урочы эпиграф:

Зæххыл нæ фыдæлтæ бындурæн

Ныууагътой махæн ном – Ирон.

Сæ ныфс, сæ кадыл абон дзурæм,

Æгъдауыл аразæм нæ бон.

Брытъиаты Аслæнбег

- Куыд ӕмбарут ацы ныхӕстӕ?

Урочы кӕрон ма раздӕхдзыстӕм нæ эпиграфмӕ.

 Урочы хӕстӕ ӕмӕ нысантӕ зӕгъын хи ныхӕстӕй.

- Абон махӕн нӕ разы ӕвӕрд ис ахӕм хӕстӕ ӕмӕ нысантӕ: хъуамӕ бафидар кӕнӕм цы сты хъуыдыйады ӕмхуызон уӕнгтӕ, зонӕм ӕмӕ рох ма кӕнӕм нӕ рагфыдӕлты истори.

Скъоладзаутӕ радыгай кӕсынц сӕ хъусынгӕнинӕгтӕ (доклады хуызы) нӕ фыдӕлты историйӕ( 2-3 скъоладзауы).

- Ацы таурӕгъы ныхас цӕуы нӕ фыдӕлты тыххӕй…

Нӕ фыдӕлты хорздзинӕдты тыххӕй ӕмӕ сӕ зӕрдыл дарын хъӕуы.Нӕ фыдӕлтӕй нын цы фарн баззад, уый хъуамӕ мах хъахъхъӕнӕм.)

- Мах дзурдзыстӕм нӕ рагфыдӕлты кады, фарны тыххӕй…

- Нӕ фыдӕлтӕ нын кӕй ныууагътой сӕрыстыр ном Ирон, кӕй баззад сӕ кад, сӕ ныфс, хорзӕгъдауыл нӕ цард аразӕм…

Зонындзинæдты актуализаци

Дзырдуатон куыст.

- Фӕйнӕгыл фыст ис дзырдтӕ, кӕцытыл сӕмбӕлдзыстӕм нӕ текст кӕсгӕйӕ. Равзарӕм ма сӕ(ахуыргӕнӕг кӕсы дзырдтӕ)

фарн- царды цыдæриддæр хорзæй ис ( сабырдзинад,  бæркад, амонд…)уыдон иумæ ацы ном хæссынц. Æппæтхорзæхты гуырæныл  та ирон адæмы фыдæлтæ нымадтой  «арв-хур» (мир,  благополучие,   изобилие ,счастье…)

гæнах -  замок, крепость, башня

аргъуан - церковь

сгуыхтытæ – подвиги,  победы

куырдадз  –  кузница

сахар – город

- Уӕ зӕрдыл бадарут ацы дзырдтӕ.

Ног ӕрмӕг ( кӕронбӕттӕн урок).

1)– Абон мах нӕ урочы кӕрон саразын хъӕудзӕн ф а р н ы  м ӕ с ы г нӕ фыдӕлты хӕзнатӕй. Фӕлӕ мӕсыг саразыны размӕ мах бакусдзыстӕм нӕ текстыл.

2) – Уӕ чингуытӕ бакӕнут ӕмӕ ссарут 43 фарсыл текст «Нӕ фыдӕлты фарн». Сымах мӕм лӕмбынӕг хъусут, уӕ чингуытӕм кӕсут.

 ( Ахуыргӕнӕг кӕсы текст иу хатт)

- Сымах мӕм лӕмбынӕг хъуыстат, ӕмӕ зӕгъут, куыд ӕмбарут дзырд «фарн»?

Текстимӕ куыст. Скъоладзауты каст цӕгтӕй.

- Текст ма иу хатт бакӕсӕм, уӕ иу райдайдзӕн кӕсын, дарддӕр ӕй иннӕ скъоладзау ахӕццӕ кӕндзӕн.

- Зӕгъут-ма, чи уыдысты нӕ рагфыдӕлтӕ?

- Цавӕр фӕд ныууагътой дунейы историйы?

Нӕрагфыдӕлтӕмахъуыстгондуыдыстысӕ зонд ӕмӕ хъӕбатырдзинадӕй. Арӕхцыдыстыстӕрты.

Нӕ зӕрдыл ма ӕрлӕууын кӕнӕм цы хонӕм хъуыдыйады ӕмхуызон уӕнгтӕ?

Ӕрхӕссут дӕнцӕгтӕ.

Куыд баст ӕрцӕуынц кӕрӕдзиимӕ хъуыдыйады ӕмхуызон уӕнгтӕ?

-Уӕ тетрӕдтӕ бакӕнут ӕмӕ ныффыссут абоны нымӕц

Хибарӕйкуыст.

-  Текстӕй уӕ рафыссын хъӕуы иу хъуыдыйад, цӕмӕй дзы уа хъуыдыйады ӕмхуызон уӕнгтӕ. Ссарут сӕ, бахахх сӕ кӕнут.

Бакӕсут хъуыдыйад. Цавӕр хъуыдыйады ӕмхуызон уӕнгтӕ дзы ссардтат?

- Ӕппӕт зӕххыл цыдӕриддӕр хорзӕй ис, уыдон…)

- скифӕгтӕ ӕмӕ алайнӕгтӕ

- Уыдон равдыстой сӕхи хъӕбатырӕй…

- Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ дзуапп дæттынц уыцы иу фарстæн æмæ вæййынц хъуыдыйады уыцы иу уæнг. Вæййынц куыд сæйраг,  афтæ фæрссаг уæнгтæ дæр. Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ кæрæдзиимæ баст æрцæуынц кæнæ æрмæстдæр  хъæлæсы  уагæй,  кæнæ хъæлæсы уагæй æмæ бæттæгтæ  æмæ, фæлæ, дæр – æй

- Баст æрцæуынц кæнæ æрмæстдæр хъæлæсы уагæй,  кæнæ хъæлæсы уагæй æмæ бæттæгтæ  æмæ, фæлæ, дæр – æй

- Арӕзтой гӕнӕхтӕ ӕмӕ куырдадзтӕ, сахартӕ ӕмӕ аргъуантӕ.

- гӕнӕхтӕ, куырдадзтӕ, сахартӕ, аргъуантӕ

Музыкалон физминуткӕ

Интерактивон фӕйнӕгыл куыст.

Зонындзинæдтæ райсыныл архайды арæзт

Фӕйнӕгыл ис фыст хъуыдыйӕдтӕ, кӕцытӕ баххӕст кӕнын хъӕуы хъӕугӕ дзырдтӕй.

Хӕслӕвӕрдтӕ карточкӕтыл лӕмӕгъ скъоладзаутӕн.

- Цалынмӕ мах интерактивон фӕйнӕгыл кусӕм, уӕдмӕ бакусдзысты карточкӕтимӕ.

1.Карточкӕйы хӕслӕвӕрд: Сӕвӕр лӕвӕрд хъуыдыйӕдты къӕдзыгтӕ.

Нӕ фыдӕлтӕ бирӕ уарзтой зарын(,)кафын.

Сылгоймагыл уыдис разгӕмттӕ(,) кӕлмӕрзӕн(,) риуыгънӕджытӕ (,) сӕрак дзабыртӕ.

2.Карточкӕйы хӕслӕвӕрд: Сӕвӕр лӕвӕрд хъуыдыйӕдты къӕдзыгтӕ.

Кувӕндӕттӕ (,) зӕппӕдзтӕ(,) аргъуантӕ баст сты адӕмы дин ӕмӕ уагимӕ.

Раджы заман адӕм арӕзтой мӕсгуытӕ(,) гӕнӕхтӕ (,) фидӕрттӕ.

Къордты куыст.

- Ныртӕккӕ та акусдзыстӕм къордтӕй.

I- аг къорды хӕслӕвӕрд:Лæвæрд схемæтæм гæсгæ æрхъуыды кæнут хъуыдыйæдтæ æмхуызон уæнгтимæ.

1.   ……………., ……………., …………….  .

2.    ……………. æмæ ……………. .

II- аг къорды хӕслӕвӕрд:Сæвæрут хъуыдыйæдты æрхæцæн нысæнттæ.

1.Уыдон бирæ æртыдтой фæткъуытæ кæрдотæ къомситæ.

2.Хърихъхъуппытæ зæрватыччытæ сауцъиутæ фæззæджы атæхынц хъарм бæстæм.  

III-аг къорды хӕслӕвӕрд:Баххæст кæнут хъуыдыйæдтæ æмхуызон уæнгтæй.

1. Нæ цæхæрадоны зайы ……, ……, …… .

2. Ирыстоны цæугæдæттæ сты ……, ……, …… .

Сбӕрӕг кӕнын скъоладзауты дзуӕппытӕ.

Равзар раст хъуыды( утверждение) .

Ӕрбакӕсут мА фӕйнӕгмӕ ӕмӕ равзарут раст хъуыды. (экраныл фыст 3 хуызы раиртӕст, скъоладзаутӕ дзы хъуамӕ равзарой иу раст хуыз.)

1.Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ дзуапп дæттынц уыцы иу фарстæн æмæ вæййынц хъуыдыйады уыцы иу уæнг.

Вæййынц æрмæст фæрссаг уæнгтæ.

Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ кæрæдзиимæ баст æрцæуынц кæнæ æрмæстдæр хъæлæсы уагæй,  кæнæ хъæлæсы уагæй æмæ бæттæгтæ  æмæ, фæлæ, дæр – æй.

2.Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ дзуапп дæттынц уыцы иу фарстæн æмæ вæййынц хъуыдыйады уыцы иу уæнг.

Вæййынц куыд сæйраг,  афтæ фæрссаг уæнгтæ дæр.

Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ кæрæдзиимæ баст æрцæуынц кæнæ æрмæстдæр хъæлæсы уагæй,  кæнæ хъæлæсы уагæй æмæ бæттæгтæ  æмæ, фæлæ, дæр – æй.

3.Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ дзуапп дæттынц уыцы иу фарстæн æмæ вæййынц хъуыдыйады уыцы иу уæнг.

Вæййынц куыд сæйраг, афтæ фæрссаг уæнгтæ дæр.

Урочы хатдзӕгтӕ. Рефлекси.

1. – Нӕ урочы эпиграфмӕ ма иухатт бакӕсӕм.

- Автор ацы ныхӕстӕй цы хъавыд зӕгъынмӕ? ( Нӕ фыдӕлтӕй кӕй баззадкад, се `гъдау, сӕ ныфс.)

- Раст зӕгъут. Мах сӕ хъуамӕ цӕстыгагуыйау бахъахъхъӕнӕм.

- Раззаг урокты мах ахуыр кодтам ӕмдзӕвгӕтӕ мӕсгуыты тыххӕй. Чи радзурдзӕн иу ӕмдзӕвгӕ?

 ( скъоладзау дзуры ӕмдзӕвгӕ «Мӕсыг» Хъайтыхъты А.)

-Ирыстоны зӕххыл ис арӕзт тынг бирӕ мӕсгуытӕ. Арӕзтой сӕ къӕйдуртӕй.

 2. – Нӕ текст кӕсыны размӕ уын загътон, ф а р н ы  м ӕ с ы г кӕй сараздзыстӕм нӕ фыдӕлты хӕзнатӕй, уый. (Скъоладзаутӕ иугай цӕуынц ӕмӕ фидар кӕнынц мӕсыгыл дзырдтӕ – фыдӕлты хӕзнатӕ. Дзырдтӕ ӕвӕрд сты стъолыл.)

- Цавӕр хӕзнатӕ ныууагътой нӕ фыдӕлтӕ махӕн? (аргъӕуттӕ, зарджытӕ, таурӕгътӕ, фыдӕлты зӕхх, мадӕлон ӕвзаг, кад, фарн, намыс, хъару……)

- Ацы дзырдтӕй цалдӕримӕ саразут хъуыдыйад ӕмхуызон уӕнгтимӕ.

Кӕронбӕттӕн.

-Цавӕр грамматикон темӕйыл куыстам абон нӕ урочы?

- Нӕ ныхасы темӕ та цавӕр уыд?

- Уӕ зӕрдыл цы бадардзыстут нӕ абоны урокӕй?

- Уӕдӕ уын мӕ зӕрдӕ зӕгъы, фыдӕлты фарн сымах дӕлдӕр куыд нӕ ӕруадзат, фӕлӕ йӕ уӕлдӕр куыд исат уӕ хорз хъуыддӕгтӕй.

Сӕвӕрын бӕрӕггӕнӕнтӕ.

- Абон тынг хорз бакуыстат ӕмӕ уын стыр бузныг.

Хӕдзармӕ куыст.

- Сымах ныффыссын хъӕудзӕн цыбыр нывӕцӕн цы нывтӕ уын райуарон, уыдонмӕ гӕсгӕ.

- Цалдӕр скъоладзауы та хъӕудзӕн сӕххӕсткӕнын ахӕм хӕслӕвӕрд: ссарын ӕмӕ ныффыссын 5 хъуыдыйады ӕмхуызон уӕнгтимӕ.

Директор         _______________        Н. Т. Течиева

         подпись                          расшифровка

           М.П.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

конспект урока технологон картӕ

Технологическая карта .Сека Гадиев тяжелая судьба горских женщин по рассказу "Азау"....

Технологон картӕ ирон ӕвзаджы урокмӕ 8 -ӕм къласы . Урочы темӕ: Иувӕрсыг хъуыдыйӕдтӕ.

Ныхасы темӕ: Ӕфсарм кӕм нӕй, уым ӕгъдау дӕр нӕй.Урочы темӕ: Иувӕрсыг хъуыдыйӕдтӕ....

Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 4-æм къласы. Урочы темӕ: Нæртон дзырдтæн сæ фæлмæндæр у МАД.

Темӕ:   Нæртон дзырдтæн сæ фæлмæндæр у МАД.Грамматикон темӕ:Кæронбæттæн урок номдар æмæ миногонæй....

Технологон картæ ирон литературæйы урокмæ 10-æм кълассы

quot;Æз цард афтæ æмоарын..."(Мамсыраты Дæбейы радзырдтæ "Аууон" æмæ "Фæсмон"-мæ гæскæ)...

Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 8-æм къласы Урочы темæ: « Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ»

Рацыд æрмæг хъуыдыйады уæнгтæй зæрдыл æрлæууын кæнын; хъуыдыйады æмхуызон уæнгты тыххæй зонындзинæдтæ фæарфдæр кæнын.Ныхасы рæстыл бакусын.Уарзондзинады æнкъарæнтæ взæрын кæнын Райгуырæн бæстæмæ, ирон...

Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 5-æм къласы Урочы темæ: «Номдар куыд сæмагонд ныхасы хай»

Ныхасы хæйттæзæрдыл æрлæууын кæнын; номдары тыххæй зонындзинæдтæ фæарфдæр кæнын.Ацы ныхасы хайæ парахатæй пайда кæныны арæхстдзинад рæзын кæнынНомдары , куыд ныхасы хай, æмбарыныл бакусын....

Технологон картæ ирон литературæйы урокмæ 11-æм къласы Урочы темæ: « Фæлææфсарм та, цæсгом та? » Агънаты Гæстæны уацау «Фæстаг бæх»-мæ гæсгæ.

1. Уацауы арф этикон проблематикæ равзарын.2. Бамбарын кæнын скъоладзаутæн, уацау куырыхондзинад æмæ удварны къæбиц кæй у.3. Ахуырдзауты фæцалх кæнын аивадон уацмысы комплексон анализыл.4. Адæймаг æмæ...