Темæ: «Царды мæсыг амад у æгъдау, æфсарм æмæ зонды фидар дуртæй» ( Беджызаты Чермены новеллӕ « Ӕлбегаты Батай ӕмӕ Бӕрсӕгаты чындз»-мæ гæсгæ.)
план-конспект урока (8 класс)

Битарова Диана Ильинична

Технологон картæ ирон литературæйы урокмæ 8--æм къласы

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл tehn.karta_albeg.bat_.docx40.35 КБ

Предварительный просмотр:

Технологон картæ ирон литературæйы урокмæ 8--æм къласы

Темæ: «Царды мæсыг  амад у  æгъдау, æфсарм æмæ зонды фидар дуртæй» ( Беджызаты Чермены новеллӕ «  Ӕлбегаты Батай ӕмӕ Барсӕгаты чындз»-мæ гæсгæ.)

Ахуыргæнæджы куысты   нысантæ

1. Проблемон уавӕртӕ аразгӕйӕ,ахуыдзауты хибарӕй кусыныл ахуыр кӕнын, хъуыды кӕныныл сӕ ӕфтауын,хи хъуыдытӕ ӕргом кӕнынмӕ арӕхсыныл сӕ фӕлтӕрын.

2. Ахуырдзаутӕм гуырын кӕнын тырнындзинад царды фӕзминаг уӕвынмӕ, хорз ӕвзӕрӕй иртасынмӕ арӕхсын, нæ куырыхон хистæрты фæзминаг миниуджытыл ахуыр кæнын.

3. Ныхасы рӕзтыл ӕмӕ хӕрзхъӕддзинадыл бакусын.

Урочы хуыз

Ног æрмæг бафидар кæныны урок.

Урочы ахуырадон фæстиуджытæ

Предметон: таурæгъы  тыххæй зонындзинæдтæ зæрдыл æрлæууын кæнын.

Таурæгъæн анализ скæнын.

Метапредметон: уацмысы персонажты архайдæн æмæ ныхасæн аргъ кæнын;  хи хъуыдытæ раст дзурын, хатдзæгтæ кæнын, фæрстытæ æвæрын,ахуырты æмгуыстады пълан аразын.

Удгоймагон:  æрдзурын адæймаджы æппæрццаг æмæ æвæрццаг миниуджытыл.

Ахуыры методтæ æмæ формæтæ

Иртасæн-абарсты метод, индивидуалон, къордгай куыст,проектон метод.

Æххуысгæнæг фæрæзтæ

компьютер, интерактивон фæйнæг, презентаци, чингуытæ.

Урочы эпиграфтæ:

                     ...Адӕмы фарнӕй къӕдзӕх  дӕр ныннӕры...

Къоста

                       Дӕ мастӕй хъуамӕ дӕ зонд фӕфылдӕр уа.

Ирон ӕмбисонд

 

                   

Урочы организацион структурæ

Урочы сæйраг этаптæ æмæ структурæ

Ахуыргæнæджы архайды мидис

Скъоладзауы архайды мидис

Универсалон ахуырадон архайд (УАА)

Хæдзармæ куыст

.Мотиваци.

(скъоладзаутæ сæхæдæг ссардтой, ног темæ бамбарынæн æххуыс чи у, ахæм æрмæг)

Актуализаци

(зæрдыл æрлæууын кæнын рацыд æрмæгæй дарддæры куыстæн цы хъæуы, уыцы зонындзинæдтæ.

Ног æрмæгыл куыст.

Таурæгъæн анализ  скæнын, текстыл æнцойгæнгæйæ.

Организацион хай.

 -Абон нæ урочы цæуыл дзурдзыстæм, уый сбæрæг кæнынæн нын баххуыс уыдзæн уæ хæдзармæ хæслæвæрдтæй иу. Хъуыдис бацæттæ кæнын скъуыддзаг таурæгъ «Нарты æмбырд»-æй.

- Бузныг уын.Табуафси,сбадут.

-Сывӕллӕттӕ,зӕгъут-ма уӕдӕ, цы скъуыддзагмæ бакастыстут, уымæй цы хатдзæгтæ скæнæн ис? Цавæр фæткмæ гæсгæ цардысты нæ фыдæлтæ? Цы уыд сæйрагдæр сæ царды?

- Сывæллæттæ, зæгъут- ма уæдæ,нæ абоны урочы нæ ныхас цæуыл уыдзæн?

-Раст сты уӕ хъуыдытӕ. Уыцы фарстатӕ раргом кӕнынӕн нын ӕххуыс уыдзӕн нӕ иннæ  хӕдзармӕ хӕслӕвӕрд. Зӕгъӕм- ма  йæ.

Фæйнæгыл урочы темæ равдисын.

-Сывӕллӕттӕ,уæдæ абалц кæнæм иумӕ незамантӕм, ӕмӕ нæ иумæйаг куысты руаджы акаг аргъ кæнын базонæм таурæгъы цаутæн, хъайтартæн.

-Цы хабӕрттӕ радзырдтай,уыдон цы расайдтой, ууыл уыдзæн нæ ныхас. Бакастыстут таурӕгъ. Цымӕ уын дзы уӕ чысыл зӕрдӕтӕ цы фӕцагайдта,цавӕр проблемӕтыл ӕрдзурӕн ис абоны урочы?  

- Мах бацæттæ кодтам, нӕртон адӕм цы фӕткмӕ гӕсгӕ цардысты,уый .Уый у нæ фыдæлты æнусон фæдзæхст махæн,кæстæртæн..

Инсценировкӕ: скъуыддзаг «Нарты ӕмбырд»-ӕй.

1-аг дзуапп:

-Мæнмæ гæсгæ,нæртон адæм стыр аргъ кодтой сæрыстырдзинадæн, рæстдзинадæн. Кадджын сæм уыдысты,бирæ хæрд æмæ нуæзтæй йæхи чи хызта, ахæм адæм.

2-аг дзуапп:

-Нæ фыдæлтæ хистæрæн кад кодтой, кæрæдзийæн аргъ кодтой, сæ зонд нæ сæфтой, сылгоймаджы тыххæй  йæхи чи худинаг кодта, уый сæм уыд æгад.

1-аг  дзуапп:

-  Мӕнмӕ гӕсгӕ, мах абон нӕ урочы хъуамӕ ӕрдзурӕм,нӕ фыдӕлты цард цы цӕджындзтыл лӕууыд, уыдоныл:ӕгъдау, ӕфсарм,ӕхсар,лӕгдзинад,куырыхон зондыл.

2-аг дзуапп: 

- Мæнмæ та афтæ кæсы, æмæ нӕ урочы хӕстӕй иу ӕнӕмӕнг уыдзӕн хорз ӕвзӕрӕй иртасын зонын.

Дзуапп:

- Нӕ хӕдзармӕ хӕслӕвӕрдтӕй иу уыди   Беджызаты Чермены новеллӕ «Ӕлбегаты Батай ӕмӕ Барсӕгаты чындз» кæронмæ  бакӕсын.

Иу ахуырдзау  цыбыртӕй  дзуры сюжет.

1-аг дзуапп:

Мæнмæ гæсгæ, æрдзурæн ис Æлбегаты Сæлдженыхъ æмæ Барсæгаты Дадайы быцæуы тыххæй.

2-аг дзуапп:

Æз та æрдзурин Кудзан йе ‘фсымæр Сæлдженыхъы кæй амардта, уый  тыххæй.

3-аг дзуапп:

 Мæн та фæндид Батай æмæ Царахоны ахастдзинæдты тыххæй,  стæй сын Бæтæг цы тæрхон рахаста,уый тыххæй зæгъын.

Регулятивон

(ахуырадон нысан æвæрын)

Зонадон:

бæлвырд кæнын таурæгъы конфликт, проблемæтæ.

 Коммуникативон: хи хъуыдытæ æргом кæнын.

Удгоймагон:

Рагон царды нывтæн аккаг  аргъ  кæнын.

Къордты куыст

Фæйнæгыл ныффыссын 3 проблемæйы, Ахуырдзаутæ æвзарынц фæйнæ 1 проблемæйы æмæ къордты кусынц

Равдисы Тугъанты Махарбеджы ныв «Куыдзӕппарӕн къӕдзӕх».

Уæдмæ 2 скъоладзауы фæйнæгыл фыссынц синквейнтæ.

 Темæтæ:  Кудзан, Дадай .

Кæсынц сæ синквейнтæ.

Дзуаппытæ:

1-аг къорд

- Махмӕ диссаг фӕкаст Ӕлбегаты  Сæлдженыхъ ӕмӕ Барсӕгаты Дадайы быцӕу бӕхы тыххӕй. Дадай йӕхи афтӕ ӕнӕуӕздан уымæн дары, æмæ йе стыр тыхджын мыггагӕй йӕ ныфс хӕссы. Сӕлдженыхъ ын куы нӕ радта йӕ бӕх, уӕд  Дадай йӕ зӕрдӕйы арф бавӕрдта маст.Абоны царды дӕр иуӕй-иу  æнæзонд йӕ бирӕ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хæстæджыты ныфсӕй  уæндон вӕййы, кӕнӕ та иуы нӕмынмӕ стыр къорд ӕмбӕлттӕ ӕрбакӕны. Ӕмӕ ӕрцӕуы бӕллӕхтӕ, хъыгагӕн.

Бакæсын чиныджы Дадай æмæ Сæлдженыхъы быцæу ныхас

2-аг къорд.

1-аг дзуапп: Махæн тынг зын у, Кудзан йе фсымӕр Сӕлдженыхъы кӕй амардта, уый.Барсӕгаты Дадай комкоммӕ нӕ уӕнды Сӕлдженыхъмӕ, фæлæ йæ Кудзанæн амарын кодта, йӕхӕдӕг аууоны баззад.

2-аг дзуапп

Адӕймагӕн цардӕй зынаргъдӕр ницы ис. Ӕмӕ искӕмӕн йӕ цард аскъуын, уый тӕригъӕддзинад у. Никӕмӕн ис бар искӕмӕ къух сисын амарыны тыххӕй, уӕлдайдӕр та- мадызӕнӕгмӕ.

3-аг къорд.

 1-аг дзуапп:

- Мах ӕрдзырдтам  Ӕлбегаты Батай ӕмӕ  Царахоны ахастдзинӕдтыл, ӕмӕ сын Барсӕгаты мыггаджы хистӕр, кадджын Бӕтӕг, цы тӕрхон  рахаста, ууыл.

Йӕ мыггаджы сӕфты фӕстӕ Ӕлбегаты Батаймӕ дӕр йӕ цард  ницыуал кӕсы ӕмӕ  удӕгасӕй зӕппадзмӕ бацыд, цӕмӕй дзы йӕ адзал ссара. Мӕсгуыты бӕстӕйы  дзырддзӕугӕдӕр лӕгтӕ лӕгъстӕ кӕнынц Батайӕн, цӕмӕй рахиза зӕппадзӕй; нӕ сӕ фӕнды , Ӕлбегатӕ быныскъуыд суой, уый. Фӕлӕ нӕ комы Батай. Уӕд Къӕлӕуон йӕ хӕстӕг Хӕмӕтӕн раргом кодта  ахӕм сусæгдзинад : Батай ӕмӕ Барсӕгаты Дадайы ус Царахон уыдысты сусӕг уарзӕттӕ. Ӕмӕ, дам, ӕм Царахоны барвит, уӕд, дам, Батайӕн йӕ зӕрдӕ нӕ фӕлӕууид ӕмӕ рахизид. Æмæ мæнæ Мæсгуыты бæстæйы  æртæ зæронды Бæтæгмæ  хабар радзурынмæ бацыдысты.

(Бакæсын уыцы бынат чиныджы.

 2-аг дзуапп:

-Адæмон сфæлдыстæдæй, стæй ирон литературæйæ зонæм, нæ фыдæлтæ карз тæрхон кæй хастой, æгъдау-иу чи фехæлдта,уымæн:  кӕнӕ йыл хъоды кодтой, кӕнӕ-иу ӕй дурты бын фӕкодтой,кӕнӕ та-иу ӕй бӕрзонд къӕдзӕхӕй æппӕрстой.

Зонадон: 

зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинæдтæ иумæйаг кæнын, классификаци

Коммуникативон: 

хи хъуыдытæ æргом кæнын

Удгоймагон: æнкъарын таурæгъы  ахадындзинад

Урочы æрмæг бафидар кæнын

Рефлекси

Хæдзармæ куыст.

-Нӕ фыдӕлтӕ хӕхбӕсты карз уавӕрты цардысты. Ӕмӕ уыцы уавӕртӕ домдтой карз ӕгъдӕуттӕ. Уыдоны руаджы аирвӕзтысты  ирон адӕм, нӕ куырыхон хистӕрты зонды руаджы нӕ бамынӕг ирондзинад.

-Уӕдӕ куыд кӕнгӕ уыд ӕнӕрцӕф Барсӕгатӕн, сӕ чындз кӕй фӕхудинаг кодта? Ӕнхъӕлмӕ кӕсынц дзыллӕтӕ, ӕнхъӕлмӕ кӕсынц гӕрзифтонг Барсӕгатӕ, цы тӕрхон рахӕсдзӕн Бӕтӕг, уымӕ.

-Ӕрцыд,ӕцӕгӕйдӕр, Иратаманы чи нӕма ӕрцыд, ахӕм хабар: карз тӕрхоны бӕсты  дыууӕ удӕн хатыргонд ӕрцыд, мӕлӕтыл фӕуӕлахиз цард.Фервӕзын кодта Бӕтӕг Ӕлбеджы мыггаджы  ӕвӕдӕй. Фӕрнджын разынд Бӕтӕг.Фӕуӕлахиз йӕ зӕрдӕйы ӕнкъарӕнтыл, мастисыны ӕнкъарӕнтыл фӕуӕлахиз куырыхон бафидауыны зонд. Ирон фарн цӕры Бӕтӕгӕн йӕ алы дадзины дӕр, ӕмӕ ахӕм фӕрнджын адӕмӕн къӕдзӕх дӕр нӕ лӕууы.

Урочы эпиграфтыл ӕрдзурын

-Дарддӕр нӕ куыст кӕнӕм. Фæйнæгыл лæвæрд  æмбисæндты къордтæ,  цы проблемӕтыл  ӕрдзырдтат, уыдонӕй кӕцытӕм ис ахӕссӕн , уый сбæрæг кæнут.

-Раст сты уӕ хъуыдытӕ ,уӕ дзуӕппытӕ сты ӕххӕст,мидисджын Афон у хатдзӕгтӕ скӕнынӕн.Зӕгъут-ма, нӕ урокӕй уӕ царды даргъ фӕндагыл уемӕ цы айсдзыстут?

- Стыр бузныг уын. Мӕ зӕрдӕ уын  зӕгъы, цӕмӕй уӕ царды мидӕг уӕ мастӕй уӕ зонд фылдӕр уа, кæрæдзийæн аргъ кæнын куыд зонат. Царды уылæнтæ  уæ алыхатт дæр йæ рахиз былгæронмæ хæссæд.

Бӕрӕггӕнӕнтӕ сӕвӕрын.

Хæдзармæ куыст.

-Ацы уацмысы ма иу равзаринаг фарст  ис. Йæ раргом  кæнынæн уын баххуыс уыдзæн таурæгъ «Скифты дзуапп  Дарийæн».  Абоны цардимæ  йæ  абарут æмæ уæ хъуыдытæ нывæцæны хуызы ныффыссут.

Сценкӕ Бӕтӕджы тӕрхон.

1-аг къорды ӕмбисӕндтӕ:

а) Ӕфсымӕр ӕфсымӕрӕй байуӕрста,фӕлӕ уӕддӕр ӕфсымӕртӕй баззадысты.

æ) Куыдз дӕр ма йӕхионы зоны.

б) Нозт зонд сафы.

в) Лӕгмарӕгӕй йӕ ардауӕг тӕригъӕдджындæр у.

2-аг къорды ӕмбисӕндтӕ:

а) Маст дæ куы бацæуа, уæд дæ галиу къухæй дæ рахиз къухыл ныххæц.

æ) Масты фæдыл цæуын нæ хъæуы.

б) Нӕртон лӕгӕн худинаг уыд йӕ масты фӕдыл цӕуын.

в) Маст бауромынӕн дӕр лӕг хъӕуы.

3-аг къорды ӕмбисӕндтӕ:

а) Хистæр-зондамонæг, кæстæр-æгъдаухæссæг.

æ) Зонд лæгæн фæндагамонæг у, зæрдæ та йын æхсар дæтты.

б) Адӕмӕн дзуапп чи дӕтты, уый- ӕппӕтӕй домбайдӕр.

в) Стыр зонды стыр тых ис.

1-аг дзуапп.

- Мӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд Бӕтӕджы уынаффӕ. Уый стыр хъӕбатырдзинад ӕмӕ лӕгдзинад у. Ноджы цы карз дуджы  ӕрцыд хабар, уый нӕ цӕстытыл куы ауайын кӕнӕм,уӕд. Ӕз дӕр архайдзынӕн царды мидӕг Бӕтӕгау куырыхон зондыл хӕст уӕвыныл.

2-аг дзуапп.

- Ӕз разыйӕ баззадтӕн урокӕй. Цард цард у. Адӕймаг алы уавӕрты бахауы. Бахауы ӕфхӕрды уавӕры дӕр. Ӕмӕ алчидӕр хъуамӕ Бӕтӕгау хъуыды кӕна: куыд уыдзӕн, цы уыдзӕн  канд абон нӕ, фӕлӕ фидӕны дӕр..Стӕй бамбӕрстон: ныхас хъуамӕ зонды фӕдыл цӕуа.

3-ӕм дзуапп.

-Нозтæй хи хъахъхъæнын хъæуы.

4-ӕм дзуапп.

- Ӕз та бамбӕрстон, царды мидӕг стыр аргъ кӕнын хъӕуы мадызӕнӕгӕн.

5-ӕм дзуапп.

-Ӕз та бахӕлӕг кодтон Бӕтӕджы дзырдарӕхстмӕ. Уый диссаг у,куыд ӕгъдауӕй разынд хуымӕтӕг ӕнахуыргонд  лӕгмӕ ахӕм дзырдарæхсты  курдиат , адӕмы зондахаст чи аивта, Иры дзыхъхъы чи нӕма ‘рцыд, ахӕм уынаффӕ чи рахаста, ӕмӕ уымӕй йӕ мыггаджы ном кады тырысайау  бӕрзонд чи систа?!

Зонадон:

 хи ныхас раст рацаразын зонын; хъæугæ информаци текстты ссарын æмæ радзурын зонын

Коммуникативон:

 хи хъуыдытæ æргом кæнын, быцæу кæнын зонын.

Удгоймагон:

 этикон æмæ моралон домæнтæ æххæст кæнын;

æрдзурын адæймаджы æппæрццаг æмæ æвæрццаг миниуджытыл

Коммуникативон:

 хи хъуыдытæ æргом кæнын, быцæу кæнын зонын.

Регулятивон:

хъæугæ информаци ссарын æмæ рахицæн кæнын;

Удгоймагон: 

æнтыстытæ бæлвырд кæнын; ахуырадон архайды къухы цы бафтыд, уый бæрæг кæнын


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Ныхасы темӕ : Ӕгъдау – царды фидар бындур.

Урочы темӕ: «Хистӕр ӕмӕ кӕстӕр»....

Ныхасы темӕ : Ӕгъдау – царды фидар бындур.

Урочы темӕ: «Хистӕр ӕмӕ кӕстӕр»....

Ныхасы темӕ : Ӕгъдау – царды фидар бындур.

Ныхасы темӕ : Ӕгъдау – царды фидар бындур.Урочы темӕ: «Хистӕр ӕмӕ кӕстӕр». Урочы хӕстӕ: 1 Бакусын ног лексикӕйыл, бацӕттӕ кӕнын сывӕллӕтты ӕмдзӕвгӕ кӕсынмӕ.2 Ӕрдзурын хистӕр ӕмӕ...

Хистæр кæмæн нæй, уый æнамонд у, кæстæр кæмæн нæй –æлгъыст. Беджызаты Ч. «Æлбегаты Батай ǽмǽ Барсǽгаты чындз»-мǽ гǽсгǽ.

Закъæттæ сты хæлуарæджы здыхт тынтæ, бахауынц  дзы лæмæгъдæртæ, тыхджындæртæ та сæ аскъуынынц....