Открытый урок в 6 классе по осетинской литературе Адæмон героикон зарæг. «Чермены зарæг»
методическая разработка (6 класс)

Магкаева Стелла Казбековна

 

Технологон картæ ирон литературæйы урокмæ 6-æм кълассы

Открытый урок в 6 классе по осетинской литературе.

Скачать:


Предварительный просмотр:

Ахуыргæнæг: Магкаты Стелла

Темæ: Адæмон героикон зарæг. «Чермены зарæг»

Урочы  нысантæ.

  1. Героикон зарджыты бындур раргом кæнын.
  2. Бамбарын  кæнын адæмон сфæлдыстады хуызтæ.
  3. Гуырын кæнын цымыдисдзинад æмæ уарзондзинад нæ адæмон сфæлдыстадмæ, нæ историмæ, нæ хъæбатыртæм.

Урочы хуыз.

Урок беседæ.

Урочы ахуырадон фæстиуджытæ.

Предметон: текстæн йæ сæйраг хъуыды сбæрæг кæнын, анализ скæнын.

Метапредметон: уацмысы персонажты архайд, сæ ныхасæн аргъ кæнын.

Удгоймагон: лæгдзинады æууæлтыл æрдзурын, удыхъæды хорз миниуджытæ рæзын кæнын.

Ахуыры методтæ æмæ формæтæ.

Иртасæн-абарсты метод, проектон метод, индивидуалон, къордгай куыст.

Æххуысгæнæг фæрæзтæ.

Карточкæтæ, презентации, интерактивон фæйнæг.

 

Урочы эпиграф:

                             «Адæмы æцæг историйæн зонæн нæй,

йæ дзыхæй дзургæ сфæлдыстад ын куы нæ зонай, уæд»

М.Горький

Урочы структурæ

Урочы этаптæ

Ахуыргæнæджы архайд.

Скъоладзауты куыст.

УАА

Мотиваци.

(ахуыргæнæг дæтты ног темæ бамбарынæн æххуыс чи у ахæм æрмæг.)

 « Чермены зарæг»-æй скъуыддзаг сæвæрын.

Хъусынц зарæджы скъуыддзагмæ.

Регулятивон

(ахуырадон нысан æвæрын),  

удгоймагон

(æнкъарын ирон æвзаджы ахадындзинад нæ адæмы царды)

Актуализаци

(къуылымпытæ кæм æмæ цæмæн æййафдзысты, уый сбæрæг кæнын.)

- Кæй номыл у зарæг?

- Йæ жанрмæ гæсгæ цавæр у?

-Уæдæ, сымахмæ гæсгæ, кæуыл ныхас кæндзыстæм  нæ абоны урочы?

-Сбæрæг - ма  кæнут нæ абоны урочы темæ.

- Цæмæн хонæм Чермены зарæг адæмон?

- Зындгонд уырыссаг фыссæг   М.Горький   дæр раст загъта «Адæмы æцæг историйæн зонæн нæй,йæ дзыхæй дзургæ сфæлдыстад ын куы нæ зонай,уæд».

Дзуапп дæттынц фæрстытæн.

Зонадон

(зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинæдтæ иумæйаг кæнын, класификаци; проблемон фарст æвæрын), æнкъарын ирон æвзаджы ахадындзинад нæ адæмы царды

(алыхуызон хъуыдытæ хынцын æмæ координации кæнын; быцæу фæрстытæ лыг кæнын),

удгоймагон

(æнкъарын ирон адæмон сфæлдыстады ахадындзинад нæ адæмы царды)

Урочы темæйыл куыст.

- Байхъусæм скъоладзаумæ. Уый нын бацæттæ кодта хъусынгæнинаг презентациимæ «Адæмон сфæлдыстады равзæрд æмæ йæ райрæзт».

Хатдзæг:

Нæ фыдæлтæ нын цы бынтæ ныууагътой, уыдон афтæ бирæ сты, æмæ се’ппæтæн фæнымæйæн нæй. Хъæздыг, æвидийгæ у ирон адæмон сфæлдыстад. Кæуылты сты Нарты кадджытæ, адæмон таурæгътæ æмæ æргъæуттæ, æмбисæндтæ æмæ уыци-уыцитæ. Уыдон сæвзæрдысты ирон æвзагыл. Мах хъуамæ уыдон бахъахъхъæнæм, нæ фыдæлтæ сæ куыд бахъахъхъæдтой, афтæ. Уый та ис бахъахъхъæнын æрмæстдæр æвзаджы фæрцы. Æвзаг куы нал уа, уæд фесæфдзысты уыцы æнæнымæц диссæгтæ дæр æмæ адæм  сæхæдæг дæр.

Æмæ мах, сæ кæстæртæ, сæ байзæддæгтæ, хъуамæ бахъахъхъæнæм уыцы хъæздыгдзинадтæ æмæ сæ дарддæр сыгъдæгæй хæццæ кæнæм.

Хъусынц æрмæгмæ æмæ кæсынц презентацимæ. (адæмон сфæлдыстады равзæрд æмæ йæ райрæзт)

Зонадон

(хи ныхас раст рацаразын зонын; хъæугæ информаци ссарын зонын),

коммуникативон

(хи хъуыдытæ æргом кæнын),

удгоймагон

(этикон æмæ моралон домæнтæ æххæст кæнын).

Цæлхдуртæ аиуварс кæныныл куыст.

Къордты куыст:

- Уæдæ  нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм, адæмон сфæлдыстады тыххæй цы зонæм, уый.

- Алы къордæн дæр йæ разы ис карточкæ хæслæвæрдисмæ. Æркæсут, ахъуыды кæнут æмæ дзуапп раттут.

1 къорд:

1.Ранымайут адæмон сфæлдыстады хуызтæ.

2.Чи уыдис Тлаттаты Чермен?

3. Цæмæй бæрæг у Чермен ирон адæмæн сæ хъæбатыртæй æппæты уарзондæр кæй уыдис ,уый?

2 къорд:

1.Зæгъут- ма ирон адæмæн æппæты уарзондæр чи уыдис  хъæбатыртæй? Цæмæн?

2. Тлаттаты уæздæттæ Чермены куыд амардтой? Цæуыл дзурæг,у уый?

3.Чермены миниуджытæй уæ зæрдæмæ цы фæцыдис?

Æххæст кæнынц хæслæвæрдтæ æмæ алы къорд дæр дзуапп дæтты.

Регулятивон

(ахуырадон нысан æвæрын, ахуырадон архæйдтытæ сбæрæг кæнын,

ахуыры фæстиу-джытæ рагацау сбæрæг кæнын),

 коммуникативон

(фæрстытæ æвæрын,

хи хъуыдытæ æргом кæнын),

удгоймагон

(хъуыды бавæрын; иумæйаг хъуыддаджы бæрнондзинад æмбарын)..

Ног æрмæгыл куыст.

Раныхас:

- Æз  уæм хуымæтæджы нæ радтон ахæм фарст: цæмæй бæрæг у,Чермен ирон адæмæн сæ уарзондæр хъæбатыр кæй у, уый.

    Æлдæрттæ æмæ æддагон знæгты ныхмæ чи тох кодта, уыдон кæддæриддæр уыдысты фæллойгæнæг адæмæн сарибардзинады идеалтæ. Адæм сæ бирæ уарзтой, сæрыстыр сæ уыдысты. Сæ уарзондæр хъæбатыртыл-иу скодтой канд таурæгътæ нæ, фæлæ зарджытæ дæр. Ахæм ирон нæлгоймаг нæ уыдис æмæ зарын, хъырнын чи нæ уарзта. Хъæбатырты зарджытæ-иу ахæлиу сты комæй-коммæ, хъæуæй-хъæумæ, æппæт адæмæн-иу систы æмхуызон æмæ-иу сыл æрыгон лæппутæ, фæсивæд, ахуыр кодтой лæгдзинадыл, Фыдыбæстæ уарзыныл. Амыдтой сын се ᾽фхæрæг тыхгæнджыты раз сæрыстыр уæвын, адæймаджы,ирон лæджы сæры кад бæрзонд æмæ сыгъдæг дарын.

   Ирон адæм ахæм кады зарджытæ скодтой Кодзырты Т., Берозты Т. æмæ иннæтыл. Фæлæ уæддæр æппæты уарзондæр ирон адæмæн уыди Тлаттаты Чермен.

    Ирыстоны ахæм адæймаг нæ разындзæн, Чермены номæй сæрыстыр чи нæ у. Суанг ма ирон лæг фыр буцæн йæ фыртæн ратты Чермены ном. Чермен у нæ национ хъæбатыр. Уый тох самадта æлдæртты ныхмæ æмæ хъæбатырæй фæмард. Хъæбатыр лæджы номыл ис саразæн цыртдзæвæн, кæнæ мæсыг, цæмæй йæ ном ма ферох уа. Фæлæ рацæудзæн рæстæг æмæ цырты фыстытæ фесæфдзысты, гæнæн ис, æмæ акæла мæсыг. Фæлæ нæй амæлæн, фесæфæн, адæмы зæрдæйы цы цыртдзæвæн ис, уымæн – зарæгæн.

- Байхъуыстам скъуыддзагмæ, ныр- та æнæхъæнæй йæм байхъусут.

     - Чермен ирон адæмæн у сæ кадджындæр хъæбатыртæй иу. Ууыл дзурæг у уый дæр, æмæлитературæйы нæ ирон фысджытæ иу æмæ дыууæ хатты нæ аздахынц се ᾽ргом Чермены фæлгонцмæ. Афтæ зындгонд ирон фыссæг, нæ литератæйы патриарх Гæдиаты Секъа адæмон героикон зарæджы бындурыл ныффыста æмдзæвгæ «Чермен».

  Чермены тыххæй ныффыста трагеди  Плиты Грис. Уыцы трагедийы бындурыл арæзт æрцыд киноныв «Чермен». Чермены ролы ахъазыд Уæрæсейы сгуыхт артист Уататы Бибо. Киноныв истой Дыгургомы.

- Бакæсæм уыцы кинонывæй скъуыддзагмæ.

Хъусынц ахуыргæнæджы раныхасмæ, стæй та зарæгмæ.

Кæсынц кинонывæй скъуыддзагмæ.

Зонадон

(хи ныхас раст рацаразын зонын; хъæугæ информаци ссарын зонын),

коммуникативон

( æмгуыстдзинад аразын ахуыргæнæг æмæ æгæрттимæ),

удгоймагон

(мадæлон  æвзаджы аивдзинад;

Фыдыбæстæм æмæ мадæлон æвзагмæ уарзондзинад гуырын кæнын)

Ног зонындзинæдтæ дзургæйæ фидар кæнын.

- Ныр та бакæсæм зарæджы ныхæстæ.

 (кæсы йæхæдæг)

 Беседæ уацмысы мидисмæ гæсгæ.

  1. Цавæр ныхæстæй райдайы зарæг?

                                                                         

  1. Цæуыл дзурæг сты уыцы дзырдтæ?

                                                                     

  1. Цæмæй бæрæг у, зарæджы адæм Чермены фарс кæй сты, уый?

  1. Йæхи куыд дары Чермен йæ мадимæ, хæтæнæй фæлладæй куы æрбаздæхт, уæд?

  1. Æмæ уыцы эпизод куыдæй æвдисы Чермены?

  1. Цавæр миниуджытæй ма хайджын у Чермен?

  1. Куыд уæм кæсы, Черменæн йæ царды сæйрагдæр нысан цы уыдис?

  1.  Æлдæрттæ сæ ныфс цæуылнæ бахастой Чермены комкоммæ  амарынмæ? Сусæгæй цæмæн бакодтой сæ мæнгард ми?

  1. Зарæджы сæ адæм куыд хонынц?

  1.  Кæй хуыдтой уæздæттæ?

- «Уæздан»-куыд æмбарут ацы дзырд? Ирон авзаджы дзырд уæзданæн  цавæр нысаниуæг ис?

 - Чермен –уæздан; Тлаттатæ – уæздан. Ацы дзырдтæн зарæджы мидæг иу нысаниуæг ис æви нæ?

Дзуапп дæттынц чиныгæй пайдагæнгæйæ.

1-4 строфа кæсынц

адæмы уарзондзинадыл

Хъæлæсы уагæй,  зарæджы райдайæнæй «Чермены зарæг цы балццæтта бакæной, уыдон фæндараст æрбауой»).  Ноджы йæ хонынц «фæйнæгфарс», «сахъхъ», «домбай».

Уæздан, хиуылхæцгæ. Кæд смæсты, уæддæр йæхи уромы, дзæгъæл схъиуд гæппытæ нæ кæны. Йæ мадмæ дзуры фæлмæнæй.

Æгъдауджынæй

Тыхджын, кусаг, ныфсджын, фæразон, хиуылхæцгæ, хъæбатыр, уæззаузонд.

Сæрибармæ тырнындзинад.

Тæрсгæ дзы кодтой.

«Тлаттаты уæздæттæ», «Мæнгæрдтæ»

Зонадон

(анализ, синтез, абарст; хъуыдытæ логикон æгъдауæй аразын æмæ бæлвырд кæнын; алыхуызон хъуыдытæ нымайын æмæ афтæмæй æмгуыст кæнын),

коммуникативон

(бæлвырд æмæ биноныг дзурын хи хъуыдытæ; иумæйаг уынаффæмæ æрцæуын иумæйаг хъуыддаг аразгæйæ)

удгоймагон

(хи бæрнондзинад æмбарын иумæйаг хъуыддаджы; моралон æмæ этикон домæнтæ æххæст кæнын)

Рефлекси.

Æрмæг бафидар кæныныл куыст.

Хатдзæгтæ скæнын.

- Куыд ис схонæн ацы миниудждытæ иу ныхасæй?

- Куыд уæм кæсы,ныртæккæ Чермены зарæгæн мах царды исты ахадындзинад ис?

- Цæуыл нæ ахуыр кæны?

-Абон урокæн скæнæм хатдзæгтæ:

фыццаг зæгъдзынæн мæхæдæг.

1.Æфхæрд нæ ныббарын.

   - Абоны царды актуалон у?

Иуыл иумæ та сты…

-Абон мах байгом кодтам æнусы дуарттæ, срухс кодтам таурæгътæ æмæ зарджыты фæрцы нæ ивгъуыд замантæй иу  талынг къуым æмæ нæм уым фæзынд нæ уарзон хъæбатыр - Тлаттаты Чермен.

Синквейн.

1.Чермен

2.хъæбатыр,уæздан

3.тох кæны,тырны,уарзы

4.Чермен сæрибарыл тох кæны.

5. тохгæнæг

лæгдзинад

 2.Æгаддзинад сæрмæ ма рхæссын.

3. Адæмы сæраппонд  дæ цард раттын.

лæгдзинады нысаниуджытæ.

Зонадон,

(архæйдтытæ зæрдыл лæууын кæнын; аххос æмæ фæстиуджыты бастдзинад сбæлвырд кæнын, архайдтытæ алгоритмæ гæсгæ кæнын),

коммуникативон

(хи хъуыдытæ бæлвырд нæнын алыхуызон критеритæй пайда кæны; ахуырады æмгуыстдзинадæн фæтк аразын),

удгоймагон

(æнтыстытæ бæлвырд кæнын; ахуырадон архайды къухы цы бафтыд, уый бæрæг кæнын).

Хæдзармæ куыст.

Зарæг бакæсын æмæ ныффыссын чысыл нывæцæн « Чермен – ирон адæмы хъæбатыр»

Бæрæг кæнынц сæхимæ хæслæвæрд.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Открытый урок по осетинской литературе в 8 классе "Бритаев Елбиздико"

Осетинский писатель, драматург Бритаев Елбиздико поставил много спектаклей на сцене Осетинского Драмтеатра....

Урок - викторина в 8 класс по осетинской литературе Йӕхӕдӕг чи нӕ судзы , уый иннӕйы дӕр не ссудзын кӕндзӕн.» (Брытъиаты Е. цард ӕмӕ сфӕлдыстадыл афӕлгӕст)

Урочы хӕстӕ :  1)    Сбӕрӕг  кӕнын  ахуырдзауты зонындзинӕдтӕ Брытъиаты Елбыздыхъойы цард ӕмӕ сфӕлдыстадӕй; 2)    Сывӕллӕтты  ахуыр кӕнын раст ха...

Открытый урок по родной (осетинской литературе) в 8 классе на тему "Мады харзтан бафидан най"-историон-хъайтарон зараг "Задалески Нана"-ма гасга

Открытый урок по родной (осетинской литературе) в 8 классе на тему "Мады харзтан бафидан най"-историон-хъайтарон зараг "Задалески Нана"-ма гасга....

Открытый урок по родной (осетинской литературе) в 8 классе. Тема урока: Кочысаты Мухарбек "Фыдыбаста"

Открытый урок по родной (осетинской литературе) в 8 классе. Тема урока: Кочысаты Мухарбек "Фыдыбаста".Интегрированный урок...

Темæ: Адæмон героикон зарæг. «Чермены зарæг»

1.   Героикон зарджыты бындур раргом кæнын.2.   Бамбарын  кæнын адæмон сфæлдыстады хуызтæ.      3     Гуырын кæнын цымыдисдзинад æмæ уарзондзинад...

Методическая разработка открытого урока по дисциплине "Осетинская литература". Тема: «Мыййаг хœсты быдыры искуы куы фœуон мард…»

Методическая разработка открытого урока по дисциплине "Осетинская литература". Тема: «Мыййаг хœсты быдыры искуы куы фœуон мард…»...

Методическая разработка открытого урока по дисциплине "Осетинская литература".Тема: Æрдз æмæ адæймаджы \'хсæн удхæстæгдзинады хъуыды Агънаты Гæстæны уацау «Фæстаг бæх»-мæ гæсгæ.

Методическая разработка открытого урока по дисциплине "Осетинская литература".Тема: Æрдз æмæ адæймаджы 'хсæн  удхæстæгдзинады хъуыды Агънаты Гæстæны уацау «Фæстаг бæх»-м...