Открытый урок по осетинскому языку в 6 классе
материал (6 класс)

Зембатова Диана Таймуразовна

Открытый урок по осетинскому языку в 6 классе.

Тема урока : местоимение (повторение)

"Зынаргъ мын да,Арыдон"-Ты дорог мне,Ардон

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл gom_urok_2022.docx30.78 КБ

Предварительный просмотр:

Æрыдоны 1-æм скъола

Гом урок ирон æвзагæй

6-æм къласы

Темæ:Номивæг(фæлхатын)

Зынаргъ мын дæ,Ǽрыдон!

Ахуыргæнæг: Зембатты Д.Т.

Æрыдон

2022

Темæ : Зынаргъ мын дæ,Ǽрыдон!

Номивæг (фæлхатын)

Нысан#1056;ацыд æрмæг номивæгæй сфæлхат кæнын.

#1053;ыхасы рæзтыл бакусын.

Хъомыладон хæс: 1Сывæллæттæм уарзондзинад рæзын кæнын

фыдæлты зæхмæ,райгуырæн бæстæмæ.

#1057;къоладзаутæм рæзын кæнын

цымыдисдзинад Ǽрыдоны горæты историмæ.

Урочы æрмæг: текст, компьютер,экран,карточкæтæ.

Урочы цыд.

Ахуыргæнæджы ныхас: Хуыцау,дам,дуне арæзта.Йæ куыст куы фæцис,уæд загъта:»Ныр та аразын ахæм бынат, Мæхæдæг кæм цæрон!» Ǽмæ сфæлдыста Ирыстон! Уыцы дзæнæты бæстæйы ис иу къуым нæ зæрдæйæн адджын æмæ æввахс чи у.Уый у Ǽрыдон-нæ райгуырæн горæт.Адæймаг цы уæзæгыл райгуыры,кæм схъомыл вæййы,мады фæлмæн ныхас фыццаг хатт кæм фехъусы,авдæнæй ныййарæджы къухты æнцæйтты фыццаг хатт кæм æрхизы зæхмæ,къæсæрæй кæртмæ,уынгмæ,дунемæ фыццаг хатт кæм рацæуы,уыцы къона йын вæййы адджын,зæрдæмæ хæстæг.

-Сывæллæттæ,куыд бамбæрстат,афтæмæй нæ урок баст у Ǽрыдонимæ.Ǽнæхъæн урок дзурдзыстæм Ǽрыдоны тыххæй,уыимæ сфæлхат кæндзыстæм Номивæг.Эпиграфæн та райстам Томайты М. ныхæстæ: Рæзæд нæ Ǽрыдон.Хуыздæр æмæ аивдæр кæнæд.

-Байгом кæнут уæ тетрæдтæ,фыссут абоны нымæц.Х/к.уын лæвæрд уыди сфæлхат кæнын номивæг,ссарын поэтикон рæнхъытæ Ǽрыдоны тыххæй.Табуафси,чи бацæттæ кодта?

1 скъоладзау:

Ǽрыдон,Ǽрыдон,мæ уарзон Ǽрыдон

Дæ кад æмæ намыс зындгонд у бæстыл

Ǽнустæм,æнæмæнг,уыдзынæ æрыгон,

Нæрдзæнис дæ рухс ном æнусмæ зæххыл.

2 скъоладзау:

Ǽрыдон,ды райгонд дæ уарзон хъæбултæй.

Хъайтартæй у бирæ дæ нымæц дæуæн

Дæу бахызтой уыдон фыдзаман фыдгултæй.

Дæ номыл æрттивы сæ хорзы тæмæн.

3 скъоладзау:

Ǽрыдон,Ǽрыдон,рæсугъд уæд дæ фидæн.

Ǽфтæд ма дæ номыл æнæмæлгæ кад.

Дæ хъæбысы рæзæд нæ уарзон фæсивæд

Дæ къæбицы дзаг уæд фæллойы бæркад.

4 скъоладзау

Нæ зынаргъ Ǽрыдон,нæ Иры нымад дæ

Дæуæн сты хъуыстгонд дæ хорз ном,дæ кад.

Ды уарзон дæ махæн,нæ ныййарæг мад дæ.

Дæ къæбицты сбирæ дæ нæртон бæркад.

5 скъоладзау:

Мæ цин дæ,мæ уарзт дæ,Ǽрыдон

Дæ адæм цытджын æмæ кадджын

Дæ риуыл-мæ фæндаг æрвылбон

Мæ удæн æнæкæрон адджын.

-Ныр та уын экраныл æвдыст цæуынц фæрстытæ рацыд æрмæгæй,сымах та сын раттут дзуæппытæ.

-Цы хонæм номивæг?

-Сæ нысаниуæгмæ гæсгæ цал къордыл дих кæнынц номивджытæ?

-Ранымайут номивджыты къордтæ?

-Цæсгомон номивджытæн тасындзæггæнгæйæ цал хуызы ис?

-Номивджытæ хъуыдыйады мидæг цавæр хъуыдыйады уæнгтæ вæййынц?

-Куыд конд сты здæхгæ номивджытæ?

-Цæмæй хицæн кæнынц кæрæдзийæ фарстон æмæ ахастон номивджытæ.

-Ныр та,сывæллæттæ,уæ разы ис текст «Мæ фыдæлты хъарм артдзæст».Экраныл дæр лæвæрд цæуы.Фембæлдзыстут дзы зынæмбарын дзырдтыл æмæ ма сæ равзарæм.

Ǽгæрон-бесконечный

Сæнттæ-грезы

Гуырæн-исток

Артдзæст-очаг.

(иу скъоладзау кæсы текст)

Мæ фыдæлты хъарм артдзæст.

1 Ǽрыдон. 2 Ды дæ мæ æгæрон уарзондзинад. 3 Ǽз дæу нымайын æрвылбоны сæнтты суадоны гуырæн. 4 Мæнæн Ирыстоны нæ,фæлæ æппæт дунейы хъæутæй дæр рæсугъддæр дæ.

5 Мæ райгуырæн Ǽрыдон,нæ фыдæлты хъарм артдзæст. 6 Мæхицæй дæ фылдæр уарзын. 7 Ацы зæххыл райгуырдтæн,мæхи æмбарынхъом фæдæн,скъоламæ бацыдтæн. 8 Мæнæй фылдæр дæ чи хъуамæ уарза? 9 Ǽз кæддæриддæр архайдзынæн нæ уарзон горæты кад бæрзонддæр сисыныл.

-Цæуыл дзы цæцы ныхас?

-Тексты автор,сымахмæ гæсгæ,цавæр цæстæй кæсы Ǽрыдонмæ?

-Йæ уарзон горæты раз йæхимæ цавæр хæс исы тексты автор?

-Зæгъут-ма,тексты авторæй патриот зæгъæн ис æви нæ?

Ныр-та тексты ссарут номивджытæ æмæ зæгъут,цавæр къордмæ хауынц.Рафыссут сæ уæ тетрæдты.

Ды-ц.н., н.х. мæ-ц.н., г.х.

Ǽз-ц.н., н.х. дæу-ц.н., г.х.

Мæнæн-ц.н.,д.х. æппæт-б.н.,н.х.

Нæ-ц.н., д.х. мæхицæй-зд.н.,г.х.

Ацы-ам.н. мæхи-зд.н.,г.х.

Чи-ф.н.,н.х. мæнæй-ц.н.,ир.х.

-Зæгъут-ма,исчи уæ зоны Ǽрыдонæн бындур чи æрæвæрдта?(Гайттаты Т.)

-Йæ ном ын æрыдойнæгтæ цæмæй сæнусон кодтой?(иу уынгæн

радтой йæ ном)

Фæстæмæ раздæхтыстæм нæ текстмæ. Ссарут 3

хъуыдыйад,рафыссут æй æмæ йæ уæ тетрæдты

равзарут,фæйнæгмæ та рауайдзæн…

Ǽз дæ нымайын мæ æрвылбоны сæнтты райдзаст суадоны гуырæн.

-Сывæллæттæ,ныртæккæ уын æз бакæсдзынæн нæхи Хетæгкаты

къостайы ныхæстæ,сымах сæм лæмбынæг байхъусут æмæ зæгъут

цæй фæдыл сæ ныффыста,уый:

«Ǽрыдоны хъæу æрмæст æппæт Кавказы нæ,фæлæ æппæт Уæрæсейы дæр хицæн кæны,адæмон ахуырады нысанты цы стыр хъæддыхдзинад равдыста,уымæй…»

-Цæй фæдыл сæ ныффыста,сымахмæ гæсгæ? (Ǽвæццæгæн Ǽрыдоны дины училище кæй байгом,уый тыххæй)

-Раст,сывæллæттæ.Ацы училищæ фæстæдæр схуыдтой семинар.Ам

цæттæ кодтой ахуыргæнджыты,аргъуаны кусджыты. Фæстæмæ та

рахызтыстæм нæ текстмæ.Ссарут 5 хъуыдыйад æмæ дзы рафыссут

номивджытæ МǼ æмæ НǼ.2 ахуырдзауы рауайдзысты

фæйнæгмæ,иннæтæ та кусынц тетрæдты.

МǼ-у номивæг,р.ф.-æз,цæсг.номив.,1 ц.,г.х.,иу.н.,бæрæггæнæн.

НǼ-у номивæг,р.ф.-мах,цæсг.номив.,1 ц.,г.х.,бир.н.,бæрæггæнæн.

-Сывæллæттæ,цæмæй сымах амонддынæй цæрат,ахуыр кæнат,уый

тыххæй нæ фыдæлтæ ныккалдтой сæ туг Фыдыбæстæйы Стыр

Хæсты. Тынг бирæ ацыдысты хæстмæ нæхи Ǽрыдонæй дæр.Сæхи

знагимæ тохы равдыстой хъæбатырæй,уый тыххæй сын лæвæрд

æрцыд геройты ном,хъæбатыры ном. Искæй дзы зонут?(Тогызты Хъауырбег,Пасынков Григорий)

-Уæдæ,сывæллæттæ,сымахæй æвæццæгæн,нæ зонут Ǽрыдонæй

ма хæстмæ кæй ацыдысты Хъайырты 5 æфсымæры, фæлæ

хъыгагæн,фæстæмæ нал сыздæхтысты.Уыдонæн дæр сæ ном

сæнусон кодтой æрыдойнæгтæ сæ номыл схуыдтой иу

уынг.(ул.бр.Дзугаевых)

-Ныртæккæ мах сæххæст кæндзыстæм ахæм куысты хуызтæ.2

скъоладзауы рауадзæн фæйнæгмæ.1 кæны уæнгон-мырон анализ

дзырд Ǽрыдон-æн,2 æвзары дзырд дзырды хæйттæм гæсгæ.

Ǽрыдон-Ǽ-ры-дон уарзондзинад

Ǽ(æ)-лæмæгъ хъæлæсон Ирыстон

Р(р)-зылангон æмхъæлæсон хъæутæй

Ы(ы)-лæмæгъ хъæлæсон

Д(д)-æмкъай зылангон æмхъæлæсон

О(о)-тыхджын хъæлæсон

Н(н)-зылангон æмхъæлæсон

-Куыд зонут,афтæмæй,Ǽрыдонæй рацыдысты бирæ зындгонд

адæм:музыканттæ,фысджытæ,артисттæ,спортсментæ.

-Кæй зонут Ǽрыдонæй рацæугæ фысджытæй?(Епхиты

Тæтæри,Ǽрнигон Илас,Тогызты Газакк(Челе),Тлатты Хох.

-Ныр та уын æвдисдзынæн карточкæтыл номивджытæ.Сымах сын

дзурут сæ къордтæ.Ома кæцы къордмæ хауынц.

Сымах-ц.н.

Мæхæдæг-зд.н.

Чи-ф-ах.н.

Алчи-б.н.

Чидæр-æб.н.

Никуы-æп.н.

-Кæй зонут,Ǽрыдонæй цы зындгонд артисттæ рацыд,уыдонæй?

(Тæбæхсæуты Б. Саламты Къ. Мерденты Ю.)

-Къолайы ном та цы хæссы Ǽрыдоны?(аивæдты галуан-ДК)

-Спортæй та уæ чи архайы сымахæй?

-Хъæбысæй та уæ чи хæцы?

-Ǽмæ сымах зонут,Ǽрыдонæй цы зындгонд хъæбысæйхæцæг

рацыд уый ном? Алы аз дæр ма йын йæ номыл турниртæ куы

фæкæнынц.(Хъуылаты Б.) Уый уыди Ирыстоны фыццаг олимпаг чемпион.

-Сывæллæттæ,Ǽрыдонæн æмæ Ирыстонæн кад чи скодта,уыдоны

хсæн сты нæ зындгонд фæндырдзæгъджытæ,сæ нæмттæ сын

зонут?(Мыстулаты И.,Реуазты С.,Дзуццаты С.)

-Ныр та уын текстæй райсдзынæн дзырдтæ,сымах та сын ссарут сæ

антонимтæ.Фæлæ уал нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм антонимтæ.

Хъарм-уазал

Уарзондзинад-фыдæхдзинад

Райдзаст-тар

Рæсугъддæр-фыдуынддæр

Фылдæр-къаддæр

Райгуырдтæн-амардтæн

Бæрзонддæр-ныллæгдæр

Мæхи-дæхи

Сфæлдыстадон куыст.

Ǽз уын ратдзынæн вазыгджын хъуыдыйадæн йæ хæйтты

райдайæнтæ,сымахæй баххæст кæнут,æрмæст Ǽрыдоны темæйыл

куыд уа. 2 къордæй кусæм.

  1. Ǽз никуы…………,уымæн æмæ………..
  2. Мах………..,уый тыххæй æмæ….....

-Зæгъут,уæ хъуыдыйæдты цы номивджытæ ис,уыдон.(Ах-æ

ныффыстой хъуыдыйæдтæ скъолайы тыххæй)

-Не скъолайы кой скодтат æмæ мын æй зæгъут,иннæ скъолатæй

цæмæй хицæн кæны? (ис дзы æппæтæй фылдæр скъоладзаутæ)

-Ноджыдæр ма?(Не скъола 2 хатты райста премитæ)

-Цæмæн? (Йæ хорз куысты тыххæй)

-Уæдæ цæмæй не скъола дæр,Ǽрыдон дæр ноджы хуыздæр

уой,уый тыххæй сымахæй та цы гæнгæ у?(Ххуамæ хорз ахуыр

кæнæм,æгъдаудджын уæм,хистæртæм хъусæм)

-Тынг раст! Ǽнæмæнгæй афтæ хъуамæ уа!

Хатдзæгтæ.

Афтæмæй,сывæллæттæ,нæ урочы цæуыл ныхас кодтам?(нæ урочы

ныхас кодтам Ǽрыдоныл,æвзæрстам номивджытæ)

(Номивæджы афæлгæст)

-Цавæр хатдзæг ис скæнæн нæ урокæй?(Мах хъуамæ уарзæм нæ

райгуырæн Ǽрыдон,хъуамæ архайæм цæмæй сахуыр кæнæм,æмæ

куы сдынджыр уæм,уæд нæ бон цæмæй у,уымæй æххуыс кæнæм

нæ адæмæн,горæтæн.Хъуамæ уæм фæзминаг æгъдауæй дæр æмæ

куысты дæр)

-Раст,сывæллæттæ.Сымахæй аразгæ у Ǽрыдоны фидæн.Ǽмæ абон

сымахæн уæ хæс у ахуыр кæнын,хистæртæм коммæ кæсын,цæмæй

уæ сомбоны рауайа Ǽрыдонæн аккаг хъæбултæ.

РǼЗǼД НǼ ǼРЫДОН

ХУЫЗДǼР ǼМǼ АИВДǼР КǼНǼД.

Бæрæггæнæнтæ.

Х/К. Ǽрхъуыды кæнын цыбыр баст текст Ǽрыдоны тыххæй æмæ

дзы спайда кæнын номивджытæй.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Открытый урок по осетинскому языку в 8 классе

Тема: Исторические памятники Осетии (Знаки препинания при однородных членах предложения)...

Открытый урок по осетинскому языку в 5 классе на тему "Лексика"

Данный урок построен в форме игры "Путешествие в страну лексики".Дети должны выполнить все задания и в конце урока -путешествия получить заслуженные подарки!...

Открытый урок по осетинскому языку. Темæ "Фæлхат кæныны урок номдарæй"

Открытый урок по осетинскому языку. Темæ "Фæлхат кæныны урок номдарæй"...

Открытый урок по осетинскому для девятого класса "Первая осетинская школа"

Открытый урок по осетинскому языку для девятого класса в не владеющих группах...

Конспект открытого урока по осетинскому языку "Фразеологизмы" для 6 класса

В данной работе использованы методы индивидуального подхода в обучении...

Открытый урок по осетинскому языку в 7 классе

Открытый урок по осетинскому языку в7 классе.Тема урока :" Фасавард"Куыдз-адаймаджы амбал!...