Открытый урок по осетинскому языку в 7 классе
материал (7 класс)

Зембатова Диана Таймуразовна

Открытый урок по осетинскому языку в7 классе.

Тема урока :" Фасавард"

Куыдз-адаймаджы амбал!

Скачать:


Предварительный просмотр:

                                        Æрыдоны 1-æм скъола                                              

                                        Гом урок ирон æвзагæй

                                               7-æм къласы              

                 

                   

                                                                                              Ахуыргæнæг: Зембатты Д.Т.

                                                                       Æрыдон

                                                                        2023

                                                                                                           

     

Темæ : Куыдз- адæймаджы æмбал.

              Фæсæвæрд (фæлхатын)

Нысан: 1.Сфæлхат кæнын фæсæвæрд.

               2.Алыхуызон фæлтæрæнты фæрцы ныффидар кæнын

                  Рацыд æрмæг.

               3. Ныхасы рæзтыл бакусын.

Хъомыладон хæс: Æрдзмæ хæдзардзин цæстæй кæсын. Нæ  кæс-

                                   тæр «æфсымæртæм» хорз цæстæй кæсын,

                                    æххуыс сын кæнын.

Урочы æрмæг: текст, компьютер, киноныв.    

                                      Урочы цыд.         

Ахуыргæнæджы ныхас:

Уый уыди  раджы,хæхбæсты.Иу лæг куыста æрзæткъахæны,йæ уæрдоныл ласта æрзæт,афтæмæй мамæлайы капеччытæ куыста йæ бинонтæн. Иуахæмы лæг куыстмæ куы цыди,уæд йæ фæстæ рацыди йæ куыдз Мила. Лæг æй тардта фæстæмæ сæхимæ, фæлæ уый нæ бакуымдта. Цы гæнæн ма уыдис лæгæн æмæ йæ йемæ акодта.Фæндаг даргъ уыд,æмæ-иу æй хатгай уæрдоны дæр сбадын кодта,тæригъæд ын кодта.

                Фæстæмæ цæугæйæ иу ран куыдз рæйын райдыдта,бæхы размæ цæуын нал уагъта.Куыдз федта,лæгæй цыдæр кæй æрхаудта,уый. Лæг не мбæрста хабар æмæ мæсты кодта,баурæдта уæрдон.Мила та азгъордта фæстæмæ,йæ рæйынæй не нцади.Цыма лæгæн афтæ зæгъынмæ хъавыди: «Æрлæуу,дæ мæйы мызд ирвæзы,зæгъгæ!». Фæлæ лæг иуæй æххормаг уыди,иннæмæй-фæллад,æмæ ноджы тынгдæр мæсты кодта.Нал фæлæууыд  лæг æмæ йыл йехсæй ралæууыд. Куыдз лидзгæ дæр нæ акодта,зæххыл йæхи нæтътъæпæн кодта æмæ-иу ехсы æрцæфы фæстæ ныхъхъæрзыдта.Йæ фыр зæрдæхудтæй йæ цæссыгтæ гæр-гæр кодтой.Ехсы цæфтæ лæджы зæдæ дæр рæхуыстой,фæлæ йæхи бауромын йæ бон нал уыд фырмæстæй.

                      Иуцасдæры фæстæ лæг йæхимæ æрцыди,куыдзæн фæтæригъæд

 кодта æмæ йæ йæ къухмæ систа,фæлæ уый нал сулæфыд,йæ зæрдæ нæ

баурæдта æмæ атыдта.Лæг скатай,хъуыды кодта,цы зæгъдзæн

сывæллæттæн,сæхимæ куы рбацæуа,уæд. Хæдзармæ бацыди æнафоны,

сывæллæттæ уыдысты фынæй.Райсом раджы лæг сыстад æмæ куыдзы

цæхæрадоны кæрон баныгæдта. Схид ис,йæ дзыпмæ нывнæлдта йæ къухты

кæлмæрзæнмæ æмæ… йе хцайы чыссæ уым нæ.Нырма йæ ныр

бамбæрста,Мила йæ уды быцъынæг цæмæй тыдта,уый.Лæг сбадти Милайы

ингæны раз æмæ сывæллонау куыдта æмæ куыдта…

         -Сывæллæттæ,куыд бамбæрстат,афтæмæй нæ урочы ныхас

кæндзыстсæм куыдзы тыххæй æмæ уыимæ иумæ сфæлхат кæндзыстæм

Экраныл:            Дзырдтæн куы лæууын сæ фæстæ,

                                      Æвдисын уыдон ахаст æз.

                                      Банымадтой мын мæ хæстæ-

                                      Хорз кæстæрæн,дам,нын бæзз.

Экраныл:         Фæсæвæрд.

Экраныл:        Темæ: Куыдз-адæймаджы æмбал.

                                      Фæсæвæрд (фæлхатын)

Х/к.уын лæвæрд уыдис сахуыр кæнын æмдзæвгæтæ куыдзы

тыххæй,ныффыссын æмбисæндтæ æмæ сфæлхат кæнын

 фæсæвæрд. Сбæрæг æй кæнæм.

Экраныл:

-Цы у фæсæвæрд? Цæмæн афтæ хуыйны?

-Куыд арæзт сты фæсæвæрдтæ?

-Фæсæвæрд хъуыдыйады уæнг у æмæ йæм фарст раттæн ис?

-Фæсæвæрдтæ сæ размæлæууæг дзырдтимæ цы æвдисынц?

-Фæсæвæрдтæн сæ разæй цы дзырдтæ фæлæууынц,уыдон кæцы хауæнты æвæрд вæййынц?

-Куыд фыссæм фæсæвæрдтæ,сæ разæй цы дзырдтæ фæлæууынц,уыдонимæ?

-Фæсæвæрдтæ ǼРДǼМ æмæ ǼРДЫГǼЙ сæ размæлæууæг дзырдтимæ куыд фыссæм?

Хорз,сывæллæттæ! Ныр та байхъусæм æмдзæвгæтæ æмæ

æмбисæндтæм. Табуафси!

                         Барбос.

Ис хъуынджын къæбыла махæн,

Хонæм æй Барбос.

Сыхы никæмæн ис ахæм,

Бабастам ыл лентæй бос.

Уый йæ фæстæгтыл æрбады,

Чи йæм бадары йæ къух,

Уымæ рахиз къух уый ратты,

Хъазын уарзы уый æдзух.

Алы бон дæр къусы сдæры

Еууы цымгæ,куы та хсыр.

Уый къæбæртæ дæр фæхæры

Ǽмæ тагъд уыдзæни стыр.

Мах æй ратдзыстæм бабайæн,

Уый йæ фермæмæ кæндзæн:

Фосмæ бирæгъы нæ уаддзæн,

Уымæй арс дæр ма тæрсдзæн.

-Диссаджы æмдзæвгæ! Ныр та байхъусæм æмбисæндтæм.

1.Хорз куыдз йæ мард дардмæ хæссы.

2.Куыдз адæймаджы æмбал у.

3.Къуылых куыдз кæвдæсæй рæйаг.

4.Куыдз зæрдæ зоны.

5.Куыдз æнхъæлмæ кæсгæйæ зæронд кæны.

6.Ǽвзæр куыдз йæ дуармæ хъал вæййы.

7.Ǽгæр цырд куыдзæй дæр нæ бæззы.

8.Куыдз къуылыхæй нæ мæлы.

9.Ǽрвитæггаг куыдз дæр нæ хæры.

10.Ǽфсæст куыдз миты рагъыл тулы.

11.Куыдз къухмæ кæсы.

12.Фыййауæн куыдз куы уа,уæд бирæгъæй дæр æдас у.

13.Куыдз дæр йæхи дуармæ тыхджын у.

-Хорз,сывæллæттæ! Ǽгъгъæд у! Ныр та байгом кæнут уæ тетрæдтæ

 æмæ ныффыссут абоны нымæц. Уæ алкæйы раз дæр,экраныл дæр

 ис текст.У æнцон,фæлæ дзы ис зынгомау дзырдтæ æмæ сын сæ

 нысаниуæг нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм.

Экраныл:

Ǽнувыд-преданный,заботливый,внимательный.

Хæларзæрдæ-добросердечный,великодушный.

(Иу ахуырдзау кæсы текст)

Экраныл:

                          Сывæллæтты уарзон.

1.Нæ уынджы уыдис иу куыдз. 2.Йæ ном хуындис Мухтар.

3.Хистæртæ-иу йæ рæзты цæуын нæ уæндыдысты.4 Сыхы

Сывæллæттæ та йемæ хъазыдысты райсомæй-изæрмæ. 5. Куыдз-иу

 сабиты фæстæ ацыдис скъоламæ.6.Уый сын уыдис зынаргъ æмæ

 хæларзæрдæ æмбал.7.Сабитæ къласы бадтысты. 8.Мухтар та

урочыты фæуды агъоммæ рудзынджы бын хуыссыд,æнхъæлмæ

сæм каст.9. Урокты фæстæ Мухтар æмæ сывæллæттæ здæхтысты

сæхимæ. 10.Йæ номæй-иу æм куы фæдзырдтой,уæд-иу сæм

æрбазгъордта æмæ-иу сæ разы йæ фæстæгтыл алæууыд. 11.

 Сывæллæттæ дæр,Мухтар дæр тынг æнувыд уыдысты

кæрæдзиуыл.

-Цæуыл цæуы ныхас тексты?

-Куыд цардысты куыдз æмæ сывæллæттæ?

-Лæмбынæг æркæсут текстмæ,ссарут дзы фæсæвæрдтæ æмæ сæ

рафыссут уæ тетрæдты.(Ахуырдзаутæ фыссынц фæсæвæрдтæ

 тетрæдты,къæдзыгæй сæ хицæн кæнынц,афтæмæй.)

-Зæгъут-ма,ацы фæсæвæрдтæ цы æвдисынц сæ размæлæууæг

дзырдтимæ)

-Йæ хæдзары уæ куыдз кæмæ ис,уый ма йæ къух сдарæд.

-Зæгъут-ма,тексты сывæллæттæ Мухтармæ цы цæстæй

кæсынц,сымах дæр уæ куыйтæм ахæм цæстæй кæсут?(дзуапп)

-Хорз! Ǽркæсут-ма текстмæ,ссарут дзы 4-æм хъуыдыйад æмæ йæ

 равзарæм хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ. Иу уæ рауайдзæн

фæйнæгмæ,иннæтæ та кусынц тетрæдты.

Сыхы сывæллæттæ та йемæ хъазыдысты райсомæй-изæрмæ.

-Уæ зæрдыл-ма æрлæууын кæнут,ирон литературæйæ цавæр

 уацмыс ахуыр кодтам,кæцы ран куыдз разынд æцæг æмбал

 адæймагæн?(Нигеры Дыгурон таурæгъ Уæхæтæджы фырт чысыл Гуыйман.Уым куыдз Силæм райста йæ хицау Гуыйманы туг.Акъабæзтæ кодта мæнгард лæг Хъасболы.)

_Нæ зæрдыл æрлæууын кодтам Нигеры уацмысы нывтæ.Ныртæккæ

 та сæххæст кæндзыстæм ахæм куысты хуыз.Ǽркæсут-ма 5-æм

æмæ 8-æм хъуыдыйады фæсæвæрдтæм æмæ сæ равзарæм

 морфологон æгъдаумæ гæсгæ.(Дыууæ ахуырдзауы кусынц

фæйнæгыл иннæтæ та-тетрæдты.)

Сабиты фæстæ-у фæсæвæрд,арæзт у фæрсдзырдæй,домы г.х.

Рудзынджы бын-у фæсæвæрд,арæзт у номон хауæны номдарæй æмæ домы г.х.

-Сывæллæттæ,зæгъут ма,хæдзары мидæг та цы æххуыс у куыдз?(Абон куыдзæн йæ сæйрагдæр куыст у хæдзар хъахъхъæнын)

-Хъæууон хæдзарады та,сымахмæ гæсгæ,цы æххуыс у?(Фысгæстимæ вæййы фыййауы куыдз.Уый канд фысты нæ хъахъхъæны,фæлæ ма куы апырх вæййынц,уæд сæ рамбырд кæны.)

-Рахызтыстæм та нæ текстмæ.Æз уын кæсын дзырдтæ,сымах сæ

 фыссут цæджындзæй æмæ сæ равзарут дзырды хæйттæм

гæсгæ.(Иу ахуырдзау кусы фæйнæгыл,иннæтæ та-тетрæдты)

Хæларзæрдæ

Æмбал

Сабитæ

Фæдзырдтой.

-Ныр та дзырд «æмбал»-æн скæнæм фонетикон æвзæрст. (Ацы

 куыст дæр иу ахуырдзау кæны фæйнæгыл,иннæтæ-тетрæдты)

Æ(æ)-лæмæгъ хъæлæсон.

М(м)-зылангон æмхъæлæсон.

Б (б)-æмкъай зылангон æмхъæлæсон.

А (а)-цавдон тыхджын хъæлæсон.

Л (л)-зылангон æмхъæлæсон.

5 д. 5 м.

-Сывæллæттæ,цавæр куыдзы мыггæгтæ зонут? Ныртæккæ уын æз та равдисдзынæн цыбыр киноныв алайнаг куыйты тыххæй.

Экраныл: киноныв.

-Абон нæ царды мидæг цавæр куысты  хуызты ма у æххуыс куыдз?(Абон куыдз æххуыс кæны нæ арæнхъахъхъæнджытæн,милицæйы кусджытæн.Телевизорæй арæх фехъусæн вæййы куыдз кæй ссары бирæ наркотиктæ фыдгæнджытæм,баххуыс кæны милицæйы кусджытæн фыдгæнджыты æрцахсын)

-Тынг раст.Уыцы цауты бындурыл ма сарæзтой режиссертæ бирæ кинотæ.Зæгъæм: «Возвращение Мухтара»,»Майоров»,æмæ а.д.

-Иннæ хæслæвæрд.Текстæй ист фæсæвæрдтæ баивут

антонимтæй.Фыссут цæджындзæй.

Йæ рæзты-йæ фæстæ

Сабиты фæстæ-сабиты разæй

Рудзынджы бын-рудзынджы сæр

Урокты фæстæ-урокты агъоммæ

Фæуды агъоммæ-фæуды фæстæ.

Сфæлдыстадон куысты хуызтæ.

1)-Адих ут 2 къордыл.Лæппутæ хицæнæй,чызджытæ хицæнæй.2 минутмæ цы къорд ныффысса фылдæр фæсæвæрдтæ,уыцы къорд рамбылдта.

2)Æрхъуыды кæнут хъуыдыйæдтæ дзырд «куыдз»-имæ,фæсæвæрдтæ дзы куыд уа,афтæ.

Хибарæй куыст.

Рафыссут дзырдтæ æнæ къæлæттæй.

Уынг (æрдæм)

Куыдз (æрдæм)

Сых (æрдыгæй)

Мухтар (æрдыгæй)

Хатдзæгтæ.

-Афтæмæй,цæуыл ныхас кодтам нæ урочы?(фæсæвæрдыл)

-Нæ ныхасы темæ та цавæр уыди?(Куыдз-адæймаджы æмбал)

-Цавæр хатдзæгтæ скæнæн ис?(Куыдз у адæймаджы æмбал.Куыдз

 зæрдæ зоны.Уыдон дæр адæймаджы хуызæн зонынц цин

кæнын,сагъæс кæнын.Хъæуы сæм хорз цæстæй кæсын)

-Æнæмæнгæй! Куыйтæ дæр адæмæй уæлдай не сты! Цин кæнын

 дæр зонынц,мæт æмæ сагъæс дæр фæкæнынц.Æмæ куыд арæх

вæййы афтæ,не нæрхъуыдыдзинады тыххæй фæриссын кæнæм

 уыцы гыццыл цæрæгойты зæрдæтæ,фæлæ сæ рыст сæ бон зæгъæн

 нæ вæййы.Уарзут кæрæдзийы! Уарзут цæрæгойты æмæ сæ

хъахъхъæнут! Ацы дунемæ уыдон дæр Хуыцауæй лæвæрд сты!

Уалдзыгон дидинæгау буц æмæ амондджын ут!
Бæрæггæнæнтæ.

Х/к.ныффыссын нывæцæн «Мæ уарзон цæрæгой» æмæ дзы спайда кæнын фæсæвæрдтæй.

                                         

                       


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Открытый урок по осетинскому языку в 8 классе

Тема: Исторические памятники Осетии (Знаки препинания при однородных членах предложения)...

Открытый урок по осетинскому языку в 5 классе на тему "Лексика"

Данный урок построен в форме игры "Путешествие в страну лексики".Дети должны выполнить все задания и в конце урока -путешествия получить заслуженные подарки!...

Открытый урок по осетинскому языку. Темæ "Фæлхат кæныны урок номдарæй"

Открытый урок по осетинскому языку. Темæ "Фæлхат кæныны урок номдарæй"...

Открытый урок по осетинскому для девятого класса "Первая осетинская школа"

Открытый урок по осетинскому языку для девятого класса в не владеющих группах...

Конспект открытого урока по осетинскому языку "Фразеологизмы" для 6 класса

В данной работе использованы методы индивидуального подхода в обучении...

Открытый урок по осетинскому языку в 6 классе

Открытый урок по осетинскому языку в 6 классе.Тема урока : местоимение (повторение)"Зынаргъ мын да,Арыдон"-Ты дорог мне,Ардон...