Диктанты по осетинскому языку

Накусова Ирина Ахсарбековна

ДИКТАНТЫ ПО ОСЕТИНСКОМУ ЯЗЫКУ

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл diktanty.docx21.89 КБ

Предварительный просмотр:

Хурыскаст.

Дысон дæр ма арв тар æврæгътæй æмбæрзт уыди. Ныр ыл иу мæгъ дæр нал зыны. Бæстæ-рухс æмæ ирд.

 Цалдæр боны фæуарыди, æмæ къæвда уæлдæфы рыг æрæхсадта. Хурыскастмæ бирæ нал уыди. Йæ тынтæй фæсырх сты цъитисæр хæхтæ, цыма сыл тыбар - тыбургæнæг сырх зæлдаг æрæмбæрзтæуыди, уыйау. Хъæдрагъы бæлæсты сæртæ дæр фæсырх сты. Нæ дыргъдоны бæлæсты сыфтæртыл æрзæбултæ сты дысоны уарыны æртæхтæ æмæ хуры тынтæм æрттивынц.

Цæй диссаджы рæсугъд у хурыскаст нæ хæхбæсты! Æхсызгондæр ма цæмæ акæса адæймаг. Уыцы диссаджы нывты ноджыдæр рæсугъддæр  æмæ зæрдæмæдзæугæдæр кæны дæлейы, комы, Стырдоны уынæр. Сæрдыгон ивылд дон лæбуры, æмæ йæ зарæг хæццæ кæны суанг комы Уæлбыл хъæуы астæумæ дæр.

*********

Быдыр-æрдхæрæрны  рæсугъд. Рахизырдыгæй, уæллоз, тарæй зыны хъæд, галиуырдыгæй даргъ тагæй ацыди чи фæбур, ахæм мæнæуы хуым æмæ йын кæрон дæр нæй. Астæуæй та рувинаг нартхоры быдыр. Се `хсæн,ранæй-рæтты – бæлæстæ. Алырдыгæй хъуысы алы мæргъты уасын. Ратæх-батæх дзы кæнынц алыхуызон гæлæбутæ. Зæххыл цæрæгойтæй алчидæр кæны йæ сæрдыгон царды кой.

*********

    Мæй хохы сæрæй скасти æмæ барухс кодта быдыртæ. Фæндаг- фынджы хуызæн – лæгъз. Уарыны фæстæ йæ хур æрсур кодта, цæлхытæ  йæ æрнадтой æмæ мæйрухсмæ æфсæнвæндаджы хуызæн æрттывтой цалхвæдтæ. Фæндаджы фале  ранæй-рæтты уæйгуыты аууæттау зындысты иугай бæлæстæ. Цыдæр æнахуыр  сусæг тарæй æддæдæрæй зынди хъæд. Бæстæ уыди сабыр. Хъуысти  æрмæст чысыл доны зарæг нæ  рахизырдыгæй. Рæстæгæй- рæстæгмæ – иу  стыр фæндагæй æрбайхъуысти машинæты уынæр, стæй та нæ бæхы къæхты къæрцц-къæрцц.

*********

Æнæ уарзондзинадæй иу бон дæр цæрæн нæй. Уарзондзинад цардæн у йæ уалдзæг,йæ  дидинæг, йæ зарæг. Дыууæ адæймаджы куы баиу вæййынц, уæд хъуамæ иумæ зарой, хъуамæ  сæ зарæг уа рæсугъд, дыууæ хъæлæсы хъуамæ кæрæдзиуыл бадой, æмæ сæ зард уа адджын, æхсызгон  сæхицæн дæр æмæ адæмæн дæр. Гъеуый уыдзæн адджын æмæ рæсугъд цард. Фæлæ уыцы дыууæ адæймаджы кæрæдзи куы не `мбарой, сæ зæрдæты гуыпп-гуыпп иу куы  нæ уа, сæ хъæлæстæ иумæ куы нæ бадой, иу ныхасæй, сæ иу булæмæргъау куы зара, иннæ та цъымарайы хæфсау куы уаса,  уæд сæ цард амондджын нæ уыдзæн.  

*********

Рагон стыр хъæу у, Таратæ кæм цæрынц, уый-Дæлвæз. Бирæ уынгтæ, бирæ хæдзæрттæ, бирæ цæрджытæ дзы ис.Хъæуæн йæ тæккæ астæуты зултæ-зултæ,къæдзтæ-мæдзтæгæнгæ афардæг сосæвæндаг.

Уыцы стыр фæндаджы был цы хæдзæрттæ ис, уыдонæн сæ рудзгуытæ гом никуы вæййынц. Уынджы машинæты фæстæ рыг змæст денджызы уылæнтау сысты æмæ бонсауизæрмæ куы иуырдæм ауылæнтæ кæны,куы иннæрдæм.

Æрмæст хъæуæн йæ фаллаг кæронмæ æввахс, чысыл доны цур зулаивæй  цы дыууæуæладзыгон хæдзар лæууы, уымæн йæ рудзгуытæ æхгæд никуы вæййынц. Йæ бинаг агъуысты-дуканитæ,хæрæндон. Куыддæр æризæр вæййы, афтæ хæрæндоны фæрссæгтæй уынгмæ райвæзынц тыхджын рухсы тынтæ, æдзухдæр дзы æддæмæ лæзæры цыбæлгæнæн физонæджы тæф.

*********

Зымæг

Зымæгон райсом.Мит уары,æрæхгæдта зæхх.Уазал дымгæ кæны.Сихормæ дуне ныйирд.Хуры тынтæм урс-урсид мит тæмæнтæ калы…

Тæрхъус

Тæпхъус хъæды рæбын йæхицæн хэæдар скодта.Царди дзы æнæмæтæй. Æнæхъæн бон-иу фæхызти хъæды, фæтезгъо-иу кодта.Изæрæй та-иу бахуыссыд фæлладæй…

*********

Дыргъдоны

Сæрд йæ тæмæны бацыд.Хур йæ зæнг цæстæй кæсы  дунемæ.Бæлæстæ алыхуызон дыргъты уæзæй зæу-зæу кæнынц.Заретæ,Мæдинæ æмæ Аминæт бадынц дыргъдоны.Заретæ фæрсы Аминæты:

-Уæ гагадыргътæй ницыма срæгъæдис?

-Мæнæргъытæ срæгъæд сты.Табуафси,цомут æмæ мæнæргътæ бахæрæм,-загъта Заретæ.

-Мах дыргъдоны та цæры зараг мæргътæ,-загъта Аминæт.

-Махæн та нæ дыргъдоны зайы,хостæ цы зайæгойтæ кæнынц,ахæмтæ: дугъысыф,уагъылы.Уыдон пайда сты адæймагæн,-загъта Мæдинæ.

Пыл

Пыл у стыр æмæ фæразон цæрæгой. Цæры тæвд бæстæты. Æрмахуыр кæны æнцонæй. Адæймагæн æххуыс у алыхуызон куыстытæ кæнынæн. Пыл ленк кæнын дæр зоны.

Куыд зæгъынц, афтæмæй иухатт цуанæттæ расырдтой пылы. Уый æд лæппын лыгъди сæ разæй. Уалынмæ бахæццæ сты арф цæугæдонмæ. Пыл йæ лæппыны систа æмæ баленк кодта доны. Ленк кодта сабыргай, йæ лæппынæн тæрсгæйæ.

Дельфинтæ

Дельфинтæ сты доны цæрæгойтæ. Цæрынц цæгатаг уазал денджызтæй суанг хуссайраг денджызты онг. Сæ дæргъ вæййы 2-10 метры онг.    Иудадзыгдæр сæ цард æрвитынц доны. Сты диссаджы æмбаргæ цæрæгойтæ,    сæ былты конд  дæр у худæндзаст. Суанг рагон денджыздзаутæ бафиппайдтой, дельфинтæ науы фæстæ кæны йæ фарсмæ кæй фæленк кæнынц, уый.

Æвæццæгæн сæ фæнды адæймагимæ хæларæй цæрын. Рагон таурæгътæ дзурынц, зæгъгæ, дам, уыди афтæ, æмæ-иу дельфинтæ фервæзын кодтой, доны чи фæцæйныгъуылдис, ахæм адæймæгты.

Мæскуы

Мах цæрæм Уæрæсейы. Уый у нæ Райгуырæн бæстæ. Хъæздыг æмæ фæрнджын у нæ бæстæ.

Нæ Райгуырæн бæстæйы сæйраг горæт у Мæскуы. Рæсугъд æмæ стыр горæт у Мæскуы. Мæскуыйы бынты алырдæм къабузтæ ауагъта метро-электрон æфсæнвæндаг.

Метройы станцæтæ сты нывæфтыд æмæ аив, аргъуаны галуанты хуызæн.

Адæймаджы дисы æфтауынц Мæскуы бæрзонд агъуыстытæ, сыгъзæринсæр аргъуантæ, театртæ, музейтæ, стадионтæ æмæ парктæ.

Мæскуыйы астæу ис Сырх фæз. Уым ис Кремль. Кремлы цъуппæй фæйлауы нæ бæстæйы тырыса. Кремлы фæрстæй æрттивынц стъалытæ.

Ирыстоны цъититæ

Цæгат Ирыстоны ис бирæ цъититæ. Сæ зындгонддæртæ сты Хъæрæугомы æмæ Майлыйы, Мидæгрæбыны æмæ Цъæйы цъититæ. Æгас дунейыл дæр йæ кой айхъуыст Хъолхъайы цъитийæн, адæмæн цы фыдбылызтæ скодта, уымæй.

Уæвгæ цъитийæн сæ пайда дæр бирæ у. Уырдыгæй гуырынц фарнхæссæг цæугæдæттæ: Терк, Джызæлдон, Фыййагдон, Æрыдон, Æрæф. Ацы цæугæдæттæ, донæй æфсадынц хуымзæххытæ æмæ дыргъдæттæ, зилын кæнынц электрон станцæты турбинæтæ.

Рæсугъд æмæ бæрзонд сты Ирыстоны цъититæ. Арвæй мит æмæ къæвдайы хуызы цы уымæлад райсынц, уыдон æрвитынц нæ республикæйы хъæутæм æмæ горæттæм.

Сæрды фæстаг мæй.

Августы, фæстаг сæрдыгон мæйы, фæцыбыр сты бонтæ, фæуазалдæр. Мæргътæн мынæгдæр кæны сæ зард. Атахт мæргъты аивдæр зарæггæнæг-булæмæргъ. Бæлæсты тарбын цъæх сыфтæрты `хсæн фæзынд иугай бур сыфтæ.

Фæстаг сæрдыгон лæвæрттæ – гагадыргътæ, æхсæртæ, зокъотæ – август дæтты рæдауæй. Мыддарæнты дуцынц мыд. Хæххон уыгæрдæнты æмæ хъæдты срæгъæд сты сырх мæнæргъы, сырхбын мæцкъуы, саунæмыг, сæнтсырх сыхсы, скъамо, хъоппæг.

Згъæлы сыфтæр

Уымæл дымгæ уигъы бæлæсты хихтæ. Зилдухгæнгæ цадæггай зæхмæ хауынц сыфтæртæ: буртæ, сырхытæ, морæтæ -алыхуызæттæ.

Згъæлы сыфтæр, уары сыфтæр. Фæстаг хатт ма сæ сыбар-сыбур райхъуысы. Æви сыбар-сыбур нæу? Æви кæугæ кæнынц?

Нæ зонын, нæ зонын…

Мæнмæ афтæ кæсы, цыма сыфтæр бæрæг афон фæуары. Раст мигъæмбæрзт арвы риуæй хърихъуппытæ удаист хъæр куы райхъуысы, уæд бæлас йæ рис нал бауромы æмæ бæлццон мæргъты маройыл йæ сыфтæртæй ставд цæссыг нызгъалы.

Æрдзы æвзагæй нæ зонын, фæлæ хърихъуппытæ хуссармæ куы фæтæхынц, уæд сыфтæр згъæлын цæмæн райдайы? Цы сусæг бастдзинад ис се `хсæн?

Дон

Адæм-иу хæхбæсты æрцæрынмæ куы хъавыдысты, уæд-иу равзæрстой донмæ хæстæг бынат. Дон адæймаджы хъуыдис æмæ хъæуы бирæ хъуыддæгтæн: нуазынæн, донхорыгæн, æхсынæн,кæсаг ахсынæн…          

Уæлдай ахадындзинад уыд суарæн, суадонæн, хъæрмæдонæн. Куыд загътам, афтæмæй нуазыны дон хъуамæ хæстæг уыдаид хæдзармæ. Нуазыны дон та арæхдæр хастой суадонæй. Уымæ гæсгæ йæм æдзухдæр цæст дарын хъуыд. Хъуамæ йæ дардтаиккой сыгъдæгæй, фос æй ма чъизи кодтаиккой. Дон æвгæдтой къоппæй. Суадонæй-иу чи банызта, уый-иу йæ уæлдай фæстæмæ нæ калдта. Уый æнæгъдаудзинадыл нымад уыд.  Дон нызтой нымæт худæй дæр къусгонд-иу дзы акодтой, афтæмæй. Суадонæй-иу хастой къуыстилтæ, гогонтæ æмæ хъæдын, фæстæдæр та цинк  бедратæ. Уыгæрдæнты цы суадæттæ уыдис, уыдон алыварс задис хæтæлджын  зайæгойтæ æмæ уым та-иу фæндаггæттæ уыдон æххуысæй нуæзтой дон. Суадоны гæрстæ не `хсадтой, уазал уыд. Стæй йæм, чъизи йæ чи кодта, ахæм фосы дæр нæ уагътой.

Бынтон æндæр уыдис æхсыны дон. Уый хъуамæ уыдаид хъарм, стæй дзы сапон кæнæ хъæды фæнык фынк кодтаид.  Дзаумæттæ æхсынæн цъитийы дон нæ бæззыд, уазал, стæй дæрзæг уыд.

Дон хъуыдис найынмæ дæр. Æрмæст хохаг дон,иуæй уазал уыдис, иннæмæй та цыдис тагъд. УыАдæм мæ гæсгæ-иу  равзæрстой,сабырдæр кæм цыд, ахæм ран.

Нæ фыдæлтæм дон уыди стыр бынаты æвæрд, сарæзтой йыл бирæ рæсугъд зарджытæ,таурæгътæ, аргъæуттæ.

Æгъдау

Ацы  дзырд  чи нæ фехъуыста, ахæм, æвæццæгæн, нæ разындзæн, уымæн æмæ æгъдау алы ран дæр хъæуы: хæдзары дæр, уынджы дæр, скъолайы дæр. Хи  куыд дарын хъæуы, уыцы фæтк , ома, æгъдау, алы адæммæ дæр кадджын у. Кадджын у ирон адæммæ дæр.

Адæм афтæ фæзæгъынц: алцæмæн дæр æгъдау ис. Æмæ уый æцæгæйдæр афтæ у. Йæхи дарын чи нæ фæзоны, фыдуаг митæ чи фæкæны,коммæ чи нæ фæкæсы, ахуырмæ уæлæнгай цæстæнгас чи фæдары,уыцы чызджытæ æмæ лæппутæ æгад вæййынц.

Æз дæн

Алы уалдзæг, мæргътæ хъарм бæстæй куы æртæхынц, уæд сæм адæймаг кæсынæй нал фефсæды.Сæ хъæлдзæг цъыбар-цъыбур æмæ зард куы райхъуысы, уæд бæстæ бæрæгбонхуыз равдисы. Мæгуыр у уыцы бæстæ, мæргътæ кæм нæй. Фæззæг,  фæстæмæ сæ тæхыны рæстæг куы æрбахæццæ вæййы, уæд та сагъæсхуыз вæййынц. Хуссары бæстæм сæ дард фæндаджы хъуыды кæнынц…Цы нæ фыдбылыз æрцæуы…Уый хорз æмбарынц мæргътæ æмæ иугæйттæй нæ тæхынц. Хърихъуппытæ ныххал вæййынц бирæйæ, вæййы сын иу балхон æмæ йæм иннæтæ иууылдæр хъусынц. Зæрватыччытæ æрæмбырд вæййынц, къордтæ-къордтæй зилдух кæнынц уæлдæфы цалдæр бон,  ома, иу цъиу дæр нæ баззайы иунæгæй…Афтæ иннæ мæргътæ дæр…Иу ахæм цъиуты бал ныххал и хъарм бæстæм, фæндагыл кæрæдзи хъахъхъæнынц. Уæд иу лæппынцъиу йæхиуыл фервæссыд…Фæхъал æмæ балæй фæхицæн. Дзурынц æм: «Фæстæмæ раздæх балмæ,раййаф нæ!»

Цъиуты бал тындзыдта, фæдзæгъæлæй нæ тарсти. Хæхтæ, быдыртæ фæсте аззадысты. Лæппынцъиу сæм дард кæцæйдæр касти, иунæгæй баззад.

Изæрæй

Æризæр.Хуры цæст нал зыны,фæлæ ныгуылгæ нæма акодта.

Хъом цæуын байдыдтой. Уæрыччытæ,сæныччытæ, ногзад родтæ уасынц сæ мадæлтæм. Адæм дæр базмæлыдысты: чи здахы йæ сæгъты,чи йæ фысты, чи йе стурты. Урсбын дыууæ хъуджы æмæ дыууæ сæгъы баздæхтысты иу хæдзармæ. Сæгътæ сæ бынатмæ  бацыдысты. Хъуццытæ кæрты лæууынц æмæ хордонырдæм кæсынц се стыр  хъоппæг цæстытæй. Æфсин хъуццытæн холлаг рахаста, уыдон дæр æм сæ сæртæ  схъил кодтой æмæ бауасыдысты уæззаугомау,-базыдтой, хæринаг сын кæй рахæссы, уый. Æфсин æхсыр дуцыныл балæууыд. Урс хæмпус фынк ведрайы сæрты акалд.

Бæлæстæ кæнынц фынæй

Æвæдза,диссаг у- зымæгмæ иууылдæр хъарм дарæстæ бацагурынц сæхицæн, бæлæстæ та йæм сæхи рабæгънæг кæнынц. Бæгуыдæр, уый хуымæтæджы нæу – æрдзæн алцыдæр нымад у.

Æппæт бæлæстæ дæр сæхи рагацау  райдайынц цæттæ кæнын зымæгмæ.Фыццаг уазалтæ ма дард вæййынц, фæлæ сыфтæ нал фæразынц. Бæласы хъæбæр цъары бын æрцæуы бирæ ивддзинæдтæ.Цадæггай ныссабыр вæййы йæ рæзт.

Бæлас фидæнмæ æмбырд кæнын райдайы сой æмæ крахмалтæ. Къуыбыртæ  сабыргай фæрæзынц æмæ сындæггай  рахизынц зымæгон дарæсмæ- фæзыны сыл тæнæг цъар.Сцæттæ вæййынц, фидæнмæ ног сыфтæ цы бынаты рацæудзысты,уыдон. Бæласы сæйраг зæнджы цъупп та свæййы аргъуаны цъуппы хуызæн.Гъе ахæм у йæ зымæгон фыны тæккæ райдайæн.