Тесты по осетинской литературе . 7 класс

Накусова Ирина Ахсарбековна

В данном разделе представлены тесты по осетинской литературе для 7 класса.

Скачать:


Предварительный просмотр:

Тест № 1

Адæмон сфæлдыстад

1. Цавæр   хуызтыл  дих  кæны  дзырдаивад ?

А) Фольклор  æмæ аив литературæ.

Б) Эпос æмæ лирикæ.

2. Бацамон литературæйы æртæ сæйраг хуызы.

А) Таурæгъ, роман, æмдзæвгæ.

Б) Эпос, лирик, драмæ.

3. Цы  нысан кæны дзырд «Эпос»?

А) Грекъаг дзырд, амоны уæлæмхасæн.

Б) Бердзенаг дзырд, амоны дзырд, хабæрттæ  дзурын.

4. Бацамон эпикон уацмысты сæйраг хуызтæ.

 

А) Поэмæ, æмдзæвгæ, трагеди, пьесæ.

Б) Таурæгъ, аргъау,роман, радзырд.

5. Цы  хонæм дзыхæй  дзыхмæ дзургæ сфæлдыстад?

А) Фольклор.

Б) Роман.

6. Адæмы цыргъзонддзинад æвдисæг цыбыр уацмыс хонæм…

А)  Новеллæ

Б)  Æмбисонд.

7. Цæуыл нæ ахуыр кæнынц адæмон сфæлдыстады уацмыстæ?

А)  Хуыздæр цардмæ тырнын æмæ рæстдзинадыл тох кæнын.

Б)  Æнæуаг, худинаг митæ кæнын.

8. «Цардысты æмæ уыдысты…»- афтæ райдайынц

А) Кадджытæ.

Б) Аргъæуттæ.

9. Аргъау «Арвы айдæн»-ы чи баххуыс кодта лæппуйæн  чызгæй бамбæхсын.

А) Бирæгъ.

Б) Къулбадæг ус.

10. Кæм цардысты Кодзыртæ?

А)  Хъобаны.

Б) Санибайы.



Предварительный просмотр:

Тест  №  2

Нарты кадджытæ

1.Цал мыггагыл дих кодтой   Нартæ?

А) Дыууæ.

Б)  Æртæ.

2.Чи уыдысты Нарты гуыппырсартæ?

А) Уырызмæг, Сослан, Батрадз.

Б) Мукара, Алæф, Балсæг.

3. Чи у Нарты фыдæл?

А) Уырызмæг.

Б) Уæрхæг.

4. Куыд хуыйны Нарты хъазæн фæз?

 

А)  Зилахар.

 Б) Сылтаныхъы фæз.

5. Кадæг «Сослан-тыхагур»-ы чи фервæзын кодта Сосланы æртæ  уæйыгæй?

А) Иудзонгон уæйыг.

Б) Батрадз.

6. Чи балæвар кодта Нартæн фæндыр?

А)  Уырызмæг.

Б)  Сырдон.

 

7. Чи фæхæццæ кодта Сосланмæ,  Сатана зын уавæры кæй ис, уый?

А)  Дзæгъындзæг.

Б)  Зæрватыкк.

8. Цавæр фау æрхаста Сырдон Нарты иумæйаг æмбырддон хæдзармæ?

А) Хæдзары нæ уыд къонайы рæхыс.

Б) Хæдзар уыд æнæфснайд

9. Цæмæй  гуырд  у Сослан?

А) Дурæй.

Б) Хохæй.

 

10. «Арвы хин æмæ зæххы кæлæн», зæгъгæ, кæмæй дзырдтой Нартæ?

А) Сосланæй

Б) Сырдонæй



Предварительный просмотр:

Тест  №  3   Хетæгкаты Къоста

1.  Кæд æмæ кæм райгуырд  Хетæгкаты Къоста? 

А) 1901 азы Лабæйы.

Б)  1859 азы Нары.

 

2. Чи  схаста Къостайы хи хъæбулау?

А)  Чендзе.

Б)  Хъызмыдæ.

3. Кæм ахуыр кодта Къоста 1871-1881 азмæ?

А) Стъараполы гимназы.

Б) Дзæуджыхъæуы гимназы.

 

4. Кæд  рацыд мыхуыры  «Ирон фæндыр?

 

А) 1906 азы.

 Б) 1899 азы.

5. Цал хатты хаст æрцыд  Къоста Ирыстонæй?

А) Фондз хатты.

Б) Дыууæ хатты.

6. Кæд амард Къоста æмæ кæм ныгæд ис?

А)  1 апрелы 1906 азы, Ирон аргъуаны пантеоны.

Б)   1 апрелы 1910 азы, Лабæйы.

 

7. Кæцæй ист сты ацы рæнхъытæ «…Йæ зæрдæ хъал вæййы фынтæй»

А) «Мæгуыры зæрдæ».

 Б) «Мæгуыры зарæг».

8. «Мæ Иры …! Дæ цинæй, дæ хъыгæй

    Фæластон мæ сау зæрдæ дард?

Бирæстъæлфыты бæсты сæвæр цухгонд дзырд

А)  Лæппутæ.

Б)  Фæсивæд.

9.  Кæй ном ары Къоста ацы рæнхъыты?

«Уарз æй афтæ, куыд бауарзта хаст поэт ам

Ацы нкъард зæхх-йæ къæдзæх фæсонтæ»

А)  А.С. Пушкины ном.

Б)  М.Ю. Лермонтовы ном.

 

10.  Кæмæ арæзт сты ацы рæнхъытæ

«Дæ номыл, дæ кадыл

 Нæ барын мæхи…»

А) Йæ фыд Леуанмæ.

Б) Байаты Гаппомæ.



Предварительный просмотр:

Тест  №  4

Гæдиаты Секъа

1.  Кæд æмæ кæм райгуырд  Гæдиаты Секъа? 

А) 1901 азы Лабæйы.

Б)  1855 азы  Ганисы.

 

2. Цæй  бындурæвæрæгыл нымад у  Секъа?

А)  Ирон литературы.

Б)  Ирон аив прозæйы.

3.  Куыд хонынц Секъайы?

А) Хæдахуыр, курдиатджын поэт æмæ прозаик.

Б) Драматург, публицист, революционер.

 

4. Кæм райдыдта кусын Секъа 1873 азы?

 

А)  Аргъуаны диакъонæй.

 Б)  Скъолайы ахуыргæнæгæй.

5.  Цавæр рæстæг æвдыст æрцыд  радзырд «Арагуийы Ерыстау  æлдар»-ы?

А) Ирыстон Уæрæсеимæ баиу кæныны фæстæ.

Б) Гуырдзыстон Уæрæсеимæ баиу кæныны агъоммæ

6.  Цы домы æлдар Хъуды комы цæрджытæй?

А)  Цæмæй хъалон фидой.

Б)  Цæмæй зæххытæ бахуым кæной.

 

7.  Кæмæ барвыста Нугзар йæ аргъонахъ къæбылайы?

А)  Хъызмыдæмæ.

Б)  Дысамæ.

8.  Цавæр æбуалгъ ми бакодта æлдар Хъуды комы сывæллæттæн?

А)  Бæхты бын сæ банай кæнын кодта.

Б)   Ауæй сæ кодта.

9.  Цавæр  тæрхон рахастой адæм  Ерыстау æлдарæн?

А)  Кардæй йæ амарын.

Б)   Хъоды йыл бакæнын.

 

10.   Кæмæ радтой Арагуийы адæм Ломисы аргъуаны дæгъæлтæ?

А)  Бурдултæм.

 Б) Мацабелтæм



Предварительный просмотр:

Тест  №  5

Тугъанты Батырбег

1.  Кæд æмæ кæм райгуырд  Тугъанты Батырбег? 

А) 1866 азы Дур-Дуры.

Б)  1855 азы  Ганисы.

 

2. Кæм ахуыр кодта Батырбег 1880 азы?

А)  Дзæуджыхъæуы прогимназы.

Б)  Æрыдоны  дины семинары.

3. Цæмæн æрцахстой Батырбеджы?

А) Йæ революцион куысты тыххæй.

Б) Амардта æлдары.

 

4. Куыд хуындис йæ фыццаг радзырд?

 

А ) «Ханиффæ».

 Б) « Фыййау Баде».

5. Чи сты радзырд «Бæхдавæг»-ы сæйраг архайджытæ?

А ) Сабан æмæ Гуйман.

Б)  Ибрагим æмæ Дзамболат.

6. Цæуыл амидин кодта Сабан Гуйманы?

А)  Давыныл.

Б)   Фæллой кæныныл.

 

7. Кæй бæх адавта Гуйман?

А)   Йæ сыхаг Базджейы.

 Б)   Йе мбал Цæрайы.

8. Чи загъта ацы ныхæстæ  

«Ныронг æз …уыдтæн…æдылы. Ныр та…ныртæккæ та мæ сæры зонд афтæ ныннæрсыд, æмæ тæрсын мæ тылæн:нæ бауромдзæн, стондзæн…»

А )  Гуйман.

Б)  Сабан.

9.  Куыд схуыдта Сабан Гуыйманы?

 

А)  Æгуыдзæг.

Б)  Сахъ лæппу.

 

10.   Сабан æмæ Гуйманæн æмбæлттæ схонæн ис?

А) О, уыдон сты æцæг æмбæлттæ.

Б) Нæ, уыдон не сты æмбæлттæ.



Предварительный просмотр:

Тест  № 6  

Коцойты Арсен

1. Кæд æмæ кæм райгуырд  Коцойты Арсен? 

А) 1866 азы Дур-Дуры.

Б) 1872 азы Джызæлы.

 

2. Кæдæм бацыд ахуыр кæнынмæ 1891 азы?

А)  Дзæуджыхъæуы прогимназмæ.

Б)  Æрыдоны  дины училищемæ.

3.  Кæуыл сæмбæлдис 1899 азы ахуыргæнджыты съезды?

А)  Хетæгкаты Къостайыл.

Б)  Гæдиаты Секъайыл.

 

4. Цавæр журнал райдыдта цæуын 1910 азы Калачы?

 

А)  «Ногдзау».

 Б)  «Æфсир». 

5. Цавæр газеты рацыдысты Арсены радзырдтæ «Цуанонтæ» æмæ «Æмбæлттæ» ?

А)  «Рæстдзинад»-ы.

Б)  «Ног цард»-ы.

6. Кæм цæуы архайд радзырд «Дадолты мæт»-ы?

А)  Цъамады.

Б)   Къамады.

 

7. « Бæрзæй йын нæ уыдис æппындæр…уыдис ын худгæ гыццыл цæстытæ…былтæ дæр уыдысты нæрст фыр нæрдæй…» -   кæй тыххæй цæуы ныхас?

А)   Дæсны Биганоны тыххæй.

 Б)   Гатъийы тыххæй.

8.  Нæфæтчиаджы дзидзайæ чи фæхъæстæ ис æппæты фыццаг?

А)  Гæды.

Б)  Бинонтæ.

9.  Цы æрбахаста сыхæгты гыццыл лæппу?

 

А)  Чыргъæд.

Б)  Къæсса.

 

10.  Цæуыл та ныхъхъуыды кодтой Дадолты æртæ сылгоймаджы радзырды кæрон?

 

А)  Дзæгъæлы бахардз кодтам не хца.

Б)  Бацæттæ кæнын ног фарстæн æхца.



Предварительный просмотр:

Тест  № 7  

Гæдиаты Цомахъ

1.  Кæд æмæ кæм райгуырд  Гæдиаты Цомахъ? 

А) 1866 азы Дур-Дуры.

Б)  1882 азы Ганисы хъæуы.

 

2. Кæм  ахуыр кодта  1897-1903 азты?

А)  Дзæуджыхъæуы прогимназы.

Б)  Стъараполы   дины семинары.

3.  Цæмæн æрцахстой Цомахъы 1908 азы Дерпты?

А)  Йæ революцион куысты тыххæй.

Б)  Чындзæхсæвы кæимæдæр фæхыл ис.

 

4. Цавæр тæрхон рахастой Цомахъæн 1910  азы?

 

А ) Дыууæ азы фæбадын ахæстоны.

 Б)  Ахæссын Сыбырмæ æнæмгъуыдæй. 

5.  Кæд сæздæхт Цомахъ фæстæмæ Ирыстонмæ?

А)  1915 азы

Б)  1917 азы

6.  Куыд схуыдта Цомахъ, ахæстоны цы æмдзæвгæтæ ныффыста, уыдон?

А)  «Ахæстоны сагъæстæ».

Б)   «Ахæстоны фыстытæ».

 

7.  Цал хайыл дих кæны Цомахъы литературон сфæлдыстад?

А)    Дыууæ хайыл.

 Б)   Æртæ хайыл

8.   Цавæр æмдзæвгæ ныффыста Цомахъ 1905 азы?

А )  «Фæдис».

Б)  «Хуры тын».

9.  Цавæр аивадон мадзалæй спайда кодта фыссæг ацы рæнхъыты

 «Хуры тын фенкъард и ахæсты цардæй,

Ахæм фыдцардæй фæлыгъди хъуызгæ»?

 

А)  Метафорæйæ.

Б)  Олицетворенийæ.

 

10.   Цы нысан кæны термин «олицетворени»?

         

А) Аивадон фæрæз:зайæгойты, цæрæгойты æмæ æрдзы фæзындты адæймаджы миниуджытæй хайджын кæнын.

Б) Аивадон фæрæз:царды иппæрд цаутæ конкретон фæлгонцы руаджы фæсномыг хуызы æвдисын.



Предварительный просмотр:

Тест  №8  

Нигер

1.  Кæд æмæ кæм райгуырд Нигер? 

А) 1896 азы Сындзысæры.

Б)  1882 азы Ганисы хъæуы.

 

2.  Куыд у йе цæг ном Нигерæн?

А)  Беджызаты Чермен.

Б)  Дзанайты Иван.

3.  Кæм  ахуыр кодта  1913-1917 азты?

А)  Дзæуджыхъæуы прогимназы.

Б)   Æрыдоны  дины семинары.

 

4.  Кæд райдыдта Нигер сфæлдыстадон куыст кæнын?

 

А)  Октябры революцийы агъоммæ.

 Б) Мидхæсты рæстæг. 

5.  Цавæр аргъ скодта Советон хицауад Нигерæн?

А)  Лæвæрд ын æрцыдис орден «Кады нысан» æмæ майдантæ.

Б)  Радтой йын Советон Цæдисы Хъæбатыры ном

6.  Поэмæ «Бадилон  симд»-ы цæй фæдыл арæзт æрцыд «ыстыр куывд» Хъуыбадтæм?

А)   Лæппу райгуырд Афайæн.

Б)   Афицер сси Афайы фырт.

 

7.  Цавæр дыууæ къордыл дих кæнынц поэмæйы архайджытæ?

А)   Æлдæрттæ æмæ цагъайрæгтæ.

 Б)  Бадилатæ æмæ æххуырстытæ.

8.  Цæимæ абарста фыссæг Фацбайы æмæ Хъуыбадты мыггаг?

А)  Хуры тын æмæ арвнæрд-имæ.

Б)  Сæрджын саг æмæ куыйты бал-имæ.

9.   Чи у аххосджын Фацбайы мæлæты?

 

А)  Залихан.

Б)  Афай.

 

10.  Куыд аивта боныхъæд Фацбайы амарды фæстæ?

         

А)  Тынг дымгæ ракодта.

Б)  Тыгъдызæй ракодта.



Предварительный просмотр:

Тест  № 9  

Хъуылаты Созырыхъо

1.  Кæд æмæ кæм райгуырд Хъуылаты Созырыхъо? 

А) 1896 азы Сындзысæры.

Б)  1900 азы Згъуыбиры хъæуы.

 

2.  Гуры гимназы фæстæ кæм ахуыр кодта?

А)  Стъараполы дины семинары.

Б)  Мæскуыйы К.А.Тимирязевы номыл академийы экономикон факультеты.

3. Цы æвдыста Созырыхъо йæ уацмысты?

А)   Лæгдзинад æмæ намыс.

Б)   Хицæутты æнæуаг митæ.

 

4.   Кæцæй рараст  ис Берозы –фырт поэмæ «Тотырадзы зарæг»-ы?

 А) Джимарайæ.

 Б)  Хъобанæй.

5.  Чи суазæг кодта Тотырадз æмæ йæ цоты Заманхъулы?

А)  Хъуысаты Хъæсай.

Б)   Дзанайты Тохти.

6.  Кæдæм цыдысты хъал фæсивæд  æмæ сыл чи амбæлд?

А)  Насранмæ чындзхæссынмæ, саударæг ус

Б)   Заманхъулмæ уазæгуаты, фыййæуттæ.

 

7.   Цæмæн скодтой адæм зарæг Тотырадзыл?

А)   Хъæлдзæг лæг уыдис.

 Б)  Хъæбатырæй фæмард.

8.  «Раджы дæр  æмæ абон дæр хорз лæгыл нымад у нӕ комы». Кæй тыххæй зæгъы афтæ фыссæг радзырд « Муссæйы скъола»-йы?

А) Дзанайты Тохтæйы тыххæй.

Б)  Дзанайты Муссæйы тыххæй.

9.   Цæмæ бæллыд Муссæ?

 

А)  Скъола саразынмæ.

Б)  Хæдзар саразынмæ.

 

10.  «…Афæдз рацыдис.Ныр куы бахизай нæ комы нарæгæй,-фистæгæй уай , уæлбæхæй уай , разындзæн дæм мидæгæй иу къуыппы хъæбысæй дынджыр, ног агъуыст.»

Цавæр агъуыст у уый ?

         

А)  Скъолайы агъуыст.

Б)  Клубы агъуыст.



Предварительный просмотр:

Тест  № 10  

Дзесты Куыдзæг

1.  Кæд æмæ кæм райгуырд Дзесты Куыдзæг? 

А) 1905 азы Едысы хъæуы.

Б)  1900 азы Згъуыбиры хъæуы.

 

2.  Кæд æмæ цæмæн ралыгъдысты Дзесты бинонтæ Цæгат Ирыстонмæ?

А)  1917 азы революцийы фæстæ.

Б)   1920 азы Гуырдзыстоны меньшевикты ныббырсты фæстæ.

3.  Кæд  рацыдысты йæ фыццаг уацмыстæ мыхуыры?

А)   1925 азы.

Б)    1931 азы.

 

4.    Цы хуындис Куыдзæджы фыццаг чиныг æмæ кæд рацыд мыхуыры?

 А)  «Хæхтыл», 1932 азы.

 Б)   « Сагъæстæ», 1935 азы. 

5.  Кæм цæуы архайд радзырд «Хорхæссæг»-ы?

А)   Уæллагкомы.

Б)    Санибайы.

6.  Цы 'рцыди Уæллагкомы хохы хуымтыл?

А)   Басыдысты.

Б)    Бахус сты.

 

7.  Кæдæм æмæ цæмæн абалц кодта Темсыр  йæ фырт Додиимæ?

А)  Фæсхохмæ йæ хæстæджытæм æртæ путы нартхор ракурынмæ.

 Б)  Фæсхохмæ чындзæхсæвмæ.

8.   Цы æрцыди фыд æмæ фыртыл фæндагыл?

А)  Дыууæйæ дæр къæдзæхæй ахаудысты.

Б)   Зæй сæ фæласта.

9.    Цæмæн бабын сты Темсыр æмæ Доди?

 

А)  Хæххон фæндæгтæ уыдысты тынг æвзæр, æнæзылд.

Б)   Уарыд къæвда æмæ фæндæгтыл ацæуæн нал уыд.

 

10.  Цавæр ахастдзинæдтæ уыдис фыд æмæ фыртæн  ?

         

А)  Кæрæдзийыл уыдысты æнувыд.

Б)  Кæрæдзиимæ нæ фидыдтой.



Предварительный просмотр:

Тест  № 12  

 Фæрниаты  Къоста

1.  Кæд æмæ кæм райгуырд Фæрниаты  Къоста ? 

А) 1908 азы Сечеры хъæуы.

Б)  1907 азы Быдыры Дæргъæвсы.

 

2.  Цавæр партийы рæнхъытæм бацыд цыппæрдæсаздзыдæй?

А)  Фыццаг фæскомцæдисмæ, стæй та коммунистон партимæ.

Б)   Колхозонты партимæ.

3.  Кæм райдыдта ахуыр кæнын 1926 азы?

А)  Мæскуыйы журналистикæйы факультеты.

Б)   Æрыдоны скъолайы.

 

4.    Кæм райдыдта кусын 1931 азы?

 А)   Хуссар Ирыстоны театры директорæй.

 Б)   Журналы редакторæй.

5.   Цы  хуыйны, Къостайы æмдзæвгæтæ мыхуыргонд фыццаг цы иумæйаг æмбырдгонды æрцыдысты, уый?

А)  «Уадындз».

Б)   «Гæлæбу».

6.  Куыд хуыйны йæ уацмысты фыццаг  æмбырдгонд?  

А)  «Зæй»  

Б)   «Арвæрдын»

 

7.  Кæй фæлгонц сарæзта  Къоста йæ очерк  «Хъæбатыр цæргæс»-ы ?

А)   Мидхæсты хъæбатыр Дзæрæхохты Хадзымураты.

 Б)   Фыдыбæстæйы хæсты хъæбатыр Плиты Иссæйы.

8. Цæмæн цыд Хадзымурат  Архангельскмæ?

А)  Цæгат бæстæйы партизанты æмбырдмæ.

Б)   Ахуыргæнджыты съездмæ.

9.  Куыд сæмбæлдысты æмбырды адæм Хадзымуратыл?

 

А)  Æнæхъæн зал сыстад æмæ æмдзæгъд кæнын райдыдтой.

Б)  Залмæ куыд бацыд, уый ничи федта.

 

10. Цæмæн афтæ бирæ уарзтой Хадзымураты Цæгат бæстæйы цæрджытæ?

         

А)   Мæгуыр адæмы никуы бахъыгдардта, æххуыс сын кодта, се 'фхæрджыты сын карз æфхæрдта.

Б)  Дæсны кадæггæнæг уыд.



Предварительный просмотр:

Тест  № 12  

«Мамсыраты  Дæбе»

1.  Кæд æмæ кæм райгуырд Мамсыраты  Дæбе ? 

А) 1908 азы Сечеры хъæуы.

Б)  1907 азы Быдыры Дæргъæвсы.

 

2.  Цавæр фыдбылызы бахауд Дæбе дæсаздзыдæй?

А)   Мæнæу най кæнгæйæ йын машинæ йæ цонг ахауын кодта.

Б)    Хæдзары сæрæй рахаудта æмæ йæ къух асаста.

3.  Кæм райдыдта ахуыр кæнын 1924 азы ?

А)    Чырыстонхъæуы скъолайы.

Б)    Æрыдоны скъолайы.

 

4.     Кæд фæзындысты мыхуыры Дæбейы фыццаг уацмыстæ?

 А)  1927 азы.

 Б)   1932 азы.

5.   Цавæр ордентæй схорхзæхджын кодтой Дæбейы йæ литературон æмæ æхсæнадон куысты тыххæй»?

А)  Ленины æмæ Фæллойы Сырх Тырысайы ордентæй .

Б)   Сталины æмæ Кады ордентæй.

6.    Чи сты Дæбейы радзырд «Цыт»-ы сæйраг архайджытæ?

А)   Дзынга æмæ Цола.

Б)   Сабан æмæ Гуыйман.

 

7.  Чи фервæзын кодта Бердаты Уырызмæджы дыууæ сывæллоны?

А)   Дзанг.

 Б)   Цола.

8.  Цæмæн бацыд кусынмæ заводмæ Дзынга?

А)  Цæмæй йæ хæдзар ауæй кæна æмæ йæ исбон йæхицæн баззайа.

Б)   Бафæллад æгуыстæй бадынæй.

9.   Цы сфæнд кодта Дзынга?

 

А)   Цолайы амарын.

Б)    Колхозмæ бацæуын.

 

10.  Цавæр тæрхон рахастой Дзынгайæн?

         

А)   Дæс азы ахæстоны фæбадын.

Б)   Сыбырмæ йæ ахæссын æнæмгъуыдæй.



Предварительный просмотр:

Тест  № 13  

Букуылты Алыкси

1.  Кæд æмæ кæм райгуырд  Букуылты Алыкси? 

А) 1920 азы Хуссар Ирыстоны Уалыты хъæуы.

Б)  1907 азы Быдыры Дæргъæвсы.

 

2.  Кæм службæ кодта Алыкси?

А)  Украинæйы.

Б)   Австрийы.

3.   Кæм ахуыр кодта Алыкси хæсты фæстæ ?

А)   Педагогон институты историон-филологон  факультеты.

Б)    Æрыдоны скъолайы.

 

4.     Кæд  æмæ кæм фæзынд мыхуыры Алыксийы  фыццаг радзырд?

 А)  1946 азы журнал «Фидиуæджы».

 Б)   1932 аз газет «Большевик»-ы.

5.   Цавæр тæрхон рахастой Алыксийæн 1951 азы?

А)   25 азы фæбадын ахæстоны.

Б)   Хъæрæсемæ йæ ахæссын 5 азы æмгъуыдмæ.

6.   Цы хуыйны Алыксийы радзырд «Æвдадзы хос»-ы сæйраг архайджытæй иу?

А)   Бери.

Б)   Сабан.

 

7.   Цавæр уынаффæ рахастой правленийы уæнгтæ?

А)   Райсом иууылдæр-зиумæ.

 Б)   Райсом иууылдæр картоф æмбырд кæнынмæ.

8. Цæуылнæ рацыд Бери зиумæ?

А) Ӕфсон скодта фæрынчын дæн, зæгъгæ.

Б)  Горæтмæ йæ хæстæджытæм ацыд.

9.  Чи раргом кодта Берийы сайд?

 

А) Сæрмæт.

Б)  Илуш.

 

10.   «Ахæм æвдадзы хос дын æрхъуыды кодта Сæрмæт. Бузныг ын зæгъ! Акса, знон дæр ма дæ синтæ дæ фæдыл куы ластай…Ныр дын æхсæв дæр куы нал ис…Мæ бар куы уаид, уæд æз ахæм хосгæнæгæн преми  раттин…»

Чи у ацы ныхæсты автор?

         

А)   Бригадир Илус.

Б)   Правленийы сæрдар Уырызмæг.



Предварительный просмотр:

Тест  № 14  

Хъайттаты Сергей

1.  Кæд æмæ кæм райгуырд Хъайттаты Сергей? 

А) 1920 азы Хуссар Ирыстоны Уалыты хъæуы.

Б)  1920 азы Цъамады.

 

2.  Цавæр училище каст фæци 1941 азы?

А)  Буйнакскы æфсæддон училище.

Б)   Харьковы танкисты училище.

3.   Кæм райдыдта кусын 1944 азы?

А)  Орджиникидзейы æфсæддон училищейы ахуыргæнæгæй.

Б)  Æрыдоны скъолайы директорæй

 

4.     Кæд  фæзынд мыхуыры Сергейы  фыццаг  радзырд «Æнæном обау»?

 А)  1949 азы.

 Б)   1932 азы.

5.  Цæмæй æрцыд хорзæхджын Сергей?

А)  Фыдыбæстæйы хæсты I æмæ II къæпхæны ордентæй.

Б)   Фæллойы Сырх тырысайы орденæй.

6.  Цавæр рæстæг æвдыст æрцыд Хуыгаты Сергейы радзырд «Ирæд»-ы?

А)  Раджы заман.

Б)   Мидхæсты заман.

 

7.   Цавæр ахастдзинæдтæ ис Хуысинӕ æмæ Хъуыдинæйы æхсæн?

А)  Кæрæдзийы тынг уарзынц.

Б)   Кæрæдзийæн сты æнæуынон.

8.  Цы сфæнд кодта Хуысинæ?

А) Хъуыдинæйы аскъæфын.

Б)  Минæвæрттæ барвитын .

9.  Цы фыдбылыз  æрцыд ирæды тыххæй?

 

А) Хъуыдинæ амард.

Б)  Хуысин æмæ Хъуыдинæ былæй ахаудтой.

 

10.  Цавæр уынаффæ рахаста  номдзыд Тасолтан?          

А)   Йæ дыккаг  чызг Мæдинæйы Хуысинæйæн радта .

Б)   Хуысинæйы дурты бын бакæнын.



Предварительный просмотр:

Тест  № 15

Дзасохты Музафер

1.  Кæд æмæ кæм райгуырд  Дзасохты Музафер? 

А) 1937 азы Красногоры.

Б)  1920 азы Цъамады.

 

2.  Кæдæм бацыд ахуыр кæнынмæ скъолайы фæстæ?

А)   Хетæгкаты Къостайы номыл педагогон институтмæ.

Б)   Мæскуыйы Горькийы номыл институтмæ историон факультетмæ.

3.   Цавæр журналы редакторæй кусы 1937 азæ абоны онг?

А)  «Мах дуг»-ы.

Б)   «Ногдзау»-ы

 

4.   Цавæр чиныг рацыд Музаферæн 1996 азы ?

 А)   «Арв æмæ зæхх»

 Б)   «Дзæбидыры хъул»

5.  Цæмæн саккаг кодтой Музаферæн Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон преми?

А)  Роман «Дзæбидыры хъул» æмæ Омар Хаямы цыппаррæнхъонтæ ирон æвзагмæ кæй ратæлмац кодта,уый тыххæй.

Б)  Йæ  роман «Урсдоны былыл Бæрæгъуын»-ы тыххæй.

6.  Кæй кой ис Музаферы радзырд «Бæхы цæссыгтæ»-йы ?

А)  Дыууæ æмбалы , Хъазыбег æмæ Агуыбейы, кой.

Б)   Дыууæ къæрныхы,Сабан æмæ Гуыйманы,кой.

 

7.    Цавæр фыдбылызы бахауд Агуыбе?

А)   Бæласæй  рахаудта æмæ йæхи тынг ныццавта.

Б)    Бæхæй рахауд æмæ амард.

8.   Цæмæй фæтарст бæх?

А)  Телефоны телы дзыгъал-мыгъулæй.

Б)  Машинæйы уынæрæй .

9.  Куыд дары йæхи бæх фыдбылызы фæстæ?

 

А) Йæ цæстысыгтæ лæдæрстысты туджы малмæ, йæ буарыл ихæнриз бахæцыд  .

Б)  Æнцад æрлæууыд бæхдоны цур .

 

10.   Цы уавæры уыд æнамонд хабары фæстæ Хъазыбег?          

А)   Бирæ фæкуыдта,Агуыбе кæм хуыссыд, уым  .

Б)   Сæхимæ аздæхт.