Интеллектуалон хъазт «Зондабитæ».

Хадаева Фатима Еркиновна

Интеллектуалон хъазт «Зондабитæ» арæзт æрцыд Ирыстоны уарзон хъæбул Хетæгкаты Къостайы 159 азы боны кадæн.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл kosta.docx211.8 КБ

Предварительный просмотр:

42-æм скъолайы

ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ

Хадаты Фатимæ æмæ Тезиаты Вильмæ

https://ds03.infourok.ru/uploads/ex/002d/00024a1c-3a1f4dbc/img0.jpg

Нæ фыдæлтæ нын хорзæй цы ныууагътой, уыцы хæзнатæй иу у нæ мадæлон æвзаг. Ирон æвзаг у аргъæутты, таурæгъты, æмбисæндты, Нартыкадджыты æвзаг, Къоста, Васо, Секъа æмæ иннæ куырыхон лæгты æвзаг. Мадæлон æвзаг нæ туджы ахъары мады æхсыримæ, йæ а-ло-лайы зарджытимæ, хистæрты аргъæуттæ æмæ таурæгътимæ.

Абон уæ æрбахуыдтам нæ интеллектуалон хъазтмæ. Архайы дзы 4 командæйы. Интеллектуалон хъазт «Зондабитæ» арæзт æрцыд Ирыстоны уарзон хъæбул Хетæгкаты Къостайы 159 азы боны кадæн.

Интеллектуалон хъазт «Зондабитæ».

Темæ: Хетæгкаты Къоста.

  1. Кæд рацыдис фыццаг хатт мыхуыры Къостайы «Ирон фæндыр»? Уырыссаг культурæйы царды цавæр цауимæ баст уыд йæ рацыд?

Фыццаг хатт Къостайы «Ирон фæндыр» рацыдис 26  (дыууын æхсæзæм) майы 1899 (мин астсæдæ нæуæдз фарæстæм) азы. Зæронд нымадмæ гæсгæ уый уыд Пушкины райгуырды 100 (сæдæ) азы бон.

  1. Цæмæн у Къоста нымад ирон æвзаг æмæ литературæйы бындурæвæрæгыл?

Аив литературон æвзагыл фыццаг Къоста райдыдта фыссын.

  1. Кæд амард Къоста æмæ кæм ныгæд æрцыд?

Къоста амард 1 апрелы 1906 (мин фарастсæдæ æхсæзæм) азы. Ныгæд æрцыд Лабæйы, фæлæ йæ цалдæр боны фæстæ сластой Дзæуджыхъæумæ æмæ йæ баныгæдтой Ирыхъæуы аргъуаны кæрты.

  1. Цавæр баснятæ ныффыста Къоста ирон æмбисæндты бындурыл?

Къоста ныффыста баснятæ «Бирæгъ æмæ хърихъупп», « Марходарæг», «Саг æмæ уызын», «Рувас æмæ зыгъарæг», «Уайдзæф», «Булкъ æмæ мыд.

  1. Стъараполы гимназы ахуыр кæнгæйæ, уырыссаг æвзагыл цавæр уацмыс ныффыста?

Стъараполы гимназы ахуыр кæнгæйæ, Къоста уырыссаг æвзæгыл ныффыста радзырд «Дзæбидырдзуаны».

  1. Кæй сывæллæтты сурæттæ равдыста Къоста йæ зындгонд нывы «Дур-сæтджытæ»?

Къоста йæ зындгонд ныв «Дурсæтджыты» равдыста Санаты Ибрагимы сывæллæтты сурæттæ.

  1. Къоста сывæллæттæн цы æмдзæвгæтæ ныффыста, уыдон хъуамæ рауагътаид хицæн чиныгæй. Ном дæр æрхъуыды кодта йæ чиныгæн, нывтæ дæр æм скодта. Куыд хъуамæ хуындаид чиныг?

Куыд алы стыр поэт, афтæ Къоста дæр бирæ æмдзæвгæтæ ныффыста сывæллæттæн. Уыдон йæ зæрды уыди хицæн чиныгæй рауадзын. Суанг ма йын ном дæр æрхъуыды кодта «Мæ хæрзæггурæггаг Иры сывæллæттæн».

  1. Цавæр хæдзарон цæрæгой æмæ маргъы ном сæнусон кодта Къоста йе’мдзæгæты?

Къоста йе’мдзæвгæты сæнусон кодта ахæм цæрæгой æмæ маргъы ном: уасæг, гæды, хъаз.

  1. Куыд хуыйны Хетæгкаты Къостайы райгуырæн хъæу?

Хетæгкаты Къостайы райгуырæн хъæу хуыйны Нар.

  1. Ранымайут, Къоста сывæллæттæн цы уацмыстæ ныффыста, уыдон.

Къоста сывæллæттæн ныффыста ахæм уацмыстæ: «Гино», «Скъолайы лæппу», «Фыдуаг», «Кæмæн цы?», «Уасæг», «Лæгау», «Дзывылдар», «Зæрватыкк», «Цъиу æмæ сывæллæттæ» - (æдæппæт – 9 ).

  1. Цавæр нывтæ зонут Къостайæн? Цавæр нывтæ дзы у уæ бон ранымайын?

Къоста канд поэт, фыссæг нæ уыд, фæлæ ма уыд фыццаг ирон нывгæнæг. Костайы нывтæй зонын ахæмттæ: «Дурсæтджытæ», «Дондзау», «Æрдзон хид», портреттæ «Хъыггæнæг зæд», «Цæлыккаты Аннæйы портрет», «Попова Аннæйы портрет», «Автопортрет», «Арахъуадзджытæ».

  1. Стъараполы гимназы фæстæ кæм ахуыр кодта Къоста?

Стъараполы гимназы фæстæ Къоста ахуыр кодта Бетъырбухы Аивадты академийы.

  1. Кæй мысы Коста ацы рæнхъыты:

«Мæн иу ус фæхаста…

Сывæллон ахуыр,

Йæ дзидзи нæ ласта

Мæ дзыхæй, мæгуыр.»

Ацы рæнхъыты Къоста мысы йæ дыккаг мад Дзапарты Чендзейы.

14. Ирон  театры кæрты Къостайы цыртдзæвæн чи скодта?

Ирон театры кæрты цы цыртдзæвæн ис Къостайæн, уый æвæрд æрцыдис 1955 (мин фарастсæдæ фæндзай фæндзæм) азы. Скульптор – Тауаситы Сосланбек.

15.Къоста канд поэт, прозаик æмæ драматург нæ уыд, фæлæ ма уыд …

Къоста канд поэт, прозаик æмæ драматург нæ уыд, фæлæ ма уыд нывгæнæг, тæлмацгæнæг, этнограф, публицист.

16.Зындгонд ирон композитор оперæ «Къоста»-йы автор?

Зындгонд ирон композитор, оперæ «Къоста»-йы автор Плиты Христофф.

17.Куыд хуыйны мæнæ ацы æмдзæвгæ æмæ чи у йæ автор

«Цæйут, æфсымæртау

Раттæм нæ къухтæ

Абон кæрæдзимæ,

Иры лæппутæ!»

Æмдзæвгæ хуыйны «Балцы зарæг», йæ автор Хетæгкаты Къоста.

18. Къоста ахуыр кодта

  • Нары райдиан скъолайы…

Къоста ахуыр кодта:

  • Нары райдиан скъолайы
  • Дзæуджыхъæуы прогимназы
  • Стъараполы гимназы
  • Бетъырбухы Аивæдты Академийы

19. Æмдзæмгæ «Къоста Херсоны»-йы автор у?

Æмдзæвгæ «Къоста Херсоны»-йы автор у Гулуты Андрей.

20. Къостайы афоризмтæ фылдæр чи ранымайдзæн…

Къостайы афоризмтæ:

  • Дæ фыдæлтæ рухсаг, дæхæдæг мын бæзз.
  • Дунетæй хуыздæр куы фестай, йе уæддæр дæхи уд ма стау.
  • Цæстмæхъус ныхас фыдбылыз хæссы.
  • Магусайæн – цæф, цырд лæппуйæн – кæф, алы куыстæн – рад.