БРЕЙН-РИНГ «КУЫД ЗОНÆМ ИРЫСТОН»

Хадаева Фатима Еркиновна

БРЕЙН-РИНГ «КУЫД ЗОНÆМ ИРЫСТОН»

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл breyn-ring.docx22.2 КБ

Предварительный просмотр:

БРЕЙН-РИНГ «КУЫД ЗОНÆМ ИРЫСТОН»

42-æм скъолайы

ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ

Хадаты Фатимæ æмæ Тезиаты Вильмæ

Дзæуджыхъæу, 2018

1. Чи уыдысты нæ рагон фыдæлтæ?

- Нæ рагон фыдæлтæ уыдысты скифтæ, сæрмæттæ æмæ алантæ.

2. Зæгъут-ма, цавæр кадджытæ æрхъуыды кодтой нæ рагон фыдæлтæ?

- Нæ рагон фыдæлтæ æрхъуыды кодтой Нарты кадджытæ.

3. Нарты кадджытæ райдайынц Æхсар æмæ Æхсæртæджы райгуырдæй. Цы хуындис сæ фыд?

- Æхсар æмæ Æхсæртæджы уыдысты фаззæттæ. Сæ фыд хуынди Уæрхæг.

4. Цал хайыл дих у Ирыстон? Цавæртыл?

- Ирыстон у дыууæ хайыл дих. Цæгат Ирыстоныл æмæ Хуссар Ирыстоныл.

5. Хуссар Ирыстонæн йæ сæйраг горæт куыд хуыйны?

- Хуссар Ирыстонæн йæ сæйраг горæт хуыйны Цхинвал.

6. Цæгат Ирыстоны горæттæ ранымайут.

- Цæгат Ирыстоны ис 6 горæты: Дзæуджыхъæу, Алагир, Ардон, Беслан, Дигора, Мæздæг.

7. Цавæр æмбисæндтæ зонут Райгуырæн бæстæйы, мадæлон æвзаджы тыххæй.

- Райгуырæн бæстæ мадау адджын у.

- Райгуырæн бæстæ мадау иу у.

- Йæ Райгуырæн бæстæ дæр нæ бауарздзæн.

- Мадæлон æвзаг мады ад кæны.

8. Ирон хæхтæ цавæртæ зонут?

- Мах зонæм ахæм ирон хæхтæ: Мады хох, Сæнайы хох, Джимарайы хох, Адай хох, Хъæриуы хох.

9. Цавæр ирон дæттæ зонут?

- Мах зонæм ахæм ирон дæттæ: Урсдон, Терк, Æрыдон, Цъæйдон, Джызæлдон, Фыййагдон, Æрæф.

10. Ирыстоны бæрзонддæр хох Хъазыбегæн ис æндæр ном. Куыд æй хуыдтой ирон адæм?

- Ирыстоны бæрзонддæр хох Хъазыбегæн ис æндæр ном. Ирон адæм æй хуыдтой Сæнайы хох.

11. Арæх фæзæгъæм: Ирыстон хъæздыг у йæ адæмæй. Кæй у уæ бон ранымайын, Ирыстонæн кад чи скодта, йæ кой дæрдтыл кæмæн айхъуыст, уыцы адæмæй.

- Ирыстон сæрыстыр у бæрзонд хæхтæй, йæ райдзаст горæттæ æмæ хъæутæй. Фæлæ уæлдæй сæрыстыр та у йæ фæзминаг хъæбултæй. Уыдон сты Абайты Васо (ахургонд), Тæбæхсауты Бало (артист), Адырхаты Светæ (балеринæ), Андиаты Сослан (спортсмен), Кучиты Юрий (ихсæттæн науы капитан), Гергиты Валерий (дунейы зындгонд дирижёр).

12. Ирон инæлар, Советон Цæдисы дыууæ хаттæ Хъæбатыр æмæ Монголы адæмон республикæйы хъæбатыр. Йæ ном æмæ йæ мыггаг.

- Ирон инæлар, Советон Цæдисы дыууæ хатты Хъæбатыр æмæ Монголы адæмон республикæйы хъæбатыр Плиты Иссæ.

13. Цы нысан кæнынц Ирыстоны тырысайы æртæ хуызы?

- Ирыстоны тырысайы ис æртæ хуызы: урс, сырх, бур. Урс хуыз æвдисы уды сыгъдæгдзинад. Сырх – лæгдзинад, хъару, тых. Бур – ирон фарн.

14. Ирыстоны гербыл цы цæрæгой ис, уый цы нысан кæны?

- Ирыстоны гербыл нывгонд ис фыранк (снежный барс) æмæ нысан кæны ныфс, хъару, тых, сæйрагдæр та сæрыстырдзинад.

15. Кæд арæзт æрцыд хæстон фидар Владикавказ?

- Уæрæсейы паддзахы фандонæй Терчы былыл 1784 (мин авдсæдæ æстай цыппæрæм) азы арæзт æрцыд хæстон фидар Владикавказ.

16. Алы ирон лæгæн дæр раджы заманты йы царды ахсджиагдæр æмæ зынаргъдæр дзауматæ уыдысты…

- Къона æмæ рæхыс.

17. Нарты хистæр уыди: Сырдон, Сослан, Уырызмæг æви Батрадз?

- Нарты хистæр уыди Уырызмæг.

18. Хæсты фæмард сты авд æфсымæры Мæхæмæт, Дзæрæхмæт, Хаджысмел, Махарбек, Созырыхъо, Шамил æмæ Хасанбег. Зæгъут сын сæ мыггаг.

- Уыдон уыдысты Гæздæнты авд æфсымæры.

19. Æппæты ирддæрæй ивгъуыд царды нывтæ йе сфæлдыстæды равдыста…

-  Æппæтæй ирддæрæй ивгъуыд царды нывтæ йе сфæлдыстæды равдыста Хетæгкаты Къоста.

20. Нарты Æхсæртæгæн Донбеттыртæм райгуырд дыууæ дыууæ фазон лæппуйы.Куыд хундысты сæ нæмттæ?

- Нарты Æхсæртæгæн Донбеттыртæм райгуырд дыууæ дыууæ фазон лæппуйы. Уыдон уыдысты Уырызмæг æмæ Хæмыц.