сценарий мероприятия "Мой Коста"

Меликова Замира Бексултановна

сценарий мини-спектакля  "Нахи Къоста"

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл naehi_kosta.docx126.16 КБ

Предварительный просмотр:

Мелыкаты З.Б.   (Сценари)

C:\Users\12\Pictures\hetagurov.jpg

Фæхæссон ма, загътон, уæддæр

Фæстæмæ мæ иунæджы сæр

Мæ Ирмæ, мæ райгуырæн бæстæм...

Мæ цæстысыг донау мызти,

Мæ зæрдæ фырцинæй рызти, –

Куы скастæн нæ цъитиджын хæхтæм.

Къоста

«Нæхи Къоста»

Музыка

(Сабыргай, лæдзæджы æнцæйтты, къуылых йæ иу къахыл, афтæмæй æрбацыд Къоста).

Къоста (иунæгæй, йæ алыварстæм ракæс-бакæс кæны,афтæмæй)Дуне рæсугъд… Цъиутæ уасынц…Хур тæмæнтæ калы…Мæнæн та æрæгвæззæг скодта бынат мæ зæрдæйы. Æмæ дзы куыннæˊскæна бынат?

Æмдзæвгæ «РАКÆС!..»

Дзæгъæл мæ ныууагъта мæ фыд,

Нæ зонын мæ мады рæвдыд,

Нæ бæстæй фæхицæн дæн сонтæй.

Кæмдæрты æнæсæронæй,

Æдыхæй, æцæгæлонæй,

Мæ уалдзæг æрвыстон фыдбонтæй...

Фæхæссон ма, загътон, уæддæр

Фæстæмæ мæ иунæджы сæр

Мæ Ирмæ, мæ райгуырæн бæстæм...

Мæ цæстысыг донау мызти,

Мæ зæрдæ фырцинæй рызти, –

Куы скастæн нæ цъитиджын хæхтæм.

Æрцыддæн... Мæхицæй фыддæр

Мæгуырæй куы ссардтон дæу дæр,

Мæ уарзон, мæ иубæстон адæм!..

Нæ хæхтæй, нæ тыгъд быдыртæй

Æмхуызон нæ иуæн дæр нæй, –

Кæм кусæм, кæм цæуæм, кæм бадæм!..

Лæджы хуызæн лæг нæм – ыстæм,

Бæрæг дæр нæ нал ис, цы стæм,

Цы уыдзæн нæ фидæн, нæ фæстаг? —

Кæдæмдæр ма хилæм куырмæй...

Гъе, Уастырджи, ракæс, цæмæй

Нæ фæуæм бынтондæр фыдвæндаг!..

 

(Къоста фæцæуы, дардмæ кæйдæр ауыдта. Фæлæууыд)

 Къоста: (иунæгæй)Аня!...цæмæн та бахоста мæ зæрдæ йæхи мæ риуы къултыл? Цæмæн та дзы рафыхт цæтджинагау туг…йæ фæстаг ныхас мæм æргомæй куы ныффыста, уæд? (йæ лæдзæджы æнцой лæугæйæ баззад)

Аня: (æрбауад). Къоста!...

Къоста:Аня! Дæ дзырд нæ фæсайдтай, Аня. Бузныг, деˊргом ныхæстæй! Сбад, дæ хорзæхæй (сбадтысты).

Аня: Æфсæрмы дæ кæнын Къоста… Æмбарын æй, куыд зын дын уыдаид,мæ дзуапмæ куы æркастæ, уæд!

Къоста: зын-уый ницы ныхас у.Аня! Дунейы рухсæй мæмæ судзины бынæй цы фæзыны,гъе уый дæр нал зындис. Фæлæ ма ныр цæмæн æрцыдтæ? Куы мын загътай дæ ныхас.

Аня: Фæсмон никæмæ æрцæуы,Къоста?Æрцыд мæнмæ дæр фæсмон.

Къоста: Фæсмон?!Цæмæн?Цæуыл?

Аня: Зæрдæниз йедтæмæ дын кæй ницы уыдтæн уал æмæ уал азы,ууыл!

Къоста:Æмæ? Зæрдæ æнцой мын суай-уыцы фæнд дæм ма рцæуæд.

Аня: Æрцыд,Къоста!Кæд мыл цыфæнды худт кæныс дæхинымæр,уæддæр!

Музыка. Æмдзæвгæ «Нæуæгбон æхсæвы»

Аня: Тæхуды,ныр уæ къæсæрæй куы бапзарин æз дæр : «Хæдзаронтæ,хæдзаронтæ, уæ сæрвæлтау мæ сæр!»

Къоста: Æнæзивæг куы рауаис

Уæ уазæджы хъæрмæ…

Мæ иу цæстæй куы бакæсин,

Мæ хуры цæст,дæумæ!

Аня: Хæстæгдæр мæм зæрдæууæнкæй

Куы ракæнис дæхи

Дæ мидбылты куы бахудис,

Куы зæгъис :»Чи дæ,чи?»

Къоста: Дæ къухмæ дын куы февналин,

Куы зæгъин : «Гъей,чызгай!

Йæ царды йас дæу чи уарзы,-

Гъе уый,мæ хуры хай!

Къоста: Байрæджы кодтай, Аня! Байрæджы! Цалдæр азы размæ дæ хъуыд равдисын уыцы хъару…уыцы зæрдæйы уаг!

Аня: Иумæйаг амонд аразинаг куы уыдтæ къаддæ царды тохы. Æви дæ уарзондзинад бамынæг ис дæ зæрдæйы?

Къоста: Нæ, Аня, нæ! Фыццагау цæрынæй судзы мæ риу. Æмæ йæ мæрдтæм дæр мемæ бахæсдзынæн. Фæлæ кæсыс? Бадомдтой мæ паддзахы дыууæйы амондæн иу кæнын, нал!

Мæ нуазæн нозт фæци мæнæн, дæуæн та йемыдзагæй лæууы нырма! Æмæ афтæмæй æз дæу æнамонд цæрдтытыл бафтауон? Нæ, Аня! Ахæм хиуарзон никуы уыдтæн æз!

Аня: Къоста!

Къоста: Фæндараст, Аня! Фæндараст. Хорз амонд дæ хай. Æндæр дын ницы у мæ бон зæгъын!

(æрбадти, йæ лæдзæгыл йæ сæр æркъул кодта æмæ афтæмæй бадгæйæ баззад. Аня исдуг йæ цуры лæууы.Гъестæй ацыд)

Къоста: (фестад, аракæс-бакæс кодта, хъæрæй)Аня! Куыд царæфтыд дæн…цæмæн æмбæлдтæн дæуыл,мæ иунæг сæры бон!Цæмæн?

(æрбадт та фæстæмæ æмæ та исдугмæ бадгæйæ баззад. Æддейæ зарæг æрбайхъуыст)

Музыка «Песня о Коста»

Къоста:( иунæгæй). Адæм мæм цæмæдæрты æнхъæлмæ кæсынц нырма. Æз мæхи æруагътон! Æмæ æнæ адæм,æнæ тох цæрæн ис мæнæн?

(æрбацыдыст дыууæ зæронд лæджы,чызджытæ,лæппутæ.Сæ къухы æртæ чъирийы,фæндыр)

Зæронд лæг:Æгас нын цу,Къоста!Нæ сæрыл хæцæг…нæ зæлгаг сæрбос. Мах Ирыхъæуы адæм рарвыстой…æмæ дын арфæ кæнæм сеˊгасы номæй. Æгайтма та дзæбæхæй сæмбæлдтæ дæ райгуырæн бестыл.

Танец, музыка

Лæг: Дарддæр дæхæдæг та цы ми кæнинаг дæ, Къоста?

Къоста: Тох кæнын дарддæр дæр! Æмæ та тох! Тох Сæрибардзинадыл! Адæмы амондыл!

Лæг: Омæ уыдзæни дæ тох,Къоста? Кæд нал цæудзæн адæмæн сæ хъизæмары уынæр? Деˊнкъард зарджытæ кæд нал кæндзынæ ды дæр? Æви æппын кæрон не ˊрцæудзæн уыцы рæстæгæн.

Къоста: Æрцæудзæн, æрцæудзæн. Сæрибары хур скæсдзæн. Æфсымæрдзинад сфидар уыдзæн неˊхсæн. Амондджынæй,худгæбылæй кæсдзысты дунейы рухсмæ. Мæ фæндыры хъистæ аиваздзынæн æз дæр. Æмæ цины, хæлары, уарзондзинады зарджытæ кæндзынæн сæрибар адæмæн.

Хъæлæстæ: Дæ цæрæнбонтæ нын бирæ уæд, Къоста!Дæ цæрæнбонтæ!

Или песня,или стихи.

Къоста-æмдзæвгæ «Балцы зарæг»

Цæйут, æфсымæртау,

Радтæм нæ къухтæ

Абон кæрæдзимæ,

Иры лæппутæ!..

Скæнæм нæ тырыса

Дзыллæйы номæй.

Рухсмæ æнæзивæг

Цомут æнгомæй!..

Растдзинад уарзынæй

Скæнæм нæ фæндаг...

Гъе, мардзæ, магуса!

Фесæф, нæуæндаг!..