Сценарий сказки "Мыст йа фыртан ус куыд хаста"

Меликова Замира Бексултановна

Сценарий сказки для младших школьников

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл сценарий сказки22.41 КБ

Предварительный просмотр:

Мелыкаты Замира

Сценарий сказки: «Мыст йæ фыртæн ус кыд ракуырдта»

Архайджытæ:

1.Фыццаг амонæг

2.Дыккаг амонæг

3.Хъылдым мыст

4.Лæппын мыст

5.Мыстытæ

6.Хур

7.Мигъ

8.Дымгæ

9.Гал

10. Гутон

Фыццаг амонæг - Кæд уыдаид, чи зоны, кæм уыдаид, уымæн дæр ницы бæрæг ис, царди иу мыст, мыст куыд вæййы, раст ахæм: рихитæ йын, чысыл къуыбыр хъустæ, цæрдæг цстытæ, цыбыр цыппар къахы æмæ лыстæг даргъ къæдзил.

Иу ахæм йæм йæ сыхаг мыстыты бауай-бауай кодтой, - йæдæг нал зынд адæммæ: мыстæн кæд ралæууыдис йæ зайæн, æмæ йæм сыхæгтæ уадысты фæрсæг.

Дыккаг амонæг – Уалынмæ мыстытæ алырдæм уайынтæ систой æмæ кæрæдзийæн дзырдтой: (разгъордтой сценæмæ, абадыдтысты æмæ дзурынц)

Фыццаг мыст – Дæ хæрзæггурæггаг мæн, - нæ мыст лæппын ныззади.

Иууылдæр – Мæнæ цы хорз у, мæнæ цы хорз у (цин кæнынц)

Дыккаг амонæг – Йæ хъæбулы бирæ уарзта мадæл мыст: хæфсæн йæ лæппын хуры тын, хъамбулуараг, хъоппæгцæст. Хæссынтæ йæ байдыдта. Куы фæхъомыл, згъорын куы байдыдта, уæд мад бавнæлдта лæппыны ахуыр кæнынмæ дæр. Бирæ рæстæг нæма рацыд, афтæ мыстытæ лæппыны кой кæнын байдыдтой.

Фыццаг мыст – Ахæм гуырд нæма уыди неʹхсæн. Тæхудиаг уый цы мад ныззади.

Дыккаг мыст – Раст зæгъы, сымахыстæн, æз дæр афтæ æнхъæл дæн, æмæ дзы сгуыхт рауайдзæн.

Æртыккаг мыст – О,о! æрмæст сымах нæ, фæлæ йæ чи федта, уыдонæн сеʹппæты зæрдæмæ дæр цæуы.

Цыппæрæм мыст – Уæ йæ уынд, уæ йæ конд, иннæ ахæм йеʹфсарм, йæ зонд.

Фæндзæм мыст – Стыр миниуджыты хицау у лæппын мыст: уый хузæн къæрцхъус нæ уыдзæн, уымæй тагъддæр ничи фехъусдзæн гинойы уасын, тасдзинад уымæй хуыздæр ничи бамбардзæн.

Æхсæзæм мыст – Ноджы уый хуызæн ничи арæхсы царды амæлттæм: цст нæ хæцы йæ уадыл, кусынмæ та - арт. Къорд хатты сæмбæлдтæн йемæ хъуыддаджы, къутутæ гæрстам. Февнæлдта дын æмæ замманай къуту уайтагъд цæрдхуынкъ фæкодта йæ лыстæг цыргъ дæндæгтæй.

Æвдæм мыст – Уæдæ мемæ та хъæды сæмбæлди: æмбырд кодтам тæрсытæ, æхсæртæ. Йæ ахсджиаг амæла, уый бæрц неʹнтыст махæн къордæй. Заммаай æхсæрæй, тæрсæй æвæрæнтæ скодта сæ къæбицы.

Фыццаг амонæг – О, афонтæ йыл ацыд мысты лæппыныл. Мады зæрдæ бафтыд ус ракурын йæ лæппынæн. Мыстытæ йæм бирæтæ хæлæг кодтой, бирæтæ йын сæхи дзыхæй дзырдтой, ме сиахс бау, зæгъгæ. Æмæ сфæнд кодта йæ лæппынæн хуры чызджы æрхæссын, уымæн æмæ хурæй тыхджындæр никæй хуыдтой дуне-дзыллæ. Араст мыст хурмæ. Фæндаг æм кæуылты ссардта, чи зоны. (Хуры чызджытæ кафынц, хур сыл цин кæны.)

Хъылдым мыст йæ лæппынимæ – Дæ бонтæ хорз уа, хурты хурзæрин!

Хур – Æгас  нæм цу, æгас, хъылдым мыст! Æхсызгон мын у дæ фенд.

Мыст – Æхсызгон хорз дыл æрцæуæд, фæлæ дæм хъуыддагмæ æрбацыдтæн, хурты хурзæрин.

Хур – Æмæ мын дæ хъуыддаг, æвæццæгæн, бамбарын кæндзынæ.

Мыст – Табу дæ фарнæй, хурты хурзæрин, фæлæ мын лæппын ис, лæппын, рæсугъд, хъæбатыр. Йæ афонтæ сæххæст сты, æмæ йын мæ зæрды ис хъуыддаг бакæнын – ус ракурын. Æз мæ фыртæн агурын тыхджыны чызг. Дæуæй тыхджындæр никæй хонынц дунейыл.

Хур – Тыхджынæй хъуамæ тыхджын уыдзынæн, мæ чызгæй дæр дын «нæ» нæ зæгъын, фæлæ ма ис мæнæй тыхджындæр.

Мыст – Дæуæй тыхджындæр та ма чи разындзæн?

Хур – Асæст мигъ. Уый меʹхсæн бацæуы, арв бамбæрзы, æмæ мæнæн мæ бон ницыуал вæййы: мæ хъæбултæм кæсын мæ нал фæуадзы.

Мыст – Хæрзбон, уæдæ, ды мæнæн хæстæгæн нæ бæззыс.

Хур – Хуыздæрыл амбæл, хъылдым мыст.

Дыккаг амонæг – Æмæ мыст мигъмæ балæууыд.

Мыст – Мигъ, хæстæг кæнынмæ æрбацыдтæн дæума: дæ чызджы дын курын мæ фыртæн. Хæстæгæн агуыртон хуры, уый та йæхицæй тыхджындæр дæу хоны. Ды куы нæ уаис, уæд уарын нæ уаид, мит дæр афтæ, æмæ æнæ донæй зæххыл змæлæг нал баззадаид.

Мигъ – Ды мæ цы æнхъæл дæ, уый нæ хонын мæхи. Хурæй чи зоны тыхджындæр разынон, фæлæ ма ис мæнæй тыхджындæр.

Мыст – Уæд чи?

Мигъ – Мæнæй тыхджындæр - дымгæ. Уыцы иу футт куы фæласы, уæд мæ куы иуырдæм, куы аннæрдæм йæ уæлныхты ахæссы, портийау мæ хъазы, къæдзæхтыл мæ хойы, арвы кæрæтты мæ æрзилын кæны.

Мыст – Бузныг деʹргом ныхасæй. Хæрзбон!

Мигъ – Фæндараст!

Фыццаг амонæг – Æмæ та, кæм уайгæ, кæм сиргæ, афтæмæй мадæл мыст дымгæйы раз балæууыд.

Мыст – Дымгæ, дæуæй тыхджындæр никæй хонынц, æмæ мын дæ чызджы мæ фыртæн ратт. Фæцыдтæн хурмæ тыхджын æнхъæл, æмæ мын мигъы тыхджын схуыдта, мигъ та мæ дæумæ сардыдта. Куы рафутт кæныс дæ мæсты футтæй, уæд сау хъæд бындзарæй фæлдахыс, адæмæн хор хорæн, хос хосæн нал ныууадзыс.

Дымгæ -  Хуыздæр нал æмбæлы, афтæ мæ раппæлыдтæ. Арфæйаг у, фæлæ ма уæддæр ис мæнæй тыхджындæр.

Мыст – Дæуæй дæр та тыхджындæр ис?

Дымгæ – О! Мæнæй тыхджындæр у гал. Уый хиздзæн юыдырты, чъеп кæндзæн сойджын кæрдæг. Æз уыцы дымд кæндзынæн, уый марадз-зæгъай, йæ къæдзил атила: бындзы аргъ дæр мын нæ кæны.

Фыццаг амонæг – Цæуынтæ та байдыдта каисгæнæг мыст. Цæуы, æмæ дын мæнæ астæумæ кæрдæджы иу сау къобор гал хизы. Бындз абадын йеʹрагъыл, æмæ та йæ йæ къæдзилæй асуры.

Мыст – Гал, хæстæг кæнынмæ дæм æрбацыдтæн: мæ иунæгæн дæ чызджы курын. Тыхджынты – тыхджындæры агурын хæстæгæн. Хурмæ уыдтæн, æмæ хурæй тыхджындæр мигъ разынд, мигъæй тыхджындæр дымгæ, дымгæ та мын дæу бацамыдта. Дæ тыхджын бæрзæйы руаджы дзыллæтæ хуым кæныц, сæ хæдзæрттæ аразынц.

Дыккаг амонæг – Сау къобор гал йæ сæр схъил кодта сойджын кæрдæгæй, бакаст мыстмæ йæ дынджыр цæстытæй æмæ дзуры:

Гал – Му-у! Стыр кад мын кæныс, кæй мыл æрвæссыс,уымæй. Фæлæ æгæр бæрзонд систайЮ æгæр мæ цыма æппæлыс. Æдых нæ дæн, фæлæ кæд тыхджындæры бынаты мæ æвæрыс, уæд дын уый рæдыд уыдзæн.

Мыст – Аытæ у?

Гал – Афтæ, хъылдым мыст, афтæ.

Мыст – Уæдæ та мын дæуæй дæр хæстæг нæй! Хорз байрай.

Гал – Бæмбæгтыл дæ фæндаг, мæ хæлар.

Фыццаг амонæг – Мыст агурын байдыдта гутоны.

Мыст – Гутон, æгас дунейыл тыхджындæр агурæг хæтын. Мæ фыртæн ракурынмæ хъавын тыхджындæры чызджы. Сдзыртон хуры чызгыл, æмæ мигъ уымæй тыхджындæр разынд, дзырдтон мигъы чызгыл, æмæ дымгæ мигъæй тыхджындæр, бавзæрстон дымгæ дæр, æмæ гал – дымгæйæ т ыхджындæр, гал та мын дæу бацамыдта тыхджындæрæн.

Гал – Бузныг, фæлæ уæддæр афтæ куы зæгъон, мæнæй тыхджындæр нал ис, уæд мын раст нæ уыдзæн.

Мыст – Ау,уæдæ ма чи уыдзæн дæуæй тыхджындæр?

Гутон – Кæрдæджы уидаг мæн-й тыхджындр куы нæ уаид, уæд мæ куыд бауромид.

Фыццаг амонæг –Мадæл мыст ницыуал сдзырдта æмæ йæ хæдзармæ афардæг.

Мыст – Афтæмæйты, афтæмæйты, иууыл тыхджындæр æз мæхæдæг разындтæн. Æмæ куыннæ! Æгас дунейы тыхджындæрæн кæй зонынц, уыцы уидаг æз мæ цыргъ дæндæгтæй адзæнгæл ласын.

Фыццаг амонæг – Æмæ тыхджын агурæг нал фæхатти мадæл мыст, æмæ баздæхт æмæ йæ иунæгæн æрхаста сæхи мыггагæй мыстыты рæсугъд, хæрзæфсармдæр, хъаруджындæр лæппыны.

(Скодтой чындзæхсæв,æрхуыдтой хуры, мигъы, дымгæйы, галы, гутоны)

КÆРОН