Дины рагон формæтæ æмæ сæ райрæзт (Абайты Васойы куыстытыл афæлгæст).

Абайты Васойы куыстытæ се̓ ппæт дæр сты энциклопедион. Уый æркаст æмæ раиртæста куыд æвзаджы æмæ историйы, фольклоры æмæ литературæйы, этнографи æмæ дины, афтæ ма ирон адæмы культурæйы фарстытæ дæр. Рохуаты дзы нæ аззадысты иумæйаг теоретикон фарстытæ дæр.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл vaso.docx34.5 КБ

Предварительный просмотр:

Дины рагон формæтæ æмæ сæ райрæзт

 (Абайты Васойы куыстытыл афæлгæст).

Абайты Васойы куыстытæ се̓ ппæт дæр сты энциклопедион. Уый æркаст æмæ раиртæста куыд æвзаджы æмæ историйы, фольклоры æмæ литературæйы, этнографи æмæ дины, афтæ ма ирон адæмы культурæйы фарстытæ дæр. Рохуаты дзы нæ аззадысты иумæйаг теоретикон фарстытæ дæр.

Васо нымад цæуы ирайнаг æвзæгты иууыл зынгæдæр иртасæгыл, фæлæ лæмбынæгдæр куыст бакодта йæ мадæлон æвзагыл. Ӕвæццæгæн, ирон æвзаджы йе̓ рмдзæф ирдæй кæм нæ зыны, ахæм чысыл фæзилæн дæр зын ссарæн уыдзæнис. Уымæн та ирд æвдисæн у йæ историон-этимологон дзырдуат. Дзырдуатимæ лæмбынæг  куы базонгæ уæм, уæд бамбардзыстæм, æвзаг æмæ хъуыдыкæнынад иумæ куыд рæзыдысты, историимæ иумæ æмдзу куыд кодтой. Дзырдты историимæ куыд зонгæ кæнæм, афтæ зонгæ кæнæм нæ адæмы историимæ, нæ фыдæлты идеологиимæ.

Ирон дзырды семантикæ æмæ этимологийыл кусгæйæ, уый иуварс нæ ныууагъта куыд рагон ирайнæгты, афтæ аланты-ирæтты динуырнынад дæр. Абайты Васойы куыстытæ дины фадыджы радих кæндзыстæм дыууæ къордыл:

  1. Муртат æмæ Чырыстон диныл дзурæг æрмæг: «Как апостол Петр стал Нептуном», «Культ семи богов у скифов», «Дохристианская религия алан».
  2. Зороастрийаг диныл дзурæг æрмæг: «Скифский быт и реформа Зороастра», «Миф и история в Гатах Зороастра», «Дихотомия в истории религии», «Два зороастризма в Иране».

Аланты динон дунеæмбарынады тыххæй историйы дзæвгар талынг бынæттæ ис. Уымæ гæсгæ ахуыргонд йæ куыстыты æнцой кæны æвзаджы æрмæгыл æмæ ирæтты абоны динон дунеæмбарынадыл. Ӕрмæгмæ ахæм хуызы æркæсгæйæ, Васо сбæлвырд кодта, рагон ирайнаг æвзагæй цавæр дзырдтæ-терминтæ баззад аланты динуырнынады æмæ кавказаг дуне та цæйбæрц бандæвта сæ динуырнынадыл æмæ  сæ динон дзырдуатон фондыл.

Нымæцон «авд»-æн, Абайты Васо куыд зæгъы, афтæмæй ис арф динон нысаниуæг. Ацы нымæцон ахæм нысаниуæгимæ махмæ æрхæццæ индоирайнаг дунейæ: авдзæдон пантеон у индоирайнаг трафарет, кæцы фидарæй зыны скифтæм, бердзентæм æмæ ма зороастрийæгтæм дæр.

Зороастизмы зæдтæ æмбæлынц абстакциты хуызы:

  1. Ахура Мазда «Господь Мудрый»
  2. Воху Манах «Добрая Мысль»
  3. Аша Вахишта «Свет, Правда, Истина»
  4. Хшатра Ваирия «Власть»
  5. Спента Армайти «Святое слово»
  6. Хаир Ватат «Целостность», «Благочестие»
  7. Амеретат «Бессмертие»

Ранымайгæ зæдтæй иууыл сæйрагдæрыл нымад цыдис Ахура Мазда. Зороастризмы дуалистон монотеизмы амындмæ гæсгæ иннæ æхсæз зæды та сты йе̓ ххуысгæнджытæ. Ӕмæ кæд бердзенæгты æмæ скифты бардуæгтæ абстракцийы хуызы нæ уæвынад кæнынц, уæддæр нымæцон авд æнæивгæ у. Ӕппæт индоирайнаг адæм уыцы авдзæдон схемæ дзаг кодтой сæхи æрмæгæй, сæ цардуагон, социалон æмæ культурон размæдзыды æмвæзадмæ гæсгæ.

Скифты авдзæдон пантеон: Табити, Папай, Ойтосир, Артимпаса, æмæ ма, æвæццæгæн, Геракл æмæ Арес – се̓ ппæт дæр сæ нæмттæ æмæ функцитæм гæсгæ æввахс лæууынц бердзенаг зæдтæм.

Нæ эрæйы агъоммæ V æнусы æнæзонгæ автор Понта Эвклинский фыста, зæгъгæ, Хъырымы горæт Феодосийы алантæ хонынц Ардавда, ома авдзæдон. Ӕвæццæгæн, алантæ дæр авд зæдæн табу кодтой æмæ сæм ацы нымæцоны фæзынд ахæм арф динон нысаниуæгимæ æнæнхъæлæджы нæу.

Авдзæдон культ ирдæй зыны аланты фæдонтæм – ирæттæм дæр. Галиатмæ хæстæг Вс.Миллер фæнысан кодта кувæндон Авд дзуары – уый у чырыстон дины пæлæз рагон ирайнаг, скифаг, алайнаг Авд Ӕвдиу-ыл. 

Фæлæ уæддæр  цавæр авд зæдæн табу кодтаиккой алайнæгтæ та?  Геродот куыд хъусын кæны, уымæ гæсгæ скифæгты пантеоны сæр лæууыдис сылгоймаг бардуаг Табити. Уый та йæ функцитæм гæсгæ æввахс лæууы бердзенты Гестиямæ – хæдзары (бинонты) артдзæсты бардуаг. Аланты авдзæдон пантеоны иерархийы ацы зæды бынат бæрæггонд нæу, бæрæг у уый, æмæ æвæд сæфт нæ фæкодта. Алантæм æй, гæнæн ис, хуыдтаиккой æфсин, чырыстон заманы та йын йæ бынат бацахста Мады Майрæм. Мады Майрæмы функцитæ æввахс сты Табити-Гестияйы функцитæм. Табити амоны «хъармдæттæг» (тæвд – уырыссаг «теплый», гуырдзиаг «тбили»), куыд арты мидисæй, афтæ йæ социалон функцитæй дæр. Уымæн уыд, æвæццæгæн, ахæм æгъдау, æмæ-иу туджджынæн кæд бантыст, туг кæмæй дардта, уыдон хæдзары астæуарты сæрмæ рæхысмæ бавналын, уæд ын барст цыд йæ фыдракæнд. Ӕмæ ма ноджыдæр, туджджын кæй амардта, уымæн йæ мады бæгънæг риууыл йæ былтæ куы авæрдтаид (ома мады дзидзи бададтаид), уæддæр ын барст цыдис: уыцы сылгоймагæн уымæй фæстæмæ йæ фырты марæг йæ фырты бынаты уыдис.

Ам ма зæгъын хъæуы культон ссывд Ӕртхурон-ы тыххæй дæр. Ӕртхурон скæнын хауд æнæмæнгæйдæр æфсинмæ, ома бинонты хистæр сылгоймагмæ. Хæргæ дæр æй хъуамæ бакодтаиккой æрмæстдæр бинонтæ. Ӕртхурон-æн уый у йæ динон æмæ социалон функци. Уымæй æфсин – Табити, хъарм æмæ арт дæттæг, Ногбонты йæ бинонтæн дæтты сæ афæдзваг арт – царды тых, æнтыстытæ æмæ æнæниздзинад. Уæдæ, Табити-æфсин артыл конд ссывд Ӕртхуроны фæрцы йæ бинонты сбæтты, бафæдзæхсы сæ материалон æмæ монон уæларвон сыгъдæгадимæ, хуримæ, «Истина»-имæ – Аша Вахишта. Аша-йы иууыл растдæр формæ та у Арта, арт-хурон, арт-истина – хуры фырт. Хурæн та табу кодтой алантæ.

Индоирайнаг дунеæмбарынады арт, зæхх æмæ дон-имæ, нымад уыд ахæм зæххон стихийæйыл, кæцыйæн уыд арф динон-мифологон мидис. Рагæй фæстæмæ хицæн цыдысты арты цалдæр хуызы:

  1. Арвы арт (арвæрттывд)
  2. Хуры арт (хъарм)
  3. Царддæттæг арт, кæцы вæййы æппæт зайæгойты, цæрæгойты æмæ удгоймæгты.
  4. Къонайы арт, артдзæст, арвылбонон арт.

Ирон адæммæ дæр артæн уыдис стыр динон нысаниуæг. Уымæн æвдисæн сты алы æмæ алыхуызон фразеологизмтæ, кæцытæй хъæздыг у ирон æвзаг: мæ арт бауазал, дæ зынг ахуыссæд, мæ артыл мын дон бакалдта, иу артæй байуаргæ æмæ а.д.. Ацы фразеологизмтæ кæд абон арты мидисыл дзурæг не сты, уæддæр сæ ратæдзæн баст у индоирайнаг арт-ы дунеæмбарынадимæ.

Табу кодтой алантæ хæсты бардуагæн цирхъы хуызы (Цыргъы дзуар), кæцы, гæнæн ис, æмæ уа абоны Уастырджи (Лæгты дзуар), Уацилла – Сыгъдæг Илья, арвнæрды æмæ хоры бардуаг; Фæлвæра – Флор æмæ Лавр, фосы бардуаг; Тутыр –Сыгъдæг Фёдор Тирон, бирæгъты бардуаг; Донбеттыр –Сыгъдæг Пётр, доны Пётр, дæтты бардуаг. Ацы пантеоны хыгъды ма уыдаиккой Уæйыг æмæ Уæргон, фæлæ адон сты рагон ирайнаг зæдтæ, уæлдæр ранымайгæ бардуагтæ та сты чырыстон дины минæвæрттæ.

Зæгъын хъæуы кавказаг динон дунейы тыххæй дæр. Кавказаг субстрат зыны канд æвзаджы æрмæджыты нæ, фæлæ ма динон дунеæмбарынад æмæ терминологийыл дæр.

Цуаны бардуаг Ӕфсатийы халдихыл æмбæлæм суантæм «Ап сат», балхъайрæгтæм «Апсаты», афтæ ма мегрелтæм æмæ кæсгæттæм дæр. Кæд æмæ ацы бардуаджы номы зæлынад ацы адæмтæм алыхуызон у, уæддæр се̓ ппæт дæр сты Ӕфсатийы æфсымæртæ.

Кавказаг дунейæ нæм æрбацыд дзырд «хуыцау» дæр: «Поскольку христианизация алан произошла на Кавказе (10 в.) в условиях тесных контактов с местными народами, уже раньше принявшими христианство, естественно искать именно на Кавказе источник ос. «хуыцау».

Васо йæ куыст «Как апостол Петр стал Нептуном»-ы равдыста, аланты дунейы муртат æмæ чырыстон дины фембæлд. Ирон адæммæ абон дæр тынг ирдæй архайынц муртат дины æгъдæуттæ чырыстон дины æмрæнхъ. Муртат дины зæдтæн лæвæрд цыдысты чырыстон зæдты нæмттæ, муртат дины мидис æмæ æгъдæуттæ фæлыст цыдысты ног уæлцъарæй æмæ чырыстон дины пæлæзæй.

II. Зороастризмы дунеæмбарынадыл дзургæйæ уал, зæгъын хъæуы Зороастрæн йæхи тыххæй. Уый ахуыргæндтæ нымайынц реалон историон  адæймагыл, царди æмæ архайдта нæ эрæйы агъоммæ VII-VI æнусты Будда æмæ Конфуцийы заманы скæсæйнаг Ираны. Зороастр Авестæйы æмбæлы куыд Спитама Зороастр, ома Спитамайы мыггагæй. Ацы ном-мыггаг та æмбæлы ирайнаг æвзæгтæй æрмæстдæр ирон æвзаджы: Сидæмонтæ.

Зороастр уыд стыр динон реформатор, йæ религиозон ахуыр баззад куыд зороастризм.  Йæ дины чиныг Авеста йе̓ взаг æмæ йæ мидисмæ гæсгæ дих кæны дыууæ хайыл: Гаттæ æмæ Кæстæр Авеста. Гаттæ сты Зороастрæн йæхи æрымысгæ хабæрттæ метрикон формæйы, Кæстæр Авеста –мифологон, литературон æмæ ритуалон тексты æмбырдгонд: уыдонæй бирæтæ сты тынг рагон, фæлæ Зороастры заманæй фæстæдæр æрцыдысты æмбырд æмæ сыл уыцы фæстаг заманты æрмдзæф дæр зыны.

Ӕппæт дунейы цы реформатортæ уæвынад кодтой, уыдон сæхæдæг нæ хатыдысты сæ ахуырады, сæ архайды зæххон уидæгтæ. Реформатор хъуыды кæны, ома цæры сыгъдæг идеяты дунейы, æмбæлы æмæ ныхас кæны уæларвон тыхтимæ. Ӕрмæстдæр, ахуыр куы̓ рцæуынц æппæт историон æмæ социалон уавæртæ, уæд бæрæг æрцæуынц религиозон рæзты материалон фактортæ дæр. Зороастризмы тексттæ ацы хъуыддаджы тынг хицæн кæнынц æндæр аналогон цыртдзæвæнтæй, зæгъæм, буддизмы, манихейаг æмæ чырыстон дины тексттæй. Авестæйы хæдзарадон æмæ социалон бындур зыны тынг ирдæй.

Васо куыд зæгъы, афтæмæй зороастризмæн йæ равзæрды æмæ йæ архайды историйы зыны цыппар сæйраг периоды:

  1. Рагон, зороастрийаг.
  2. Ахеменидаг.
  3. Сакастайнаг.
  4. Сасанидаг.

                 Фыццаг æмæ æртыккаг архайдтой Астæуккаг Азийы, дыккаг æмæ цыппæрæм та –Ныгуылæн Ираны. Фыццаг æмæ æртыккаг периоды сæйраг архайджытæ уыдысты адæм. Дыккаг æмæ цыппæрæмы та фыццаг бынатмæ рахызтысты уæлдæр лæууæг сауджынтæ æмæ паддзахад. Уыцы рæстæг банымайæн ис зороастризмы  аныгуылдыл.  Уымæн æмæ, Васо куыд зæгъы, афтæмæй, рухсдзинад æмæ хорздзинад хæссæг сты адæймагады хуыздæр æмæ зондджындæр минæвæрттæ. Паддзахад та у талынгдзинады ратæдзæн историйы: уый фæнды йæ дæлбар бакæнын кæцыцыфæнды идеологон сферæйы дæр: философийы, религийы, зонады, литературæйы, аивады. Ацы аххосаджы бындурыл фæзынынц алыхуызон сектæтæ дæр.

Зороастризмы тыххæй Васойæн цы куыстытæ ис, уым æмбæлæм ахæм хъуыдыйыл, ома ирон адæмы динуырнынады ницы фæд ныууагъта ацы религиозон дунеæмбарынад. Мах дæр, æвæццæгæн, сразы уыдзыстæм ахуыргондимæ: нæдæр нæ дины, нæдæр нæ мифологийы ис исты ахæм чысыл «æхсныф», кæцы дзураг уа маздеизмыл. Фæлæ Васо фыссы: «Зороастр находился в несомненном контакте со скифами. Какой-то период времени его деятельность протекала среди скифов, где ему удалось привлечь на свою сторону представителей одного рода, рода Фрианы. Дальше этого рода успех зороастризма в Скифии, по-видимому, не пошел».

Скифтыл ацы дин кæй нæ бандæвта, уый зын бамбарæн нæу. Авестæйы фосы уд кувы сæ Хуыцæутты Хуыцаумæ, цæмæй сын баххуыс кæна æмæ сæ мауал давой, мауал сæ тæлæт кæной. Скифтæн та сæ сæйрагдæр куыст уыд стæры цæуын æмæ искæй фос тæлæт кæнын: уæдæ фосы уды хъарджытæ уыдонмæ нæ бахъардтаиккой. «Видимо, хозяйственная программа зороастризма –мирное оседлое скотоводство под защитой сильной власти –была мало привлекательна для большинства скифов, живших в условиях военной демократии с ее практикой военных набегов, угонов скота, мясных и хмельных оргии». Фæлæ скифтæй уыдис ахæмтæ, кæцытæ дардтой фос, зæххы куыст кодтой, (æвæццæгæн, Фрианы мыггаг дæр уыдонæй уыдис). Ахæм адæмы дунеæмбарынадмæ та хæстæг уыд Зороастры хæдзарадон нывæст.

Тынг цымыдисаг у Зороастры динæмбарынад. Хонынц ма йæ «гатикон» кæнæ «сыгъдæг» зороастризм, парахат кодта дуалистон монотеизм –иу Хуыцауы уæвынад амонын, иннæ зæдтæ та сты йæ къухдариуæджы бын.

Адæймагад рагæй фæстæмæ кæрæдзийы ныхмæ æвæры æрдзон фæзындты: рухс –талынг, хъарм –уазал, цард –мæлæт. Ахæм ныхмæвæрдтæн лæвæрд цыдис цавæрдæр мифологон нысаниуæг æмæ афтæмæй æвзæрд рагон адæмы дуалистон динон-мифологон дунеæмбарынад, цæстæнгас. Дуализмы элементтæ æмбæлынц суанг индоирайнаг динæй фæстæмæ.Зороастризмы дæр ахызтысты дуалистон хъуыдытæ æмæ дуалистон-мифологон архæйдтытæ. «Оба изначальных духа явились как пара близнецов: добрый и дурной в мысли, в слове, в деле»: в слове –иунæг Хуыцаумæ кувын, в деле –хæстонты сгуыхтдзинæдтæ, Хуыцæуттæн табу кæнын, нывонд æрхæссын; в мысли –удгоймагон миниуджытæ.

Фæлæ кæд индоирайнаг адæммæ æрдзон фæзындты дуализм уыд, уæд Авестæйы та ис абстракцион æмбарынæдты оппозиции: «Приметой живого зороастризма был всегда чёткий, последовательный, эпический дуализм, дуализм света и тьмы, добра и зла, правды и лжи». Зороастры размæ ирайнаг знæмтæ табу кодтой æрдзон фæзындтæн æмæ тыхтæн. Уыцы натуралистон дин уыдонæн баззад индоирайнаг æмиудзинады рæстæгæй. Зороастрмæ æрдзон фæзындтæ табуйаг не сты. Ӕрмæстдæр иу æрдзон фæзынд ссардта бынат йæ пантеоны –арт. «Представление об огне как высшей, всепроникающей и всеочищающей  стихии слишком глубоко коренилось в мировоззрении каждого иранца, и Зороастр, оставаясь самим собой, т.е. иранцем, не мог не быть и огнепоклонником».

Алы иртасæг дæр, цы йæ цымыдис кæны, уымæ гæсгæ фылдæр хъусдард аздахы, кæнæ цыртдзæвæны традицион структурæмæ æмæ уыцы структурæйы генезисмæ, кæнæ та уыцы цыртдзæвæны реалон историон факттæ куыд æвдыст цæуынц, уымæ, гъе та дыууæмæ дæр йæ хъус æрдары.

Зороастрæн йæхицæн ис дыууæ нывæсты, дыууæ хæсы –хæдзарадон æмæ динон –æнгом баст сты. Филолог æмæ историкы хæс у, ссарын æмæ равдисын, миф æмæ истори æмдзу куыд кæнынц, стæм ран бынтондæр куыд сиу вæййынц, афтæ ма равдисын Зороастры дины зæххон уидæгтæ дæр. Ӕппæт адæттæ Абайты Васойæн тынг æнтыстджынæй бафтыдысты йæ къухы æмæ нын сæ лæмбынæг равдыста йæ куыстыты.