открытый урок

.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл otkrytyy_urok_6v.docx482.71 КБ

Предварительный просмотр:

Темæ:   «Æцæг  хæлардзинад – æцæг хæлар»

                 Чеку æмæ  Кекуйы хабæрттæ.

Грамматикон хай: Фæрсдзырд.

Нысан:   ахуыр кæнын  сывæллæтты  рæсугъд миниуджытыл,   æцæг хæлардзинад иртасын,   æцæг хæлыр уæвыныл.

бакусын ныхасы рæзтыл.

 Цæстуынгæ æрмæг:       Чиныг, тетрад ,ИКТ                  

Урочы     цыд.

Организацион хай.

-Уæ бон хорз, сывæллæттæ!

-Чызытæ сбадут. Лæппутæ сбадут.

-Зæгъут ма абон цы бон у?

-Боныхъæд та цавæр у цымæ?   Ахъазæм ма «хорз æмæ  æвзæр синоптиктæй»

(  дыууæ сывæллоны рацыдысты  æмæ  сæ иу раст дзуры боныхъæды тыххæй , иннæ та , раст нæ дзуры)

-Зæгъут ма чи сæ раст дæр дзуры?  Цæмæн?

Фонетикон зарядка.

-Ныр та скæнæм  фонетикон зарядка. Кæсæм фæйнæгмæ.

З – С       зǽ- сǽ      зи – си     зу -су

                 за- са        зы-сы       зо- со

Зары Зарǽ зарǽг

 Зǽлы, зǽлы зард

 Зарǽг у йǽ дарǽг

Зарǽг у йǽ цард.

Мотевация урока.

-Кæм дарддæр фæйнæгмæ.

-Кæй уынут нывы? Чи сты бинонтæ?  Куыд цæрынц ?

-Кæй уынут дыккаг нывы?    Куыд цǽрынц?

-Адон та чи сты?  Куыд цǽрынц кǽрǽдзиимǽ?

-Ацы нывы та цы уынут?  Куыд  цǽрынц маймули ǽмǽ стай?

-Уǽдǽ куыд загътат афтǽмǽй ацы нывты архайджытǽ цǽрынц (куыд?) хǽларǽй.

- Уǽдǽ нǽ абоны урочы цǽуыл ныхас кǽндзыстǽм?

(  хǽлардзинады тыххǽй)

Хǽлардзинад= хǽлар+дзинад

                             ǽмбал

                             лымǽн

-Сдарут ма йǽ къух , сымахǽй та хǽлǽрттǽ кǽмǽн ис?

-Æмǽ уада чи радзурдзǽн йǽ хǽлары тыххǽй?( ахуырдзаутǽ дзурынц )

Аудирование.

Экраныл фǽрстытǽ. - Лǽмбынǽг байхъусут ǽмǽ сын дзуапп раттут.

  Æндæр горæтæй къласмæ æрбацыд ног ахуырдзау. Тынг зын ын уыдис ног скъолайы ахуыр кæнын, уымæн æмæ дзы никæй зыдта ,нæ йын уыдис ам æмбæлттæ. Урокты бадтис иунæгæй, хъуыста ахуыргæнæджытæм, йæ хъус дардта иннæ ахуырдзаутæм.

   Иунæгæй  лæууыдис  переменæйы дæр, никæимæ   хъазыд, никæимæ  ныхас кодта. Уæд æм иухатт бацыд йæ  къласаг Мæдинæ  æмæ  йæ фæрсы:

Дæхицæн хæлæрттæ  нæма   ссардтай?

Нæ,-  зæгъы Галя.

Мæнæн дæр нæ къласы хæлæрттæ  нæй:  иу дæр  дзы нæ бæззы  хæларæн .

Æмæ  сæ алкæйдæр ранымадта: кæй схуыдта хинæйдзаг, кæй сайæгой, кæй та дыдзæсгом. Æрмæст йæхи тыххæй ницы      загъта.

-Нæ зонын, фæлæ дзы иу дæр хæларæн нæ бæззы.Кæимæ дзы бахæлар уыдзынæ, уый зоныс?

Кæимæ цæрон хæларæй, уый нæма зонын, фæлæ мæхи кæмæй хизон, уый фидарæй зонын.  

-Чи у Галя?

-Кǽимǽ нǽ бахǽлар уыдзǽн  Галя? Цǽуылнǽ?

Фысгǽ куыст.

-Ныффыссут ма абоны нымǽц. рафыссут фǽйнǽгǽй

                                                                      æнувыд

Æцæг æмбал хъуамæ уа ………              хинæйдзаг 

                                                    чъынды

                                                                      зæрдæхæлар

                                                                      рæдау

Æцæг æмбал хъуамæ уа ………              сайаг

                                                                      хъæлдзæг

                                                                      хиуарзон

                                                                      аудæг

                                                                     зивæггæнаг

Цалдæр ахуырдзауы бакæсдзысты сæ  хъуыдыйæдтæ.

Хæдзурмæ куыст.

-Ныр та Чеку æмæ Кекуйы тыххæй æрдзурæм.

-Зæрдыл æрлæууын кæнæм лексикæ.

1. кæрæдзийы

2. мæстæй марын

3. иугæйттæй

4. сæ ныхмæ ницы   бакæндзысты

5. уæлхæдзæрттæй

6. размæ бабадын

7. æввахс

8. фæстæдæр

9. къухтæ къæбутыл æрбатухын

Чиныгимæ  куыст.

-Чи сты Кеку æмæ Чеку?

-Кæм  цæрынц?

-Кæдæм фæцæуынц скъоламæ?  Цæмæн?

-Куыд фæцæуынц  скъоламæ?  Цæмæн?(ссарут уыцы рæнхъытæ æмæ сæ бакæсут)

-Кæд фæкæсынц сæ уæлхæдзæрттæй  сæ  фæндагмæ?  Цæмæн? ?(ссарут уыцы рæнхъытæ æмæ сæ бакæсут.

-   Цæмæн сæ хонæм хæлæрттæ?

(Кæрæдзийы арæх фæмæстæй марынц, фæлæ уæддæр зын сахат сты   иумæ )

Грамматикæ.

-Чеку æмæ Кеку скъоламæ (куыд?) фæцæуынц .

(Кæд?) Чекку æмæ Кекку акæсынц сæ фæндагмæ.

(Кæцæй?) акæсынц сæ фæндагмæ дыууæ хæлары?

Хатдзæг.

Уæдæма иухатт зæгъæм:  æцæг хæлар хъуамæ цавæр уа.?

Æмбисæндтæ.

. Æцæг хæлар зын сахат сбæрæг вæййы.

. Нæй дын хæлар – ссан,ссардтай-хъахъхъæн.

. Æнæ хæлар адæймаг-æнæуидаг бæлас.

Кæронбæттæн.

-Цы  базыдтат урочы, æмæ уæ цæмæн хъæуынц ацы зонындзинæдтæ.

Урочы базыдтон

Фæнды ма мæ базонын

Ацы зонындзинæдтæ мын пайда сты

Урочы куыд куычтон

Разы дæн

Бынтон разы нæ дæн

Разы нæ дæн

уымæн  æмæ…………..

уымæн  æмæ…………..

уымæн  æмæ…………..

Хæдзармæ куыст.

Стр. 171 № 6

Текст дзурын фæрстытæм гæсгæ.