• Главная
  • Блог
  • Пользователи
  • Форум
  • Литературное творчество
  • Музыкальное творчество
  • Научно-техническое творчество
  • Художественно-прикладное творчество

Ирон аргъау.

Опубликовано Битарова Вера Муратовна вкл 20.11.2019 - 22:25
Битарова Вера Муратовна
Автор: 
Худжиты Георги.

     Раджыма – раджыма  царди  æмæ  уыди  иу  мæлдзыг.  Ницы  йæм  уыд  æппындæр,  царди  тынг  мæгуыр.  Иухатт  йе’мбæлттимæ  хъазынмæ  ацыд.  Кæсы  æмæ  зæххыл  тынг  бирæ  сыгъзæрин. Мæлдзыг  сæ  æрæмбырд  кодта  æмæ  сусæгæй  алыгъд.  Кæуылты  фæцæйлыгъд,  уым та ма  ссардта 'хца  дæр.  Тынг  арф  сæ  бамбæхста  æмæ  цинæй  марди.  Æддæмæ  дæр  нал  цыди.  Бон – изæрмæ йе’хцатæ  нымайы  æмæ сыгъзæрин  ракал-бакал  кæны.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл argau.docx229.79 КБ

Предварительный просмотр:

Аргъау

«Мæлдзыг  æмæ   йе’мбæлттæ».

     Раджыма – раджыма  царди  æмæ  уыди  иу  мæлдзыг.  Ницы  йæм  уыд  æппындæр,  царди  тынг  мæгуыр.  Иухатт  йе’мбæлттимæ  хъазынмæ  ацыд.  Кæсы  æмæ  зæххыл  тынг  бирæ  сыгъзæрин. Мæлдзыг  сæ  æрæмбырд  кодта  æмæ  сусæгæй  алыгъд.  Кæуылты  фæцæйлыгъд,  уым та ма  ссардта 'хца  дæр.  Тынг  арф  сæ  бамбæхста  æмæ  цинæй  марди.  Æддæмæ  дæр  нал  цыди.  Бон – изæрмæ йе’хцатæ  нымайы  æмæ сыгъзæрин  ракал-бакал  кæны.

     Уалынмæ  йæм  йе’мбæлттæ  фæзындысты  æмæ  йæ  фæрсынц: «Кæм  фесæфттæ,  æддæмæ  дæр  куы  нæ  кæсыс?».  Бирæ  фæбадтысты  се’мбалмæ  уазджытæ.  Тынг  æвзæр  фысым  разынд.  Йæхиуыл  фервæсыд  æмæ  сæ  ратардта.  Кæртæй  мидæмæ  куы’рбацæйхызт,  уæд  рудзгуыты  бын  йедзагæй  лæууыд  голлаг. Мæлдзыг  æм  ныккаст  æмæ  та – æхца. Цинæй  та  скафыд  йæ  зæрдæ. Хъуыды  дæр  нæ  акодта,  кæцæй  февзæрд æхца, уый.  Æхцатæ  та  æрбахастой  æмбæлттæ,  дарддæр  цы  уыдзæн,  зæгъгæ. Сси  æппæтæй  хъæздыгдæр, кусгæ  æппындæр  нал  кодта,  мæгуыры' мбаргæ  дæр  нæ  кодта,  нæдæр  æй  хъуыди.

 Рæстæг  цæуы. Афонтæ  ивынц  кæрæдзи.  Зымæджы’рбалæудмæ  сæхи  æмгуыппырæй  цæттæ  кæнынц  мæлдзгуытæ Æрмæст  нæ  зыдыка  мæлдзыг  уыдис  æнæмæт.  Бон – изæрмæ  уæлгоммæ  хуыссыд  æмæ  йе’хцатæй  æмæ  сыгъзæринтæй  зæрдæ  ради.  Æнусон  ницы  ис  царды.  Фæлæ  ацы’мбисонд  нæ  мæлдзыгмæ  нæ  хъардта.  Фæлæ  цард  цард  у.  Æмбисонды  хай  баци.  Бынтæ  хæрд  фесты.  Мæлыны  къахыл  куы  ныллæууыд,  уæд  æрæмысыд  йе’мбæлтты.  Тыххæйты  сæм  бабырыд  æххуысмæ. Райста  ахæм  дзуапп:   «Дæумæ  куы  уыди  бирæ  æхца,  уæд  нын  нæ  лæвæрдтай,  ныр  дын  мах  цæй  тыххæй  хъуамæ  баххуыс  кæнæм».  Ничи  йын  сарæзта  йæ  къух.  Уазалæй  ризын  райдыдта,  ныссалди  æмæ  тыххæйты  бахæццæ  сæхимæ.  Мидæгæй  хыл  кæны  йæхицæн: «Афтæ  мын  хъæуы.  Цæуылнæ – иу  баххуыс  кодтон ме’мбæлттæн.  Уыцы  рæстæг  та  йæм  йе’мбæлттæ  кастысты  æмæ  йæ  хъахъхъæдтой,  цы  бауыдзæн,  зæгъгæ. Стæй  йæм  бацыдысты  æмæ йæм  дзурынц: «Бахатыр  нын  кæн.  Мах  нæ  фæндыд  дæуæн  зын  ракæнын. Фæндыд  нæ  цæмæй  бамбарай  æмбæлттимæ  цæрын  кæй  хъæуы,  адæммæ  хъусын  кæй  хъæуы.  Цы  дæ  бон  у,  уымæй  æххуыс  кæн  дæ  сыхагæн,  де’мбæлттæн,  зын  уавæры  чи  бахауы, уымæн. Чъындыдзинад  æвзæр  миниуæг у  æмæ  йæ  дæ  зæрдæйæ  аппар».

Уыцы  ныхæстæ  мæлдзыгæн  æвдадзы  хос  фесты.  Йæхиуыл  æрхудт.  Хатыртæ  фæкуырдта  йе’мбæлттæй.  Уæдæй  фæстæмæ  ссис  иузæрдион  æмбал  иннæ  мæлдзгуытæн.  Раст  зæгъынц  ирон  æмбисæндтæ: «Æмбалы  фарсмæ  амонд  цæры», «Æмбал  бахъуаджы  бон  стыр  ныфс у», «Æмбалдзинад  стыр  хæзна у».

Стыр  амонд  ссардта  мæлдзыг  йе’мбæлтты' хсæн  æмæ  ма  абон  дæр  хæларæй  дих  кæнынц  сæ  исбон.


Поделиться:

Акварельные гвоздики

Два плуга

Простые новогодние шары из бумаги

Медведь и солнце

Самодельный телефон