Нывацан.
| Вложение | Размер |
|---|---|
| 40.5 КБ |
Нывæцæн:
«Ирон æвзаг,ирон æгъдау-дыууæ сыгъзæрин базыры».
Бацæттæ кодта
Сечеры муниципалон
скъолайы 11-æм скъолайы ахуырдзау
Тебетты Илона
2018 аз.
Мæ нывæцæн мæ фæнды райдайын Астемыраты Изетæйы æмдзæвгæйы рæнхъытæй.
Сты зондæн уацхæссæг æппæт дунейы взæгтæ,
Нæ дзы взарын хæстæг æмæ дæрддаг,
Фæлæ ныххойыс зæрдæйы къæсæртæ
Ǽрмæстдæр ды,мæ мадæлон æвзаг.
Ирон æвзаг мæм мæргъты зарæгау рæсугъд кæсы.Уæлæ бæлæстæй алы хъæлæсæй цъыбар-цъыбур куы байдайынц,уæд мæм афтæ фæкæсы,цыма иронау фæдзурынц.
Ǽз бирæ уарзын мæ адæмы, тынг уæлиау æвæрд мæм у мадæлон æвзаг, ноджы сæрыстыр ма дæн уымæй ,кæй дæн ирон хæрæфырт. Скъолайы ахуыр кæнгæйæ ,тынг бауарзтон ирон æвзаг. Ахуыргæнæг куы фæдзуры,уæд æм æз лæмбынæг фæхъусын,цæмæй адæмы цур куы рлæууон ,уæд мæ бон уа рæсугъд дзурын.Зонын, мæ мадæн тынг æхсызгон вæййы ,афтæ æнувыд кæй дæн мæ мадæлон æвзагыл.
Ирон æвзаг, ирон æгъдау- сты дыууæ сыгъзæрин базыры. Нæй сын кæрæдзийæ фæхицæн.Сты æнгом баст.
Ǽрыгон фæсивæд сæ фылдæр æцæгæлон цæстæй кæй акастысты не гъдæуттæм,нæ культурæйы хæзнадонмæ,уый бæлвырд фæзынд нæ цардыл. Цæмæн суæлæхох стæм нæ фарныл,нæ намысыл? Искæй цæмæн фæзмæм?
Ирон чызг куыд хъуамæ рацæуа гомгуыбынæй,хъæрæй дзургæ,уымæй худинагдæр цы уыди сылгоймагæн!
Мæнæ нæ алыварс бирæ адæмтæ цæры, æмæ дзы махау йе’взагмæ уазал цæстæй ничи кæсы. Нæ мадæлон æвзаг æрмæст мах хъæуы, æндæр никæй, æмæ йæ алы адæймаг дæр хъуамæ уарза, хъахъхъæна йæ. Алы адæймаг дæр йæ зæрдыл хъуамæ дара – мадæлон æвзаг нын куы нал уа, уæд нацийыл нымад дæр нал уыдзыстæм. Йæхи æвзаг чи нæ зоны, уымæ æгъдау дæр нæй, уый нæу йæ бæстæйæн аккаг адæймаг.
Нæй барæн, йе’взагыл «цъыф къахæй» чи цæуы, йæ адæмы æгъдау æмæ традицитæ чи ферох кодта, уыцы адæмæн.
Мах цæрæм Цæгат Ирыстоны. Нæ гыццыл бæстæйы цæры алыхуызон адæмыхæттытæ æмæ дзы махау йе взагмæ уазал цæстæй ничи кæсы. Алкæмæн дæр дзы ис йæхи мадæлон æвзаг æмæ йæхи æгъдæуттæ. Ирон адæмæн, мæнмæ куыд кæсы, афтæмæй се’гъдæуттæ сты тынг рæсугъд æмæ кадджын. Ныры дуджы бирæ æгъдæуттæ нæ фæсивæд нал æххæст кæнынц. Кæй æххæст кæнынц, уыдон дæр раст нæ кæнæм арæх. Ирыстонæй адæм куы рафтынц Уæрæсемæ кæнæ ноджы дарддæр, уæд нал фæдзурынц сæ мадалон æвзагыл. Æмæ уый ууыл дзурæг у, æмæ адæймаг ферох кодта йæ мадæлон æвзаг. Уый ма хъуамæ цавæр æгъдæуттæ хъуыды кæна?
Кæм фæнды куы уай, æмæ цавæр фæнды хорз адæмы æхсæн куы цæрай, уæддæр дæ хъуамæ макуы ферох уа дæ райгуырæн бæстæ, дæ мадалон æвзаг. Адæймаг фыццаджыдæр хъуамæ базона йæ мадæлон æвзаг, уый фæстæ та – иннæ ‘взæгтæ. Мах рæстæджы фылдæр адæм дзурынц уырыссаг æвзагыл, сæ райгуырæн æвзаг та сæ ферох. Фæлæ уæддæр ис ахæм адæм, кæцытæ уарзынц не’взаг æмæ сæ фæнды, цæмæй иннæтæй дæр макуы ферох уа.
Йæ мадæлон æвзаг чи нæ зоны, чи нæ уарзы, уый йæ райгуырæн бæстæ дæр нæ уарзы, æмæ дзы цы адæм цæры, уыдоны дæр. Йæ мадæлон æвзаг чи нæ зоны, уый йæ райгуырæн бæстыйы æгъдæуттæ дæр нæ зоны. Уымæ нæ æгъдау ис, нæ æфсарм, нæ фарн. Мадæлон æвзаг нæ зонын, мæнмæ гæсгæ, у тынг худинаг. Йæ райгуырæн бæстæ чи нæ уарзы, уый та адæймаг дæр нæу. Мах хъуамæ сæрыстыр уæм нæ рæсугъд бæстæйæ, нæ рæсугъд æрдз æмæ нæ рæсугъд æвзагæй.
Мæ сыгъзæрин , мæ адджын адæм!К уыд бирæ уæ уарзын,афтæ уарзут нæ мадæлон æвзаг,цæмæй нæ фæстæ чи уа,уыдон дæр зоной нæ ирон æвзаг,не гъдæуттæ,нæ культурæ.
Не взаг –нæ намыс. Не взаг –нæ фарн! Фарн æмæ намысæн фесæфæн куыд нæй,афтæ хъуамæ ма фесæфа нæ алæмæты дзаджджын ,рæсугъд æвзаг.

Как представляли себе будущее в далеком 1960-м году

Повезло! Стихи о счастливой семье

Сказка "Дятел, заяц и медведь"

Горячо - холодно

Какая бывает зима