• Главная
  • Блог
  • Пользователи
  • Форум
  • Литературное творчество
  • Музыкальное творчество
  • Научно-техническое творчество
  • Художественно-прикладное творчество

письмо солдату

Опубликовано Плиева Лана Тенгизовна вкл 03.08.2025 - 11:11
Автор: 
Кабалоева Алика

письмо солдату на родном языке

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл fystag_saldatma.docx26.3 КБ
Файл fystag_saldatma.docx26.3 КБ

Предварительный просмотр:

Дᴂ бон хорз, ᴂнᴂзонгᴂ хъᴂбатыр салдат!

        Нᴂ Райгуырᴂн бᴂстᴂйы ᴂхсарджын хъахъхъᴂнᴂг, зᴂрдиаг салᴂмттᴂ ᴂмᴂ арфᴂйы ныхᴂстᴂ райс Ирыстонᴂй! Ӕнцойы дзырдтимᴂ дᴂм фыссы Хъᴂбᴂлоты Аликᴂ, Дзᴂуджыхъᴂуы 7-ᴂм скъолайы 7-ᴂм къласы ахуырдзау.

        Фыссын дᴂм, цᴂмᴂй дын стыр бузныг зᴂгъон, нᴂ Фыдыбᴂстᴂ ᴂмᴂ нᴂ рухс фидᴂны сᴂрыл кᴂй тох кᴂныс, уый тыххᴂй. Ды дᴂхимᴂ райстай ᴂцᴂг лᴂджы хᴂс ᴂмᴂ йᴂ сᴂрбᴂрзондᴂй хᴂссыс. Бауырнᴂд дᴂ, сахъ салдат, дᴂ хъᴂбатыр сгуыхтытᴂ хъуысынц Ирыстонмᴂ дᴂр. Зон, махᴂн,  дᴂ кᴂстᴂртᴂн, дᴂ лᴂгдзинад у фᴂзминаг. Демᴂ зонгᴂ нᴂ дᴂн, фᴂлᴂ мᴂ  уᴂддᴂр  дисы ᴂфтауынц дᴂ тых, дᴂ хъару ᴂмᴂ дᴂ уды фидардзинад. Ды дᴂхи цᴂрᴂнбоныл нᴂ хъуыды кᴂныс, афтᴂмᴂй  хъахъхъᴂныс мах сабыр цард. Фидарᴂй мᴂ уырны, цыфᴂнды зындзинᴂдты сᴂрты дᴂр кᴂй ахиздзынᴂ, уый. Гуырысхойаг нᴂу уый дᴂр, ᴂмᴂ, нᴂ фыдᴂлтᴂ сᴂ туджы ‘ртахᴂй цы сᴂрибар балхᴂдтой, ды ᴂмᴂ дᴂ хуызᴂн сахъгуырд хᴂстонтᴂ кᴂй никᴂмᴂн ратдзысты, ᴂмᴂ уᴂ руаджы нᴂ сᴂрмᴂ арв кᴂддᴂриддᴂр кᴂй уыдзᴂн цъᴂх, дуне  та – сабыр.

        Нᴂ зонын, ацы фыстᴂг уᴂ кᴂй къухмᴂ бахаудзᴂн, уый, фᴂлᴂ йᴂ зон, ам махᴂн не ‘ппᴂт хъуыдытᴂ дᴂр сымахимᴂ баст кᴂй сты, ᴂмᴂ уын нᴂ зᴂрдᴂтᴂ зᴂрдиагᴂй кᴂй зᴂгъынц, цᴂмᴂй ᴂххᴂст уат  хᴂстоны амондᴂй, адᴂмы фарнᴂй, ᴂмᴂ кувᴂм, цᴂмᴂй уᴂ Хуыцау  знаджы нᴂмыгᴂй бахиза.

Уырнᴂд  дᴂ, Фыдыбᴂстᴂ йᴂ хъайтарты  рох никуы кᴂны, дᴂ лᴂгдзинадᴂн дᴂр ферохгᴂнᴂн нᴂй. Дᴂ тох у рᴂстаджы тох, цᴂмᴂй фидᴂны фᴂлтᴂртᴂ сабырᴂй цъᴂх арвы бын цᴂрой, рᴂстдзинадᴂн та ᴂнᴂ фᴂуᴂлахиз нᴂй.

        Зонын, хъыгагᴂн, тыхст уавᴂры дᴂ, гᴂнᴂн ис, ᴂмᴂ дын фыстᴂджытᴂ кᴂсынмᴂ дᴂр рᴂстᴂг нᴂй, фᴂлᴂ зон, ᴂнᴂкᴂрон бузныг дᴂ кᴂй стᴂм дᴂ удуᴂлдай фыдᴂбоны тыххᴂй, уый. Зонын, тынг зын дын кᴂй у, фᴂлᴂ мᴂ фидарᴂй уырны, тагъд рᴂстᴂджы де ‘фсᴂддон хᴂс кᴂй сᴂххᴂст кᴂндзынᴂ ᴂмᴂ уᴂлахизимᴂ дзᴂбᴂхᴂй дᴂ уарзон бинонтыл кᴂй сᴂмбᴂлдзынᴂ, уый. Мᴂ зᴂрдᴂ дарын, дᴂ фарсмᴂ цы ᴂмбᴂлттᴂ ис, уыдон дᴂр дᴂ хуызᴂн хъᴂбатыр кæй сты, зын сахат кᴂрᴂдзийᴂн ᴂххуысмᴂ кᴂй цᴂут, ууыл.

       Мах, ᴂртындᴂс ᴂмᴂ цыппᴂрдᴂсазыккон кᴂстᴂртᴂ, сымах нымайᴂм ᴂцᴂг хъᴂбатыртыл, уымᴂн  ᴂмᴂ абон, ᴂвᴂццᴂгᴂн, уᴂ лᴂгдзинад чи равдиса, ахᴂмтᴂ бирᴂ нᴂ разындзᴂн. Сымахмᴂ кᴂсгᴂйᴂ, чи зоны, мах дᴂр бахъуаджы рᴂстᴂг исты сарᴂхсᴂм ᴂмᴂ уын уᴂ ном ма фᴂхудинаг кᴂнᴂм.

        Ме ‘нᴂзонгᴂ хᴂстон хъᴂбатыр, мᴂ фыстᴂджы ᴂппᴂт ныхᴂстᴂ дᴂр дᴂм фыстон зᴂрдиагᴂй, ᴂмᴂ мᴂ фᴂнды, цᴂмᴂй дын  дᴂ зᴂрдᴂйᴂн ᴂнцойдзинад ᴂрхᴂссой. Æнᴂниз мын у, ме ‘нᴂзонгᴂ салдат, стыр бузныг дын, мᴂ хъахъхъᴂнᴂг. Хᴂстон лᴂджы амонд дᴂ уᴂд. Уᴂлахизимᴂ, сᴂрᴂгас ᴂмᴂ ᴂнᴂнизᴂй, тагъд рᴂстᴂджы сᴂмбᴂл дᴂ райгуырᴂн къонайыл!

Поделиться:

Рисуем осень: поле после сбора урожая

Император Акбар и Бирбал

Рисуем к 8 марта!

Рисуем крокусы акварелью

На берегу Байкала