Методическая разработка открытого урока по осетинской литературе по теме:«Адæмон уарзон хъайтар Плиты Грисы трагеди «Чермен»-ы»
план-конспект урока

Гахова Залина Валерьевна

"Адæмон уарзон хъайтар Плиты Грисы трагеди "Чермен"-ы"

Скачать:

ВложениеРазмер
Microsoft Office document icon konspekt_no2_gris.doc114 КБ

Предварительный просмотр:

ГБПОУ «Профессиональный лицей №4»

        Методическая разработка

открытого урока по родной (осетинской) литературе

на тему: «Адæмон уарзон хъайтар Плиты Грисы

                         трагеди «Чермен»-ы»

Автор:

Гахова Залина Валерьевна

преподаватель родной литературы

ГБПОУ ПЛ №4

Владикавказ

Урочы технологион картӕ

Урочы темæ

 «Адæмон уарзон хъайтар Плиты Грисы трагеди «Чермен»-ы»

Урочы нысан

Базонгӕ кӕнын ахуырдзауты Плиты Грисы трагеди «Чермен»-имӕ

Урочы хæстæ

1.Сфæлхат кæнын æмæ бафидар кæнын рацыд æрмæг.

2. Базонгæ кæнын ахуырдзауты Плиты Грисы хуыздæр уацмысимæ, аргъ йын скæнын.

3. Трагеди «Чермен»-ы фольклорон æмæ историон бындурыл æрдзурын. Трагедийы æмбарынад раттын.

4. Раиртасын ирон адæмы уарзондæр хъайтар Чермены фæлгонц ирон фольклор æмæ литературон уацмысты.

5. Раргом кæнын ирон адæймаджы хуыздæр миниуджытæ: хъæбатыр, лæгдзинад, намыс, кад, куыстуарзон, адæмуарзондзинад, хæларзæрдæ.

6. Кæвдæсард æмæ уæздæтты ныхмæвæрд равдисын, сбæрæг кæнын æцæг уæздан адæймаджы.

7. Гуырын кæнын цымыдисдзинад Плиты Г. сфæлдыстадмæ, уарзондзинад ирон литературæ æмæ фольклормæ.

Урочы хуыз

Ног зонындзинӕдтӕ базонын.

Куысты хуызтӕ

Фронталон, хибарӕй ӕмӕ къордтӕй

Урочы фӕстиуджытӕ

  • Предметон:

- фыссæджы биографи зонын

- йе сфæлдыстадимæ базонгæ кæнын

- уацмысы сæйраг хъуыды бамбарын.

Удгоймагон:

  • Æмгуыст кæнын иннæ ахуыргæнинæгтимæ.
  • Искæй хъуыдымæ хъусын æмæ йын аргъ кæнын.
  • Хи бæрнондзинад æмæ хæдбардзинад æмбарын (хатын).

Метапредметон:

- урочы ахуырадон хæс æмбарын æмæ йæ зæрдыл дарын;

- хатдзæгт  кæнын, архайды пълан аразын, фæстиуджытæн рагацау прогноз кæнын;

- хицæн миниуджыты бындурыл иумæйаг хатдзæгтæ кæнын;

- хиконд хатдзæгтæ хуызæгимæ барын, æххæст сæ кæнын 

Предметты ӕхсӕн бастдзинад

  • Фольклор, истори, æвзагзонынад, дæсныйадон 

Ахуырадон фӕрӕзтӕ

  • Ахуырадон чингуытæ, фæйнæг, тетрæдтæ
  • Хрестомати 10 къласæн /Сарæзта йæ Хъантемыраты Р.С. – Дзæуджыхъæу, 2006.
  • Интернеты тыгъдад

Уӕлӕмхасӕн фӕрӕзтӕ

  1. Плиты Грисы къам.
  2. Грисы уацмысты чингуыты равдыст

3.Чермены зарæг (магнитофон)

4. Презентаци Плиты Грисы цард æмæ сфæлдыстадæй

Урочы этап

Ахуыргӕнӕджы архайд

Ахуырдзауты архайд

Арӕхстдзинӕдтӕ (компетенцитӕ)

1

Оргмомент

(1 мин)

  • Салам дæтты ахуырдзаутæн. разæнгард кæны урок райдайынмæ

Сывæлæттæ дæттынц салам ахуыргæнæгæн, кæрæдзийæн. Сæхи урочы райдианмæ бацæттæ кæнынц.

Цæттæдзинад ахуырадмæ, урочы кусынмæ

2

Урочы нысан æмæ хæстæ сбæрæг кæнын (5 мин) Мотивацион уавæр сæвзæрын кæнын урочы темæ  сбæрæг кæнынæн

Урочы архайд райдайы. Раздæры зонындзинæдтæй фæрсы, ног æрмæгмæ гуырын кæны цымыдисдзинад

Дзуапп дæттынц ахуыргæнæджы фарстатæн, сæхи хъуыдытæ дзурынц.

Цæттæ кæнын ахуырдзауты ныхасы архайынмæ, ныхас кæнын, хатдзæгтæ кæнын зонын

3

Зонындзинæдты актуализаци

(10мин)

Фронталон æфарст Плиты Грисы цард æмæ сфæлдыстадæй (презентацийæ пайда кæны)

«Авд цухъхъайы» - балладæйæ скъуыддзаг

радзурын  

  • Дзуапп дæттынц, кæрæдзийы дзуæппытæн аргъ кæнынц

Хи хъуыды дзурыны хъомад. Иумæйаг куысты архайыны хъомад. Коммуникативон арæхстдзинад.

.

4

Ног зонындзинæд-ты актуализаци

(20 мин)

Ног æрмæг базонынмæ сæ разæнгард кæны. Зынæмбарæн дзырдтимæ рагацау кусы, æмбарын кæны сæ дæсныйадимæ бастдзинад.  

Иртасæн куыстмæ здахы. Фольклор, литературæ æмæ историйы æнгом бастдзинад æмбарын кæны.Чермены фæлгонц æвзары, текстыл æнцой кæнгæйæ. Синквейн саразынмæ ахуырдзауты разæнгард кæны

  • Дзуапп дæттынц, зонгæ кæнынц ног дзырдтæ æмæ æмбарынæдтимæ. Тексты агурынц æмæ кæсынц хъæугæ ныхæстæ.

-Хъусынц «литерату-рæиртасæджы» хъусынгæнинагмæ, баххæст кæнынц сæ  зонындзинæдтæ. Ног æмбарынæдтимæ зонгæ кæнынц. Синквейн аразыныл архайынц, цы ног æрмæг базыдтой, уый бындурыл. Текстимæ кусынц. Хибарæй куыст æмæ къордты æмгуыст. Кæрæдзийы  куыстытæ æххæст кæнынц.

Логикон хъуыдыкæнынады рæзт. 

Литературон æмæ æвзагон арæхстдзинæдтæ. Дæсныйадимæ бастдзинад сбæрæг кæнын. Уацмысы текст зонын, теории, практикон æгъдауæй дзы пайда кæнын. Синквейн кæнгæйæ ныхасы хæйттæ зæрдыл æрлæууын кæнын. Лексикон куыстыл архайын. Ныхасы рæзтыл кусын, аив ныхас кæныныл æфтауын. Фысгæ куыст æххæст кæнын.

5

Ног æрмæг бафæрсын æмæ ныффидар кæнын (5 мин)

Фарстатæ дæтты, синквейны арæзтæй хатдзæгтæ скæнынмæ, раиртасын, ахуырдзаутæ цы ног зонындзинæдтæ райстой, уый.

Фарстатæн дзуапп дæттынц, иумæйаг хатдзæгтæ кæнынц сæххæстгонд синквейнæй. Цы темæтыл куыстой, уыдон рапарахат кæнын.

Текстæй хъæугæ æрмæг исын. Бæлвырд кæнын. Зындзинæдтæ хибарæй аиуварс кæнын. Искæй куысты рæдыдтæ сбæлвырд кæнын, аргъ скæнын

6

Рефлекси (3 мин)

Æргом кæны, ахуырдзаутæм зындæр цы фæкаст, урочы сын цымыдисагдæр цы уыд

Сæ куыстæн, сæ æмбæлтты куыстæн аргъ кæнынц, сæ размæ ног нысантæ æвæрынц

Ахуырадон архайды анализ. Удгоймагон арæхстдзинæдтæ. Коммуникативон арæхстдзинæдтæ.

7

Бæрæггæнæнтæ

(1 мин)

Æвæры бæрæггæнæнтæ, цыбыр анализ ахуырдзауы куыстæн кæнгæйæ

Бæрæг кæнынц къордты куыстæн аргъ.

Хи бæрнондзинад æмбарын иумæйаг хъуыддаджы.

8

Хæдзармæ куыст раттын (1мин)

Кæсын трагеди «Чермен». Ныффысын нывæцæн «Чермен – фæллойгæнæг адæмы сæрхъуызой».

Хæдзармæ хæслæвæрд сæхимæ фыссынц

Регулятивон арæхстдзинæдтæ.

Урочы  конспект

Урочы темæ:  «Адæмон уарзон хъайтар Плиты Грисы трагеди    

                             «Чермен»-ы»

Урочы хуыз:  ног æрмæг базонын

Урочы нысан:

1.Сфæлхат кæнын æмæ бафидар кæнын рацыд æрмæг.

2. Базонгæ кæнын ахуырдзауты Плиты Грисы хуыздæр уацмысимæ, аргъ йын скæнын.

3. Трагеди «Чермен»-ы фольклорон æмæ историон бындурыл æрдзурын. Трагедийы æмбарынад раттын.

4. Раиртасын ирон адæмы уарзондæр хъайтар Чермены фæлгонц ирон фольклор æмæ литературон уацмысты.

5. Раргом кæнын ирон адæймаджы хуыздæр миниуджытæ: хъæбатыр, лæгдзинад, намыс, кад, куыстуарзон, адæмуарзондзинад, хæларзæрдæ.

6. Кæвдæсард æмæ уæздæтты ныхмæвæрд равдисын, сбæрæг кæнын æцæг уæздан адæймаджы.

7. Гуырын кæнын цымыдисдзинад Плиты Г. сфæлдыстадмæ, уарзондзинад ирон литературæ æмæ фольклормæ.

 Урочы эпиграф:

Дæ хæс цытджын æмæ егъау у,

Дæ фæндаг – даргъ æмæ дæрзæг…

Зæххыл дæм иу царды бар хауы,

Æмæ у рухс фæндтæ хæссæг!

Ӕцæг тох чи кодта лæппуйæ,

Йæ фæстæ чи ныууагъта фæд:

Кæд зондæй нæ, уæд та – хъаруйæ,

Гъе уый ном не ссардзæн мæлæт.

Дзаболаты Хазби

Урочы цæстуынгæ æрмæг:

  1. Плиты Грисы къам.
  2. Грисы уацмысты чингуыты равдыст

3.Чермены зарæг (магнитофон)

4. Презентаци Плиты Грисы цард æмæ сфæлдыстадæй

5. Тæбæхсæуты Бало, Уататы Бимболат  æмæ Битарты Алыксандры къамтæ Чермены роль хъазгæйæ.

Урочы цыд:

  1. Рацыд æрмæгæй бафæрсын: Плиты Грисы царды хабæрттæ, йæ уацмысты сæйраг тематикæ, «Авд цухъхъайы»  - йæ историон бындур.

(Ахуырдзауты дзуӕппытӕ бӕлвырдгонд цӕуынц презентацийӕ)

- Хæдзары хъуамæ сбæрæг кодтаиккат, Чермены куырæты æмпъузæнтæ цæмæй конд сты.

(фӕйнӕгыл ӕвдыст цӕуынц):

Тинтычъи – подшёрсток (тинтычъи гаруз – пуховый платок)

Цикъæ – мадаполáм

Глази – шёлковая материя

Сгæллад – сукно (фабричное)

Цыллæ – шёлк

Фæсмын – шерсть, сукно

Кæсæмир – кашемир

Четæн – грубое полотно, холст

Дари – шелковая ткань

- Зæгъут-ма, цæмæ уын лæвæрд æрцыд ахæм хæс?

 - Цæмæй хъуымæцты нæмттæ базонæм, уымæн æмæ уыцы зонындзинад хауы нæ дæсныйадмæ.

- Чи у Чермен? Цымæ йæ куырæтыл уал æмпъузæны цæмæн уыд?

- Чермен уыд Тлаттаты кæвдæсард, йæ фыд Бестол та – æлдар, уымæй йæм æрбахауд уыцы куырæт. Алы æмпъузæн дæр хицæн лæгдзинад æвдисæн уыд. (чиныджы ссарын æмæ бакæсын – 503-504 фарс).

- Ӕлдæрттæ ма ноджы куыд хуыдтой сæхи?

- Уæздæттæ.

- Равзарæм ма, цы нысан кæны дзырд «уæздан» (фæйнæгыл цæуы æвдыст):

уæздан  (уæздæттæ) 1. благородный; вежливый, учтивый, деликатный; 2. ист. дворянин, аристократ, уздень.

- Бахъуыды кæнут ацы нысаниуæг, урочы кæрон ма йæм æрбаздæхдзыстæм.

- Абон махмæ æрбацыд фольклор æмæ литературæ иртасæг, цæмæй  нын радзура, Чермены фæлгонц нæм кæцæй æрхæццæ, уый.

Ахуырдзау- «иртасæг»  кæсы рагацау бацæттæгонд хъусынгæнинаг:

(æвдыст цæуы презентаци дæр)

Ирон адæмæн сæ зæрдæты Чермен раджы ссардта фидар бынат, ссис нæ хъайтардзинады æвдисæн, Иры уарзон хъæбул, нæ тугвæд историйы тæккæ зындгонддæр  тохгæнæг.

Чермены номимæ баст сты XVIII æнусы кæрон æмæ XIX æнусы райдайæны адæмон сфæлдыстады бирæ зарджытæ, таурæгътæ æмæ æмбисæндтæ. Тынг бирæ сты  сæ варианттæ, фæлæ сæ мидис иу у. Чермен уыд Тлаттатæн сæ кæвдæсардтæй. Адæмы фарс хæцгæйæ, уый  Тлаттаты зæххытæ афæлдæхта æмæ сæ адæмыл байуæрста, уымæн æмæ сæ æлдæрттæ сæхи бакодтой, суанг ма Черменæй дæр нал фæтарстысты, хай йын нæ бакодтой. Æлдæрттæ Чермены ныхмæ рацæуын æргомæй сæ ныфс нæ бахастой, фæлæ йыл гадзрахатæй рацыдысты æмæ йæ амардтой. Афтæ æвдыст цæуы Чермены хъысмæт адæмон сфæлдыстады.

- Байхъусæм-ма æппæт ирон адæмы  уарзон  «Чермены зарæг»- мæ (зарæгæй скъуыддзагмæ байхъусын).

Ирон фысджытæ Чермены фæлгонц райстой фольклорон уацмыстæй æмæ йæ литературæйы алыхуызон жанрты архайдтой равдисынмæ: æмдзæвгæтæ йыл ныффыстой Гæдиаты Секъа, Къубалты Алыксандр, Барахъты Гино, Багъæрати Созур, Санаты Уари ныффыста уацау, Болайы фырт (Хъуыбадты  Агуыбечыр), Мамсыраты Дæбе æмæ Плиты Грис  ныффыстой драмон уацмыстæ – трагедитæ.

Ахуыргæнæджы ныхас:

Плиты Грисы трагеди «Чермен» ахсы сæйраг бынæттæй иу йе сфæлдыстады. Ацы трагеди йæ идейон-аивадон проблемæтæм гæсгæ у бынтон нырыккон, тынг актуалон, кæд йæ æрмæг зæронд цардæй ист у, уæддæр.

Цы у трагеди? (хæдзары рафыссын трагедийы æмбарынад – 620 фарс):

Трагеди (бердзенаг дзырд) – драмон уацмысы хуызтæй иу; хъайтары характер рабæрæг вæййы, фервæзыны мадзал кæм нæй, ахæм зын уавæры, ныхмæвæрд тыхтæ æмхуызон кæм нæ вæййынц æмæ хъайтар кæм фæмард вæййы, ахæм тохы.)

Тыхджын, сæрыстыр, æнæбасæтгæ характертæ куы фæныхæй-ныхмæ вæййынц, уæд сæ царды кæрон вæййы трагикон – мæлæт ссарынц. Грисы трагедийы хицæн адæймæгтæ нæ, фæлæ дыууæ социалон къорды фæныхæй-ныхмæ вæййынц.

Чермен æвдыст цæуы адæмы раздзæуæгæй.  Уый иузæрдион у адæмыл, сæ сæраппонд йæ цард ратты. Æлдæртты къорды сæргъы лæууынц зæронд Дакко æмæ Чермены фыд Бестол.

Бестол æмæ Чермен фыд æмæ фырт сты, фæлæ кæрæдзиуыл сæ ныхас нæ бады, уымæн æмæ сæ дих кæны къласон тых. Уыцы тых фæуæлахиз вæййы ныййарæджы уарзондзинадыл дæр, æмæ Бестол йæ иунæгыл гадзрахатæй рацæуы. Дзæгъæлы нæ сагъæс кодта Чермен «мæнæн фыд нæй», зæгъгæ (бакæсын Чермены монолог).

Дакко дæр цавæр хистæр у, уый бæрæг у йæ хъуыддæгтæй, йæ ныхасы уагæй. Мæгуырты адæмыл дæр нæ нымайы, æнаккаг дзыхæй сæм дзуры, афтæмæй йæхи стыр  æгъдауджын хоны. Чермен йын куы бауайдзæф кодта, уæд æй  карз æлгъыстытæ æмæ фидисты бын фæкодта. (529-531 фарс)

Чермен йын радта аккаг дзуапп: йæ монологы кæрæй-кæронмæ æрдзырдта, ирон адæммæ хистæрæн цы кад ис, ууыл. Даккойы та схуыдта «лæгæн йæ рихи худинаггæнæг» (532 фарс).

Бынтон æндæр дзыхыуагæй Чермен ныхас кæны йæ зынаргъ Нанаимæ, йæ уарзон Азауимæ. Æрдхæрæны æмбал у йе ʼмгæрттæн, хъæубæстæн. Æлдæртты коммæ цы адæм нæ бакастысты, уыдон Чермены иу ныхасæй уайтагъд амбырд вæййынц. Цæуыл дзурæг у ацы хъуыды?

Чермен сывæллæттимæ сывæллон вæййы, æмгæртимæ – æмгар, хистæртимæ – куырыхон зондыл хæст.

Цæмæй ирддæрæй раиртасæм ныхмæвæрд фæлгонцтæ æмæ къордтæ, уый тыххæй скæндзыстæм синквейнтæ.

Ахуырзауты иу хай аразы синквейн Чермен æмæ сау адæмæн, иннæтæ та – Дакко æмæ æлдæрттæн. Ахуырдзаутæ кусынц хибарæй, уый фæстæ къордгай баххæст кæнынц сæ дзуæппытæ.

Чермен

  • Хæларзæрдæ, кусаг/ зæрдæмæдзæугæ, æгъдауджын/ хъаруджын, ныфсджын / зондджын, рæсугъд
  • уарзы кусын, лæггад кæны, æххуыс кæны/ адæмы уарзы, сæ сæрыл хæцы, сывæллæтты уарзы/
  • мæгуыр адæмы сæрыл хæцы/ раст хъуыддагыл дзуры/ æгаддзинад йæ сæрмæ нæ хæссы/ мæгуыр адæмæн æххуыс кæны
  • сæрхъуызой/ сæрылхæцæг/ хъайтар/ ныфс

Мæгуыр адæм

  • æфхæрд, хæларзæрдæ/ коммæгæс, æбар/ хъыгдард, фæллад / æгъдауджын, мæгуыр
  • фыдæбон кæнынц / æфхæрдæй цæрынц, уарзынц Чермены, тыхсынц
  • нæ уæндынц æлдæрттæм дзурынц/ нæ зонынц тох кæнын / Черменæн стыр аргъ кæнынц / мæгуыр, тыхст уавæрты цæрынц
  • бирæфæразон / зæрдæхæлар / æгъдауджын /куыстуарзон

Дакко

  • хистæр, саузæрдæ / æдзæстуарзон, хинæйдзаг/ мæнгард, æнæфсарм / æнæгъдау, зыд
  • ардауы, змæнты, хыл кæны / лæбуры, знæтæй дзуры, дæлзиныг кæны /
  • мæнгард æмæ æнæгъдау адæймаг / лæгдзинад йæм нæ хæццæ кæны / мæгуыр адæмы стигъыны куыст кæны /
  • æнаккаг / æгъдаухалæг / хиуарзон / лæгмар / гадзрахатæйцæуæг

Ӕлдæрттæ

  • магуса, æдзæсгом / хинæйдзаг, сайæгой / æдзæстуарзон, цъаммар
  • æфхæрынц, хъыгдарынц, стигъынц / сайынц, марынц, ææææ
  • мæгуырты уæлæмæ скæсын нæ уадзынц / мæгуырты цæрын нæ уадзынц / Чермены лæгыл нæ нымайынц / лæгдзинадæй сæм ницы ис
  • æнæгъдау / æдзæсгом / æгад / тæппуд / хиуарзон

- Ацы куыстæй цы хатдзæгтæ скæнæн ис?

- Кæцы къордмæ ссардтат фылдæр хорз миниуджытæ?

- Зæгъут-ма уæдæ, йæхи уæздан чи хоны, уыдонмæ æцæг уæздандзинад хæццæ кæны?

- Ацы хъуыды Черменæй хуыздæр ничи райхæлдта: «Ӕмæ уæздан зæгъынæй у æрмæст?»… «Цы дæм кæсы уæздандзинад? Æфхæрын, тыхмитæ, давын, магусайы цард…» «Нæ, уый ирон дзыллæ уæздандзинад нæ хонынц»… (568 фарсыл бакæсын Чермены монолог)

- Цы «уæздæтты»  кой кæны, уыдонæй хорз ныхæсты аккаг чи у?  - Ничи!

- Цавæр хатдзæгмæ ис æрцæуæн, цавæр адæймаг уыд Чермен? – Чермен йæ удыхъæдæй у уæздан, хæдæфсарм, æгъдауджын адæймаг.

- Дзырд «уæздан»-мæ цавæр синонимтæ ис æрхæссæн?

- Уæ зæрдæмæ фæцыд Чермен? Цæмæ баззад йæ ном цæргæйæ ирон адæммæ?

- Нæ эпигрæфмæ ма аздæхæм, æмæ зæгъæм, кæимæ ис бабæттæн Дзаболаты Хазбийы ныхæстæ?  - Черменимæ.

Кæронбæттæн: бæрæггæнæнтæ сæвæрын.

Хæдзармæ куыст: ныффысын нывæцæн «Чермен – фæллойгæнæг адæмы сæрхъуызой».


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Методическая разработка открытого урока по истории на тему "Эпоха Петра Великого"

В методической разработке урока рассматривается проблема «ЗА  КАКИЕ  ЗАСЛУГИ  ПЕРЕД  ОТЕЧЕСТВОМ  ПЕТР I   НАЗВАН  ВЕЛИКИМ»...

Методическая разработка открытого урока по литературе: «Скучные истории» А.П. Чехова

Данный материал был разработан в качестве итоговой работы на курсах повышения квалификации в Педагогическом колледже №1 им. Н.А. НекрасоваПедагогический колледж N 1им. Н.А. НекрасоваПедагогический кол...

Методическая разработка открытого урока по биологии по теме: «Основные положения эволюционной теории Чарльза Дарвина».

Методическая разработка открытого урока по биологии по теме: «Основные положения эволюционной теории Чарльза Дарвина»....

Методическая разработка открытого бинарного урока (литература + история) с применением технологии проблемного обучения на тему «Отражение революции в творчестве В.В. Маяковского»

Методическая разработка представляет собой план-конспект бинарного урока (литература + история) с применением технологии проблемного обучения,  активных форм и методов обучения, элемента технолог...

Методическая разработка открытого урока по литературе "Особенности современной литературы"

Урок разработан на основе компетентностного подхода к обучению. В качестве базовой технологии лежит технология проектного обучения. Кроме того, удачно вписывается в данную концепцию урока технология ...