Разработка урока по осетинской литературе в 5 классе
план-конспект урока (5 класс)

Ольга Андреевна Валиева

Тема "Между жадным человеком и волком разницы нет". По басне Коста Хетагурова "Волк и журавль"

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл birag_ama_hrihupp.docx23.05 КБ

Предварительный просмотр:

Урочы темæ: «Зыд лæг æмæ зыд бирæгъæй уæлдай нæй».

(Хетæгкаты Къостайы басня «Бирæгъ æмæ хърихъупп» - мæ гæсгæ)

Урочы нысантæ:

  1. Басняйы тыххæй зонындзинæдтæ зæрдыл æрлæууын кæнын.
  2. Къостайы царды сæйрагдæр хабæрттæ сфæлхат кæнын.
  3. Басня «Бирæгъ æмæ хърихъупп» равзарын, райхалын ын йæ зондамынд.
  4. Æрдзурын адæймадж æппæрццаг æмæ æвæрццаг миниуджытыл.
  5. Скъоладзауты ахуыр кæнын хи хъуыдытæ раст дзурыныл, хатдзæгтæ кæныныл, аив дзурын æмæ кæсыныл.

Урочы фæлгонц: компьютер, интерактивон фæйнæг, презентаци, чингуытæ, 6 алыхуызон  худы.

Урочы хуыз: Ног æрмæг бафидар кæныны урок.

                                                Урочы цыд:

 Бацæттæгæнæн рæстæг.

 Хæдзармæ куыст бафæрсын

 Мотиваци. Урочы темæйыл куыст.

( Фæйнæгыл Эзоп, Лафантен æмæ Крыловы портреттæ)

---Чи сты ацы адæм? Цы сæм ис иудзинадæй?

( Фыстой баснятæ)

---Уæдæ абон цæуыл дзурдзыстæм?

(Басняйыл)

--- Цы у басня?

(Фæсномыг мидис кæмæн ис, ахæм къаннæг прозæйæ кæнæ æмдзæвгæтæй фыст уацмыс)

---Чи вæййынц басняйы архайджытæ?

( фылдæр хатт цæрæгойтæ, æнæуд предметтæ дæр вæййы)

--- Баснятæ фыст цæуынц адæмон сфæлдыстады бындурыл, æмбисæндты бындурыл, æмæ уымæ гæсгæ сты æнцонæмбарæн æмæ зæрдæмæдзæугæ. Крылов дæр уымæн  загъта:

«Æмбисæндтæ æмбарынц сывæллæттæ дæр æмæ ас адæймæгтæ дæр».

--- Ирон литературæмæ фыццаг чи бахаста басняйы жанр?

(Хетæгкаты Къоста)

---Зæрдыл æрлæууын кæнæм  Къостайы царды хабæрттæ:

1.Кæд æмæ кæм райгуырд?

2.Кæмыты ахуыр кодта?

3.Йæ сæйраг чиныг куыд хуыйны?

4.Кæм ныгæд у æмæ кæд нысан кæнæм Къостайы мысæн бон?

---Басняйы вæййы мораль. Уый та цы у?

(зондамынд)

---Басняйы кæм вæййы?

(Йæ райдайæны кæнæ йæ кæрон)

---Уæдæ ма мын зæгъут, басня «Бирæгъ æмæ хърихъуппы» зондамынд кæм ис?

(райдайæны)

«Алчи зыдгæнæджы бирæгъ фæхоны».

--- Куыд æй æмбарут?

--- Цавæр æмбисæндтæ ма зонут зыды тыххæй?

«Зыд лæг æмæ зыд бирæгъæй уæлдай нæй».

«Зыд лæг алцæуыл дæр зыд кæны».

«Зыд лæгæн зыд лæвæрд ис».

«Зыд лæгæн йæ комдзаг йæ хъуыры бадаг у».

 Басняйæн анализ скæнын, текстыл æнцойгæнгæйæ.

--- Ныр та сбæрæг кæнæм, басня куыд бамбæрстат, уый. Бакусæм къордты.

(Метод «6 худы».  Кълас дих цæуы 6 къордыл. Алкæцы къорд дæр æвзары иу худ , ахуыргæнæг сæ уары, кæнæ хæлттæ æппарынц. Худты алы хуызæн дæр ис йæхи хæс

Урс –иууыл нейтралон. Ацы къорды уæнгтæ архайынц æрмæстдæр фæкттæй.

Бур – хъæлдзæг, позитивон. Ацы къорды архайджытæ агурынц æрмæстдæр хорздзинад.

Сау – негативон, агурынц æппæрццаг бынæттæ

Сырх – эмоцитæ, хъуыдытæ, æнкъарæнтæ. Ацы къорд  дзуры æрмæстдæр, цавæр æнкъарæнтæ æвзæрын кæны фарста, æнæ хатдзæгтæй.

Кæрдæгхуыз – сфæлдыстадон, креативон. Ацы къорд  проблемайы аскъуыдздзаг кæнынæн ног фæндæгтæ агуры.

Цъæх -  уый дæр нейтралон, хатдзæгтæ, аргъ кæнын.

Сывæллæттæ сæ худты хуызмæ гæсгæ сæхи æрцæттæ кæнынц уыцы хаххыл хъуыды кæнынмæ.)

Ахуыргæнæг айуæрста худтæ æмæ сын радта хæслæвæрдтæ:

Урс  - рольтæм гæсгæ бакæсын басня

Бур – радзурын, хорзæй цы ис басняйы

Сау -  радзурын, æвзæрæй цы ис басняйы

Сырх – цавæ æнкъарæнтæ уæм сæвзæрын кодта  басня? Уæ зæрдæмæ фæцыд? Цæмæй?

Кæрдæгхуыз – абон актуалон у ацы басня æвæ нæ?

Цъæх – цавæр зондамынд ис басняйы?

(алы къорд дæр дзуапп дæтты)

---Басняйæн анализ скодтам, ныр та равзарæм бирæгъ æмæ хърихъуппы фæлгæнцтæ.

(къордтæ сæ худтæ ивынц æмæ сын ахуыргæнæг дæтты ног хæслæвæрдтæ)

Урс – сыфыл дзырдтæ фыст (зыд, фæлмæнзæрдæ, сæрæн, æдзæсгом, уæздан, тугдзых, æнæгъдау). Ссарын  бирæгъ æмæ хърихъуппы миниуджытæ æмæ сæ хицæн къордтæй ныффыссын.

Бур -  ссарын хорз миниуджытæ бирæгъмæ.

Сау – ссарын æвзæр миниуджытæ хърихъуппмæ.

Сырх – цавæр æнкъарæнтæ уæм сæвзæрын кодтой бирæгъ æмæ хърихъупп?

Кæрдæгхуыз – рацаразын басня, æндæр кæрон ын æрхъуыды кæнын.

Цъæх – жюри, аргъ кæнынц къордты дзуæппытæн.

 Рефлекси.

--- Цавæр хатдзæгтæ скодтат уæхицæн ацы урочы?

--- Уæ зæрдæмæ фæцыд урок? Цæмæй?

 Хæдзармæ куыст.

Хетæгкаты Къостайы баснятæ «Хъазтæ», «Халон æмæ рувас», «Булкъ æмæ мыд» бакæсын.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Разработка урока "Сентиментализм в литературе" 8 класс

Разработка внеклассного мероприятия по литературе для обучающихся 6-х классов....

Разработка интерактивного урока по осетинской литературе в 8 класс е("Нарты симдма" гасга)

Урок построен на анализе сказания о Батразе по Нартскому эпосу. Присутствуют элементы исследовательской работы, интегрированного урока, урока саморазвития, используются проблемный метод, объяснительно...

Методическая разработка урока по татарской литературе (7 класс) "Эт токымнары"

Тема. “Эт токымнары” .Дәрес тибы: Яңа белемнәрне ачу дәресе. Максат: 1. “Этләрнең  сугыш вакытындагы батырлыгы” текстын укып, фактларны анализлау һәм аларга бәя бирү күнекмәләрен формалаштыр...

Разработка урока по башкирской литературе , 7 класс

Разработка урока по башкирской литературе , 7 класс  Мостай Кәрим. “Башҡортостан”. Исем....

Разработка урока по бурятской литературе 6 класс

Разработка урока Хэшээлэй сэдэб: «Хамтын юумэ хүсэтэй, олоной юумэ олзотой» (Г.Чимитов «Табан хурган»,Ч.Цыдендамбаев «Шэнэ байшан») -6 класс...

Методическая разработка урока-дискуссии по литературе 11 класс. "В чем мудрость жизни...?" М Горький. Ранние романтические рассказы «Макар Чудра», «Старуха Изергиль»

Данный вариант проведения урока –   дискуссии интересен тем, что здесь делается упор на сам процесс представления точки зрения, ее аргументации. Включенность всех участников достигаетс...