Открытый урок по осетинской литературе в 5 классе на тему "Къоста -Ирыстоны хур"
методическая разработка (5 класс)

Накусова Ирина Ахсарбековна

Данный урок по осетинской литературе был проведен на День Рождение основоположника осетинской литературы К.Л.Хетагурова.

Скачать:

ВложениеРазмер
Microsoft Office document icon otkr.urok_5_kl.kosta_.doc51 КБ

Предварительный просмотр:

       

       Урочы темæ: Къоста -  Ирыстоны хур

 

Урочы нысан:

Базонгæ кæнын скъоладзауты Къостайы царды хабæрттимæ  

         Саразын афæлгæст йе сфæлдыстадыл .

Цæстуынгæ æрмæг: Къостайы портрет æмæ  нывтæ, музыкæ.

Урочы цыд:

1.Организацион хай.

-Уæ бон хорз,сывæллæттæ!

-Æгас цу!

-Абон нæм нæ урокмæ æрбацыд уазджытæ.Уæ хорзæхæй разилут æмæ нæ уазджытæн дæр раттут салам.

-Бузныг.Сбадут.

2.Ног æрмæг

Ахуыргæнæджы ныхас:

 

 Абайты Васо загъта афтæ:

                 «Англисаг адæмæн сæ сомыгæнæн у Шекспир,Шотландийæн –Бернс,немыцæн-Гете,итайлæгтæн-Данте,Уырысæн –Пушкин.Мах ,ирон адæм та ард хæрæм Къостайы номæй.Æмæ нæ зæрдæ уымæй у уæлдай рухс,нæ сæр дзы хæссæм бæрзæндты».

          Æмæ уый раст у.Ирон адæмæн Къоста у  сœ лœугœ хох ,сœ цœугœ мœсыг.

Уый у   нæ адœмы ныфс, нœ литературœйы астœуккаг цœджындз.

Ирон адæмæн Къостайы ном сси æрдхæрæн.Уымæн ыл скодтой йæ удæгасæй зарæг 1890 азы Иры номдзыд зарæггæнджытæ:Ногъаты Тебо,Царахаты Хъайтыхъо,Дзиуаты Гæвди,Токкаты Бига. Ацы зарæгмæ мах фæстæдæр байхъусдзыстæм.

        Къоста райгуырдис  1859 азы 15-œм октябры,Цœгат Ирыстоны Нары хъœуы,хохаг ирон лœджы хœдзары.

     Хъуысы музыкæ..размæ рацæуы лæппу-Къоста æмæ кæсы æмдзæвгæ

Мыггагæй мæ ма фæрс, –

Уæздан лæг нæ дæн;

Мæ уындмæ мын ма кæс,

Нæ бæззын чызгæн.

Мæ хæдон – четæнæй,

Мæ куырæт – кæттаг,

Мæ цухъхъа – цъæх тынæй –

Нæхи хохбæстаг.

Нымæтхуд, æрчъитæ,

Мæ ронбаст – уæрдæх...

Фæрсыс ма мæ: чи дæ?

Уæд байхъус дзæбæх!..

Къоста ацæуы æмæ æрбады

Размæ рацæуы чызг æмæ дзуры æмдзæвгæ

Зымæг æмбæрзы йæ хъæццулæй Нары,

Комы ныхситт кæны уад.

Талынг хæххон хъæуы къаннæг хæдзары,

Марди уæззау низæй мад.

Цæстытæ нал худынц,нал кæсынц коммæ,

Цæсгом фæбур ис ,ныххус.

Цал талынг æхсæвы  арвыстой бонмæ

Сыхæгтæ мады уæлхъус.

Мадæн йæ фарсмæ дзыназы цъæхахстæй

Буц хъæбул-уый дæр рынчын.

«Ма мын бауадзут мæ фырты мæ фæстæ

Уазал фыднизæй мæлын»

 

СЦЕНКА : "КЪОСТАЙЫ РАЙГУЫРД"

АРХАЙД ГУЫБАТЫ ХÆДЗАРЫ

МАРИЯЙЫ МАД:  Мӕ зӕрдӕ хсайы Нармæ. Цымӕ куыд у Мария? Чидӕртӕ ӕрбацӕуы. Хорз хабар хӕссӕг уӕнт.

ФЫД:  Куывд хъӕуы,Маккиан,куывд!!!

МАД: Цавӕр куывды кой кӕныс,нӕ зӕронд?!

ФЫД: Хӕрӕфырт нын райгуырд  хӕрӕфырт!

МАД: Амондджын гуырд ӕй хохы дзуӕрттӕ фӕкӕнӕт! Ном ыл ӕвӕрын     хъӕудзӕн!

ФЫД: Ном ыл Нары хистӕртӕ сӕвӕрдтой.

МАД: Цы?

ФЫД: Къоста.Де  ртӕ кӕрдзыны ӕфсин.

                   ЛӔГТӔ КУВЫНЦ.

Стыр Хуыцау ӕппӕтдӕр ды скодтай ӕмӕ нӕ дӕ хорзӕх уӕд!Ноггуырд хӕдзары фӕзынд ӕмӕ амондджын гуырд чи фӕци,  уый ӕмбал фӕуӕд! Мады Майрӕм, нӕ хӕрӕфырт хорзӕй байрӕзӕд! Хетӕджы Уастырджи, нӕ ног гуырд дӕ фӕдзӕхст уӕд!

 

ӔРБАХЫЗТ САУ ДАРӔСЫ нæлгоймаг,  

        -- Уӕ хӕрӕфырт цӕринаг уад, фӕлӕ уӕ чызг....

ӔНКЪАРД МЕЛОДИ...СӔРГУЫБЫРӔЙ ЦӔУЫНЦ.

Иууылдæр æрбадынц сæ бынæтты.

Ахуыргæнæг. Æцæгæйдæр,Къоста куыддæр райгуырд,афтæ йæ мад-Гуыбаты Мария амард.(Слайд 2) Йæ фыд  -Хæтæгкаты Леуан(слайд 3) –радта сывæллоны хъомыл кæнынмæ се ´рвадæлты чындз –Дзапарты Чендземæ.Чендзе сывæллоны бауарзта хи хъæбулау. Стыр куывды –иу Нары хистæртæ æнæмæнг ракуывтой Чендзейы цæрæнбон.Кæд лæмæгъ сывæллон уыдис Къоста,уæддæр уайтагъд йæхиуыл фæхæцыд Чендзейы руаджы.Мæнæ куыд фыссы Чендзейы тыххæй

Мæн иу ус фæхаста...

Сывæллонахуыр,

Йæ дзидзи нæ ласта

Мæ дзыхæй, мæгуыр.

Куыд фæрæзта, уыйас –

Æппæтæй дæр фаг!

Фæцарддæн æм иу аз,

Фæдæн æм дыггаг.

Къоста рæзыд тынг зондджын æмæ зæрдæргъæвдæй.

    Йæ фыды арæх кæд нæ уыдта,уæддæр æй тынг бирæ уарзта.Хъæумæ-иу куы æрцыдис,уæд   ын –иу уый уыдис бæрæгбоны хуызæн.Рæстæг рацыд,Къостайыл дæр 6 азы сæххæст.Леуан æрхаста дыккаг ус-Сухиты Хъызмыдæйы.Фыдыус нæ бауарзта сывæллоны,арæх æй æфхæрдта. Баййæфта –иу над дæр.Арæх-иу бафынæй æххормагæй дæр.

Дыггаг ус æрхаста...

Æркодтой мæн дæр...

Мæ “чындз” мæ нæ уарзта, –

Фыдсыл уыд кæмдæр!

Йæ рард дæр ысхуыстæй,

Йæ рæвдыд дæр – над,

Йæ “цу–ма” рæхуыстæй, —

Гъеуый дам дын – мад!

 Кæд уæззау уыдысты Къостайы сывæллоны бонтæ ,уæддæр тырныдта зонындзинæдтæм.Фыццаг  ахуыр кодта  Нары дыууазыккон скъолайы.Уый фæстæ та Дзæуджыхъæуы пргимназы.(слайд 4)Ам лæппумæ рабæрæг ис нывгæнæджы курдиат дæр.Ацы ран фæцахуыр кодта æрмæстдæ дыууæ азы.

1871 Къоста бацыд Стъараполы гимназмæ.Ам зæрдиагæй ахуыр кодта уырыссаг литературæ.Йæ хъус дардта революцион змæлдмæ.Ацы ран ныффыста йæ фыццаг у дæр.Фыста иронау  дæр æмæ уырыссагау дæр.

Уæлдай тынгдæр йе ргом здахын байдыдта нывтæ кæнынмæ..1881 азы бацыд Бетъырбухы Аивæдты академимæ. Стыр курдиаты хицау разынд.

Равдисын Къостайы нывтæ слайд 5-6-7-8-9Ахуыргæнджытæ дæр ын стыр аргъ кодтой, фæлæ,хъыгагæн,йæ ахуыр кæронмæ нæ фæцис,уымæн æмæ йын нал фыстой стипенди.Дыууæ азы дзы фæцахуыр кодта,стæй æрыздæхт фæстæмæ Ирыстонмæ.

                          1899 азы рухс дунемæ рацыд Къостайы æмбырдгонд «Ирон фæндыр».Ардæм хаст æрцыдысты йæ æмдзæвгæтæй бирæтæ,фæлæ се ´ппæт нæ. Слайд 10

 Къоста фыста сывæллæттæн дæр.Йæ æмдзæвгæтæй йын бирæтæ ахуыр кодтам раздæр кълæсты дæр.Уæ хорзæхæй,чи радзурдзæн.

Сывæллæттæ дзурынц æмдзæвгæтæ.

КÆМÆН ЦЫ...

Алы куыстæн – рад.

Дзидзидайæн – мад.

Хорз фыййауæн – фос;

Бирæ фосæн – хос.

Хоры кæндæн – зад,

Хоры хæрдæн – кад.

Сонт рæдыдæн – барст;

Хорз зæрдæйæн – уарзт.

Рагон мастæн – тад;

Загъдкъахæгæн – над.

Магусайæн – цæф;

Цырд лæппуйæн – кæф!..

УАСÆГ

О, уасæг, уасæг,

Сызгъæрин къоппа!

О, уасæг, уасæг,

Сырхзæлдаг боцъо!

Куыд раджы фестыс,

Куыд хъæрæй зарыс?

Нæ буц лæппуйы

Хуыссын нæ уадзыс!

ЛÆГАУ

Фест райсомæй, лæгау,

Ныхс сапонæй дæхи

Æмæ–иу скув: Хуыцау,

Фæдзæхсын дыл мæхи!

Дзул к'уаид, уæд бæргæ,

Дæу дæр дзы хай фæуид!

Куы нæ уа, уæд хæргæ!

Кæрдзынæй стонг æрвит!

Цæттæ дæ хызын дар,

Тагъд де скъоламæ уай!

Æнæзивæг куы уай, –

Хуыздæр бынат дæ бар!

Зондамонæгмæ хъус,

Цы зæгъа, уый–иу кæн,

Зæрдæхъæлдзæгæй кус,

                                   Æмæ бæззайлæгæн!..

ЗÆРВАТЫКК

Зæрватыкк – æнæхъыг,

Æнæмаст цæрæг!

Дæ зарæг – нæ дарæг,

Нæ уалдзæггæнæг!

Хъæлдзæгæй, æвзыгъдæй

Фæхæтай фæрнæй

Нæ хæхты, нæ бæсты,

Æлдар кæмæн нæй!

ФÆЗЗÆГ

Æхсæлы ызгъæлы,

Лæджирттæг фæбур...

Мигъ бады цæгаты, –

Нæ йæ тавы хур...

Æркарстам, æрластам

Нæ хортæ, нæ хос...

Чи кусы йæ мусы,

Чи 'лвыны йæ фос...

Хор бирæ, фос бирæ

Хуыцауы фæрцы...

Нæ хохбæсты бæркад,

Цы диссаг дæ, цы!..

ÆРРА ФЫЙЙУ

Раджы хохы цъуппæй касти

     Иу æрра фыййау,

Мигъ æнгом йæ быны бадти,

     Урс цагъд къуымбилау.

Бахъазыд дын æм йæ зæрдæ, –

     Тæккæ былгæрон,

Дурыл авæрдта йæ къæхтæ:

     “Агæпп æм кæнон, –

Загъта, – фос уал ам мæ сæрмæ

     Хизæд уæзæгыл,

Æз фæхуысдзынæн изæрмæ

     Уыцы бæмбæгыл...”

Дардыл йе уæнгтæ фæхаста, –

     Гъопп! – зæгъгæ, йæхи

Пуртийы зыввытт фæласта...

     Лæг ныххæррæгъ и!

Къоста фыста баснятæ дæр: «Халон æмæ рувас», «Бирæъ æмæ хърихъупп», «Хъазтæ», «Булкъ æмæ мыд», «Саг æмæ уызын», «Марходарæг».

Сывæллæттæ æвдисынц сценкæ  «Халон æмæ рувас»

Ахуыргæнæг.Нæ урок кæронмæ æрхæццæ кæны.Фæуын мæ йæ фæнды мæнæ ацы æмдзæвгæйы рæнхъытæй.

Къоста!мæлæт дын нæй…

Мæлæт дæумæ нæ уæнды.

Ныр ды сæдæ фæндзай æхсæз азы цæрыс,

Зæронд нæ кæныс,алчи дыл æууæнды,

Дæ раздæрау нæ ныфс!

Бузныг уын!

 Хæдзармæ куыст:1.Хорз сахуыр кæнын Къостайы царды хабæрттæ.

                                2.Иу æмдзæвгæ сахуыр кæнын зæрдывæрдæй.

        


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Открытый урок по родной литературе 10 класс "П.Н.Тобуруокап ырыа буолбут хоһоонноро"

Урок внеклассного чтения с объяснительно-иллюстративным методом,  использованием  аудиопрослушивания и мультимедиа. Авторский образовательный ресурс «П.Н.Тобуруокап ырыа буолбут хоһоон...

Разработка открытого урока по осетинской литературе.

План- конспект  открытого урока "Адæймаджы уæвынады æнусон фарстатæ Дзесты Куыдзæджы уацау «Фæндагсар Уастырджи»-йы....

Открытый урок по осетинской литературе в 8 классе "Бритаев Елбиздико"

Осетинский писатель, драматург Бритаев Елбиздико поставил много спектаклей на сцене Осетинского Драмтеатра....

Открытый урок по осетинской литературе в 10 классе "Женская судьба в произведении Гадиева Сека "Азау"

Гадиева Сека  в драме "Азау" рассказал о трагической любви двух молодых людей...

Открытый урок по осетинскому языку в 8 классе

Тема: Исторические памятники Осетии (Знаки препинания при однородных членах предложения)...

Открытый урок по балкарской литературе 6 класс Ата журтум-Малкъарым

Дерсни темасы:  Зумакъулланы Танзиляны «Ата журтум – Малкъарым» деген назмусу. (1 презентация, 1 слайд)Дерсни мураты: окъуучуланы Зумакъулланы Т. жашау эм чыгъармачылыкъ иш...

Открытый урок по осетинскому для девятого класса "Первая осетинская школа"

Открытый урок по осетинскому языку для девятого класса в не владеющих группах...