Разработка открытого урока по осетинской литературе.
план-конспект урока (7 класс) по теме

Бигаева Сима Васильевна

План- конспект  открытого урока "Адæймаджы уæвынады æнусон фарстатæ Дзесты Куыдзæджы уацау «Фæндагсар Уастырджи»-йы.

Скачать:


Предварительный просмотр:

Адæймаджы уæвынады æнусон фарстатæ  Дзесты Куыдзæджы уацау «Фæндагсар Уастырджи»-йы.

Урочы темæ: Адæймаджы уæвынады æнусон фарстатæ Дзесты Куыдзæджы уацау «Фæндагсар Уастырджи»-йы.

Урочы нысан: 1. Ахуырдзауты æргом  æздахын уацауы сæйраг фæлгоцты удыхъæды рæсугъд миниуджытæ раргом кæнынмæ.

2. Адæймаджы рæсугъд миниуджытыл сæ хъомыл кæнын.

3. Уацауы сæргонды нысаниуæг раргом кæнын.

Цæстуынгæ æрмæг: уацауы текст, таурæгъ, иллюстрицитæ текстмæ (ахуырдзауты куыстытæ).

Эпиграф. Адæмы уарзон хæдзар æдзæрæг комы нæ, фæлæ хохы цъуппыл куы уа, уæддæр иунæг никæд уыдзæн. Мæгуыр уый у, бирæ адæмы 'хсæн дæр иунæг чи вæййы.                                                                /Дзесты Куыдзæг/

Фыссæн фæйнæгыл фыст:

«Хетæджы Уастырджи, табу дæхицæн! Нæ фæндагыл-иу нæ кæддæриддæр фæндараст фæкæн, кæддæриддæр нын ахъазгæнæг у!..».

Дæ рахиз базыры бын-иу нæ бакæн, сыгъзæрин тæбæгътæй дын фæкуывдæуа!..

Ды Ирыстоны, ирон адæмы кадджындæр æмæ номдзыддæр Дзуæрттæй иу дæ. Ды бæлццоны, фæндаггон адæймаджы цæугæ мæсыг дæ, йæ иузæрдион хъахъхъæнæг. Цъысымæй йæ раласыс, фыдбылызæй йæ бахизыс. Табу дæхицæн!..        

                                                                Ракуывдæй.

Хуссар Ирæй Цæгат Иры 'хсæн цы æфцджытæ ис, уыдонæнæ сæ бæрзонддæртæй иу у Тырсыйы æфцæг. Хуссары 'рдыгæй æфцæгмæ тæккæ æввахсдæр хъæу та у Гæлуатæ.Æрмæст фондз хæдзары уыцы иу мыггагæй. Зымæгон æфцæгыл цæуæг-иу кæд йе 'хсæв Гæлуатæм схаста, цæмæй райсом уырдыгæй араст уа фæсхохмæ, уæд-иу бонрухсæй ныххæццæ Тырсымæ. Кæннод ыл баталынг уыдаид æмæ кæнæ къæдзæхæй хауд, кæнæ та æддæ баззадаид, æмæ уæд та сæлгæ кодта. Цæгатæй Хуссары 'рдæм чи цыд, уыдон дæр ма-иу æрмæст изæрдалынгты ныххæццæ сты Гæлуатæм. Ацы фондз хæдзары кæддæриддæр хæлар фысым уыдысты фæндаггонтæн. Ныртæккæ Гæлуаты цæрæг нал ис. Чи дзы цард, уыдон æрбиноныг сты Цæгат Иры хъæуты æмæ горæтты.

Ацы къаннæг уацмысæй мæн

фæнды æрымысын уазæгуарзон,

рæдау æмæ фæрнджын рагон

ирон хъæу Гæлуаты ном.

                                Дзесты Куыдзæг.

Ахуыргæнæджы ныхас: Дзесты Куыдзæджы уацмыстæй иуæй-иутимæ мах базонгæ стæм 7-8 кълæсты æрмæг ахуыргæнгæйæ. Йæ уацмыстæ сты нæ адæмы цæсгом æмæ сæрыстырдзинад. Чи, дам, цы федта, банкъардта, базыдта, уый фыссы. Куыдзæг царды бирæ федта, Ирыстоны цы къуым нæ басгæрста, ахæм, æвæццæгæн, нал ныууагъта. Ирон адæймаджы удыхъæд, йæ царды уаг, йæ фыдæбæттæ йын хорз кæй зыдта, уый бæрæг у йæ уацмыстыл. Йæ радзырд «Хорхæссæг» ын уæ зæрдæтæм хæстæг райстад.

Абон та нæ ныхас уыдзæн Дзесты Куыдзæджы уацау «Фæндагсар Уастырджи»-йыл.

Фæйнæгыл фыст ис, уацау цы пъланмæ гæсгæ æвзарæм, уый.

  1. Дзаххо æмæ Дзитта фæхауæггаг сты сæ райгуырæн къонайæ.
  2. Æхсæйнаг хъæуы цæрджытæ суазæг кодтой Дзаххо æмæ Дзиттайы.
  3. Фæрнджын адæм. Сæ удыхъæды рæсугъд миниуджытæ.
  4. Дзаххо æмæ Дзитта æрцардысты æфцæджы рæбын.
  5. Æнахуыр уазджытæ.
  6. Фæндагсар Уастырджи.
  7. Дзаххо æмæ Дзиттайæн се стыр бæллиц сæххæст.
  8. Фæрнджын лæг æнамонд никуы вæййы.

Таурæгъ «Фæндагсар Уастырджи»-мæ байхъусыны фæстæ скъоладзаутæ пъланмæ гæсгæ кусынц тексты мидисыл.

Ахуыргæнæг: Æхсæйнаг хъæуы цæрджыты тыхстдæр хъуыддæгтæ цавæртæ сты?

Скъоладзау: Æхсæйнаг хъæуы уынаффæгæнинаг хъуыддæгтæ уалдзæджы ралæудимæ фæфылдæр вæййынц: стурвосæн сæ рæгъаугæс хъæуы, фæндæгтæ æмæ хидтæ аразын хъæуы.

Æнæфæндаг хъæу та цы у? Удæгас адæймаджы ингæны куы нывæрай – раст уый хуызæн. Куыстытæн се 'ппæты ахсджиагдæр æфцæджы фæндаг. Гъе уыдæттыл дзурынц Æхсæйнаг хъæу сæ Ныхасы.

Ахуыргæнæг: Æнахуыр бæлццæттæ хъæумæ куы бахæццæ сты, уæд лæг йæ усы куыд фæдзæхста?

Скъоладзау: Хъусыс, не 'фсин! Куыд бадзырдтам афтæ: Мæ ном – Дзаххо, мæ мыггагæй дæ хъуамæ мачи бафæрса. Куыд фехъуыстон, афтæмæй адонмæ дæр ус йæ лæджы мыггаг нæ фæдзуры, фæлæ уæддæр мæ мыггаг Алæджыхъотæй. Дæхи ном та – Дзитта, мыггагæй – Дзалиан.

Дæхимæ дын «не 'фсин», зæгъгæ, дзурдзынæн, уый дæр дæ рох ма уæд, бамбæрстай?

Ахуыргæнæг: Дзаххо æмæ Дзитта цæмæн фæхауæггаг сты сæ Райгуырæн къонайæ?

Скъолаудзау: Дзаххо æмæ Дзиттайæн сæ иунæг фырт Дзамболат æлдары фыртæн йе 'фхæрд нæ ныббарста. Амардта йæ æмæ йæхи бафæсвæд кодта. Дзамболат æлдары фырты амардта, уый куы базыдтой Дзаххо æмæ Дзитта, уæд фæлидзæг сты æмæхсæвæджы. Æрмæст ма сæхиуæттæй иу адæймагæн загътой, сæ фæндаг кæуылты у, уый.

Дзамболат Стъараполы губернийы иу хъæуы ныллæууыд æххуырсты иу хæдзармæ. Чидæр æй банымыгъта æмæ йæм æвдисæндæр гæххæтт кæй нæ разынд, уый тыххæй йæ æрцахстой, базыдтой йæ, чи у, уый æмæ йæ Налцыкмæ сластой. Стæрхон ыл кодтой æнус каторгæ æмæ йæ ахастой Сыбырмæ. Уыцы хабæрттæн Дзаххо æмæ Дзитта ницыуал базыдтой.

Ахуыргæнæг: Æхсæйнаг хъæуы цæрджытæ  куыд суазæг кодтой Дзаххо æмæ Дзиттайы?.

Скъоладзау: Ныхасы цы адæм бадтысты, уыдон сын тынг хорз æгъдау скодтой; Дзаххо сын салам куы радта, уæд Ныхасы бадджытæ фæсабыр сты сæ хъæлæбайæ, сыстадысты æмæ «Æгас цу!» - загътой сæ бæлццонæн, æрбадын æй кодтой. Сылгоймаджы та Ныхасмæ хæстæгдæр цы хæдзар уыд, уырдæм бахуыдтой.

Ахуыргæнæг: Лæджыгаты Гæвди цæмæй бафиппайдта йæ уазджытæ ардыгон не 'сты?

Скъоладзау: Уый бæрæг уыд фыццаджыдæр Дзаххойæн йæ дзыхыныхасæй, стæй йæ дарæсæй. Хуымæтæджы фысдзарм худ, сау куырæт, йе стæнхъ ранæй – рæтты кæмæн фегом ахæм хъама, фæсмын зæнгæйттæ æмæ æрчъитæ.

Лæгæн йæ дарæс сæрæй къæхтæм афтæ æнгом бадтысты йæ уæнгтыл, æмæ цыма уыдон дæр йæ буарæй уыдысты.

Ус рогдæр арæзт уыд. Стыр кæлмæрзæн, даргъ морæ къаба æмæ сæрак дзабыртæ.

Ахуыргæнæг: Гæвдийымæ аныхасгæнгæйæ Дзаххо сфæнд кодта Æхсæйнаг хъæуы баззайын, уымæн æмæ йæм хъæуы цæрджытæ фæкастысты хæларзæрдæ, уазæгуарзон, цæсгом æмæ лæгдзинадæй æххæст чи сты, ахæм. Гæвди дæр Ныхасы адæмæн бамбарын кодта йæ уазæг чи у, кæцон у æмæ йæ фæндагаразæгæй бакусын кæй фæнды.

Адæмæн тынг æхсызгон уыд, цы лæг сæ хъуыди, уый сæм йæхи къахæй кæй æрцыд, уый.

Ахуыргæнæг: Куыд æрæвæлдта Дзаххо йæ куыстмæ?

Скъоладзау: Дзаххо йæ куыстмæ æрæвнæлдта зæрдиагæй. Куырдæн саразын кодта къахæн, бел, æндон сарт, иу цалдæр æфсæн цурчы æмæ дыууæ дзæбуджы. Сбæлвырд кодта фæндаг ногæй аразинаг кæмыты у, уыдæттæ. Æппæты фыццаг сарæзта тæссаг, бырынцъаг бынæттæ кæм уыд, уыдон. Стæй уæд райдыдта æппæты бынæй уæлæмæ, æфцæджы сæрмæ, фæндаг уæрæхдæр кæнын.

Ахуыргæнæг: Æхсæйнаг хъæуы цæрджыты зæрдæмæ цæмæй фæцыдысты Дзаххо æмæ Дзитта? Стæй сын уæхæдæг дæр куыд аргъ кæнут сæ удыхъæды миниуджытæн?

Скъоладзау: Дзаххо æмæ Дзитта уыдысты тынг уæздан, æгъдауджын, куыстуарзаг, хæларзæрдæ. Дзаххо æрмæст фæндаг нæ арæзта, фæлæ ма фæндагыл Хуссарырдæм дæр æмæ Цæгатырдæм дæр цы бæлццæттæ цыд, уыдонæн уыд стыр æххуыс. Йæхи цардæн дæр-иу тæссаг кæй уыд, уый зонгæйæ дæр-иу цыфæнды хъызт боны араст æфцæджы сæрмæ.

Тынг бирæты сласта Дзаххо мæлæты дзыхæй. Бæлццон адæмæн фæндагамонæг у, ахæм хæс ыл ничи æрæвæрдта. Фæлæ адæймагæн йæхи цæсгом цы хæс æвæры йæ разы, уый та? Уыцы хæс куы нæ æххæст кæна, уæд ма цæй лæг у? Бæлццæттæн уый бæрц æххуыс уыд, æмæ ма-иу ын куыд раарфæ кодтаиккой, уый дæр-иу нал зыдтой. Иуахæмы мæлæты дзыхæй сласта фондз адæймаджы. Уыдон бахаудысты ауыгъд цъитимæ, адæм Дадойы цъысым кæй хуыдтой, уырдæм. Бæлццæттæ фæдисы хъæр ныккодтой «Кæм дæ, цы фæдæ Уастырджи!».

Уалынмæ сæм Дзаххо ныхъхъæр кодта: «Мæнæ! Мæнæ дæн!».

Дзаххо йæ цыд фæтагъддæр кодта æмæ бæлццæтты стыр фыдбылызæй фервæзын кодта. Гъе æмæ йæ уыдон схуыдтой Фæндагсар Уастырджи. Дзаххо мæгуыртæй, сидзæргæстæй æхца нæ иста. Хъæуы фæкæсын кæмæ хъуыд, уыдонæн æххуыс кодта. Адæм хос кæрдынмæ куы ацыдысты, уыцы фыццаг бон Æхсæйнаг хъæуы иу сидзæргæс усы уыгæрдæнмæ ссыд æмæ йæ кæрдын райдыдта. Цыргъисæн бон алчи йæхи уыгæрдæнмæ фæцæуы, æмæ хосдзау кæй хæдзары нæй, ахæмы уыгæрдæны æрлæууыд, цæмæй хосгæрдæны  фыццаг бон уый дæр афтид ма уа.

Дзиттайæн дæр йæ фæлмæн ныхас, йæ рæвдыд, йæ алы хæрзиуæгæй хайджын уыдысты, уыцы фæндагыл цы адæм цыдысты, уыдон. Æгас хохбæсты Дзиттайы хуызæн ничи арæхст нæлгоймаджы дарæс хуыйынмæ. Йæ куысты мыздмæ ницы иста, фæлæ йын адæм йæ фыдæбонæн аргъ кодтой. Мæнмæ гæсгæ Куыдзæг ирон адæймаджы удыхъæды цыдæриддæр ссардта хорзæй, уыдон бавæрдта Дзаххо æмæ Дзиттайы фæлгонцты.

Ахуыргæнæг: Дзаххо æфцæджы рæбын хæдзар аразын фæнд куы скодта, уæд Дзитта цæй тыххæй бакатай кодта?

Скъоладзау: Дзитта бакатай кодта уый тыххæй, æмæ уыцы æдзæрæг комы иунæгæй куыд цæрдзыстæм, зæгъгæ. Фæлæ йын Дзаххо загъта, зæгъгæ адæмы уарзон хæдзар хохы цъуппыл куы цæра, уæддæр иунæг никуы уыдзæн. Фæлæ адæмимæ цæрын чи нæ арæхса, уый иунæг уыдзæн. Никæмæ цæудзæн, ничи йæм цæудзæн.

Ахуыргæнæг: Дзаххо цæмæн фæхъыг дардбæстаг уазджытæм?

Скъоладзау: Дзаххо кæм цардис, уырдæм хæстæг æрбынат кодтой æнахуыр уазджытæ. Дзургæ дæр æнахуыр æвзагæй кодтой. Семæ ма уыд ирон тæлмацгæнæг дæр.

Æнахуыр уазджытæ Дзаххойæн «дæ бон хорз» кæй нæ загътой, уый тыххæй сæм фæхъыг. Ацы комы Дзаххойы йеддæмæ цæрæг нæй, æмæ уыдоны нымадта йæ уазджытыл. Йæхæдæг сæм бацыд «æгас цæут» сын загъта.

Геологты хистæр Никъала Иванофф Дзаххойæ хатыр  ракуырдта, æрбадын æй кодта, æмæ нæхимæ Ирыстоны цыты уазæгæн цы гъдау скæнынц, ахæм æгъдау ын скодтой. Сæхимæ куы рацыд, уæд Дзиттайæн æппæлыд:

  • Фæндагсар Уастырджийыстæн, не 'фсин, ахæм хицау дзы никуыма федтон. Афтæ мæм кæсы, цыма нæхирдыгон æгъдауджын лæгыл чидæр уырыссаг дарæс скодта…

Тынг бахæлар Дзаххо Никъала Иваноффимæ. Дыууæйæ иумæ тæлмацгæнæг дæр семæ, цыдысты хæхтæм, кæмттæм æмæ æмбырд кодтой алыхуызон дуртæ. Тæссаг ранмæ куы бацæуынц, уæд сæм быцæудзинад рацæуы:

  • Ды мæнæй хистæр дæ æмæ уал æз бахизон разæй, кæннод ды куы фæцудай! – фæзæгъы индзылер. Дзаххо та уæддæр хæххон фæндæгтыл фæлтæрд адæймаг йæ фæнд атæры æмæ бацæуы разæй. Кæсæнцæстытæ йæ зæрдæмæ тынг фæцыдысты, кæсыны сæр æй кæдæм нæ хъæуы, уырдæм дæр уыдонæй фæкæсы. Дзаххо тынг бæллыди уырыссагау базонынмæ, цæмæй Никъалаимæ дзурынæй бафсæда. Уæдæ Никъала Иванофф йæхæдæг дæр афтæ, латинаг, бердзенаг æмæ францаг æвзæгты бæсты ирон æвзаг куы зонид, уæд «зонды къæбиц» кæй хоны, уыцы Дзаххоимæ бафсæдид ныхас кæнынæй. Дзитта дæр тынг лæггад кодта геологтæн, мады рæвдыд сæ кодта. Куы цыдысты , уæд сын Дзаххо кусарт акодта. Никъалайæн хъыг уыд, фæлæ йæ Дзаххо æрсабыр кодта.
  • Мæ кой ацы хъæуæй дарддæр никæдæм хъуысы хорзæй дæр æмæ æвзæрæй дæр. Фæлæ мын ды мæ худинаджы кой Стыр Уæрæсейы куы айхъуысын кæнай, уæд мын уый мæ сæныччы аргъæй зынаргъдæр слæудзæн.

Райсомы куы раст кодтой, уæд Никъала Иванофф æмæ йе 'мбæлттæ бирæ фæкуывтой Ирон Фæндагсар Уастырджийæн. Никъала систа йæ кæсæнцæстытæ æмæ сæ бахаста Дзаххомæ. Дзаххо фефсæрмы, нæ сæ куымдта, фæлæ йын куы загъта, мах кæдæм цæуæм, уым та балхæндзыстæм, уæд ницыуал загъта. Сæ хæринаггæнæн мигæнæнтæ та ныууагътой Дзиттайæн.

Ахуыргæнæг: Царды мидæг Дзаххо алцæмæй бæрзонддæр цы æвæры: исбон æви адæймаджы бæрзонд рæсугъд ном?

Скъоладзау: Дзаххо хорз зыдта, цы адæмы 'хсæн æрцард, уыдон куыд кадыл мард сты, уый, æмæ-иу искæмæн хорздзинад куы кодта, уæддæр -иу ахъуыды кодта, йæ хæрзиуæг уыцы адæймагæн йæ кад æмæ йæ ном куыд нæ фæкъæмдзæстыг кæна, афтæ. Уæдæ йæхи ном дæр, цы адæм æй зыдтой, уыдон æхсæн хæхтæй бæрзонддæр схызти.

Ахуыргæнæг: Цавæр стыр хæрзиуæг æрцыд Дзаххо æмæ Дзиттайыл?

Скъоладзау: Дзаххо æмæ Дзитта Хуыцаумæ куывтой, цæмæй сæ иунæг фырт сæрæгасæй сæмбæла йæ ныййарджытыл. Æмæ сæ бæллиц сæххæст.

Иу фæззыгон изæр та Дзаххо йæ кæсæнцæстытæй скаст æфцæгмæ æмæ федта иу бæлццоны. Уый кæуылты рауырдыг кодтаид, уый нал зыдта æмæ-иу куы иу ранæй æркаст бынмæ, куы иннæ. Æнхъæлмæ кастысты Дзаххо æмæ Дзитта бæлццонмæ, фæлæ æгæр æрæгмæ цыд. Уæд Дзаххо фанар райста æмæ ацыд бæлццоны размæ. Бæлццонæн йæ къах фездыхст æмæ дæргъæй хуыссыд йæ иу фарсыл. Дзаххо сыстын кодта бæлццоны, йæ дæлармы бацыд, йæ дзæкъул ын райста æмæ хæрз сындæггай араст сты дæлæмæ. Дзаххо бæлццонæн йæ къах тæвд хуырхы нывæрдта æмæ дзы иу дзæвгар куы фæци, уæд æй Дзаххо ныссæрфта æмæ йæ иу риуыгъд ракодта йæхирдæм, фадхъул йæ бынаты абадт. Дзаххо æмæ Дзиттайæн сæ уазæг разынд сæ фырт Дзамболат.

Мæнмæ гæсгæ, Дзаххо æмæ Дзитта æнæзæрдæхудтæй кæй фæцардысты, фæкуыстой, сæ хъару цас амыдта, уый бæрц кæй фæлæггад кодтой адæмæн, уый стыр арфæйаг хъуыддаг у. Хуыцау дæр сын ахæм стыр хæрзиуæг уый тыххæй ракодта.

Ахуыргæнæг: Цæмæн схуыдтой Дзаххойы Фæндагсар Уастырджи, исты сын иумæйагæй ис адæмы уарзондæр Уастырджиимæ.

Скъоладзау: Фæндагсар Уастырджи у æппæты кадджындæр æмæ адæмæн уарзондæр дзуар ирон мифологийы. Нæлгоймæгтæ, бæлццæттæ æмæ хæстонтыл аудæг бардуаг.

Дзаххо дæр арæзта фæндаг æмæ ма æххуыс кодта, уыцы фæндагыл цы бæлццæттæ цыдис, уыдонæн дæр.

Цыма-иу æй йæ зæрдæ базыдта, кæмдæр та фæндагыл бæлццæттæ тыхст уавæры сты, уыйау-иу сæ уæлхъус алæууыд. Алкæмæн дæр уыд тынг хæлар фысым. Хонгæ дæр æй уымæн скодтой Фæндагсар Уастырджи. Дзахойыл тынг сфидыдта уыцы ном.

Ахуыргæнæг: Дзесты Куыдзæджы радзырд «Хорхæссæг» æмæ йæ уацау « Фæндагсар Уастырджи»-йы æмхуызонæй исты ис?

Скъоладзау: Темсыр æмæ Доди дæр хор хæссынмæ ацыдысты уыцы фæндагыл. Æфцæджы сæрмæ куы схæццæ сты, уæд Темсыр дардыл фæкуывта æфцæджы дзуæрттæн фæндараст куыд фæуой, дзæбæхæй сæ хæдзарыл куыд сæмбæлой. Темсыр цал цыртыл æмбæлд, алкæй хабар дæр дзырдта Додийæн. Дзаххо дæр, æвæццæгæн, уыцы цыртытæ федта. Стæй ма ноджы Темсыр æмæ Доди цы ауындзæг цъитийæ ахаудтой, Дзаххо дæр фондз лæппуйы мæлæты дзыхæй уыцы ранæй фервæзын кодта.

Ахуыргæнæг: Дзаххо цы фæндаг арæзта, уый абоны бон та цы уавæры ис?

Скъоладзау: Абоны бон уым арæзт æрцыд æппæт дунеон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм фæндаг. Ис æм хорз хъусдард. Сæрдæй зымæгæй йыл машинæтæ цæуынц дыууæрдæм. Кæд æм тынг стыр хъусдард ис, уæддæр зымæджы æмæ уалдзæджы тæссаг вæййы зæйтæ рацæуынæй. Ныртæккæ дæр уыцы фæндагæн туджджын схонæн ис, уымæн æмæ зæйтæ куы рацæуынц, уæд бирæтæ бабын вæййынц уыцы фæндагыл. Раздæрау уалдзæгмæ нал баззайынц зæйты бын. Ис сæрмагонд ирвæзынгæнджыты къорд æмæ уыдон рæстæгыл фæзынынц æххуысмæ.

Ахуыргæнæг: Цавæр æвзагæй фыст у уацау?

Скъоладзау: Уацау фыст у рæсугъд хъæздыг æвзагæй. Куыдзæг йæ уацау фысгæйæ спайда кодта æмбисæндтæй, арфæтæй, сомытæй.

Ахуыргæнæг: Цавæр рæвдауæн дзырдтыл æмбæлæм уацауы?

Скъоладзау: Уацауы æцæгдæр бирæ арфæйы ныхæстæ ис: дæ фæхъхъау фæуон, дæ цæгаты хурæй бафсæд, дæ цæрæнбон бирæ, уæ фæндаг раст, дæ нывонд фæуон, дæ сæрыл хаст фæуон, дæ рын бахæрон.

Ахуыргæнæг: Æмбисæндтæ та?

Скъоладзау: «Гуыргæ чи ракæны, уый мæлгæ дæр акæны», «Уазæг – Хуыцауы уазæг», «Адæймаг цал æвзаджы зоны, уал лæджы у».

«Адзалæн нæй мадзал, уый йеддæмæ цæмæн нæй амал, ахæм ницы ис».

«Æхсæны кæнд цы хæдзар нал кæны, уый хæдзарыл нымад нал вæййы».

«Фыдбон æмæ фыдлæг бирæ нæ хæссынц».

Ахуыргæнæг: Уацауы ма сомытыл дæр æмбæлæм, нæ зæрдыл сæ æрлæууын кæнæм.

Скъоладзау: «Ме 'дзард æфсымæрыстæн».

«Фæндагсар Уастырджийыстæн».

«Фæлтау мæхи дыууæ цæсты рахауæнт».

Ахуыргæнæг: Уацауы ма æмбæлæм цыбыр таурæгъыл. Фыййау æй кæй тыххæй ракодта?

Скъоладзау: Уыцы таурæгъ фыййау радзырдта Дзиттайæн бузныг зæгъыны тыххæй.

Ахургæнæг: Цавæр мифологон дзуæртты кой ис уацауы?

Скъоладзау: Фæндагсар Уастырджи, Тыбаууацилла, Дауджытæ, Цыргъисæн бон.

Ахуыргæнæг: Цавæр аивадон мадзæлттæй пайда кæны фыссæг йæ уацауы?

Скъоладзау: Фыссæг пайда кæны олицетворенитæй (зæхх хурæй бафсæст; фæндаг бафсæддзæн; къæдзæхвæндаг рахид кæны; нал фефсæрмы мит; мигъ æрбадт хæхтыл…).

Абарстытæй (фынджы хуызæн; дзуары бадæн).

Метафорæтæй (урс мигъы къуымбилау ахæлиу сты фосы дзуг).

Урочы кæрон та ахуыргæнæг скъоладзауты æргом ногæй аздæхта урочы темæмæ, сæ хатдзæгтæ дæр баст уыдысты уыимæ.



Предварительный просмотр:

Темæ:Нигер (Дзанайры Иван)

«Бадилон симд»

Эпиграф:

Нæй никуы царды

Ссарæн фидыд

Æлдарæн æмæ

Мæгуыр æфхардан.

Сæ фыдтæ  иумæ куы

сфыцой аджы

Уæддæр сæ басæн

Нæй никуы, никуы

Сæмхæццæ  уæвæн.

Урочы нысан:1. Нигеры сфæлдыстады тыххæй зонындзинæдтæ парахатдæр кæнын.

  2. Поэмæйы мидисы равзæрсты  фæстæ хатдзæгтæ скæнын, ныхмæвæрд сурæттæ саразын, сæйрагдæр хатдзæг скæнын: хъæздгуытæ  æмæ мæгуыртæ фидыд никуы уыдзысты; сæйрагдæр у адæймагæн  йæ уды уæздандзинад, æддейы бакæсгæйæ уæздан нæ фæлæ.

3.Сывæллæтты зæрдæтыл æрлæууын кæнын нæ рагисторийы  уарзты хабар: чи уыдысты бадилатæ.

Цæстуынгæ æрмæг: Нигеры хуызист, поэмæйы мидисмæ скъоладзауты конд нывтæ.

Урочы цыд.

  1. Съоладзауты кусынмæ сразæнгард кæнын.
  2. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

Ахуыргæнæг:

–Кæм райгуырд Нигер?

 -  Куыд бауарзта ирон адæмы сфæлдыстад?

 - Цавæр къухфыст журнал уагъта йе мбæлттимæ Æрыдоны семинары ахуыргæнгæйæ?

  - Журналы эпиграф цавæр уыд?(«Таут хорз мыггаг, Ирыстон уæ бузныг уыдзæн»).

  - Цæмæн æй схуыдтой Сау лæппу?

    (Ирон æвзаджы Сау лæппу сау лагъз нæ нысан кæны, фæлæ сæрæн, æвзыгъд, хъæбатыр. Уыцы миниуджытæй  æххæст уыд Дзанайты Иван.)

Хицæн скъоладзауты хъусынгæнинæгтæ Нигеры цард æмæ сфæлдыстады тыххæй.

Ног æрмæг.

Дзырдуат:

Æвæлмон цард-безмятежная жизнь.

Бадилатæ- дигорская знать, аристократы.

Тæгиатæ-иронская знать.

Æнæрвæсон-высокомерный.

Ахуыргæнæг: Фарстытæм гæсгæ равзарын мидис æмæ хатдзæгтæ скæнын.

- Цæй фæдыл скодта куывд Афай?  Ссарут ацы  бынат æмæ йæ бакæсут.

- Уыцы куывды æрмæстдæр йæ циндзинад æвдисы?

(Йæ цин, йæ хъæздыгдзинад, йæ уæздандзинад.)

- Кæй æрхуыдта йæ куывдмæ?

(Йе мгæртты хъалты, афтæ схъал æмæ Нартæй йæхи уæлдæр æнхъæлын райдыдта).

Ахуыргæнæг: Скæнæм ма хатдзæг.

- Нæй йæм æцæг уæздандзинад.

Нæртон лæг йæ куывдмæ хуыдта  æппæт нарты: мæгырæй хъæздыгæй.

Гуымиры абарст: Зилахар – нæртон адæмы  удварнон бынат æмæ Сылтаныхъы фæтæнтæ-бæркад хæссæг быдыртæ.

- Куывды бадилаты фæлвæд куыд æвдыст цæуынц?

(Цæхæртæ калы сæ уæлæдарæс, сæ цæсгæмттæ ирд, хъал).

Ахуыргæнæг:Тексты ссарут ацы бынат æмæ йæ бакæсут.

  - Мæгуыр фæсивæд цы бынат ахсынц поэмæйы?

(Уæззау куыст ис уыдоны æккойы).

(Бадынц фысымтæ æмæ уæздæттæ дзаг фынгыл, уадзынцгаджидæуттæ.

Нæ фыдæлтæ дзырдтой: «Хуыцауы хорзæхæй адæмы хорзæх хуыздæр у». Ахуыргæнæ:Бадилатæ кæй хорзæхмæ бæллынц?

   - Бадилаты хистæрæй цы зæгъы поэт?

   - Æцæг уæзданы миниуджытæ кæмæ ис уазджытæй? (Тугъанты Амырханмæ).

    - Куыдæй разынд хъазтмæ Инал?

(Йæ конд, йæ бакаст, йæ митæ, æвдмсынц, хъал, зынæрвæсон лæппуйы æууæлтæ).

- Фацбай та цавæр у цæимæйæ бары поэт? (Скъоладзау кæсы скъуыддзаг найзусть).

(1.Фацбай у цардбæллон. Уыцы миниуæг ын поэт æвдисы аллегорион нывы хуызы: рæсугъд дидинæг, сыфтæфтауæг бæлас. Æмбисонд у сауцъиуы зарæг: Уый зары цардæн, хурæн.

2.У  зæрдæхæлар, куысткарзон, сабыр, цæхæрцæст. Куывды рогуæнгæй лæггад кæны,бафæллад.

 3.Фæлæ фæндыры цагъдмæ йæ фæллад  айрох  æмæ  бадилаты симдмæ, хъазтмæ рахызт).

Ахуыргæнæг: Поэт куыд фыссы уыцы мийы тыххæй?

(Скъуыддзаг кæсы скъоладзау: Нæй никуы царды

                                                           Ссарæн фидыд…

- Куыд равдыста йæхи хъал залихан кафты мидæг?

(Тыхст, æххуырстыл не рвæсы,æлгъ кæны кусæг лæгмæ).

-  Цы ми бакодта сæрыстыр Файбай?

 - Куыд равдыста йæхи Инал?

- Цы æбуалгъ ми бакодтой бадилаты «уæздан» фæсивæд?

 - Ныхмæвæрд сты поэмæйы æрдзы нывтæ. Радзурут ма поэмæйы райдианы æмæ кæроны æрдзы нывтæ куыд æвдыст цæуынц?

Хатдзæгтæ:

Ахуыргæнæг:  Уæдæ поэмæйы цавæр ныхмæвæрд хъайтартæ ис?

(Æвæрццæг-Фацбай,  æппæрццæг-Инал.

Инал: йæ мадæн иунæг, йæ фыд  æлдар, буцхаст,  хъал, хирвæссон, дурзæрдæ.

Фацбай: йæ мадæн иунæг, йæ фыд æххуырст, фыргуыстæй мард, бæрзонд, фæтæнуæхск, цардбæллон).

Ахуыргæнæг:  Уæдæ цавæр сæйраг хъуыды æвæрд ис поэмæйы?

(1.Нæй фидыд æлдæрттæ æмæ  æххуырстыты хсæн.

2.Цæуы æмæ цæудзæн тох: хъæздыг хъахъхъæндзæн йæ æвæлмон цард, æфхæрд  мæгуыр  лæгæн рæстдзинад æмæ бартæ. Ахæм у поэты хатдзæг).

Хæдзармæ куыст

Бæрæггæнæнтæ.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Разработка интерактивного урока по осетинской литературе в 8 класс е("Нарты симдма" гасга)

Урок построен на анализе сказания о Батразе по Нартскому эпосу. Присутствуют элементы исследовательской работы, интегрированного урока, урока саморазвития, используются проблемный метод, объяснительно...

Открытый урок по осетинской литературе в 8 классе "Бритаев Елбиздико"

Осетинский писатель, драматург Бритаев Елбиздико поставил много спектаклей на сцене Осетинского Драмтеатра....

Открытый урок по осетинской литературе в 10 классе "Женская судьба в произведении Гадиева Сека "Азау"

Гадиева Сека  в драме "Азау" рассказал о трагической любви двух молодых людей...

Разработка открытого урока по родной литературе

привить любовь к родному языку;пробудить интерес к языку как учебному предмету;повысить общую языковую культуру;стимулировать познавательную активность учащихся...

Открытый урок по осетинской литературе в 5 классе на тему "Къоста -Ирыстоны хур"

Данный урок по осетинской литературе был проведен на День Рождение основоположника осетинской литературы К.Л.Хетагурова....

МЕТОДИЧЕСКАЯ РАЗРАБОТКА ОТКРЫТОГО УРОКА Учебная дисциплина: «Литература» Тема: «Лирический герой поэмы А.Т. Твардовского «Василий Теркин»

Раскрыть гражданское мужество поэта; показать роль поэмы и героя в годы войны; помочь обучающимся осознать истоки нашей победы....