Методическая разработка по осетинской литературе в 5 классе на тему: «Адæймаг æмæ æрдз» Хуыгаты Сергейы радзырд «Зокъотæ»-м гæсгæ.
методическая разработка (5 класс)

Накусова Ирина Ахсарбековна

Методическая разработка по осетинской литературе в 5 классе на тему: «Адæймаг æмæ æрдз» Хуыгаты Сергейы радзырд «Зокъотæ»-м гæсгæ.

Скачать:

ВложениеРазмер
Microsoft Office document icon huygaty_sergey_zokota.doc57.5 КБ

Предварительный просмотр:

Урочы темæ: «Адæймаг æмæ æрдз» Хуыгаты Сергейы радзырд «Зокъотæ»-м гæсгæ.

Урочы нысантæ:

    1. Скъоладзаутæн  бамбарын кæнын адæймаг æмæ æрдзы хæстæгдзинад.

    2. Скъоладзауты ахуыр кæнын текстæн анализ кæнын.

    3. Ахыурдзаутæм  æвзæрын кæнын уарзæгой, аудыны цæстынгас æрдзмæ.

    Урочы эпиграф.  

                      Æрдз нæ дарæг, не сфæлдисæг.

                       Зæхх æрдзæн йæ мад у, хур та-йæ фыд.

                       Зæххы фарн адæмы фарн у.

(ирон æмбисæндтæ)

    Кусæн æрмæг.  Компьютерон презентаци урокмæ.

Урочы цыд.

I.Бацæттæгæнæн рæстæг.

II.Урочы темæйыл куыст.

1.Проблемон уавæр.

      Дуар æрбахостæуыд. Къласмæ æрбахызт лæппу æд чыргъæд.

  -Уæ бон хорз уæд.

  -Æгас цу.

    -Мæнæ уын хъæдгæс  хъæды лæвæрттæй æрбарвыста. Амæй, размæ, дам, мын тынг баххуыс кодтой, хус къалиутæй, дам, ссыгъдæг кодтой  хъæд (чыргъæд дæтты ахуыргæнæгмæ)

  2.Мотивацион  уавæр.Ахуыргæнæг: Мæнæ дзы цас бæркад ис! Уый дын æнгузтæ, тæрсытæ, дзæбæхгæнæн кæрдæджытæ. Мæнæ зокъотæ дæр. Мæнæ ай та къонверт йæ хуылфы та цы ис? (Исы дзы гæххæтт). Уыци-уыцитæ.

Уыци-уыцитæ.

  1. Дохтыр нæу, афтæмæй дзæбæх кæны (хъæд)
  2. Адæймаг нæу, фæлæ вæййы рæдауфысым (хъæд)
  3. Бæласы бын худджынтæй хуртуан (зокъотæ)
  4. Сæрдæй,зымæгæй –иу хуызы мидæг (нæзы)
  5. Сæрд уæлæмæ цæуы, зымæг- бынмæ (кæрдæг)
  6. Къутæры бын-сындзыты дзæкъул (уызын)
  7. Йæ къæдзил йæхицæй стырдæр ( тыртына).

(  Интерактивон фæйнæгыл фæзынынц нывтæ-дзуаппытæ)  

Ахуыргæнæг. Кæд нæм уыцы хуызы уыци-уыцитыл ныхас рауад , уæд нæ урочы темæ уыдзæн…. (Æрдзы тыххæй) Нæ ныхас  рацараздзыстæм  Хуыгаты Сергейы  радзырд  «Зокъотæ»-йы бындурыл.

 3.Дзырдуатон куыст. Ахуыргæнæг:  Куыд æмбарут дзырд  æрдз-ы мидис?

 ( Зæххыл цыдæриддæр ис-зайæгойтæ, цæрæгойтæ, цæугæдонæй, хохæй, денджызæй-иумæ сын схонæн ис æрдз)

4.Уацмысы анализ

  1. Беседæ.Радзырды сюжет зæрдыл æрлæууын кæнын.
  2. Литературæйы теори.

Уацмысы цæутæ фæдфæдыл æвæрд æмæ кæрæдзиуыл бастæй раттынц сюжет,кæцыйы æвдыст æрцæуынц архайджыты æхсæн ахастдзинæдтæ,сæ характерон миниуджытæ,зæрдæйы уаг.

  1.  Дзырдуатон куыст.

 Тыртына – белка (цавæр нæмттæ ма йын ис?)  

 Тæгæр- клен, залмысыф –лопух.

  1.  Хœс: Фæйнæгыл –нывтæ,радзырды алы хайыл дзурæг нывтимæ.  Нывтœ раст равœрын радзырды сюжетмœ гœсгœ
  2. Текстæн пълан скæнын.

а) Баба æмæ чысыл лæппу фæцæуынц хъæды.

Æ ) Уарын ныккалдта, арв ныннæрыд.

б) Хуры скаст.

в) æрвдзæф бæласы уавæр . Бабайы уавæр.

г)    Баба æмæ лæппу равзæрстой зокъоджын ран.

гъ) Зокъотæ ныууагътой бæласы  мæрайы.

д) Зокъотæ –бæласы хус къалиутыл фестадысты.

  6.Къорты куыст.

1-аг къорд характеристикæ дæтты бабайæн.

 (Баба у тынг зæрдæхæлар, тæригъæдгæнаг.  Арв цы бæлас æрцавта, уый цур лæууы зæрдæуынгæгæй. Акалынмæ дæр равзæрста æппæтæй зæронддæр бæлас, уæддæр йæ цæрæнбонтæ бирæ нал сты, загъгæ. Уæдæ дам, ма уый цæринаг уыдаид, уæд ыл уый бæрц зокъотæ зади! Сæ азарæй нын мацы уæд, зæгъгæ, уæддæр йæхи фæдзæхсы. Баба йæ сæрмæ не`рхаста йæ зокъотæ фæстæмæ тыртынайæ байсын. Тыртына, дам, тыртына у, æз та лæг дæн).

2-аг къорд характеристикæ дæтты лæппуйæн.

        (Лæппу зæрдæхæлар, коммæгæс. Бирæ уарзы йæ бабайы. Бузныг у Бениайæ, бабайæн йæ рыст чи фæсабыр кæны йæ хостæй. Фæфæнды йæ уымæн исты лæггад бакæнын).

3-аг къорд характеристикæ дæтты тыртынайæн.

        (Тыртына у тынг зондджын цæрæгой. Хæдзардзин. Адæймагау тыхсы йæ зымæгыл. Адæймагау зокъотæ дæр хусмæ æрцауыгъта.

7.Хæс:  Тыртынайы тыххæй  ныффыссын акростих.

Сывæллæтты дзуаппытæй.  

  1. Тарстхуызæй мæрайæ ракаст,

Ыслæууыдис, фæлгæсы.

Рагæпп кодта зæхмæ рæвдз.

Тагъд – тагъд амбырд кодта зокъо,

Ысхылдис та бæласмæ,

Ныппæрста сæ мæрамæ,

Аходæнæн лæппынтæм.

  1. Тыхстхуызæй ракастис бæрзæндæй,

Ыставд къалиуыл æруад,

Рамбырд кодта зокъотæ,

Тагъдгомау фæстæмæ схылд,

Ыскодта ныр рæбынтæ,

Нал тæрсдзæн æххрмагæй,

Афсаддзæн йæ лæппынты.

8.Хæс. Баххæст кæнын таблицæ.

Фæлмæн ныхœстæ

Эпитеттæ

олицетворенитæ

9.Ахуыргæнæг.  Зæгъут-ма, хъæды æрмæст зокъотæ ис? (Хъæды ис бирæ хосгæнæн кæрдæджытæ.)

Равдисын презентаци  «Хосгæнæн кæрдæджытæ»

 10.   Ахуыргæнæг.  Цавæр уацмыстæ ма зонут, цæрæгойты тыххæй?

 (  Боситы Ирбеджы «Æмбаргæ куыдз»,Коцойты Арсены «Хъусой»,Нигеры «Дыууœ зæрватыччы æмæ дыууæ сыхаджы аргъау»)

Ахуыргæнæг. Цавæр зонд сæ райстат? (  Бамбæрстам, æрдз уарзын æмæ хъахъхъæнын кæй хъæуы. Уый тыххæй, æмæ нын æрдзы цы ис, уыдонæй нын иутæ æнæниздзинад хæссынц, иннæтæ нæ цæст рæвдауынц, нæ зæрдæтæ нын фæлмæндæр кæнынц.)

Ахуыргæнæг. Æрдз ма йæхæдæг йæхи зæрæмæ дæр фæцæуы. Уый тыххæй хорз радзырд ис Григорий Цыферовмæ

 «Тæгæрбæлас».

        Тæгæрбæласы сырх сыфтæртæ æрызгъæлдысты зæхмæ. Лæппын рувас сæ æруыгъта æмæ сæ равæрдта, йæ хæдзармæ цы къахвæндаг згъордта, ууыл. «Уадз æмæ мæ уазджытæн æхсызгон уа», - загъта йæхинымæр рувас. Фæлæ йæм ничи æрбацыд тæгæры сыфтæй æмбæрзт фæндагыл.

– Уæд цæмæн, цæй тыххæй? -бафарста рувас саг-сæгъыты. – Диссаджы рæсугъд фæндаг, æфтæмæй йыл ничи цæуы.

– Эх, арф ныуулæфыд саг, тæгæры сыфтæр зæрдæйы æнгæс у, æмæ мæ бон нæу ныллæууын фæззæлджы зæрдæйыл.

11.Урочы эпиграфыл куыст.  Ахуыргæнæг.Куыд æмбарут   урочы эпиграф?   (Зæххыл алцыдæр адæймаджы тыххæй у. Алцæмæн дæр дзы ис йæхи стыр ахадынзинад. Æнæ хур, дон æмæ зæххæй цард нæй хуымæтæджы нæ кувæм Хуыцаумæ æртæ чъирийæ. Дзæгъæл нæ раарфæ кæнынц , донарæхæн дæ цард, зæгъгæ.)

 III.Рефлекси.  Дзырдтæ «баба», «лæппу» æмæ «тыртына»-имæ синквейн саразын.  (Скъоладзауты  дзуæппытæй)

Баба.                                                                                Лæппу.

фыдæбонджын, зæрдæрыст                             коммæгæс, уарзæгой

куыста, хъомыл кодта, рæвдыдта             коммæ каст, æххуыс кодта, бæллыд

Баба уыд зондджын хистæр.                           Лæппу уыд æгъдауджын.

 куырыхондзинад                                                      æнувыддзинад

Тыртына.

цæрдæг, хæдзардзин

давта, хаста, æмбæхста.

Тыртына у амалджын цæрæгой.

æрхъуыдыдзинад.

IV.Хœдзармœ куыст .Ныффыссын нывæцæн «Мæ Ирыстоны æрдз»


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Методическая разработка к уроку литературы. 7 класс.

План-конспект залючительного урока по литературе в системе уроков изучения повести Н.Гоголя "Тарас Бульба" в 7 классе....

методическая разработка урока биологии в 6 классе по теме "Движения живых организмов" и презентация к ней. Методическая разработка урока биологии в 6 классе по теме "Дыхание растений, бактерий и грибов" и презентация к ней.

Методическая разработка урока с поэтапным проведением с приложениямиПрезентация к уроку биологии в  6 классе по теме "Почему организмы совершают движения? ".Методическая разработка урока с поэтап...

Методическая разработка урока музыки в 5 классе по теме: «Образы героев романа Л.Н. Толстого «Война и мир» в литературе, музыке и живописи»

Данную разработку можно использовать на уроках музыки в 5 классе, в разделах «Что роднит музыку с литературой» или «Музыка и изобразительное искусство». Я проводила его как обобщающий урок по программ...

Методическая разработка урока по творчеству С.А. Есенина "Тема Родины и природы в лирике Сергея Есенина"

Урок по дисциплине «Литература» «Тема Родины и поэзии в лирике Сергея Есенина» знакомит студентов с особенностями творческого метода поэта, истоками народности. Студенты делятся своими исследованиями ...

Методическая разработка интегрированного урока литературы и биологии по теме: «Цветок в природе, легендах, поэзии и музыке»

Интегрированный урок - одно из новшеств современной методики. Данный урок связывает на первый взгляд несовместимые предметы: биологию и литературу. Он позволяет учащимся увидеть мир в многообразии и е...

Методическая разработка по осетинской литературе в 8 классе на тему:«Фыдыбœстœ уœ дзырды сœр куы уа,- Фыццаг ныхас-иу мард хœстонтœн раттут» Плиты Грисы балладœ «Авд цухъхъамœ» гœсгœ.

Методическая разработка по осетинской литературе в 8 классе на тему:«Фыдыбœстœ уœ дзырды сœр куы уа,- Фыццаг ныхас-иу мард хœстонтœн раттут»  Плиты Грисы балладœ  «Авд цухъ...

Методическая разработка по осетинской литературе на тему: «Симд-ирон аивады хæзна»

Интегрированный урок по теме "Симд-сокровищница осетинского народа"...