Методическая разработка по осетинской литературе на тему: «Симд-ирон аивады хæзна»
методическая разработка (8 класс)

Накусова Ирина Ахсарбековна

Интегрированный урок по теме "Симд-сокровищница осетинского народа"

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл simd-iron_aivady_hoezna.docx494.98 КБ

Предварительный просмотр:

 

Темœ:               «Симд-ирон аивады хæзна»

Урочы нысантæ:  

 

Урочы хуыз:  

 

Урочы фæлгонц: компьютер(презентаци),интерактивон фæйнæг,видеоæрмæг.

Урочы эпиграф

Уœздан симд ахœссы дунемœ фидиуœг Ирœй,

Ирон симд ссудзы алкœйы риуы цœхœр.

Уый махœн фыдœлтœй баззад намысы кадœн,

Нœ зœрдœты фидар,балцы куы вœййœм, уœддœр

Урочы цыд

I.Бацæттæгæнæн рæстæг. Психологион уавæр. 

Сывœллœттœ, абон бакусдзыстæм  къордты.  Уырны мæ, кæрæдзийæн кæй æххуыс кæндзыстут,уый.  Уœдœ кœрœдзийы къухтæ райсæм, мидбылты бахудæм œмœ райдœйам нœ куыст.

 

II.Урочы темæйыл куыст.

1.Мотивацион уавæр. Ахуыргœнœг:  

Уœздан симд ахœссы дунемœ фидиуœг Ирœй,

Ирон симд ссудзы алкœйы риуы цœхœр.

Уый махœн фыдœлтœй баззад намысы кадœн,

Нœ зœрдœты фидар,балцы куы вœййœм, уœддœр.

-Цæуыл дзурдзыстæм нæ урочы? (Ирыстоны æппæты рагондæр æмæ уарзондæр кафт «Симд»-ы тыххæй).Урочы темæ  у: «Симд-ирон аивады хæзна». 

 1306439253_002

2.Кластер.Ахуыргœнœг: Цавæр ассоциацитæ уæм сæвзæрын кæны дзырд «симд»?

Хæс: Ныффыссын  сæ кластеры хуызы.

3.Дзырдуатон куыст. Проектон куыст.

Хæс: Лæвæрд пъланмæ гæсгæ бацæттæ кæнын цыбыр проект.

Пълан

1.Ирон-уырыссаг дзырдуатæй рафыссын дзырд «Симд»-ы нысаниуæг.

2.Интернеты тыгъдады  ссарын  симды тыххæй æрмæг æмæ йæ рафыссын.     https://ru.wikipedia.org    https://dic.academic.ru/

3.Номдар симд - æй саразын мивдисæг.

4.Цы нысан кæны мивдисæг «Симын»-ы  этимологи ,уый сбæрæг кæнын.

5.Саразын цыбыр презентаци симды тыххæй.

Ахуыргæнæг: Зындгонд ирон ахуыргонд,æвзагиртасæг, профессор Абайты Васо равзæрста афтæ:  «симд» арæзт у «симын»-æй. та баст у араббаг дзырд «sama»-имæ æмæ нысан кæны «ритуальный танец дервишей».

 D:\SystemData\Admin\RabStol\Осетия\абаев.jpg

4.Зындгонд  адæмы  раныхæстæ симды  тыххæй.

1. Серж Лифарь- зындгонд французаг балетмейстер

«Что я видел! Гениальный танец. Танец Божеств! Только  по одному этому танцевальному шедевру («Симду») можно определить высокую культуру народа, которому этот танцевальный праздник принадлежит». https://im0-tub-ru.yandex.net/i?id=ad5fa31c6bb14b126cb5d517652c0921&n=13

2. Дмитрий Алексидзе –Гуырдзиаг режиссер ,Уæрæсейы адæмон артист

«Да здравствует „Симд“ – танец, который выражает рыцарство, чистоту чувств, мужество и благородство. Да здравствует такой народ, да здравствует такое искусство!»

https://im0-tub-ru.yandex.net/i?id=a2fbd4c2c47ac198625a1a739a5d162d&n=13

5. Равдисын   видеоæрмæг. Ансамбль «Алан»

 

6. Ахуыргæнæг. Цавæр æнкъарæнтæ  уæм сæвзæрын кодта «симд»?

Хæс:  Равдисын ахорæнты  руаджы æнкъарæнтæ.

     Нывкæнынады аивады стильтæй иу хуыйны экспрессионизм. Ахæм нывы нывгæнæг ратты эмоционалон (æнкъарæнджын) характеристикæ  фæлгонцтæн, уавæртæн.  

 

7.  Къордты куыст. ИНСЕРТ.

Хæс:  Алы къордæн дæр раттын текст æмæ таблицæ.Текст хъæуы лæмбынæг бакæсын æмæ таблицæйы цæджындзты хъæугæ нысантæ сæвæрын 

   

1 текст.

Нæртон симд

Алы адæмыхатмæ дæр ис бирæ диссаджы кæфтытæ, фæлæ йын уыдоны æхсæн æппæтæй уарзондæр вæййы йæ культурæ, цардыуаг,  æгъдау æмæ истори ирддæрæй кæм разынынц, уый.

Ирон кæфтытæн сæ тæккæ рагондæр æмæ зындгонддæр  у «Симд».

Раджы заман Ирыстоны «Симд» кафыдысты дыууæ хуызы. Иу хуындис «Нæртон симд». Симдæн уыдис ритуалон нысаниуæг. Адæм афтæ нымадтой,цыма ацы кафтæй фарн цæуы.

«Дыууæуæладзыгон», «æддæгуæлæ» кæнæ «Нæртон симд» кафыдысты  Ногбоны æхсæв æрыгон, тыхджын нæлгоймæгтæ дыууæ уæладзыгæй куывды арты æмæ агты алыварс. Кафджыты нымæц –иу хæццæ кодта 200 онг. Кафты мидæг уæллаг уæладзыг хъæр кодта фыццаг уæладзыджы кафджытæм: «Бакувут!». Иннæты дзуапп уыди: «Дæлæмæ æрхаут!».

Хистæртæ куыд дзырдтой, афтæмæй раздæр нæ рагфыдæлтæ симд æртæ уæладзыгæй кафыдысы: æртыккаг уæладзыджы уыдысты галтæ кæнæ байрæгтæ.

Туркаг  хæсты рæстæг 19-æм 70-æм азты  æфсады фенæн уыди, ирон хæстон фæсивæд «æддæгуæлæ симд» куыд кафыдысты,уый. 

https://im0-tub-ru.yandex.net/i?id=81fec5c3ef60277813575caefa044ff5&n=13

2 текст

Тымбыл симд.

Симд у Ирыстоны уарзондæр кæфтытæй иу.Раджы заман  Симд кафыдысты дыууæ хуызы. Иу хуындис «Нæртон симд»,иннæ та «Тымбыл симд».

Абон арæхдæр кафынц «Тымбыл симд».Кафты бацæуынц нæлгоймæгтæ дæр æмæ сылгоймæйгтæ дæр. Кафджыты нымæц хъуамæ уа къайон, уымæн æмæ лæппутæ æмæ чызджытæ фæкафынц къæйттæй.

Фæсивæд рагацау райдайынц сæхи цæттæ кæнын хъазтмæ. Лæппутæ фæтырнынц , цæмæй акафой  йæ зæрдæмæ цы чызг цæуы, уыйимæ. Кафты рæстæг  лæппуйы змæлд вæййы цырд, рог æмæ арæхстджын. Сæхи дарынц сæрбæрзондæй. Кафгæ-кафын лæппу фæархайы, цæмæй ма фæрæдийа, цæмæй йæ кафт фæцæуа куыд хистæрты зæрдæмæ, афтæ йе ’мгæртты зæрдæмæ дæр. Февдисы йæ уæздан ахаст чызгмæ. Чызгæн та йæ къахайст кафты рæстæг вæййы ленкгæнæгау. Симды рæстæг лæппутыл вæййы цухъхъатæ,чызджытыл та разкъæрттæ. Сæ дыстæ вæййынц даргъ,цæмæй къухтæ æппындæр ма зыной.

«Симд»-ы бындуры ис дыууæ элементы: æмраст (прямая) æмæ тымбыл (круг).

Уыдон нысан кæнынц хур æмæ  æнæкæрондзинад (бесконечность). 

https://im0-tub-ru.yandex.net/i?id=4e2c8274896de1f63c5c07fc48c2fada&n=13

Ахуыргæнæг: Цы базыдтат ногæй симды тыххæй?  Цавæр хуызтыл дих кодта?

 Цавæр элементтæй арæзт у «Симд»?  Цы нысан кæнынц? Цавæр удыхъæды миниуджытæ бæрæг кæнынц, кафты рæстæг чызджытæ æмæ лæппутæ сæхи куыд дарынц, уый?

8. Литературон уацмыстыл афæлгæст. Саразын хур.

 Ахуыргæнæг: Аивадон уацмысты  арæх ис сæмбæлын «симд»-ы æрфыстыл.

Хæс:  Базонын, цавæр уацмысæй ист сты  скъуыддзæгтæ,чи у сæ автор.   Равзарын лæвæрд дзырдтæй-тынтæй, ирон адæймаджы цавæр хуыздæр миниуджытæ æвдыст æрцæуынц «Симд»-ы,уыдон. Фæйнæгыл сæ  бакæнын. Саразын хур.

«Нарты симд»

«Зилахары- быдыры хъазæн лæгъзы уыцы гуыпп æмбырд сты Нарты фæсивæд.Симд самадтой уыдон хъазæн лæгъзы. Симгæ та афтæ кодтой, æмæ хæхтæ згъæлыдысты,сау хъæды бæлæстæ  фæстытæ кодтой,зæхх сæ быны лæпп-лæпп кодта…»

«Нарты кадджытæ»

иудзинад,тых ,ныфс, хœлардзинад, арœхстдзинад

 ЗИЛАХАР

Нарты хъазæн, тыхæвзарæн æмæ арæхстдзинæдтæ æвдисæн фæз

быдыр. Нартæ фат æмæ æрдынæй, кардæй æмæ цирхъæй, бæхтыл дугътæ уадзынæй, кафын æмæ зарынæй сæ кæрæдзи кæм æвзæрстой, цуаны кæдæм цыдысты, ахæм бынат. Хъазæн фæз — афтæ дæр ма йæ хуыдтой.

«Бадилон симд»

Цæуы  къæрццæмдзæгъд;

У хъазт йæ тынгыл.

Лæууынц æмгуыппæй

Чызгæй, лæппуйæ.

Æрлæууыд хъазтæн

Йæ кæрон лæппу,

Цырæгътæ судзынц

Йæ цæсты бакæс,

Тæмæнтæ калы

Йæ цæсгом иууыл.

Æрбауад уайтагъд

Фацбаймæ чидæр

Æмæ йæ симдмæ

                                   Фæкæны уартæ…                          Нигер

Сœрыстырдзинад ,уœздандзинад

Бадилатæ- афтæ хуыдтой 18-19 æнусты  Дыгуры æлдæртты, феодалты. Уыдоны къухы уыдысты царды хъæздыгдзинæдтæ.        

«Ирæд»

…Хъазты чегъре æваст Хуысинæйы раз февзæрд. Чызджытæм æй фæкæны.Хъуыдинæйы рад æрхауд.Чегъре йæ разы æрлæууыд…

     Лæппуйы цонг ссыгъд.Чызджы цæсгом фæсырх.Фыццаг хатт симдтой иумæ.Уарзæттæ симынц,зæххыл æндзæвы æрмæстдæр къахфындз,зæрдæтæ уæлæрвты тæхынц.Æмцыд,æмист кæнынц сæ къæхтæ.Зæрдæтæ риуты дугъ рауагътой.Сæ зæрдæты гуыпп-гуыпп хъуысы кæрæдзимæ.Фæлæ мæнæ æрсабыр сты дугъæттæ.Фæндыры цагъд сæм тынгдæр сыхъуыст…

Хъйттаты Сергей

уарзондзинад

 Чегъре- кœфтыты амонœг бœлвырд адœймаг . Уый амыдта чи рацœудзœн кафынмœ ,œнœ уый амындœй кафты фœзмœ рацœуыны бар никœмœн уыд.

 

 III.Рефлекси.  

1. Дзырд «симд»-имæ синквейн саразын

Скъоладзауты дзуæппытæй.

Симд

нæртон,тымбыл

симын,уарзын,ахуыр кœнын

Симд-ирон адœмы кафты хæзна.

иудзинад

2.Флеш-моб.Скъоладзаутæ кафынц «Симд».

IV.Хœдзармœ куыст . Бацæттæ кæнын  цыбыр проектон куыст «Ирон адæмон кæфтытæ»


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Методическая разработка по осетинской литературе в 8 классе на тему:«Фыдыбœстœ уœ дзырды сœр куы уа,- Фыццаг ныхас-иу мард хœстонтœн раттут» Плиты Грисы балладœ «Авд цухъхъамœ» гœсгœ.

Методическая разработка по осетинской литературе в 8 классе на тему:«Фыдыбœстœ уœ дзырды сœр куы уа,- Фыццаг ныхас-иу мард хœстонтœн раттут»  Плиты Грисы балладœ  «Авд цухъ...

Методическая разработка по осетинской литературе в 5 классе на тему: «Адæймаг æмæ æрдз» Хуыгаты Сергейы радзырд «Зокъотæ»-м гæсгæ.

Методическая разработка по осетинской литературе в 5 классе на тему: «Адæймаг æмæ æрдз» Хуыгаты Сергейы радзырд «Зокъотæ»-м гæсгæ....

Методическая разработка открытого урока по дисциплине "Осетинская литература". Тема: «Мыййаг хœсты быдыры искуы куы фœуон мард…»

Методическая разработка открытого урока по дисциплине "Осетинская литература". Тема: «Мыййаг хœсты быдыры искуы куы фœуон мард…»...

Методическая разработка открытого урока по дисциплине "Осетинская литература".Тема: Æрдз æмæ адæймаджы \'хсæн удхæстæгдзинады хъуыды Агънаты Гæстæны уацау «Фæстаг бæх»-мæ гæсгæ.

Методическая разработка открытого урока по дисциплине "Осетинская литература".Тема: Æрдз æмæ адæймаджы 'хсæн  удхæстæгдзинады хъуыды Агънаты Гæстæны уацау «Фæстаг бæх»-м...