Методическая разработка открытого урока по дисциплине "Осетинская литература". Тема: «Мыййаг хœсты быдыры искуы куы фœуон мард…»
методическая разработка

Елоева Алла Таймуразовна

Методическая разработка открытого урока по дисциплине "Осетинская литература". Тема: «Мыййаг хœсты быдыры искуы куы фœуон мард…»

Скачать:


Предварительный просмотр:

МИНИСТЕРСТВО  ОБРАЗОВАНИЯ  И  НАУКИ  РСО-АЛАНИЯ

       ГАПОУ «СКАТК»  

СП  «СЕВЕРО – КАВКАЗСКИЙ  ЛЕСНОЙ  ТЕХНИКУМ»

                                 

 

Методикон бакуыст ирон литературæйæ.

Гом урок.

Тема: «Мыййаг хœсты быдыры искуы куы фœуон мард…»»

(Кочысаты Мухарбег амœ Калоты Хазбийы сфœлдыстадмœ гœсгœ)

C:\Users\SFM\AppData\Local\Microsoft\Windows\Temporary Internet Files\Content.Word\в.jpg

                                                                 Автор:  Елойты А.Т.

Алагир 2019 год

Урочы темæ:

 «Мыййаг хœсты быдыры искуы куы фœуон мард…»

(Кочысаты Мухарбег амœ Калоты Хазбийы сфœлдыстадмœ гœсгœ)

Урочы нысан:

  1. Æрдзурын Фыдыбæстæйы Стыр хæсты цаутыл, Уæлахизы 75 азыл.
  2.  Ахуырдзауты базонгæ кæнын  Калоты Хазбийы æмæ Кочысаты Мухарбеджы сфæлдыстадимæ.
  3.  Фидар кæнын ахуырдзаутæм цымыдисдзинад нæ историмæ, сæрыстырдзинад Ирыстоны хъæбатыр хъæбултæй. Ахуырдзаутæн дæнцæгæн хæссын Иры хуыздæр хъæбулты.
  4.  Бакусын ныхасы рæзтыл.

Урочы хуыз: ног зонындзинæдтæ амоныны урок

Техникон фæрæзтæ:  компьютер, интерактивон фæйнæг.

Цæстуынгæ æрмæг:  нывтæ, плакаттæ хæстон темæйыл, презентаци.

Урочы эпигрæф:    «Хæст лæгмар у,

                                    Цард та дзы æнуд,

                                    Тугæмхæццæ уæнгты уайы сурхид...

                                    Адæм, цæнгтæ бафистæг кæнут,

                                    Æмæ хæстæн бахæцæм йæ хурхыл».

                                                                                     / Плиты Грис /

Ахуыргæнæджы разныхас:

   Хæст...Æвæццæгæн зынтæй разындзæн ахæм адæймаг, уыцы дзырд зонгæ кæмæн нæу. Йæ койæ дæр ныккæрзы зæрдæ. 1941 азы  арвæй ныццæлхъ кодта тохы фыццаг гæрах, арвы цæлхъау нæргæ ацыд хæхтæ æмæ быдырты. Карз хæст райдыдта… Ныффæйлыдта дидинæгджын зад кæрдæг, ацагъта йæ рæсугъд  къуырфытæй райсомы æртæх, æрхуыссыд зæххыл, стæй сыстад æмæ ныгуылæнмæ акъул. Карз хæст райдыдта…

   Фыдыбæстæйы сæрвæлтау сæрибар байсынмæ Ирыстонæй ацыди 90 минадæймаджы. Уыдонæй 46 минæй фылдæр нал раздæхтысты хæсты быдырæй. Уыцы рæстæджы фæлтæры цард хъысмæт скарста иу нывыл æмæ ирон адæм дæр иннæ адæмтау са райгуырæн зæхх  хъахъхъæнынмæ ацыдысты.

  Сæ тых æмæ сæ хъару знаджы ныхмæ чи сарæзта, уыдоны æхсæн уыди ирон фысджытæ дæр. Ныфсхаст, райдзаст фæлтæры æмбис фæкодта хæст. Йæ цæхæрæй чи раирвæзт, уыдонæн та æнустæм  ныууагъта зæрдæниз. Хæсты райдайæны се ‘ппæты хистæр  Гутнаты Хъанымæтыл цыди 36 азы, сæ тæккæ кæстæртæ Елехъоты Мурат æмæ Хайманты Георгийыл та – æвддæсгай азтæ.

Фæйнæгыл æвдыст цæуынц слайдтæ Ирыстоны зынгхуыст поэтты номхыгъдимæ.

Ахуырдзаутæн  хæдзармæ рагацау цы хæслæвæрд уыд, уый  сбæрæг кæнын.

Ахуырдзау  дзуры Калоты Хазбийы биографи:

Калоты Алыксандыры фырт Калоты Хазби райгуырд 1921 азы Захъайы. 1934 азы каст фæци авдазон скъола æмæ бацыди кусæг факултетмæ. Фæстæдæр ахуыр кодта Калачы падздзахадон педагогон институты литературон хайады. Йæ ахуыр кæронмæ ахæццæ кæны ын нæ бантысти - райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Тохы быдырмæ ацыди институты фæстаг курсæй. 1943 азы танчы командыгæнæг афицер Калоты Хазби фæмард фыдгулы нæмыгæй Белгороды цур.

    Хазби æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта, скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд. Уый поэзимæ æрбацыд ныфсхастæй. Хазби цардæн дæр æмæ поэзийæн цыдис æрмæст йæ æрфыты. Мæнæ йын цавæр аргъ кæны поэт Хъодзаты Æхсар: «Æз нæ зонын цавæр хъуамæ уа поэт. Фæлæ мæм афтæ кæсы, цыма поэт хъуамæ Калоты Хазбийы хуызæн уа - æнæхин, хæдæфсарм æмæ ныфсхаст, къæрцхъус, æргомдзырд æмæ цæстуарзон. Æмæ йæ кæд лæгæй лæгмæ нæ зыдтон, уæддæр æй йæ фыстыты уынын ахæмæй: мæнмæ гæсгæ, Хазби мæнг ныхас никуы ракодта нæдæр царды, нæдæр поэзийы. Цы фыста, уый былалгъæй нæ фыста, фæлæ йæ зæрдæйы тугæй. Уый карз уайдзæф кодта, хурау фыцын йæ бон кæмæн нæу, фæлæ мæйау æрмæст искæй цæхæрæй мæнгæфсон рухс чи кæны, чиныгкæсæгæн йæ кæрдзын хомæй чи дæтты, уыцы графомантæн.

   Салдаты дудгæ ристæ æмæ салдаты маст Хазби фыста талынг ныккæндты æмæ уазал акъоппыты. Зæрдæ æнкъуысын кæны йæ хæстон лирикæ.

Ахуырдзау кæсы Калоты Хазбийы æмдзæвгæ

 « Миты мæйы æртхутджыты хъазынц...»

Миты мæйы æртхутджыты хъазынц,

Зæхмæ ивæзы бæлæсты фист.

Æз, мæ пыхцылсæр быдыр,-дæ уазæг,

Нал та уромын зæрдæйы рис...

Ниуы бæстæ зындон цæхæры,

Лентау сау уадздзæг-фæндаджы тар...

Уæлæ хуры зынг æвзæгтæй сдæры

Хъæуы сæрмæ æнæрмынæг арт.

Æз фæцæуын уæ сæрвæлтау, адæм

Знаджы сау туг мæ кардæй фæтагъд...

О фыд нæмыг, фæуром дæ тахт!

Мæн цæрын фæнды, оххай...

Æрра дæн..

Ахуыргæнæджы ныхас:

Ссæдз азы дæр нæма сæххæст, афтæмæй Хазби йæ цард нывондæн æрхаста бæсты сæрвæлтау.  Йæ фыдыбæстæм хъæбулы цæстæй  касти, зæрдæйæ  йæ уарзта.  Уымæн йæ хуыздæр æвдисæн у уацмыс «Хорзæй баззай, Ир!»

Ахуырдзау аив кæсы «Хорзæй баззай, Ир!»

Æз цæуын… Цæуын, æмæ, чи зоны, фæстаджы балцы… Гъей, цæй даргъ у, цæй алыхуызон у мæ фæндаг! Хорзаей баззæй, мæ райгуырæн Ир!.. Уарзын дæ.. Уарзын дæ æмæ курын, ма мæ ферох кæн. Ницы дын радтон хорзæй, нæ уыд рæстæг… Ехх! Фæлæ мæ бон уыд уарзын, бауромæн кæмæн нæй ахæм уарзондзинадæй.

О цас уарзын!...

Бабын уа, мах чи фæхицæн кодта, нæ цард нын сызмæста, уый бын бауа!

Цавæр фæндтæ уыд мæ сæры, цæмæты бæллыдтæн!... Гъей, бæллицаг цард!...

Æгъгъæд, æнкъарддзинад! Схæц-ма дæхиуыл, мæ хорз æмбал, дæ цæстытсыгтæ куы ‘руагътай! Цæй тыххæй уæд?.. Æви дæм кæуинаг кæсы мæ хъысмæт?..

Нæ, рæдийыс… Бауром сæ. Æз нæ уарзын цæстысыгтæ, ма сæ хардз кæн, æвгъау сты. Бахуд фæлтау, бахуд дæ мидбылты æмæ мын мæ цæстытæм кæс. Æз нæ фефсæрмы уыдзынæн… Кæнæ та райс дæ фæндыр, фæндарасты цагъд мын æркæн. Уадз æмæ мæ зæрдæ мауал цæуа мæ риуы, рæдува йæхи æддæма, уадз æмæ æхсида мæ туг дæ цагъдмæ!

Ехх, цы бауромдзæн мæн!

Бауырнæд дæ, ды мæ Батрадзы ныфс бауаддзынæ, мæ тыхæн кæрон нал уыдзæн, ацахсдзынæн мæ уаддымд æфсургъы бæрц, нынтъухдзынæн æм мæхи æмæ тымыгъау уайдзынæн мæ дард фæндагыл. Циу тугкалæн хæст мæнæн? Æз ахæсдзынæн дæ цагъды аив мыртæ, лæбурдзынæн фыранкау, никæцы тых басæтдзæн мæн. Уырны мæ, иу бон дæм кæй фæзындзынæн, иу бон дын æнæнхъæлæджы дæ рудзынг бахойдзынæн, уый.

Фœрстытœ ахуырдзаутœм:

  1. Чи зæгъдзан, цæуыл хъуыдытæ кæны Хазби?
  2. Цавæр фæндтæ ис йœ зœрдœйы?
  3. Цавæр æнкъарæнтæ уæм сæвзæрд?

Æнхъæлмæ кæс… Ма ферох кæн!.. Фæлæ фыдæнхъæл фæкодта. Йæхи бæсты быдырæй фæдисонау æрыздæхт йæ зарæг. Афтæ нæм æрыздæхт иннæ æрыгон фыссæг Кочысаты Мухарбеджы зарæг дæр.

Ахуырдзау дзуры Кочысаты Мухарбеджы биографи:

Кочысаты Георгийы фырт Мухарбег райгуырд  1920 азы Ольгинскайы. Сæ хъæуы авдазон скъола каст куы фæци, уæд фæнд кодта бацæуын педагогон техникуммæ. Æгæр æрыгон кæй уыди, уымæ гæсгæ йæ нæ айстой. Уæд лæппу бавдæлд æмæ йæхи ныффыста 1919 азы гуырд. Бацыд ахуырмæ, фæцалх ис сфæлдыстадон куыстытыл дæр. Фыццаг æмдзæвгæ 1934 азы.1938 азы Мухарбег хорз бæрæггæнæнтимæ каст фæци техникум. Уыцы аз бацыди Цæгат Ирыстоны падздзахадон педагогон институты ирон æвзаг æмæ литературæйы хайадмæ, ам дæр ахуыр кодта хорз, иста Къостайы номыл стипенди. Æнувыдæй архайдта литературон къорды, газеттæ æмæ журналты фæзындысты йæ фыццаг æмдзæвгæтæ. Райдайгæ авторы хуыздæр миниуджытæй иу уыди мæнг ныхасæй йæхи кæй хызта, уый.  Фыдыбæстæйы Стыр хæст уæззау цæф уыд ирон нацийы генофондæн - нæ фыдæлты фарн къахырæй баззад æнусмæ. Сау хъаймæты амæддаг баци олгинскæйаг æвзыгъд лæппу Кочысаты Георгийы фырт Мухарбег дæр.

Ахуырдзау кæсы Кочысаты Мухарбеджы æмдзæвгæ

«Адæмы маст».

 Мæ мастæн æрæнцайæн нæй

Мæ фæндтæн тызмæг у сæ ахаст

Зæгъут-ма, æмбæлттæ,цæмæй

Цы карздæр,цы фыддæр дзырдтæй

Зæгъон æз мæ зæрдæйы сау маст.

 Мæстæлгъæд фыдхорты æрдонг

Æрбабырста абон нæ бæстæм

Æгъгъæд сын нæ уыди ныронг

ÆмÆ та сæ бафæндыд ног

Æсфæлварын тохы нæ гæрзтæ.

 Знаг йе сæфт æдзухдæр уыдта

Нæ сæрибар адæмты цардæй

Æмæ нæм кæд худгæ дзырдта

Уæддæр æй мах тынг хорз зыдтам

Кæй ныл цæудзæн иу бон мæнгардæй

Нæ фыдæлтæм иу ныхас уыд

Цæргæйæ сæдæ азы баззад

Æстыр раст ныхас у бæлвырд

Мæлдзыгæн,дам, йе сæфт æрцыд

Æмæ, дам, ыл базыртæ баззад.

Цы кæны, кæд афтæ у- хорз

Кæд сæрра сты абон лæгмартæ

Уæд сын мах æссардзыстæм хос

Æзды æмæ сау топпыхос

Куыд никуал æсдзæбæх уой,афтæ

Æмбæлттæ,æрцыди рæстæг!

Йæ фæстаг бон тугдзых лæгмарæн

Нæ къухмæ,цæй,райсæм гæрзтæ

Куыд уарзæм нæ Фыдыбæстæ

Уый равдисæм абон æзнагæн!

 Æмбæлттæ,мæ дзырд у рæстмæ

Фыдгулæн йæ бæрзæй сæтдзæни

Йæ сау рыг ыскалдзæн хæрдмæ

Рæстдзинад у мах фарс,æмæ

Уæлахиз дæр мах фарс уыдзæни!

Ахуыргæнæджы ныхас:

1942 азы фашисттæ æрбахæццæ сты Дзæуджыхъæуы бынмæ. Ирыстоны зæхх знæгтæй ссæрибар кæныныл хъæбатырæй чи тох кодт, уыцы æфсæддонтимæ уыди снайпер Кочысаты Мухарбег. Лæппуйæн бантысти йæ хæдзармæ бауайын, иу сахаты бæрц йæ бинонтимæ аныхас кæнын. Уæд йæ мад Зинæйæн ракодта ахæм хабар: уый уыди Алагирмæ æввахс хъæдрæбын. Кархз хæсты фæстæ гитлеронтæ лыгъдысты. Æваст Мухарбеджы хъустыл ауади кæйдæр хъæрзын. Фæкаст æмæ иу егъау дуры аууон ауыдта афицеры. Уый хуыссыд уæлгоммæ æмæ тыхулæфт кодта. Цæ галиу дыс тугæй баудæсти, æмæ йæ йæ рахиз къухæй риумæ æлхъывта. Мухарбег цæстфæныкъуылдмæ йæ рон феппæрста, йæ хæдон раласта, æрыскъуыдтæ йæ кдта æмæ цонг æнгом балвæста. Туг фæлæууыди. Мухарбег быдырты афæлгæсыд, фæлæ æххуысмæ кæмæ фæсида, ахæм нæ разынд. Уалынмæ хъæды кæронæй æрбазылд иу бричкæ. Бæхтæ дугъы уайгæйæ тахтысты. Бадти дзы æртæ æфсæддоны, нæхиуæттæ. Баурæдта сæ æмæ гуыффæйы сывæрын кодта цæф хæстоны. Йæхæдæг йе æмбæлтты фæдыл азгъордта.  Згъоргæ-згъорын ма йæ цæстытыл ауад цæф афицеры фæстаг фæкаст, йæ былтæ арфæгæнæджы змæлд бакодтой.

   Рацыдаид афæдзы бæрц. Мухарбег хъуамæ Ессентукийы фæуыдаид каст æфсæддон скъла. Æрхæццæ фæлварæны бон. Лæппу æфсæрмхуызæй æрлæууыд  ахуыргæнджыты раз. «Фашисттимæ хæсты архайдтай?» «Цæуылнæ!?» - дзуапп радта Мухарбег. «Уæдæ ма нын исты хабар радзур». «Æз уын йæ бæсты радзурдзынæн!» - æрбайхъуыст хъæлæс. Мухарбег сонт каст фæкодта æмæ ауыдта йæ сæр  кæмæн фæурс, ахæм бæзæрхыг булкъоны.

«Ацы лæппу мæн мæлæтæй  фервæзын кодта» Уыцы бон Мухарбег каст фæци æфсæддон скъола æмæ сси лейтенант.

Ахуырдзау кæсы Кочысаты Мухарбеджы æмдзæвгæ

«Мыййаг, хæсты быдыры искуы »

Мыййаг, хæсты быдыры искуы 

Куы фæуон мард, 

Æмæ куы аскъуыйа æмбисыл 

Мæ рæзгæ цард... 

Мыййаг, куы нал фæуон кæронмæ 

Мæ зарæг æз, 

Æмæ куы бамыр уа бынтондæр 

Мæ сонт хъæлæс... 

Мыййаг, куы фæсыкк уой мæ фæндтæ, 

Мæ рухс фæндаг... 

О, курын уæ, зынаргъ æмгæрттæ, 

Æз иу хъуыддаг. 

Зæгъут-иу мын мæ зæронд мадæн, 

Куы фæуа хæст: 

Хæсты быдыры, зæгъ, фæмард дæн 

Цытимæ æз. 

Зæгъут-иу ноджыдæр Кавказæн 

Салам мæнæй. 

Æцæг хъæбулау дæ, зæгъ, уарзтон 

Зæрдæбынæй. 

Фœрстытœ ахуырдзаутœм:

 

  1. Йа цардæй барзонддæр цы у æвæрд поэтмœ?
  2. Цы у поэтан йа бæллиц, цæуыл аууæнды анœмœнгай?
  3. Чи зœгъдзœн, поэтœн йœ мадма уарзондзинад тыхджындœр у œви йœ райгуырœн зœхма?
  4. Куыд уœм касы, цæмæн райстон Мухарбеджы  ныхæстæ нæ урочы темæйæн?

Мухарбег æмбары, йæ зарæг кæронмæ ахæццæ кæнын мыййаг  куы нæ суа йæ бон, йæ бирæ фæндтæ йæ хъуыры куы фæбадой знаджы къухæй…

Ирон адæммæ амбисондæн баззад: æгад цардæй мæлæт хуыздæр, зæгъгæ. Знагæн  райгуырæн захх раттынæй æгаддæр хъумæ цы уа, нæ фыдалтæ  сæ сау туг цы зæххыл фæкалдтой,уыцы зæхх. Мадæй зынаргъдæр нæй, фæла Мухарбег иу æмрæнхъ æвæры йæ мадмæ уарзондзинад æмæ йæ райгуырæн зæхмæ уарзондзинад.

Куыд Плиты Грисы баллада «Авд цухъхъайы» Гæздæнты æфсымæртæ сæ мадмæ фæдзæхстой «…авдæй дæр нæ цæфтæ махæн раст нæ тæккæ риуты сты…», афтæ Мухарбег дæр фæдзæхсы йæ мадмæ: «…хæсты быдыры зæгъ фæмард дæн цытимæ æз…».

Уыцы æрыгон фæлтæран сæ цардæй бæрзонддæр уыд райгурæн баста знагæй бахъахъхъæнын æмæ се ппæт дæр кадима радтой сæ цард.

Хатдзæгтœ скœнын:

  1. Сымахмæ гæсгæ цавæр адæймаджы ис схонæн патриот?
  2. Абоны царды ис патриоттæ æви нæй?
  3. Цæй мидæг ис Калоты Х. æмæ Кочысаты М. сгуыхтдзинад?
  4. Куыд уым кæсы, бахъуаджы рæстæг уæм разынид уæ райгуырæн зæхх бахъахъхъæныны хъару?

Ахуыргæнæджы ныхас:

Нæ урок райдыдта  эпигрœфœй æмæ йæм не æргом аздахæм.

 «Хæст лæгмар у,

  Цард та дзы æнуд,

  Тугæмхæццæ уæнгты уайы сурхид...

  Адæм, цæнгтæ бафистæг кæнут,

  Æмæ хæстæн бахæцæм йæ хурхыл».

Хæст у фыдбылызхæссæг, хъумæ адæм иууылдæр иумæ сабыр цардмæ тырной. Макæй хъæбулæн аскъуыйæд æмбисыл йæ рæзгæ цард, макуы бахъæуæд мадæлты кæуын сæ хъæбултыл, æмæ сымах, æрыгон фæлтæр, макуы базонут хæсты цæхæр.

Рефлекси:

  1. Æз абон базыдтон...
  2. Абоны урочы æз сахуыр дæн...
  3. Æз нæ бамбæрстон...
  4. Мæн дисы бафтыдта...
  5. Ныр зондзынæн...
  6. Æз нæ бамбæрстон...
  7. Мæн фæнды базонын...

Хæдзармæ куыст: 

  1. Зонын поэттæн се сфæлдыстадон фæндаг æмæ сæ биографи.
  2. Сахуыр кæнын наизусть Кочысаты М. æмдзæвгæ «Мыййаг, хæсты быдыры искуы...» 


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

методическая разработка открытого урока по английскому языку тема:"Деньги" для специальности "экономика и бухгалтерский учёт" по отраслям

Вид урока:Комбинированный    Методы обучения:Словесный, наглядный, практический, исследовательский. Форма проведения урока:классно-урочная, групповая, индивидуальная, работа в парах. Пре...

Методическая разработка открытого урока по истории на тему: "Спартанский полис" для учащихся 5 классов.

 Урок по типу комбинированный, в форме беседы, с использованием технологии дифференцированного обучения....

Методическая разработка открытого урока производственного обучения на тему "Приготовление бутербродов"

В разработке представлена история происхождения бутербродов, виды, способы украшения и подачи. Материалы можно использовать не только для проведения открытого урока, но и во внеклассной работе. Красоч...

Методическая разработка открытого урока по истории на тему: "Путешествие по Древней Греции" для учащихся 5 классов.

Методическая разработка открытого урока по истории на тему: "Путешествие по Древней Греции" для учащихся 5 классов с использованием технологий: игровая, ИКТ, групповая деятельность, сотрудничеств...

МЕТОДИЧЕСКАЯ РАЗРАБОТКА ОТКРЫТОГО УРОКА Учебная дисциплина: «Литература» Тема: «Лирический герой поэмы А.Т. Твардовского «Василий Теркин»

Раскрыть гражданское мужество поэта; показать роль поэмы и героя в годы войны; помочь обучающимся осознать истоки нашей победы....

Методическая разработка Интегрированный урок истории и литературы. Тема урока «Начало Великой Отечественной войны и отражение этого периода в литературе»

Методическая разработка Интегрированный урок истории и литературы. Тема урока «Начало Великой Отечественной войны и отражение этого периода в литературе»...