Уазæгуаты уалдзыгон хъæдмæ
план-конспект занятия (младшая группа)

Уазæгуаты уалдзыгон хъæдмæ

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл uazaeguaty_ualdzygon_haedmae.docx115.95 КБ

Предварительный просмотр:

Республикæ Цæгат Ирыстон - Алани

7 – æм МУНИЦИПАЛОН БЮДЖЕТОН РǼВДАУǼНДОН

Гом ахуырадон архайд кæстæр къорды сабитимæ

Темæ: «Уазæгуаты уалдзыгон хъæдмæ»

7 – æм рæвдауæндоны хъомылгæнæг: Габолаты З.А.

Музыкалон разамонæг: Дзитойты З.К.

г. Алагир.

2019 аз

Нысантӕ:

  • Бафидар кӕнын сывӕллӕтты зонындзинӕдтӕ уалдзӕг ӕрдзы цы ивддзинӕдтӕ ӕрцӕуы, уыдонимӕ.
  • Ӕрхъуыды кӕнын хъӕды цӕрӕгойты: сырдты, мӕргъты, сасчъыты.
  • Дарддӕр кусын сабиты ныхасы рӕзтыл алыхуызы мадзӕлттӕй. Сӕ мысӕнуат ӕмӕ логикон хъуыдыкӕнинад сын уӕрӕхдӕр кӕнын. Кусын мыртӕ сыгъдӕг дзурыныл.
  • Архаин сывӕллӕтты ныхас фӕхъӕздыгдӕр кӕныныл ног дзырдты руаджы (хъӕдгӕс, …..). Разӕнгард сӕ кӕнын иронау дзурын.
  • Парахат кӕнын ӕмзӕлды ӕнкъарӕнтӕ, зарынады фӕлтӕрдзинад ӕмӕ сабиты моторикӕ.
  • Уарзондзинады ӕнкъарӕнтӕ гуырын кӕнын сабитӕн ӕрдзы рӕсугъддзинадмӕ ӕмӕ йӕ цӕрӕгойтӕм. Сывӕллӕтты разӕнгард кӕнын кӕрӕдзимӕ ӕгъдаудзинад, ӕфсарм, уӕздандзинад хатын.

Архайæн фæрæзтæ:проектор, экран, музыкалон центр, фыстæг, сюжетон нывтæ, су – джок, хъазæн уызын, дидинджытæ, чыргъæд лæвæрдттимæ.

Ахуыры нывæзт.

Хъомылгæнæг:Сабитӕ! Акӕсут ма, цас рӕсугъд уазджытӕ нӕм ӕрбацыд. Уӕ бон хорз ма цын зӕгъӕм ӕмӕ сӕм на мидбыл бахудӕм.

Абон ӕз рӕвдауӕндонма куы рбацыдтӕн, уӕд стъолыл уыд фыстӕг. Фӕлӕ йӕ нӕ зонын, кӕмӕй у уый. Фӕнды уӕ йӕ базонын? Уӕдӕ ма бакӕсут экранмӕ.

- Чи уы ай, сабитӕ? (баба)

-Ай хуымӕтӕг баба нӕу, фӕлӕ хъӕд ӕмӕ хъӕды сырдты чи хъахъхъӕны, уыцы баба уы ӕмӕ хуыины хъӕдгӕс. Уӕ хорзӕхӕй, йӕ цӕсгомы уагмӕ ма йын бакӕсут. Цавӕр уы? (ӕнкъард, зӕронд, мӕсты…) Равдисут ма, сымах та куыд вӕййут ӕнкъардӕй?

Сабитӕ! Ӕнгомдӕр ӕрбаллӕууыт ӕмӕ нӕ фыстӕг бакӕсӕм:

«Зынаргъ хӕлӕрттӕ! Хъӕуы мӕ уӕ ӕхуысс: раллӕууыд уалдзӕг, хъӕд та нӕма райхъал. Баххуыс ма мын кӕнут райхъал кӕнын дидинджыты, сырдты, мӕргъты, сасчыты».

Хъомылгæнæг: Фӕнды уӕ баххуыс кӕнӕм бабайӕн хъӕд райхъал кӕнынмӕ? Алӕууыт ма мӕ фӕстӕ, уӕ къухтӕ авӕрут кӕрӕдзийы уӕхсджытыл ӕмӕ нӕ поездыл  аразт уӕм хъӕдмӕ балцы (заргӕйӕ нӕ къӕхтӕ исӕм уӕлиау):

Нӕ поезд та тӕхы,

Йӕ цӕлхытӕй зӕгъы:

«Сывӕллӕтты ласын

Ӕз бирӕ, бирӕ уарзын.

Сӕ фӕндаг хъӕдмӕ дарынц

Ӕмӕ фырцинӕй зарынц

Чу-чу-чу, чу-чу-чу!

Хъомылгæнæг: Ӕрбахӕццӕ стӕм, сабитӕ, хъӕдмӕ.  Бакӕсут ма нӕ хъӕды куыд ӕнкъард у. Байхъусут ма уыци-уыцимӕ ӕмӕ мын зӕгъут, кӕцы афӕдзы афоны тыххӕй у?

Мит кӕд фесты иууыл дон,

Ӕрдз кӕд ыскӕны хӕдон? (Уалдзӕджы)

Тынг хорз сабитӕ.

Сабитӕ! Цӕмӕй бӕрӕг у уалдзӕг нӕм ӕрцыди уый? (хур ӕндавы, мит тайы, бон фӕдаргъ ис , мӕргътӕ рбатахтысты хъарм бӕстӕйӕ).

Музыкалон разамонæг:Раст загътат сабитӕ. Ӕмӕ цӕмӕй райхъал уой хъӕды мӕргътӕ, уый тыххӕй азарӕм зарӕг «Цъиутӕ».

Зарӕг « Цъиутӕ»

Зарынц цъиутӕ:

Цъиу, цъиу, цъоз-

Сабитӕ, уӕ райсом хорз!

Зарынц цъиутӕ:

Цъиу, цъиу, цъур-

Скӕсы та фӕсхохӕй хур!

Хъомылгæнæг: Тынг хорз сабитӕ!Нӕ зарынмӕ цъиутӕ дӕр зарын райдыдтой. Бакӕсут ма,цавӕр цъиутӕ сты? (зӕрватыкк, сау цъиу, хърихъупп).

Ныр та цӕуӕм дарддӕр, иннӕ фӕзмӕ.

Мах нӕ фӕндаг дарӕм дард,

Алыхуызон фӕзтӕм.

Иу, дыууӕ, ӕртӕ, цыппар,

Февзӕрдыстӕм фазы мах!

Музыкалон разамонæг:Сабитӕ! Мах ӕрбацыдыстӕм дидинджыты фӕзмӕ. Акӕсут ма, цас дидинджытӕ дзы ис! Сывӕллӕттӕ! Уӕдӕ уын ахӕм хӕслӕвӕрд: алчидӕр уӕ дыгай дидинджытӕ сӕмбырд кӕнӕд иу хуыз куыд уӕй, афтӕ. Зӕгъут ма, кӕмӕ цавӕр хуыз ис? (бур, ӕрвхуыз, сырх). Ныр та, сабитӕ, акафӕм нӕ дидинджытимӕ.

Музыкалон разамонæг:Тынг рӕсугъд акафыдыстут,мӕ гыццыл хуртӕ! Акӕсут ма, райхъал кодтам дидинджытӕ.

Хъомылгæнæг:Нырта нӕ фӕндаг дарӕм иннӕ фӕзмӕ.

Мах нӕ фӕндаг дарӕм дард

Алыхуызон фӕзтӕм.

Иу, дыууӕ, ӕртӕ, цыппар,

Февзӕрдыстӕм фӕзы мах!

Ӕрбахӕццӕ стӕм «Базон-базоны» фӕзмӕ.

- Сабитӕ! Мӕ хъустыл цыдӕр сыбар-сыбур цӕуы, цымӕ кӕцӕй цӕуы? Рауайут ма хӕстӕгдӕр. Адон цы сты? (уызын йӕ лӕппынтимӕ). Фӕнды уӕ семӕ ахъазын ? Абадут ма мӕ алыварс, кӕрӕдзийы куыннӕ хъыгдарат афтӕ.  Сисут ма сӕ уӕ къухтӕм ӕмӕ ӕз куыд хъазын сымах дӕр афтӕ ахъазут.

Уызын уынгты райсом раджы

Узгӕ-узгӕ рараст балцы.

Сау-сауид бырынкъ фӕдары

Алырдыгӕй холлаг ары.

Атымбыл вӕййы ӕвваст

Уы тӕппуд ӕмӕ хӕрзхаст.

Нӕ хъазт уӕ зӕрдӕмӕ фӕцыди? Уӕдӕ сӕ фӕстӕмӕ сӕ мадимӕ сывӕрӕм, науӕд сӕ агурдзӕн.

Музыкалон разамонæг:Сабитӕ! Уызынты райхъал кодтам, фӕлӕ сасчытӕ та нырма фынӕй ΄сты. Ӕмӕ сӕ цӕмӕй райхъал кӕнӕм, уый тыххӕй мах хъуамӕ фестӕм гыццыл мӕлдзыджытӕ.

Мӕ хуртӕ! Ӕртӕккӕ цагъдмӕ уӕ цыппӕртыл бырут.  Куыддӕр зӕгъон ныхас «ӕмдзӕгъд», афтӕ дыууӕ хатты уӕ къухтӕй амдзӕгъд кӕнут. Сывӕллӕттӕ! Кӕй райхъал кодтат? (гӕлӕбуты, мӕлдзыджыты, мыдыбындзыты).

Хъомылгæнæг:Сабитӕ! Мах райхъал кодтам мӕргъты, дидинджыты, сасчыты ӕмӕ нӕ хъӕдгӕс дӕр бахъӕлдзӕг.

Уӕ хорзӕхӕй, сымах дӕр ма скӕнут хъӕлдзӕг цӕсгӕмттӕ.

Сывӕллӕттӕ! Хъӕд кӕй райхъал кодтам, уый тыххӕй нӕ хъӕдгӕс тынг бузныг у ӕмӕ нын скодта лӕвӕрттӕ. Зӕгъӕм ма йын бузныг. Ныр та нын афон у рӕвдауӕндонмӕ ӕрбаздӕхын. Алӕууыт кӕрӕдзийы фӕстӕ ӕмӕ нӕ поездыл араст уӕм:

Нӕ поезд та тӕхы,

Йӕ цӕлхытӕй зӕгъы:

«Сывӕллӕтты ласын

Ӕз бирӕ, бирӕ уарзын.

Сӕ фӕндаг хъӕдӕй дарынц

Ӕмӕ фырцинӕй зарынц:

Чу-чу-чу, чу-чу-чу!

Хъомылгæнæг:Мӕ къонатӕ! Нӕ балц уӕ зӕрдӕмӕ фӕцыдис? Сабитӕ! Куыд уӕм кӕсы, хъӕдгӕсӕн баххуыс кодтам хъӕд райхъал кӕнынмӕ? Уӕдӕма сӕ иу хатт на зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм, цы райхъал кодтам уыдоны? (дидинджытӕ, мӕргътӕ, сасчытӕ,хъӕды сырдтӕ).

Тынг хорз сабитӕ! Мӕнмӕ афтӕ кӕсы, ай нӕ фӕстаг балц нӕу.

Ныр та хӕрзбон зӕгъӕм нӕ уазджытӕн ӕмӕ ацӕуӕм.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Конспект НОД Нанамæ уазæгуаты

НОД по осетинскому языку "В гостях у бабушки"...

Тема: В гости к дедушке и бабушке. Уазæгуаты бабамæ æмæ нанамæ.

Цель занятия:Расширить представления детей о разных видах инструментов для работы на огороде, о применении их в работе людьми .Задачи:Образовательнаязнакомство с новыми словами-чыргъæд,уистæ,руван-къæ...

Конспект НОД в старшей группе по развитию речи Тема: В гости к дедушке и бабушке. Уазæгуаты бабамæ æмæ нанамæ.

Цель занятия:Расширить представления детей о разных видах инструментов для работы на огороде, о применении их в работе людьми .Задачи:Образовательнаязнакомство с новыми словами-чыргъæд,уистæ,руван-къæ...