гом ахуыры конспект "Хъады сырдта"(бацаттаганан къорд)
план-конспект занятия по развитию речи (подготовительная группа)

Плиева Ольга Джумберовна

конспект 

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл хъады сырдта25.94 КБ

Предварительный просмотр:

Бацæттæгæнæн къорды

Темæ: «Хъæды сырдтæ»

                   Бацæттæ йæ кодта :        

                хъомылгæнæг Плиты О.Дж.

Æрыдон 2022 аз


Темæ: Хъæды сырдтæ

Нысантæ:        

Сывæллæтты дарддæр зонгæ кæнын хъæды цæрæгойты тыххæй.

Зæрдыл æрлæууын кæнын хæдзары фос æмæ лæппынты нæмттæ.Ахуыр сæ кæнын лæмбынæг хъусыныл,фæрстытæм æххæст дзуаппытæ дæттыныл, раст хъуыдыйæдтæ аразгæйæ.

Рæзын кæнын сывæллæтты хъуыдыкæнынад.

Цæрæгойтыл куыд аудой, куыд сæ хъахъхъæной, уыцы хуызы сæ хъомыл кæнын.

Цæстуынгæ æрмæг:

Предметон нывтæ,сюжетон ныв «Хъæды сырдтæ»,къопп,карточкатæ, фломастертæ, уызын.


Ахуыры цыд.

Хъ. Уæ райсом хорз!

С. Æгас цу!

Хъ. Сывæллæттæ,абон нæм æрбацыдысты уазджытæ, салам сын раттæм.

С. Æгас цæут,нæ зынаргъ уазджытæ!

Хъ.  Зӕгъут-ма, цавӕр афӕдзы афон у?

С. Фæззæг

Хъ. цавӕр фӕззыгон мӕйтӕ зонут? Ранымайут- ма сӕ.

С. Рухæны мæй,кæфты мæй,джеоргуыбайы мæй

Хъ. Сабитæ, цæй æмæ не’нгуылдзтæй ахъазæм.

Ацы æнгуылдз хъæдмæ ацыд

Зокъоагурæджы балцы.

Ацы 'нгуылдз æй тагъд ыссарта,

Ацы 'нгуылдз æй артмæ дардта.

Ай йæ бахордта фæскуыст

Ай та боцкъайау ныддымст!

Хъ. Хорз сывæллæттæ, цалынмæ мах не'нгуылдзтæй хъазыдыстæм, уæдмæ нæ фосы лæппынтæ фæдзæгъæл сты.Баххуыс кæнæм нæ фосæн сæ

лæппынтæ ссарын.

Д/хъазт «Ссар лæппынæн йæ мад».  

Хъ. Тынг хорз!Æрбадут. Нырта мын мæ уыци-уыци тæ базонут.

  1. Йæ кæрц фæлмæн, хæмпус

Даргъ йæ рихи,даргъ йæ хъус!(тæрхъус)

  1. Бæласæн йæ быны

Къуыбылой  фæзыны.

Къуыбылой æгас у,

Йæ судзынтæй нын тас у.(уызын)

  1. Уарзы мыд, хъæды цæры,

Зымæг та фынæй кæны.(арс)

  1. Нæу цыма фыдгæнæг,

Уыйау йæхи дары.

Афтæмæй нæ уадзы

Иунæг карк хæдзары.(рувас)

Хъ.  Сабитæ, куыд  уæм кæсы абон цавæр цæрæгойты кой кæндзыстæм?

С.  Хъæды сырдты

Хъ.  Æмæ кæм цæрынц

С.  Хъæды 

Хъ.  Æрбакæсутма фæйнæгмæ. Цы уынут нывы?

С.  Хъæд æмæ хъæды цæрджыты.

Хъ.  Иу ныхасæй цæ куыд ис схонын?

С.  Хъæддаг сырдтæ

Хъ.  Зæгъут-ма мын, цы у уа бон зæгъын цæрæйгойты тыххæй?

С.  Бирæгъ у тугдзых, æххормаг,фæныкхуыз, цуан кæны тæрхъустыл.

Рувас у хинæйдзаг , тугдзых, хæмпус, цуан кæны тæрхъустыл æмæ гыццыл цæрæгойтыл.

Тæрхъус у гыццыл , тæппуд,хæмпус ,даргъ хъус, уарзы уырыдзы,къабуска,бæласы мæра.

Арс у стыр,уарзы мыд, кæсаг æмæ гагадыргътæ æмæ афтæ дарддæр.

Хъ.  Мæнæ тагъдгомау арбауайы уызын, йæ судзинтыл – хус сыфтæртæ. Ахъуыды ма кæнут æмæ зæгъут, цыма йæ цæмæн хъæуынц, цы сæ аразы?

С.  Цæмæй зымæджы йæ хæдзары хус сыфтæрты бын йæхи æрбатымбыл кæна æмæ хъармы фынæй кæна.

Хъ. Æмæ уæд хæргæ та цы кæндзæн зымæджы? Зокъотæ, гагадыргътæ куынæуал ис , уæд?

С.  Уызын зымæджы фынæй фæкæны.

 Хъ.  Æмæ ма хъæддаг цæрæгойтæй зымæджы фынæй чи кæны?

С.  Арс

Хъ.  Тынг хорз! Мæнмæ ис къопп фæлæ хуымæтæг къопп нæу –алæмæты.

Д/хъ «Алæмæты къопп»

Хъ.  Тынг хорз! Сывæллæттæ, арс цæры –лæгæты

Рувас –хуыккомы

Бирæгъ-хуыккомы

Тæрхъус-къузийы бын

Æхсæрсæттæг-бæласы мæрайы

Хъазт «Синквейн»

Хъ.  Тынг хорз! Нырта уæ хонын стъæлтæм.

Уæ разы ис карточкæтæ(1. «Ссар цæрæгойæн йæ къæдзил»

                                            2. «Цы кæм цæры?»)

Хъ.  Сабитæ,абон кæимæ базонгæ стæм?

С.  Хъæддаг сырдтимæ

Хъ.  Куыд уæм кæсы, сырдтæн хъæды цæрын хорз у?

С.  О,хъæд сæ хæдзар у.

Хъ.  Уæ хæрдæмæ фæцыдысты абоны ахуыртæ?

С.  Оооо

Хъ.  Стыр бузныг уын . Нæ уазджытæн  хæрзбон зæгъæм.

С.  Хæрзбон

Кæрон.