« Балц райгуырæн зæххыл»
план-конспект занятия (старшая группа) на тему

Базонгæ кæнын сабиты райгуырæн зæххимæ, символикæимæ, сæ нысаниуæгимæ.

Уæрæхдæр кæнын сабиты зонындзинæдтæ,рæзын кæнын сæ хъусдард, хъуыдыкæнынад, фæлгæнæн. Хъæздыгдæр кæнын сæ дзырдуат.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл uae_bon_horz_aemae_naem_aegas_tsaeut.docx22.79 КБ

Предварительный просмотр:

                               

Темæ :  « Балц райгуырæн зæххыл»

Нысан : 

▪ Базонгæ кæнын сабиты райгуырæн зæххимæ, символикæимæ, сæ нысаниуæгимæ.

▪ Уæрæхдæр кæнын сабиты зонындзинæдтæ,рæзын кæнын сæ хъусдард, хъуыдыкæнынад, фæлгæнæн. Хъæздыгдæр кæнын сæ дзырдуат.

▪ Хъомыл кæнын сабиты, цæмæй сæрыстыр уой сæ райгуырæн зæххæй; уарзондзинады æнкъарæнтæ сæвзæрын кæныныл архайын. Гуырын кæнын уарзондзинад мадæлон æвзагмæ.

Дзырдуатон куыст: райгуырæн зæхх, Ирыстон, тырыса,фыранк, мæсыг.

Пайда кæнæн армæг:

▪ Интерактивон фæйнæг.

▪ Видео æрдзимæ.

▪ Къамистытæ: герб, тырыса, Нары хъæу, Къоста.

▪ Рæттæ æмæ

▪ Ирон музыкæ, гимн.

▪ Дуртæ, ныхасæн, ватман.

  Ахуыры нывæст

Уæ бон хорз æмæ нæм æгас цæут! Ӕз дæн Ӕрыдоны иуæндæсæм рæвдауæндоны ирон æвзаджы ахуыргæнæг Апайты Дианæ. Æмæ уын

абон хистæр къорды сывæллæттимæ  равдисдзинæн цыбыр экскурс райгуырæн зæххыл.

( Цæгъды ирон музыкæ, сывæллæттæ æрбахизынц мидæмæ.)

 Хъ. - Уæ бон хорз, сабитæ! Абон махмæ æрбацыдысты уазджытæ. Салам сын раттæм.

С. – Ӕгас цæут!

Хъ. – Ныр мæнмæ уе’ргом раздахут. Абон мах абалц кæндзыстæм нæ райгуырæн бæстыл æмæ цæмæй фæндагыл кæрæдзи хуыздæр æмбарæм, уый тыххæй бакусдзыстæм ахæм  дзырдтыл: райгуырæн зæхх, тырыса, фыранк,  Ирыстон , мæсыг.

райгуырæн зæхх – родной край

тырыса - флаг  

фыранк – барс

Ирыстон – Осетия

Мæсыг – башня

 

Табуафси уæ бынæттæ бацахсут.

( Сабитæ бандæттыл сбадтысты. Экраныл видео.)

Хъ. – Алы адæмыхаттæн дæр  ис райгуырæн бæстæ, райгуырæн зæхх. Афтæ ирон адæмæн дæр ис райгуырæн зæхх. Хуыйны Цæгат Ирыстон – Алани. Цыбыргондæй йæ хонæм Ирыстон, Ир. Ирыстон у ирон адæмы къона, нæ фыдæлты уæзæг, нæ цæрæн бынат. Диссаджы рæсугъд у нæ Райгуырæн зæхх, нæ Ирыстон йæ бæрзонд хæхтимæ æмæ арф кæмттимæ. Йæ  тар хъæдтимæ æмæ уæрæх быдыртимæ, йæ тагъд уайаг дæттимæ æмæ фынккалгæ æхсæрдзæнтимæ, йæ рæсугъд горæттимæ æмæ уазæгуарзон хъæутимæ.

Мах арæх ахуыр кæнæм амдæзвгæтæ. Чи рæдзурдзæн Ирыстоны тыххæй æмдæзвгæ?

( Сабитæй иу дзуры æмдзæвгæ)

 «Ды, Ирыстон - мæ зарæг!

  Ды, Ирыстон - мæ уалдзæг!

 Ды, Ирыстон,   нæргæ цæр

Уæд дæ фæндаг уæрæхдæр!»

         

Хъ. – Бузныг, рæсугъд æмдзæвгæ радзырдтай. Дарддæр ацæуæм.

(Хъуысы гимн  æмæ ныл æмбæлынц къамисттæ:  герб æмæ тырыса.)

Хъ. – Алы республикæйæн дæр ис йæхи символикæ. Ирыстон дæр цух нæу. Ис ын гинм, тырыса æмæ герб.

Гимн фæцæгъдынц Ирыстоныл хорздзинад, скъуыхтдзинад  куы ‘рцуы, уæд. Гимнмæ хъусын хъæуы уырдыг лææ

Тырыса у цыппæрдигъон æмæ йын ис  æртæ хуызы.

-Ӕркæсут-ма  æмæ зæгъут, цавæр хуызтæ?

С. – фыцццаг хуыз-урс, дыккаг хуыз-сырх, æртыккаг хуыз- бур.

Хъ. – Раст. Урс – амоны уды сыгъдæгдзинад. Адæймаг хъуамæ уа зæрдæхæлар. Сырх –амоны тых, хъару. Ирон лæг кæддæриддæр уыд хъаруджын. Лæгдзинад æм уыди фыццаг бынаты. Бур-та амоны бæркад, фарн.

Ацы къамы та ис гербы ныв. Бæрзонд авд цъупсæр хохы , сæ астæу фыранк. Авд хохы æвдисынц – Ирыстоны авд комы , ноджы – ма хæхты бæсты кæй цæрæм, уый.  Фыранк  –та  ууыл дзурæг у æмæ ирон адæм уыдысты сабыр, фæлæ æхсарджын, хъаруджын, тыхджын.

-  Цы уын радзырдтон , уый бахъуыды кодтат?

С. – О, бахъуыды кодтам.

Хъ. – Зæгъут-ма Ирыстонæн цавæр символикæ ис?

С. – Ирыстонæн ис герб, гимн æмæ тырыса.

Хъ. – Тырысайæн цал хуызы ис?

С. – Тырысайæн ис æртæ хуызы.

Хъ. – Цавæр хуызтæ сты?

С. – Урс, сырх æмæ бур.

Хъ. – Хорз. Ирыстоны гербыл цы ныв ис?

С. – Ирыстоны гербыл нывгонд ис хæхтæ æмæ фыранк.

Хъ. – Раст. Сабитæ, бафæллад ыстут?

С. – О.        

 Хъ. – Табуафси рахизут æмæ ацы рæсугъд фæзыл нæ фæллад суадзæм. Ирон адæм хуымæтæджы нæ улæфынц, уыдон саразынц хъазт, сæ тых барынц хъæзтытæй.

 ( Хонгæ кафт,  «бæттæнтæй хъазт»,  «дæ ахстон ссар.»)

           Хъ. –  Баулæфыдыстæм, дарддæр нæ фæндагыл ацæуæм.

( бахæццæ стæм Нары хъæумæ)

Хъ. – Нæ разæй хъæу. Бауромæм ам.

- Цыдæр зонгæ хъæу у?.. Цы хуйны уый   нæ зонут?

С. – О, Нары хъæу.

Хъ.  – Кæмæй хъуыстгонд у Нары хъæу? Чи дзы райгуырди?

С. – Нары хъæуы райгуырди ирон  номдзыд  поэт æмæ фыссæг  Хетæгкаты Къоста.

Хъ. – Раст зæгъут.  Ӕрæджы йын йæ гуырæн бон бæрæг кодтам. Чи радзурдзæн Къостайы тыххæй æмдзæвгæ?

(Сабитæй иу дзуры Къостайы тыххæй æмдзæвгæ)

Хъ. – Æмæ ма зарæг дæр зонæм Къостайы ныхæстыл.

( Зарæг «Усгуры мæт.» )

Дæ кад мыггагмæ у цæринаг,

Дæ цард гъеныр дæр у сæдæ:

Зæххыл дын нал баззад кæнинаг, –

Дæ мæсыг амайын фæдæ.

Къоста дзæгъæлы мæсыджы кой нæ кодта.  Ирыстоны мæсыг кадджын у. Нæ фыдæлтæ махау хæдзæртты нæ цардысты, уыдон цардысты мæсыгты æнæхъæн мыггагæй иу бинонтау, иумæйагæй. Сывæллæттæ мах дæр сымахимæ иу бинонтæ стæм, мах дæр хъæуы мæсыг æмæ нæхæдæг саразæм. Фæлæ мæсыг хуымæтæджы нæ арæзтой. Фыццаг дуртæ иу бавæрдтой мыггаджы кадджын хистæртæ.  Махæн абон нæ кадджын хистæртæ сты нæ уазджытæ æмæ сын бар раттæм фыццаг дуртæ бавæрын

 Хъ. – Табуафси. Уæ хорзæхæй.

 (иумæ аразæм мæсыг)

Хъ. – Нæ Ирыстоны бирæ рæсугъд бынæттæ ис, фæлæ нын се’ппæт  фенын абон нæ бантысдзæн. Æмæ ацы рæсугъд , кадджын хъæуæй фæстæмæ аздæхæм нæ рæвдауæндонмæ.

Хъ.  - Уæ зæрдæмæ фæцыд нæ балц?

С. – О.

Хъ. - Цуыл дзырдтам абон?

С. – Мах дзырдтам нæ  райгуырæн зæххыл.

Хъ. – Нæ райгуырæн зæхх цы хуыйны?

С. -  Нæ райгуырæн зæхх хуыйны Ирыстон.

Хъ. – Ирыстонæн цавæр символикæ ис?

С. – Ирыстонæн ис гимн, герб æмæ тырыса.

Хъ. – Цы арæзтам иумæ?

С. – Мæсыг.

   Хъ.- Гимн куыд хъусын хъæуы?

С. – Гимн хъусын хъæуы лæугæйæ.

   

Бузныг уæ куыстæн.

- Хæрзбон. Нæ иннæ фембæлдмæ.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Аргъæутты дунемæ балц.

Аргъæутты дунемæ балц....

Балцы уасӕджы къӕдзил агурынмӕ

Балцы уасӕджы къӕдзил агурынмӕ...