Темæ: «Уӕлдӕфы ахадындзинад».
план-конспект занятия (младшая группа)

Тотиева Анжела Анатольевна

Знакомить с качественными характеристиками воздуха ( невидимый, прозрачный, движется); расширить представление о значимости воздуха в жизни людей, животных, растений.  Познакомить со свойствами и способами обнаружения воздуха. Базонгӕ кӕнын сабиты уӕлдӕфы ахадындзинадимӕ. Цы у уӕлдӕф? Сабитимӕ ӕрдзурын куыд хъахъӕнын хъӕуы уӕлдӕф, ууыл. Аразын цыбыр радзырдтӕ. Ахуыр кæнын опыттæм гæскæ ывзарын уӕлдӕфы ахадындзинад. Ахуыр кӕнын сабиты хъомылгӕнӕджы фӕрстытӕн ӕнӕхъӕн хъуыдыйӕдтӕй дзуапп дӕттын   

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл konspekt_nod_vozduh_2_ml_gr.docx20.3 КБ
Файл konspekt_nod_vozduh_2_ml_gr.docx20.3 КБ

Предварительный просмотр:

Цæгат Ирыстон – Аланийы муниципалон бюджетон скъола агъоммæйы уагдон  

«Камбилеевкæйы хъæуы 19- æм рæвдауæндон»

Темæ: «Уӕлдӕфы ахадындзинад».

Бацæттæ  йæ  кодта

19-æм рæвдауæндоны   сывæллæттæ

Хъомылгæнæг:        

Тотиты А.А.

Нысан:  (1-аг сахат)Базонгӕ кӕнын сабиты уӕлдӕфы ахадындзинадимӕ. Цы у уӕлдӕф?

(2- аг сахат) Сабитимӕ ӕрдзурын куыд хъахъӕнын хъӕуы уӕлдӕф, ууыл. Аразын цыбыр радзырдтӕ. Ахуыр кæнын опыттæм гæскæ ывзарын уӕлдӕфы ахадындзинад. Ахуыр кӕнын сабиты хъомылгӕнӕджы фӕрстытӕн ӕнӕхъӕн хъуыдыйӕдтӕй дзуапп дӕттын  

(3- аг сахат) Бафидар кæнын рацыд æрмæг. Сабиты разӕнгард кӕнын нывтӕм гӕсгӕ радзырдтӕ аразыныл, уӕлдӕф ӕмӕ ӕрдзы тыххӕй

Мигæнæнтæ: дзæкъултæ, афтид бутилкæ, агуывзæ, 2 тымбылæг

Ахуыры нывæст:

Хъомылгӕнӕг: - Сабитæ, абон куыстмæ куы цыдтæн, уæд мыл амбæлдысты мана ацы тымбылæгтимæ  (шариктæ). Иу дзы у цъæх, иннæта та сырх. Сырх кæны худгæ, тынг хъæлдзæг у æмæ дзæбæх дымст. Фæлæ цъæх та у ынкъард æмæ гыццыл. Цы ма цæмæ?  

Цъæх тымбылæг  (шарик ) афтæ зæгъы, тынг-тынг худтæн æмæ уый фæстæ ныгыццыл дæн, æмæ мæм худын нал цæуы.

Хъомылгӕнӕг: Сабитæ,  баххуысс кæнæм цъæх тымбылæгæн  (шариккæн ) ?  Цæмæй худын та райдайæ, цы хъæуы саразын уый тыххæй, куыд уæм кæсы?

Сабитæ дæттынц дзуæппытæ.

Хъомылгӕнӕг: Уый тыххæй йæ хъæуы ныддымсын уæлдæфæй.

Байхъусут уыци-уыцимæ – Уый нæ хъæуы улæфынмæ

                                                                   Уый нæ хъæуы тымбылæг дымсынмæ 

                                                                    Уый у нæ алыварс,

                                                                    Фæлæ мах нæ уынæм уый (уæлдæф)

Цы у уæлдæф? Цæмæй уый нæ зæрдыл ырлæууын кæнæм, уый тыххæй саразын хъæуы опыттæ.

Фæлæ уал иу гыццыл ахъазæм (физминуткæ)

 – Чызджытæ æмæ лæппутæ,

     Иумæ кæнынц гæппытæ.

     Чызджытæ – сæп-сæп,  лæппутæ – гæпп-гæпп

1-аг опыт:

Бацæут стъолы цурмæ æмæ ркæсут. Адон цы сты – дзæкъул (барчъи).

2-аг опыт:

Афтид бутилкæ доны ртъыссан хъæуы, цаллынмæ йæ уæлдæф ацæуа

3-аг опыт:

Мах улæфæм уæлдæфæй. Агуывзæйы донимæ трубычкæйæ фу кæнын.

Хъомылгӕнӕг: Цы уынут агуывзæйы? (таппузтæ – пузырьки воздуха). Уыдон цæуынц адæймаджы хуылфæй.

Уый фæстæ саразын хатдзæг (вывод)

Уæдæ зæгъæн ис:  1. Уæлдæф у рухсдзыд (прозрачный)

                                2. Бирæ предметтæ, афтидæй фæзынынц, фæлæ дзаг

                                         вæййынц уæлдæфæй

                               3. Уæлдæф ис адæймаджы хуылфы.

Мæнæ ма бакæсут, нæ тымбылæг худын райдыдта.

Рефлексийæ:

Абон цы куыстам? Цы базыдтат? Цы у уæлдæф?  Цæмæ хъæуы уæлдæф?