Аргъау «Тæрхъус йæ ныхасæн хицау у»
план-конспект занятия

Плиева Альбина Эльбрусовна

Аргъау

«Тæрхъус йæ ныхасæн хицау у»

 

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл argau_taerhus_yae_nyhasaen_hitsau_u.docx400.06 КБ

Предварительный просмотр:

Республикæ Цæгат Ирыстон - Алани

7 – æм МУНИЦИПАЛОН БЮДЖЕТОН РÆВДАУÆНДОН

Аргъау

«Тæрхъус йæ ныхасæн хицау у»

Бацаттæ кодта:

ирон æвзаджы хъомылгæнæг

Плиты Альбинæ

г. Алагир, 2025 аз

(тæрхъус бæласы бын бады æмæ кауы)

Тæрхъус: Мæнæ цы æнамонд стæм. Кæдмæ цæрдзыстæм афтæ, кæдмæ фæраздзыстæм ацы бирæгьы фыдмитæн? Тагьд нын нæ мыггаг куы сыскьуындзæн. Ныр ын цы æрхъуыды кæнæм? Хъаруйæ йыл нæ фæтых уыдзыстæм.

(рувас фæзынд)

Рувас: Цы кæныс хъусой? Цæуыл кæуыс?

Тæрхъус: Куыннæ кæуон рувас.Бирæгь нын тагьд нæ мыггаг сыскьуындзæн æмæ йын цы æрхъуыды кæнæм, куыд дзы фервæзæм?

(рувас йæ сæр аныхта, йæ былтæ хин сæрфт акодта).

Рувас: Æз бæргæ зонын куыд дзы фервæзæм уый, фæлæ уымæн ныфс хъæуы. Дæумæ та тæппуд цæй ныфс ис?

Тæрхъус: Ныфсы тыххæй мæм дæ зæрдæ  ма хсайæд!

(Рувас хин худт бакодта йæ мидбылты. Иуварсырдæм дзуры).

Рувас: Фæлæуу, æз дын дæ хъæбатырдзинад раргом кæндзынæн, тæппуд.

Тæрхъус: Цæй, цæй зæгъ дæ хорзæхæй дæ хъуыды!

Рувас:Цы уый зоныс, дыууæхстон ма балхæн, уаззау нæмгуытæ дзы бавæр, йæ размæ бабад æмæ йæ афæлдах.

Тæрхъус: Мæнæ цы хорз æрхъуыды кодтай. Мæ зæрдæмæ цæуы дæ хъуыды. Бузныг мæ сыхаг!

(рувасы йæ хъæбысы акодта. Æртхъирæнгæнгæ дзуры).

Тæрхъус: Фæлæуу, Бигъола, æз мæ фыдæн фыртæн нæ райгуырдтæн, дæу ма удыгасæй куы ныууадзон. Æз мæ ныхасæн хицау дæн!

(рувас æмæ тæрхъус фæйнæрдæм ацыдысты. Арс рацыд хъæдæй, тæрхъус йæ размæ фæцис, йæ уæхскыл дыууæхстон).

Арс: Дæ фæндаг раст мæ сыхаг!

Тæрхъус:Æнæмаст у!

Арс: Де уæхсгыл та цы ис?

Тæрхъус: Нæ йæ уыныс, дыууæхстон.

Арс: Æмæ дзы цы кæныс? Мацы фыдбылыз дзы сараз дæхицæн.

Тæрхъус: Ма тæрс, зылынкъах. Мæхицæн ницы, фæлæ дзы хъуамæ бирæгьы афæлдахон.

Арс: О-о! Уымæн афтæ хъæуы. Æгæр æдзæсгом у æмæ йын йæ ных бакъуырын хъæуы.

Тæрхъус: Æз ыл куы фæхæст уон, уæд ын æз фенын кæндзынæн. Гæрах куы фехъусай, уæд æй зон бирæгъ нал ис уый. Æз цæуон, мауал мæ фæстиат кæн.

(тæрхъус ацыд. Арс бæласы бын æрбадт. Уалынмæ бирæгъ мæстыйæ æрбацæуы).

Арс: Чи дæ суры фæстейы цъæхой? Цыдæр тагъд кæныс?

Бирæгъ: Мæнæ тæрхъусы агурын, рувас мын афтæ зæгъы, тынг дам дæм æртхъирæн кæны марынмæ, æмæ йын зæгъын йæ даргъ хъустæ фæцыбыр кæнон.

(арс бирæгъмæ сыстад, хæстæг æм бацыд).

Арс: Афтæ ма зæгъ. Дыууæхстон æм ис. Дæхи дзы хъахъхъæн. Тæрхъус йæ ныхасæн хицау у.

(бирæгъ йæ къух ауыгъта æмæ ацыд. Арс та бæласы бын æрфынæй. Райхъуыст гæрах. Арс фехъал).

Арс: Амардта йæ! Никæйы ахос ын у! Сыхæгтимæ хорз цæрын хъæуы.

(фæзынд тæрхъус йæ дыууæхстон йæ фæдыл ласгæ æмæ дзойтæ кæны. Æрбадт бæласы бын æмæ йæ ных асæрфта).

Арс: Цы фæцис бирæгъ? Амардтай йæ?

Тæрхъус: Нæ бирæгъы нæма федтон. Дзæгъæл гæрах мын фæци, æмæ ма мæ къæхтыл тыххæй цæуын.

Арс: -Ехх мæ хæлар! Дыууæхстон дæу аккаг нæу. Мæнæн æй ратт æмæ дз æз кæрдотæ згъалдзынæн. Дæуæн та дурæхсæн скæндзынæн. Къудзийы бын иу бамбæхсдзынæ æмæ та-иу уырдыгæй бирæгъы сæрæн- дзæхст.

Тæрхъус: -Хорз! Айсæй а.

(арс райста дыууæхстон, йæ фцæгыл æй бафтыдта æмæ ацыд. Тæрхъус та инæрдæм ацыд. Уалынмæ йæ къæхты бын цыдæр къæрцц фæцыд, фæтарст æмæ ныхъхъæр кодта).

Тæрхъус: -Уауу-у! Ам къæппæджытæ æвæрд куы ис. А-а-а! Фæлæуу, бирæгъ ныр мын нал аирвæздзынæ! Ардæм æй æрбасайдзынæн,къæппæджы йæ къах бахаудзæн æмæ йæ мæлæтдзаг над фæкæндзынæн.

(тæрхъус скафыд. Уалынмæ бирæгъы ауыдта).

Бирæгъ: Уый дæ фæстаг кафт у хъусой. Ды кæмæ æртхъирæн кæныс?!

(тæрхъус фыртæссæй ризы).

Тæрхъус: Чи дын загъта?

Бирæгъ: Рувас æндæр чи!

Тæрхъус: - Æзз, мæ ныхасæн хицау дæн (ризы æмæ фæстæмæ цæуы).

Бирæгъ: Уый ныртæккæ рабæрæг уыдзæн, йæ ныхасæн хицау чи у , уый!

(бирæгъ асырдта тæрхъусы. Уалынмæ йæ хъæр ссыд).

Бирæгъ: -Уауу! Уауу!  Мæлын!  Мæ къах къæппæджы бахауд!

(бирæгъ къуылых-къуылых  рацыд. Бæласы бын æрбадт æмæ йæ къахимæ архайы, ниуы. Тæрхъус æм хæстæг бацыд).

Тæрхъус: Цæй мæ хæлар куыд у? Чи у йæ ныхасæн хицау?

(бирæгъ лæгъстæмæ фæцис).

Бирæгъ: Дæ хорзæхæй тæрхъус, баххус  мын кæн.  Никуы уал уæ бахъыгдардзынæн.

Тæрхъус: Нæ, нæ! Дæуæн дæ сомы дæ ахсæны ис! Нæ дыл æууæндын!

(уис райста æмæ дзы бирæгъы ныццæвынмæ хъавы. Бирæгъ йæ сæр йæ къухтæй æмбæхсы).

Бирæгъ: -Уауу! Уауу!

Тæхъус: Цæй цавæр хъæр у, куынæ ма дæ ныццавтон!

Бирæгъ: Тæрхъус, уæ тæрхъус, æз дæ мад дæ фыды уазæг, цæй-ма, суæгъд мæ кæн.

Тæрхъус: Йæ цъæхой, ай мæнæй тæппуд дæр куы дæ, уæд дæ цымæ цæмæй тарстæн? Цæй хорз, суæгъд дæ кæндзынæн, æрмæст дзырдæй:  Мæн æмæ мын мæ мыггаджы мауал бахъыгдар.

Бирæгъ: Хорз, хорз зылынцæст, Ард дын хæрын, хæстæг дæр уæм нал бацæудзынæн.

(тæрхъус Бирæгъы суæгъд кодта.  Дыууæйæ кæрæдзийы къухтыл хæцынц).

Бирæгъ: Тæрхъус йæ ныхасæн хицау у!

Тæрхъус: Уарз дæ сыхаджы æмæ дын дæхи дæр уарздзысты!

(рацыдысты арс æмæ рувас).

Иумæ: Кæрæдзийы уарзгæйæ цæрут!