Гом ахуырады конспект «Ирон адæмы рагон цард»
план-конспект занятия (средняя группа)

Гом ахуырады конспект

«Ирон адæмы рагон цард» 

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл iron_adamy_ragon_tsard._kurtaeva_-_kopiya.docx77.48 КБ

Предварительный просмотр:

Республикæ Цæгат Ирыстон-Алани

7-æм МУНИЦИПАЛОН БЮДЖЕТОН РÆВДАУÆНДОН

Гом ахуырады конспект

«Ирон адæмы рагон цард»

Picture background

Бацæттœ кодта:

Куырттаты Заирæ

г. Алагир, 2025

Нысан: 

  • Сабиты зонгæ кæнын æмæ дарддæр бафидар кæнын сæ зонындзинæдтæ рагон цард, рагон ирон хæдзары дзаумæттæ æмæ мигæнинтимæ, сæ нысаниуæгимæ.
  • Сабиты ныхасы рæзтыл кусын. Æгъдауджын куыд уой æмæ сæ ныхасы мидæг уæздан дзырдæй æрвылбон куыд пайда кæной, ууыл сæ ахуыр кæнын.
  • Хæларæй куыд цæрой, хистæртæн аргъ куыд кæной, кæстæрæн лæггад, кæрæдзийы куыд уарзой, уыцы хуызы сæ хъомыл кæнын.

Ахуыры нывæст:

Хъомылгæнæг: -Уæ бон хорз, сывæллæттæ! Куыд кæсут, афтæмæй нæм абон нæ ахуыртæм æрбацыд уазджытæ, уæдæ сын зæрдиаг салам раттæм.

Сывæллæттæ: Æгас цæут!

Хъомылгæнæг: Уæдæ райдайæм нæ ахуыртæ. Кæрæдзийы къухтыл  æрхæцæм æмæ зылдмæ гæсгæ æрлæууæм.

Хъомылгæнæг: Равдисут ма уе ΄нгуылдзтæ. Зæгъут-ма, цал æнгуылдзы  ис иу къухыл?

Хъомылгæнæг: Уæдæ радзурæм «Фондз æфсымæры»…

Фондз æфсымæры нæртон!

Уыдонæн сæ нæмттæ зон.

Хистæр слæууыди фыццаг –

Раст цыма сæрыстыр саг!

Амонæн æнгуылдз дæр ныр

Сраст кодта йæ æлвæст гуыр.

Астæуккаг – æппæты даргъдæр,

Æтт, æнæном дæр фæцырд,

Ай та кæстæр у – зынаргъдæр.

Фондзæй фаззæттау – æмдзырд,

Иумæ сты æдзухдæр цырд!

Хъомылгæнæг: Тынг хорз! Сывæллæттæ, абон нæ ахуырты темæ у «Рагон ирон хæдзар», дзурдзыстæм цавæр хæдзары дзаумæттæ уыдис, цавæр мигæнæнтæ æмæ кусæн гæрзтæ уыд, æмæ сын цавæр нысаниуæг уыдис, ууыл. Фыццаджыдæр уал æркæсæм мæнæ ацы нывмæ. Цы æвдыст цæуы нывы?

Сывæллæттæ: Нывы æвдаст цæуы рагон ирон хæдзар.

Хъомылгæнæг: Раст загътат. Æмæ цæмæй арæзт у, цæмæй амад у хæдзар?

Сывæллæттæ: Хæдзар амад у дурæй.

Хъомылгæнæг: Æркæсут хæдзары бынмæ, цавæр у хæдзар?

Сывæллæттæ: Хæдзар у зæхбын.

Хъомылгæнæг: Тынг хорз. Сывæллæттæ, зæгъут-ма, ацы нывмæ æркæсгæйæ цы зæгъдзыстæм, куыд цардысты раджы заманы адæм?

Сывæллæттæ: Раджы заманы адæм цардысты мæгуыр.

Хъомылгæнæг: Æрбакæсут нывмæ æмæ зæгъут, хæдзары астæуæй цы уыдис?

Сывæллæттæ: Алы хæдзары дæр астæуæй уыд къона.

Хъомылгæнæг: Чи радзурдзæн къонайы тыххæй? Куыд арæзт уыдис æмæ цæмæн хъуыдис? 

Сывæллæттæ: Хæдзары астæу царæй дæлæмæ ауыгъд уыдис рæхыс, рæхысыл та аг, аджы бынмæ та уыдис арт. Афтæ арæзт уыд къона.

Хъомылгæнæг: Ахъуыды кæнут æмæ зæгъут, цары рæхысы фарсмæ та цы уыдис? Æмæ цæмæн хъуыд?

Сывæллæттæ: Къонайы сæрмæ цары уыд хуынкъ-ердо, цæмæй къонайы фæздæг ууылты цæуа.

Хъомылгæнæг: Сывæллæттæ, нывы мах уынæм алыхуызон хæдзары дзаумата, кæцытæй пайда кодтой уæды рæстæджы, ома рагон сты.

Хъомылгæнæг: Сабитæ, кæм фенæн ис рагон хæдзары дзаумæттæ? (Сывæллæтты дзуæппытæ). Нæ чысыл музейæ æз æрбахастон цалдæр дзаумайы, кæцытæ æнæмæнг уыдысты алы ирон хæдзары дæр. Ныртæккæ сæм æркæсдзыстут æмæ сын сæ нысаниуæг нæ зæрдыл æрлæууын кæндзыстæм. Куыд хуыйны мæнæ ацы хæдзары дзаума?

Сывæллæттæ: Уый у пирæн.

Хъомылгæнæг: Æмæ цымæ цæмæн хъуыди пирæн?

Пирæн хъуыдис къуымбил пирынæн. Цæмæй къуымбил сфæлмæн уа, схæмпус уа æмæ æнцон архайд уа.

Хъомылгæнæг: Раст загътат. Фæлмæн къуымбил æнцондæр æлвисæн у. Æлвисгæ та кодтой «æлхуыйæ», ома дзы æндах арæзтой (тæбын). Уый сывæллæттæ у ног дзырд æмæ йæ уæ зæрдыл бадарут.

Дарддæр æркæсæм иннæ хæдзары дзаумамæ. Чи зæгъдзæн, цы у?

Сывæллæттæ: Ай у рагон æфсæйнаг иту.

Хъомылгæнæг: Æмæ дзы куыд архайдтой?

Сывæллæтты дзуæппытæ.

Сывæллæттæ: Уый у хъуыллæг цæгъдæн.

Хъомылгæнæг: Цæмæн хъуыди хъуыллæг цæгъдæн?

Сывæллæттæ: Хъуыллæг цæгъдæны иу æхсыры сæртæ ныккодтой æмæ иу сæ сцахтой. Схаудта иу дзы нæлхæ, цы ма иу дзы баззад уый та хуындис мисын.

Хъомылгæнæг: Тынг хорз! Зæгъут-ма, уæдæ куыд хуыйны ацы хæдзары дзаума?

Сывæллæттæ: Уый у гогон.

Хъомылгæнæг: Чи радзурдзæн, цæмæн хъуыдис гогон?

Раджы заманы цардысты хæсгæ донæй, ома суадонæй кæнæ цæугæдонæй хастой дон мæнæ ахæм гогонты.

Хъомылгæнæг: Куыд зонæм афтæмæй раджы заманы мигæнæнтæ уыдысты хъæдæй арæзт, æмæ цымæ гогон дæр хъæдæй конд у?

Сывæллæттæ: Гогон нæу хъæдæй конд.

Хъомылгæнæг: Сывæллæттæ, гогон у æрхуыйæ арæзт. Æрхуы – уырыссыгау – медь. Дон-иу дардæй хастой æмæ иу фæстæмæ дзаг гогонтимæ цæугæйæ, фæндагыл цалдæр хаты æрлæууыдысты, сæ гогонтæ иу зæххыл æрæвæрдтой. Æмæ цæмæй гогонæн дурыл бакъуыргæйæ асæттынæй тæссаг ма уа, уымæ гæсгæ арæзт уыди æрхуыйæ. Иу хатт  ма йæ зæгъæм иумæ «æрхуы». Уый у ног дзырд æмæ йæ уæ зæрдыл бадарут.

Хъомылгæнæг: Мæнæ ай та цы у, чи мын æй зæгъдзæн?

Сывæллæттæ: Уый у дурын, конд у æлыгæй. Дурыны хуылфы иу дон кæнæ мисын ныккодтой æмæ иу æй хосдзаутæ семæ ахастой, хос кæрдынмæ куы цыдысты уæд, нызтой йæ доны бæсты, цæмæй сæ хъаруйыл хъару æфта.

Хъомылгæнæг: Тынг хорз. Æмæ иу дурыныл цытæ скодтой?

Сывæллæттæ: Дурыныл иу скодтой гуырнывтæ, цæмæй рæсугъдæр уа.

Хъомылгæнæг: Тынг хорз! Ныр та иучысыл нæ фæллад суадзæм æмæ скæнæм уылæфты минут.

Иу, дыууæ, æртæ, цыппар.

Рæвдздæр у, да бынат ар

Къæхтæ иумæ, къухтæ ндæгъд.

Йæ мæ фæндыр рæвдз æрцæгъд

Айтындз уарийау дæ къухтæ,

Къухтæ размæ, размæ тил,

Кафгæ дæ алыварс æрзил,

Йæ мæ фæндыр рæвдз æрцæгъд

Хистæр сабитæн æмдзæгъд.

Хъомылгæнæг: Дарддæр нæ куыст кæнæм. Сывæллæттæ, зæгъут-ма, цымæ ныр ацы хæдзары дзаумæттæ дзурын куы зониккой, уæд цымæ цы радзуриккой?

Сывæллæттæ: Радзуриккой нын сæ бинонтæ куыд цардысты æмæ сæм цавæр æгъдауттæ уыдис, уый.

Хъомылгæнæг: Раст загътат! Алы хæдзары дæр бинонтæн раджы дæр æмæ ныртæккæ дæр ис сæхи æгъдау. Фæлæ кæдфæнды дæр хæдзары мидæг хистæртæ зонд амыдтой кæстæрæн, кæстæртæ та сын æгъдау лæвæрдтой, сæ зондмæ сын хъуыстой.

Мах дæр дзырдтам уыцы æгъдæуттыл, базонгæ стæм æмбисæндтимæ. Нæ зæрдыл сæ æрлæууын кæнæм. Цавæр æмбисæндтæ зонæм æгъдауы тыххæй?

Сывæллæттæ:

  1. Лæг æгъдау хæссынæн райгуыры.
  2. Æгъдау кæй нæ баурома, уый æфсæн рæхыс дæр нæ бауромдзæн.
  3. Æфсарм кæм ис, æгъдау дæр уым ис.
  4. Хистæр  –   зондамонæг, кæстæр – æгъдаухæссæг.
  5. Дунейы сæр æгъдау у.
  6. Алкæмæн йе'гъдау йæ гакк у.
  7. Лæг йе'гъдауæй лæг у.
  8. Æгъдау – айдæн у, алчи дæр дзы йæхи уыны.
  9. Хистæрмæ цы кæстæр нæ хъусы, уый йæхицæн фыдбылыз кæны.
  10. Хистæрæн йæ ныхæй сой тæдзы, йæ дзыхæй – мыд.

Хъомылгæнæг: Тынг хорз! Сывæллæттæ, Хетæг та нын радзурдзæн æмдзæвгæ «Хистæр æмæ кæстæр».

Хистæрæн кæстæр куы дæтта æгъдау,

Кæстæрмæ ничи æрхæсдзæн уæд фау.

Хистæрæн кæстæр куы райса йæ уаргъ,

Кæстæрæн алкæм уыдзæни уæд аргъ.

Хистæрæн кæстæр куы радта бынат,

Кæстæр уыдзæни уæд хорзыл нымад.

Кæстæр куы фæрса йæ хистæры зондæй

Кæстæр уæд никуы фæрæдидзæн сонтæй.

Хъомылгæнæг: Тынг хорз Хетæг! Сывæллæттæ, æгъдауджын адæймаг бæрæг вæййы йæ ныхасæй дæр. Йæ ныхасы пайда кæны цавæр дзырдтæй?

Сывæллæттæ: Йæ ныхасы пайда кæны уæздан дзырдтæй.

Хъомылгæнæг: Раст загътат. Æмæ цавæр уæздан дзырдтæ зонæм?

Сывæллæттæ: Дæ бон хорз! Æгас цу! Бузныг! Табуафси! Дæ хорзæхæй! Фæндараст! Дæ цæрæнбон бирæ!

Хъомылгæнæг: Тынг хорз, сывæллæттæ! Мæн зæрдæ уын зæгъы, цæмæй сымах дæр æрвылбон кæрæдзийæн дзурат уæздан, фæлмæн, рæвдаугæ дзырдтæ, æмæ уæд æнæмæнг уыдзыстут æгъдауджын кæстæртæ. Сабитæ, нæ абоны ахуыртæ уæ зæрдæмæ фæцыдысты?

Хъомылгæнæг: Æмæ уын дзы цы фæцыди? Зын та уæм дзы цы фæкаст?

Сывæллæтты дзуæппытæ.

Хъомылгæнæг: Мæнæн дæр мæ зæрдæ барухс уæ дзуæппытæй æмæ уын «Бузныг» зæгъын.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Гом ахуыры конспект " Ирон æвзаг æмæ литературайы барагбон 2021"

Ирон æвзаг æмæ литературайы барагбон 2021...

Гом ахуырады конспект «Мады бон» (хистœр къорд)

Гом ахуырады конспект «Мады  бон» (хистœр къорд)...

Гом ахуырады конспект «МАДЫ БОН»

конспект мероприятия с родителями ко "Дню Матери" на осетинском языке...