Гом ахуыр «Мæ уарзон горӕт Алагир»
план-конспект занятия

Гом ахуыр

«Мæ уарзон горӕт Алагир»

 


Предварительный просмотр:

Республикæ Цæгат Ирыстон - Алани

7 – æм МУНИЦИПАЛОН БЮДЖЕТОН РÆВДАУÆНДОН

Гом ахуыр

«Мæ уарзон горӕт Алагир»

Picture background

Подготовила:

воспитатель родного языка

Плиева Альбина Эльбрусовна

г. Алагир

2026 г.

Нысантæ:

  • Сывæллæттæм рæзын кæнын уарзондзинад  нæ чысыл райгуырæн бæстæмæ.
  • Сæ зонындзинæдтæ сын парахат дæр кæнын кæм райгуырдысты æмæ кæм цæрынц уыцы горæты, республикайы тыххæй.
  • Сабитæн æмбарын кæнын, цæмæн хонæм Ирыстон нæ чысыл райгуырæн бæстæ.
  • Ирыстоны æрдзмæ уарзондзинад гуырын кæнын æмæ йыл ауыдын.

Ахуырадон хæслæвæрдтæ:

  • Сбæрæг кæнын сывæллæтты зонындзинæдтæ нæ чысыл райгуырæн бæстæйы тыххæй.
  • Базонгæ кæнын сывæллæтты Ирыстоны  адæмон культурæимæ, æгъдæуттимæ  æмæ традицитимæ.
  • Бакæсын сабитæн радзырдтæ, æмдзæвгæтæ, таурæгътæ нæ чысыл бæстæйы тыххæй.
  • Базонгæ кæнын сывæллæтты Ирыстоны номдзыд адæмимæ.
  • Равдисын æмæ сæ базонгæ кæнын нæ горæты цыртдзæвæнтимæ, зынгæбынæттимæ.
  • Ирон ныхасæй пайда кæнгæйæ фæхъæздыг дæр кæнын сывæллæттæн сæ дзырдуат.

Рæзын кæныны хæслæвæрдтæ:

  • Сывæллæттæм рæзын кæнын «æгъдау æмæ патриотон хъомылад».
  • Рæзын кæнын сывæллæттæн сæ мысынад, сæ хъуыдыкæнынад æмæ сæ хъуыдытæ раст дзурын.
  • Цæстуынгæ æрмæгæй пайда кæнгæйæ, сабитæн рæзын кæнын сæ логикон хъуыдыкæнынад, ныхасы рæзт æмæ сæ лæмбынæг хъусдард.

Хъомылкæнынады хæслæвæрдтæ:

  • Сывæллæтты хъомыл кæнын, цæмæй аргъ кæной æмæ сæрбæрзонд уæй нæ чысыл райгуырæн бæстæйæ.
  • Гуырын кæнын сабитæм уарзондзинад сæ райгуырæн бæстæмæ, архайын цæмæй сабитæн сæ митдунейы æнкъарæнтæ æрвылбон уæй хъæлдзæг æмæ цы зонындзинæдтæ райстой уыдонæй райгонд уæй.

(Ирон музыкӕйы зӕлтӕм сывӕллӕттӕ хъомылгӕнӕгимӕ ӕрбацыдысты агъуыстмӕ).

Хъомылгӕнӕг: Сывӕллӕттӕ, мӕнӕ нӕм цас рӕсугъд уазджытӕ ӕрбацыд. Нӕ мидбылхудт ма сын балӕвар кӕнӕм ӕмӕ сын ӕгас цу зӕгъӕм.

Сывӕллӕттӕ: Ӕгас цӕуыт нӕ зынаргъ уазджытӕ! Ныр та уе ргом мӕнмӕ раздахут, тымбыл мӕ алыварс алӕууыт ӕмӕ кӕрӕдзийы къухтыл ӕрхӕцӕм.

Кӕрӕдзимӕ бахудӕм ӕмӕ нӕ хорз зӕрдӕйыуаг кӕрӕдзийӕн балӕвар кӕнӕм рӕвдауӕн ныхӕстӕй.

  • Хъӕлдзӕг бонтӕ дыл цӕуӕд!
  • Ӕнӕнизӕй цӕр!
  • Хорз хабӕрттӕ хъус!
  • Дӕ хистӕрты фӕндиаг у!
  • Дӕ адӕмӕн уарзон у!
  • Ӕз дӕ бирӕ уарзын!
  • Ды дӕ мӕ зӕрдӕ!
  • Царды хордзинӕдтӕй хайджын у!

Хъомылгӕнӕг: Уӕ цӕрӕнбон бирӕ, цас рӕвдауӕн ныхӕстӕ зонут. Сывӕллӕттӕ, мӕ зӕрдӕ уын зӕгъы, абон иумӕ цы рӕстӕг ӕрвитдзыстӕм, уый уын цӕмӕй ӕрхӕсса бирӕ зонындзинӕдтӕ ӕмӕ бирӕ цымыдисдзинад.

Ныр та мӕм байхъусут лӕмбынӕг:

-  Ӕз уын бакӕсдзынӕн ӕмдзӕвгӕ, сымах та мын зӕгъут, цӕй тыххӕй у ӕмдзӕвгӕ, уый.

Цӕй диссаг дӕ мӕ Ирыстон,

Куыд адджын у дӕ уынд.

Цӕй зынаргъ дӕ мӕ зӕрдӕйӕн,

Куыд дын ӕй зӕгъон, куыд!

Сывӕллӕттӕ: Ӕмдзӕвгӕ у нӕ Ирыстоны тыххӕй.

Хъомылгӕнӕг: Тынг раст. Ирыстон у нӕ райгуырӕн зӕхх. Цымӕ йӕ цӕмӕн хонӕм нӕ райгуырӕн зӕхх?

Сывӕллӕттӕ: Нӕ райгуырӕн зӕхх ӕй уымӕн хонӕм ӕмӕ райгуырдыстӕм Ирыстоны.

Хъомылгӕнӕг: Раст загътат, уымӕн ӕмӕ ацы зӕххыл тынг раджы ӕрцардысты ирон адӕм, нӕ рагфыдӕлтӕ.

Сывӕллӕттӕ, бакӕсут-ма фӕйнӕгмӕ, цы дзы уынут?

Сывӕллӕттӕ: Мах фӕйнӕгыл уынӕм Ирыстоны картӕ.

Хъомылгӕнӕг: Тынг раст. Алы адӕмыхаттӕн дӕр ис йӕхи символтӕ ӕмӕ бӕрӕггӕнӕнтӕ. Стъолыл ис бирӕ нывтӕ ӕмӕ се хсӕн равзарут Ирыстонмӕ цы нывтӕ хауы уыдон ӕмӕ сӕ бафидар кӕнут фӕйнӕгыл.

(сывӕллӕттӕ бафидар кодтой нывтӕ).

Нӕ республикӕйы ис цалдӕр горӕты, нӕ зӕрдыл ма сӕ ӕрлӕууын кӕнӕм.

Сывӕллӕттӕ: Дзӕуджыхъӕу, Алагир, Ардон, Беслӕн, Дигора, Мӕздӕг.

Хъомылгӕнӕг: Сабитӕ, кӕй ранымадтат уыцы горӕттӕй мах та кӕцыйы цӕрӕм?

Сывӕллӕттӕ: Мах цӕрӕм горӕт Алагиры.

Хъомылгӕнӕг: Тамерлан, дӕ хорзӕхӕй, Алагирыл ма де ӕмдзӕвгӕ рӕсугъд радзур.

Мӕ уарзон Алагир.

Фӕрнӕйдзаг у, мӕ уарзон Алагир!

Зӕрин хур дӕм   цалхыдзагӕй ӕркаст.

Сӕрдыгон арв дӕ хӕдсӕрмӕ ныййырд,

О, ма мын фен ӕфхӕрд ӕмӕ фыдмаст!

Зынаргъ горӕт, дӕ хъуыдытӕ уӕнт раст,

Дӕттын дын ӕз зӕрдиагон салам.

Ӕгӕрон у дӕумӕ, мӕ хур, мӕ уарзт,

Ӕмӕ дыл уымӕн цинтӕ кӕнын ам. (Айларты Михал).

Хъомылгӕнӕг: Сывӕллӕттӕ, фӕнды уӕ абалц кӕнын нӕ горӕты уынгты?

Сывӕллӕттӕ: О, фӕнды.

Хъомылгӕнӕг: Ӕмӕ уӕ цавӕр транспортыл фӕнды?

(Сывӕллӕттӕ дзуаппытӕ).

Хъомылгӕнӕг: Уӕдӕ абалц кӕндзыстӕм мах автобусыл нӕ уарзон Алагиры уынгты ӕмӕ йӕ зындгонд бынӕттыл. Ӕмӕ нын нӕ балцы баххуыс кӕндзӕн алӕмӕты экран. Нӕ автобус нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, рацӕуыт ӕмӕ сбадӕм. Араст кодтам нӕ рӕвдауӕндонӕй.

(Экраныл рӕвдауӕндоны къам).

Хъомылгӕнӕг: Нӕ фыццаг ӕрлӕууӕн бынатмӕ ӕрбахӕццӕ стӕм. Бакӕсут-ма экранмӕ, цы дзы уынут? (Экраныл Алагиры аргъуан).

Сывӕллӕттӕ: Мах экраныл уынӕм аргъуан.

Хъомылгӕнӕг: Раст загътат. Абон махмӕ уазӕгуаты ӕрбацыд Беккузарты Алымбеджы фыд Игорь ӕмӕ нын радзурдзӕн Алагиры аргъуаны тыххӕй.

Хъомылгӕнӕг: Нӕ уазӕгӕн сабитӕ, бузныг зӕгъӕм.

Сывӕллӕттӕ: Бузныг.

Хъомылгӕнӕг: Дарддӕр нӕ балц кӕнӕм. Ӕрбахӕццӕ стӕм иннӕ ӕрлӕууӕн бынатмӕ. Ацы ӕрлӕууӕн бынат та у Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты хъӕбатырты номыл. Бакӕсут-ма экранмӕ. (экраныл Танк-Т 34)

Ацы танк ӕвӕрд ӕрцыд Алагиры адӕмӕй хӕсты быдыры чи уыд, уыдонӕн.

Дурыл фыст сты сӕ нӕмттӕ ӕмӕ мыггӕгтӕ. Судзы дзы ӕнусон арт. Алы аз 9 майы нӕ рӕвдауӕндоны сывӕллӕттӕ ыссӕуынц ӕмӕ дзы дидинджытӕ сывӕрынц.

(сывӕллӕтты къам танчы цур).

Сывӕллӕттӕ, ацы цырт та кӕмӕн ӕвӕрд ӕрцыд?

(экраныл Баситы Чабӕханы цырт)

Кӕй фӕнды радзурын, Чабӕхан чи уыд ӕмӕ йын цӕй тыххӕй сывӕрдтой цырт?

(сывӕллӕтты дзуӕппытӕ).

Хъомылгӕнӕг: Тынг хорз сывӕллӕттӕ. Ацы цыртдзӕвӕн та куыд хуыйны?

(экраныл ӕфсымӕрон ингӕн)

Сывӕллӕттӕ: Ацы цыртдзӕвӕн та у ӕфсымӕрон ингӕн (братская могила).

Хъомылгӕнӕг: Раст сабитӕ. Ӕмӕ кӕмӕн ӕвӕрд ӕрцыд?

Сывӕллӕттӕ: Хӕсты рӕстӕджы Алагир чи бахъахъхъӕдта, уыдонӕн. Знӕгтимӕ хӕцгӕйӕ чи фӕмардис, уыцы хъӕбатыртӕн.

Хъомылгӕнӕг: Сабитӕ! Уыцы адӕмы астӕу уыд Петр Гужвин, кӕцы йӕ риуӕй сыхгӕдта знӕгты пулемет.

(Петр Гужвины къам экраныл).

Хъомылгӕнӕг: Сывæллæттæ, уа царæнбон бирæ, нæ горæты цыртдзæвæнты тыххæй уæм ис бирæ зонындзинæдтæ!

Ныр та ахъазӕм пуртийӕ. Пурти кӕмӕ баппарон, уый мын мӕ фарстайӕн дзуапп ратдзӕн.

  • Алагиры чи цӕры, уыцы адӕмы куыд хонынц?

Сывӕллӕттӕ: Алагирӕгтӕ.

  • Алагирӕн йӕ рахиз фарс цы дон кӕлы, уый куыд хуыйны?

Сывӕллӕттӕ: Ӕрыдоны дон.

  • Нӕ горӕты сӕйрагдӕр уынг кӕй номыл у?

Сывӕллӕттӕ: Нӕ горӕты сӕйрагдӕр уынг у Хетӕгкаты Къостайы номыл.

  • Алагиры цавӕр адӕм цӕры?

Сывӕллӕттӕ: Алагиры цӕры рӕсугъд, хъӕлдзӕг, зӕрдӕхӕлар, уазӕгуарзон адӕм.

  • Нӕ рӕвдауӕндон та кӕцы уынджы ис?

Сывӕллӕттӕ: Нӕ рӕвдауӕндон ис Квартал Энергетиковы.

  • Нӕ горӕты цавӕр транспорт цӕуы?

Сывӕллӕттӕ: Нӕ горӕты цӕуы автобус, уӕзласӕн ӕмӕ алыхуызон рог машинӕтӕ.

  • Сывӕллӕттӕ ахуыр кӕнынмӕ кӕдӕм цӕуынц, уыцы бынат цы хуыйны?

Сывӕллӕттӕ: Уыцы бынат хуыйны скъола.

  • Тӕрхӕгыл бирӕ чингуытӕ кӕм ис фенӕн?

Сывӕллӕттӕ: Бирӕ чингуытӕ ис чиныгдоны.

Хъомылгӕнӕг: Цы тынг зондджын стут мӕ къонатӕ. Дарддӕр нӕ балц кӕнӕм. Бакӕсут-ма экранмӕ, кӕдӕм ӕрбацыдыстӕм?

(экраныл стадион).

Сывӕллӕттӕ: Мах ӕрбахӕццӕ стӕм стадионмӕ.

Хъомылгӕнӕг: Раст загътат. Ӕмӕ куыд хъуыды кӕнут, цӕмӕн хъӕуы стадион?

(сывӕллӕтты дзуӕппытӕ).

Хъомылгӕнӕг: Сабитӕ, дарддӕр та нӕ балц кӕнӕм ӕмӕ ӕрбахӕццӕ стӕм иннӕ ӕрлӕууӕн бынатмӕ. Бакӕсут-ма экраныл цы уынут?

(экраныл Къостайы цыртдзӕвӕн Алагиры).

Сывӕллӕттӕ: Экраныл уынӕм Къостайы цыртдзӕвӕн.

Хъомылгӕнӕг: Чи уыд Хетӕгкаты Къоста?

Сывӕллӕттӕ: Къоста уыд фыссӕг, нывгӕнӕг.

Хъомылгӕнӕг: Раст загътат. Ӕмӕ кӕм райгуырд?

Сывӕллӕттӕ: Къоста райгуырд Нары хъӕуы.

(экраныл Нары хъӕу ӕмӕ Къостайы цыртдзӕвӕн).

Хъомылгӕнӕг: Хетагкаты Къоста уыд не мзӕххон, ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы бындурӕвӕрӕг. Ӕнӕхъӕн дунейыл йӕ ном у хъыстгонд.

(дидактикон хъазт «Сӕмбырд кӕн ныв Къостайы ӕмдзӕвгӕйӕ»).

Хъомылгӕнӕг: Сбадӕм та нӕ автобусы ӕмӕ нӕ балц дарддӕр кӕнӕм. Бакӕсут-ма нӕ алӕмӕты экранмӕ, цы дзы уынут?

Сывӕллӕттӕ: Мах экраныл уынӕм музей.

(видеоролик, музейы кусӕг).

Хъомылгӕнӕг: Тынг зӕрдиагӕй нӕ хонынц сӕ музеймӕ сывӕллӕттӕ ӕмӕ мах ӕнӕмӕнг ыссӕудзыстӕм уырдӕм.

Хъомылгӕнӕг: Сывӕллӕттӕ, нӕ балц кӕронмӕ ӕрхӕццӕ. Сбадӕм нӕ автобусы ӕмӕ нӕ рӕвдауӕндонмӕ ацӕуӕм.

(экраныл рӕвдауӕндон).

Хъомылгӕнӕг: Абон, сабитӕ, сымах уӕхи равдыстат куыд ӕцӕг гыццыл патриоттӕ, кӕцытӕ уарзынц ӕмӕ зонынц сӕ райгуырӕн бӕстӕ, сӕ горӕт.

Исчи уӕ куы уаид нӕ горӕты хицау, уӕд цы скӕниккат хорздзинадӕй на горӕтӕн ӕмӕ йӕ цӕрджытӕн?

(Сывӕллӕтты дзуӕппытӕ).

  • Ӕз скӕнин Алагиры фӕндӕгтӕ.
  • Ӕз та сывӕллӕттӕн хъазӕн площадкӕ.
  • Ӕз та качелитӕ.
  • Ӕз та бирӕ хъазӕнтӕ балӕвар кӕнин ме мбӕлттӕн.
  • Ӕз та сын бирӕ къафеттӕ балхӕнин.

Хъомылгӕнӕг: Сабитӕ, тынг рӕсугъд фӕндтӕ уӕм ис, уӕ къухы бафтӕнт.

Ныр та цы мигӕнӕнтӕ ӕрцӕттӕ кодтам, уыдон срӕсугъд кӕнӕм. Ӕрбалӕууыт ма стъӕлттӕм хӕстӕгдӕр, алчидӕр уӕ иу мигӕнӕн райсӕд ӕмӕ йӕ срӕсугъд кӕнӕд.

(мигӕнӕнтыл орнамент скодтой).

Хъомылгӕнӕг: Тынг рӕсугъд уын рауадысты, балӕвар сӕ кӕнæм нӕ уазджытӕн.

Рефлексия.

Хъомылгӕнӕг: Нӕ абоны балцӕн хатцӕг скӕнӕм хъазты хуызы. Ӕз райдайдзынӕн   хъуыдыйад, сымах та йӕ кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнут.

  • Абон нӕ балцы се ппӕты тынгдӕр мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд…………….
  • Абоны балцы руаджы ӕз базыдтон……………..
  • Мӕн ма фӕндид базонын…………………
  • Нӕ балцы мӕм зын фӕкаст……………..

Хъомылгӕнӕг: Мӕнмӕ дӕр дзы зынӕй ницы фӕкаст. Фӕнды мӕ зӕгъын сымахӕн стыр бузныг. Ныр та нӕ уазджытӕн зӕгъӕм хӕрзбон ӕмӕ нӕ къордмӕ ацӕуӕм.


По теме

проект Мой город родной Алагир

проект Мой город родной Алагир...

ГОМ АХУЫРЫ КОНСПЕКТ: «МÆ ИРЫСТОН»

ГОМ АХУЫРЫ КОНСПЕКТ:«МÆ ИРЫСТОН»...

Гом ахуыры конспект " Ирон æвзаг æмæ литературайы барагбон 2021"

Ирон æвзаг æмæ литературайы барагбон 2021...

Гом ахуыры конспект Сырдты дохтыр Айболит

Гом ахуыры конспект Сырдты дохтыр Айболит...

Гом ахуыры конспект Уӕлдӕфон тымбыл арсӕн

Гом ахуыры конспект Уӕлдӕфон тымбыл арсӕн...

Рабочая программа педагога-психолога муниципального бюджетного дошкольного образовательного учреждения «Детский сад №7» общеразвивающего вида с приоритетным осуществлением художественно-эстетического развития воспитанников г.Алагира «СКОРО В ШКОЛУ»

Рабочая программа педагога-психологамуниципального бюджетного дошкольного образовательного учреждения «Детский сад №7» общеразвивающего вида с приоритетным осуществлением художественно-эст...