Темæ: «Дыргьтæ æмæ халсартæ»
план-конспект занятия (средняя группа)

Темæ: «Дыргьтæ æмæ халсартæ»

 

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл konspekt_zanyatiya_dyrgtae_aemae_halsartae.docx209.49 КБ

Предварительный просмотр:

РЕСПУБЛИКÆ ЦÆГАТ ИРЫСТОН - АЛАНИ

7 – ÆМ МУНИЦИПАЛОН БЮДЖЕТОН РǼВДАУǼНДОН

Темæ: «Дыргьтæ æмæ халсартæ»

7 – æм рæвдауæндоны хъомылгæнæг: Габолаты З.А.

г. Алагир,

2019 аз

Нысантæ: 

  • Бафидар кæнын сывæллæттимæ зонындзинæдтæ халсартæ æмæ дыргьты тыххæй.
  • Номдартæ, миногонтæ æмæ мивдисджытæй пайда кæныныл архайын.
  • Сывæллæтты ахуыр кæнын дыргьтæ æмæ халсартæ æхгæд цæстытæй сæ адмæ гæсгæ базонын.
  • Хъомыл кæнын сабиты цæмæй æрдзон лæвæрттæн аргъ кæнын зоной.

Дзырдуат: кæрдобæлас , фæткъыбæлас,тыллæг,чыргъæд.

Цæстуынгæ æрмæг: дыргътæ, халсартæ,дзæкъул, муляжтæ ,иу стыр æмæ дыууæ гыццыл чыргъæды,гæххæттыл нывгонд дыргътæ æмæ халсартæ,гæххæттæй банкæйы формæтæ,клей,къухтæсæрфæн.

Ахуыры нывæст.

Хъомылгæнæг. Сывæллæттæ,æрлæууæм ма цæлхдымбылæй æмæ ахъазæм.

Æртæккæ мах зымæгмæ цæхджын кæндзыстæм къабуска.

Къабуска кæрдæм,кæрдæм.

Хафæм уырыдзы лыстæг.

Къабуска         цæхджын кæнæм.

Æмæ йæ æууæрдæм тынг.

Хъомылгæнæг. Байхъусут ма базон-базоны ныхæстæм æмæ зæгъут уый кæд вæййы.

Бонтæ згъорынц размæ

Дугъæттау цæрдæг.

Сæрды фæстæ махмæ

Ралæууыд ……(фæззæг).

Хъомылгæнæг. Зæгъут ма афæдзы афонтæй кæцыйы тыххæй у ацы базон-базон.(фæззæджы тыххæй)

Хъомылгæнæг. Фæззæджы адæм сæ цæхæрадæтты цы æрæмбырд кæнынц? (фæззыгон тыллæг)

Æнæнхъæлæджы чидæр æрбахоста.

Хъомылгæнæг. Кæсут ма, чи нæм æрбацыд (Аминæ).

Аминæ: – Уæ бон хорз, сывæллæттæ …..

Сывæллæттæ. æгас нæм цу Аминæ.

Хъомылгæнæг. Уый та нын цы æрбахастай?

Аминæ.-Мæнæ уын дзæкъул,фæлæ хуымæтæг дзæкъул нæу.

Хъомылгæнæг. Миланæ дыма йæ бафæрс цы ис Аминæйы дзæкъулы

Аминæ. Дæхæдæг æй базон.

Дидактикон хъазт: «Диссаджы дзæкъул».

(Сывæллон æнæркæсгæйæ къухæй сгарыдзæкъул æмæархаы цы дзы ис уый базоныныл.Дзуры дзæкъулæй цы систа уыцы халсар кана дыргъы тыххæй.

Хъомылгæнæг. -Артур,цы систай дзæкъулæй(картоф)

-Кæм зайы картоф?(картоф зайы хуымы)

-Цавæр у дæ картоф?(морæ,тымбыл,у халсар …)

-Альберт, цы ис дæумæ та?(мæнмæ ис фæткъуы)

-Цавæр хуыз у дæ фæткъуы?(сырх)

-Кæм зайы? (фæткъуы зайы бæласыл æмæ у дыргъ.)

Хъомылгæнæг. Сабитæ хорз зонут кæм зайынц халсартæ æмæ дыргътæ уый.

-Зæгъут ма, цæмæн хъæуы хæрын халсартæ æмæ дыргътæ?

(цæмæй рынчын ма кæнæм, уыдоны ис бирæ витæминтæ)

Хъомылгæнæг. Тынг раст, витаминтæ тынг пайда сты уæ æнæниздзинадæн. Бахæрыны размæ та сæ хъæуы ныхсын.

Змæлгæ  хъазт: «Чи тагъддæр сæмбырд кæндзæн дыргътæ æмæ халсартæ»

Хъомылгæнæг. Тынг хорз ахъазыдыстут .Ныртæккæ та ахъаздзыстæм диссаджы хъазтæй…

Дидактикон хъазт: «Базон-базон цы ахордтай?»

Хъомылгæнæг.-Сывæллæттæ,фæцыди уæ зæрдæмæ ацы хъазт?

Уæдæма байхъусут лæмбынæг, æмæ базонут уыци-уыцитæ.

1.Нæ дурын урс нæмгуытæй дзаг (нас)

2.Карк дæлзæххы къуыртт уадзы. (картоф)

3.Уырызмæгыл фондзыссæдз хæдоны (къабуска)4.Рæсугъд чызг йæхæдæг уынджы ис,йæ дзыкку та уынджы.(Уырыдзы)

5.Дзыккутæ йын уыди, фæлæ чызг нæ уыди ,тымбыл уыди , фæлæ айк нæу,къæдзил ын уыди фæлæ мыст нæ уыди.(булкъ)

6.Асиатыл авд кæрцы, чи сæ ласы,уый кæуы.(хъæдындз)

Хъомылгæнæг. -Мæнæ цы зондджын сывæллæттæ стут, иууылдæр базыдтат уыци-уыцитæ.

Хъомылгæнæг. -Зæгъут ма,цавæр хæринæгтæ ис скæнæн халсартæй? (салат,хъæрмхуыпп,зымæгмæ цæхджынтæ)

-Дыргътæй та?(кампот,вареннæ,адджын дон.)

-Ныртæккæ мах сымахимæ зымæгмæ цæхджын кæндзыстæм халсартæ банкæты.

Хъомылгæнæг æвдисы 2 банкæйы: иу стыр, иннæ гыццыл.

Хъомылгæнæг. – Ай цавæр банкæ у?(стыр) Ǣмæ кæд стыр банкæ у, уæд дзы сæ асмæ гæсгæ цавæр халсартæ æвæрдзыстæм? (стыртæ)

Хъомылгæнæг. -Ай та цавæр банкæ у?(гыццыл) Уым та æвæрдзыстæм гыццыл халсартæ.

Хъомылгæнæг. -Сывæллæттæ,иууылдæр тынг зæрдиагæй архайттат æмæ мæнмæ гæсгæ нæ цæхджынтæ уыдзысты тынг хæрзад.

Хатцæг. Бафидар кæнын зонындзинæдтæ дыргътæ æмæ халсарты тыххæй.