на цъах-цъахид заз 2024
материал (подготовительная группа)

Плиева Ольга Джумберовна

ног бон 2024

Скачать:

ВложениеРазмер
Microsoft Office document icon хадзаронта74.5 КБ

Предварительный просмотр:

Ирон бæрæгбон «Нæ цъæх-заз бæлас»

АМОНÆГ.Алы бон æгас нæм цæут нæ зынаргъ уазджытæ. Тынг æхсызгон нын у уæ фенд мæнæ Ног азы минæвæр   заз бæласы бын.Кæронмæ фæхæццæ кæны зæронд аз, æрлæудзыстæм ног азы къæсæрыл.Цыдæриддæр æвзæрдзинадæй уыд нæ царды, уыдон зæронд аз йемæ ахæссæд.Ног аз та нын ног хæрзтæ æрхæссæд.Бæстæ сабыр куыд уа, кæстæр хистæры куыд æмбара, нæ ирондзинад фидарæй фидардæр куыд уа.

АМОНÆГ.Сывæллæттæ, Ног аз нæм æрцыди. Нæ заз бæлас дæр лæууы, фæлæ нæ бæрæгбон нæ фидауы æнæ Митын Дадайæ. Цæйут æмæ йæм ахъæр кæнæм.(дуары фæстæйæ фæцыд хъæр.

АМОНÆГ.Уæдæ дæ кæд дæ рæдыд сраст кæнын фæнды,уæд ныртæккæ дæ хъæлæсыдзаг сывæллæттимæ Митын Дадамæ ахъæр кæн, æмæ йæ фæндагæй ма фæдзæгъæл уа.

СЫВÆЛЛÆТÆ.

Митын Дада,Митын Дада- рацу,рацу махмæ!

Митын Дада,Митын Дада- рацу,рацу махмæ!

(фæндыры цагъдмæ фæзынд Митын Дада).

МИТЫН ДАДА.Уæ бон хорз мæ чысыл хуртæ. Мæнæ цас гыццыл, дзæбæх, рæсугъд чызджытæ æмæ лæппутæ ис!

Базыдтат мæ?(О-о-о)

Чи дæн? (Митын Дада)

Сымах Дадайы хуртæ стут, Дадайы.Æз тынг бафæлладтæн, сывæллæттæ. Хъæды миты тъыфылтæй мæ развæндаг дзæбæх нæ уыдтон æмæ мæ сæр разылд.

АМОНÆГ.Дада бадгæ уал нæм скан, дæ фæллад суадз.Мах дæм тынг æнхъæлмæ кастыстæм æмæ дын бацæттæ кодтам нæ лæвæрттæ:- æмдзæвгæтæ, зарджытæ, кæфтытæ, хъæстытæ æмæ аргъауы инсценировкæ. Дæ хорзæхæй , бакæсæм ма сæм!

Зарæг «Митын Дада».

Митын Дада,Митын Дада.

Цу нæм алы бон æгас!

Митын Дада, рахæсс демæ

Сывæллæттæн заз бæлас.

Заз бæласыл –гагадыргътæ,

Хуртæ, стъалытæ ‘мæ мæй.

Заз бæласыл-хъазæн мæргътæ-

Хъазæнт къалиутыл фæрнæй.

Митын Дада,Митын Дада.

Цу нæм алы бон æгас!

Иры бæстæн алы хатт дæр

Амондджын куыд уа йæ аз!

МИТЫН ДАДА. Дадайы зæрдæтæ,бузныг уын ,уæ цæрæнбон бирæ. Уе’мдзæвгæтæй барухс кæндзыстут мын мæ зæрдæ?

Æмдзæвгæтæ.

1-аг сывæллон

Заз бæлас ,заз бæлас,

Алы бон нæм цу æгас,

Бирæ уарзынц сабитæ,

Дæ цъæх-цъæхид къалиутæ.

2-аг сывæллон

Миты урс хæмпус гæлæбу,

Уæларвæй’ртахтис,

Сатæг урс-урсид гæлæбу

Абадтис мæ армы.

Уазал у, хæмпус у

Миты урс гæлæбу.

3-аг сывæллон

Зæронд аз махæй фæндараст!

Ног аз нæм буцæй цæуæд!

Ног азы хур нæм æрбакаст,

Ног азы хорзæх уæ уæд!

4-æм сывæллон

Ног аз махмæ хъæлдзæгæй,

Рбавæрдта йæ къах…

Митын Дада лæдзæгæй

Рхоста уæлæ рагъ.

5-æм сывæллон

Заз бæлас рæвдауæндоны,

Аив кæны уат,

Сабитæн сæ бæрæгбонмæ

Хъуысы дардмæ зард.

6-æм сывæллон

Ног аз нæ размæ хъуыдытæ хæссы,

Заз бæлас сабитæм ‘нкъардæй кæсы,

Сис-ма дæ къалиутæ, ма кæн æнкъард,

Акæнæм хъæлдзæгæй иумæ нæ зард.

 7-æм сывæллон

Ног аз! Ног цин-ног бæллиц!

Зæронд фарнимæ фæлидз…

Демæ фыдбылызтæ ахæсс…

Ног аз! Демæ цинтæ рахæсс!

Мах дыл хъæлдзæгæй æмбæлæм,

Амондджынæй  фæцæрæм.

8-æм сывæллон

Зæронд аз – махæй фæндараст!

Ног аз нæм буцæй цæуæд!

Ног азы хур нæм æрбакаст,

Ног азы хорзæх уæ уæд!

9-æм сывæллон

Заз бæлас, заз бæлас.

Алы аз нæм цу æгас,

Бирæ уарзынц сабитæ

Дæ цъæх-цъæхид къалиутæ.

АМОНÆГ. Кафынмæ дæр тынг дæсны сты нæ сабитæ. Бакæсæм ма сæм.

Кафт «Хонгæ»

АМОНÆГ. Ирон æвзаг бирæ чи уарзы,уыдон ирон уыци-уыцитæ дæр зондзысты. Дада,ракъах ма цæ.

(дада дзуры уыци-уыцитæ,дзуапп раст чи радты,уымæн авæры лæвар.).

УЫЦИ-УЫЦИТÆ.

МИТЫН ДАДА.

1. Нæ зæронды дысæй дыууадæс цъиуы ратахт.(афæдз)

2. Сæрдæй ,зымæгæй нæ бæлас иу дарæсы.(заз бæлас)

3. Урс ыссад фыдуазал.Хуры тынтай йæ адзал.(мит)

4. Авзалыйæ йæ цæстытæ

Каухалæнтæй йæ къухтæ,

Чи ауайы йæ рæзты

Бахуды йæм æдзух дæр.(митын лæг)

5. Цæй ма базон æмæ зæгъ

    Урс кæд фæдары нæ зæхх.(зымæг)

МИТЫН ДАДА.Тынг цырхзонд сабитæ стут.Æз зæронд дæн, фæлæ уæддæр уарзын хъазын. Фæнды уæ ахъазын? (Фæнды).

Хъазт- «Барджытæ»

АМОНÆГ. Митын Дада,не’мдзæвгæтæ дын дардæр радзурæм.

Æмдзæвгæтæ.

10-æм сывæллон

Ног аз ныл арцыди,

Иумæ цин кæнæм .

Ног ыстъалы сыгъди,

Иумæ йæм кæсæм.

Цин кæны нæ бæстæ,

Цин кæнын æз дæр.

Ног азæн йæ хæрзтæ,

Зæрондæй фылдæр.

11-æм сывæллон

Адæм сыстадысты раджы

Митæй байдзаг ис нæ кæрт.

Уæртæ урс Дада æрбацыд

Йемæ‘рбахаста лæдзæг.

Байрай, урс Дада- хæрзгæнæг!

Хорзæн де’рбацыд фæуæд!

Дунейы фæрныг дзыллæтæ

Алкæд сабырæй цæрæнт.

12-æм сывæллон

Уазал у нæ зазæн

Зымæджы æддæ.

Махмæ йын хъарм бынат

Агъуысты цæттæ.

Бирæ ис хъазæнтæ

Бæласыл зæбул.

Заз бæлас сæ уæзæй

Зæххы ‘рдæм æркъул.

13-æм сывæллон

Алы бон цæут æгас,

Митын Дада, заз бæлас!

Ног аз нæм æрцыд уæ фæрцы

Урс – урсид бæмбæгджын кæрцы.

Алкæмæн нæ хуын æрхаста

Аив хуыд дзæкъулы бастæй.

Кафæм, зарæм, хъуысы дард

Цины хъæр, фæндыры цагъд.

14-æм сывæллон

Заз бæлас ,заз бæлас

Алы аз нæм цу æгас

Бирæ уарзынц сабитæ

Дæ цъæх-цъæхид къалиутæ.

Митын Дада, мах дæ уарзæм

Алы бон нæм цу æгас.

Бирæ уарзынц сабитæ

Дæ дзæкъулы адджынтæ.

15-æм сывæллон

Рацу Ног аз тагъддæр ды,

Мах дæу фенын тынг фæнды.

Сфæлыстам рæсугъд нæ заз,

Рудзынгæн йæ тæккæ раз.

Ма кæн рох æрмæст дæ хæс,

Бирæ амæндтæ æрхæсс!

16-æм сывæллон

Зумæг æ уорс кæрцæй

Бæстæ æрæмбарзта.

Æ гъизт æнæбæрцæ

Зæнхи æрæлваста.

Думгæ æд уорс меттæ

Уазал æрбахаста

Æма ехин хедтæ

Донбæл исаразта.

АМОНÆГ. Митын Дада, сывæллæттæ бацæттæ кодтой миниатюра «Дадайы лæвæрдтæ».

Миниатюра «Дадайы лæвæрдтæ».

Фыд бады бандоныл æмæ кæсы газет.

Чызг. Агъа ,мæнæ кæм дæ.

Папа. Цы кæныс, мæ къона?

Дочка. Æмæ дын æз Митын Дада дæн?

Рацауы баба , йæ сæрыл пецы труба.

Баба. Ой-ой-ой

Чызг. Дада?

Фыд. Баба?

Баба. Мæнæ дæ лæвар........Æз æй уæддæр хъуамæ базонон Митын Дада йæ лæвæрдтæ куыд фæуары , уый.

Кæрон.

Хъазт « Срæсугьд кæнæм Заз бæлас»

АМОНÆГ. Байхъусæм рæсугъд зарæгмæ «Заз бæлас».

Зарæг «Заз бæлас».

Куыд рæсугъд у мах алам

Махыл уымæн цин кæннæм

О,нæ заз, о, нæ заз

Бæркадджын уа о нæ заз.

Ды æрттивыс урс митæй

Алы хуызон дидинтæй.

 

О,нæ заз, о, нæ заз

Бæркадджын уа о нæ заз.

Митын Дада ног азы

Мах сабиты тынг уарзы.

О,нæ заз, о, нæ заз

Бæркадджын уа о нæ заз.

МИТЫН ДАДАА. Ма уд уæ фæхъау фæуæд, иронау афтæ хорз чи дзуры ,зары æмæ кафы, уыдонæн.

АМОНÆГ. Митын Дада, бакæс-ма, ныртæккæ уын нæ сывæллæттæ акæндзысты инсценировкæ аргъау «Тымбылæг».

Аргъау «Тымбылæг».

Зонынц хистӕртӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ

Царди ӕмӕ уыди ацы зӕххы къорийыл

Цӕстуарзон аргъау «Тымбылӕг»

Сырхварс-Тымбылӕг.

Заз бӕласы бӕрӕгбоны аргъау нӕ фӕвӕййы

Ацы заз бӕласы раз абон аргъау дзурӕм дарддӕр.

(Тымбылӕг музыкӕмӕ рацӕуы)

Тымбылӕг: Ӕз дӕн хъӕлдзӕг Тымбылӕг

Сырхварс-Тымбылӕг.

Ӕз дӕн ӕхсыры сӕрты змӕст,

Рудзынгыл мӕ ӕруазал кодтой.

Ӕмӕ абон рӕвдауӕндонмӕ заз бӕласмӕ

Ӕз сывӕллӕттӕм хуынд дӕн.

(Тымбылӕг атылди заз бӕласы алыварс музыкӕмӕ)

Хъомылгӕнӕг: Къахфӕндагыл уый тылди

Рӕвдауӕндонмӕ заз бӕласмӕ тагъд кодтон

Уалынмӕ зӕронд заз бӕласы цур

Сӕмбӕлдтӕн бирӕгъыл.

Бирӕгъ: Дӕ бон хорз, зындгонд Тымбылӕг!

Ды кӕдӕм тагъд кӕныс ме мбал?

Тымбылӕг: Ӕз тагъд кӕнын рӕвдауӕндонмӕ,

Сывӕллӕттӕм заз бӕласмӕ

Бирӕгъ: Ӕз райсомӕй нырмӕ ницы хордтон,

Мӕнӕ дӕу ныртӕккӕ бахӕрдзынӕн.

Тымбылӕг: Цӕй, ды бирӕгъ ма тагъд кӕн!

Уазӕгуатмӕ нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц сывӕллӕттӕ,

Ӕрбацу абон сывӕллӕттӕм,

Ног аз мах иумӕ сбӕрӕг кӕнӕм!

Бирӕгъ: Цӕй бузныг, тынг хъӕлдзӕг дӕн!

Ӕз ӕрбацӕудзынӕн заз бӕласмӕ рӕвдауӕндонмӕ!

(Бирӕгъ ацыд заз бӕласы фӕстӕмӕ)

Хъомылгӕнӕг: Атылди тымбылӕг дарддӕр фӕндагыл.

Тулы-тулы ӕмӕ йӕ размӕ тымбылӕгмӕ - арс лӕгӕтӕй.

Арс: Дӕ бон хорз, зындгонд Тымбылӕг!

Ды кӕдӕм тагъд кӕныс, ме мбал?

Тымбылӕг: Ӕз тагъд кӕнын рӕвдауӕндонмӕ,

Сывӕллӕттӕм заз бӕласмӕ.

Арс: Ӕз райсомӕй нырмӕ ницы хордтон,

Мӕнӕ дӕу ныртӕккӕ бахӕрдзынӕн!

Тымбылӕг: Нӕ, мӕнмӕ ме мбӕлттӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц!

Ӕз тагъд кӕнын рӕвдауӕндонмӕ,

Сывӕллӕттӕм заз бӕласмӕ.

Ӕрбацу абон сывӕллӕттӕм,

Ног аз мах иумӕ сбӕрӕг кӕнӕм!

Арс: Ӕнӕмӕнг ӕрбацӕудзынӕн ӕмӕ мӕ лӕппыны дӕр ӕрбакӕндзынӕг!

(Арс ацыд)

Хъомылгӕнӕг: Атылди тымбылӕг дарддӕр фӕндагыл,

Тулы-тулы, уыны, гӕппытӕ кӕны хъӕды урс тӕрхъус.

Тӕрхъус: Дӕ бон хорз, зындгонд тымбылӕг!

Ды кӕдӕм тагъд кӕныс, ме мбал?

Тымбылӕг: Ӕз тагъд кӕнын рӕвдауӕндонмӕ,

Сывӕллӕттӕм заз бӕласмӕ.

Ӕрбацу абон сывӕллӕттӕм,

Ног аз мах иумӕ сбӕрӕг кӕнӕм!

Тӕрхъус: Ура! Мах тӕрхъусты нӕ ферох кодтой!

Мах заз бӕласмӕ ӕрбахуыдтой!

(Рацӕуы рувас)

Рувас: Ӕз ныртӕккӕ сымах иууылдӕр ӕрцахсдзынӕн

Мӕнӕ дӕу, зылындзаст, райсдзынӕн дӕ мӕхицӕн хӕдзармӕ!

(Сырдтӕ алыгъдысты ӕмӕ бандӕттыл сбадтысты, рувас та тӕрхъусимӕ ацыдысты заз бӕласы фӕстӕмӕ)

Хъомылгӕнӕг: Никӕмӕй хинӕйдзаг рувас нӕ тӕрсы. Чи нын баххуыс

кӕндзӕн тӕрхъусы фервӕзынкӕнынмӕ? Ӕвӕццӕгӕн

Митын Дада?

Митын Дада, чи зоны, ды нын баххуыс кӕнай ӕрбакӕнын

Тӕрхъусы? Науӕд нын хинӕйдзаг рувас нӕ тӕрхъусы

Аласта йӕхимӕ хъӕдмӕ.

Митын Дада: Куыд нӕ уын баххуыс кӕндзынӕн!

Ныртӕккӕ ӕз тымыгъ сисдзынӕн,

Бӕлӕстӕ уӕхи ныггуыбыр кӕнут,

Цыдӕриддӕр ис мӕ хъӕды,

Урс мирӕй уӕ байдзаг кӕндзынӕн.

(Хъуысы тымыгъы фонограммӕ. Митын Дада йӕ къухтӕ йӕ былтӕм бакӕны ӕмӕ заз бӕласыл фу кӕны)

(Рувас ралидзы)

Рувас: Уӕй, уӕй, Митын Дада,

Ныссӕлын мын кодтай ды мӕ фындз!

(Сывӕллӕттӕм дзуры)

Сымах рувасӕн фӕтӕригъӕд кӕнут,

Бурхилы дзӕмбытӕ схъарм кӕнут.

Митын Дада: Ды ма тӕрхъусы смӕсты кӕндзынӕ? (Нӕ).

Куыд хъуыды кӕнут сывӕллӕттӕ, фӕтӕригъӕд кӕнӕм

рувасӕн? (О).

Бауадзӕм ӕй Ногбоны заз бӕласмӕ? (О).

Ды дӕр тӕрхъус махимӕ баззай бӕрӕгбоны.

АМОНÆГ. Митын Дада, сбад æмæ уал аулæф.Сывæллæттæ, Ног азы райдайæны æнкъард кæнæн нæй, хъæуы зарын, кафын, худын. Фæсивæды кафын фæнды æмæ сын бар радтæм. Табуафси.

Кафт «Симд»

АМОНÆГ. Бузныг уын. Митын Дада, ирон рагон æгъдæуттæм гæсгæ Ног аз куы æрцæуы , уæд æхсæв цæуынц хæдзаронтæ. Хæдзаронтæ алы хæдзармæ дæр бахойынц,фæзарынц, цæмæй сын Ног аз æрхæсса бирæхорздзинæдтæ: æнæниздзинад ,хъæлдзæгдзинад, бæркад, амонд.

Уыцы рагон  æгъдау абоны уæнг дæр æрхæццæ махмæ. Æмæ бирæ сывæллæттæ уынгты хæдзаронтæ заргæ фæцæуынц. Уый у хорз æгъдау, хъæлдзæгдзинад хæссы алы хæдзарæн дæр.

СЦЕНКÆ: «ХÆДЗАРОНТÆ».

Ус – Абон адæмæн ногбоны æхсæв у, алчи цин кæны, махæн та нæ лæг хуырытæй хуыссы.

(кæны чъиритæ, дедатæ, змæлы хæдзары).

Рабадма уæлæмæ, арт дæ хæдзары макуы бацæуа!Къуыри йæ нозт нæмæ ссыди, нæ хæдзары не’ртæ чъирийы чи скува уый дæр нæй.

(лæг рабадгæйæ дзуры)

Лæг- Æз уæдæ къабускъайы хъæд дæн, æз лæг дæн æви.

(æвæры фынг ,стъолыл чъиритæ, сыкъа, дурын.)

Ус – Айс æмæ ракув.

Лæг- кувы

(уалынмæ кæртæй æрбайхъуыст фæндыры хъæр).

Ус – Æнхъæлдæн , нæ лæг, æмæ нæм бирæ уазджытæ æрбацæуы.

(Хæдзаронтæ æрбацыдысты кафгæ)

Хæдзаронтæ –хæдзаронтæ!

Фæцæуынц уæм дардбæлцонтæ

Æддæмæ сæм ракæсут!

Уæ мæсыгмæ сæ бакæнут!

Хæдзаронтæ –хæдзаронтæ!

Фæцæуынц уæм нæуæг бонтæ.

Уæ алы аз дæр хорзæй уынат!

Уæ фидæнмæ фæрныгдæр уат!

(хонæ кафт кæнынц, хæдзары æфсинимæ, æвиппайды арс архаудта, богътæ кæны,йæ къæхтæ тилы,агуры мысайнаг, дохтыр батæхы, ракæс –бакæс æм кæны ).

Цы кодта нæ арс? Цы ыл æрцыдис? Зæххыл йæ тæпп цæмæ фæцыди? Дохтыр кæми?

ДОХТЫР. Ай мæ рынчын нæу.

Мысайнаг хъауы.

æдзары æфсин тарст-хуызæй радавта къафетæ æмæ сæ арсы сæрмæ æртæ хатты æрхаста.Арс сыстад,йæ уæнгтæ айвæзтæ).

             Æфсин –Ацы арс куыд ахауд, афтæ уæ фыдбылызтæ дæр фесæфæнт.

Ацы  арс куыд фесдзæн рогæй, куыд рауайдзæн йæ къæхтыл, афтæ ног цард, ног амонд абæстыл,æгас Ирыстоныл куыд уа.

АРС: Мæнæ мын куыд фенцон.Бузныг, хорз адæм,
у
æ хорздзинад уын никуы ферох кæндзынæн.

(Хадзары афсин буц каны уазджыты.)

Ус ,Лæг-хъæлдзæг Ног азтæ æрвитут!

КÆРОН!

АМОНÆГ. Митын Дада, дæ зæрдæмæ цæуы, нæ чысыл хуртæ ног æзыл куыд æмбæлынц,уый?

МИТЫН ДАДА. Тынг разыйæ баззадтæн абон  нæ æрыгон фæлтæрæй. Бæргæ мæ нæ фæнды сымахимæ хицæн кæнын,фæлæ гæнæн нæй. Ног аз æнхъæлмæ кæссы йæ радмæ. Æнæниз, амонджын ут,уæ ныййарджыты фæндиаг байрæзут хæрзбон.

(сабыргай фæцæуы,йæ къух тилы)

АМОНАГ. Ууыл нæ уарзон бæрæгбон кæронмæ æрхæццæ. Ног азы арфæтæ нæ зынаргъ ныййарджытæн. Æнæниздзинад, æнæмаст цард, уæ бæллицтæ сæххæст уæнт æмæ сабырдзинад уæ хай. Цардæй макуы бафæлмæцут, афтæмæй уæнгрогæй æнусы сæрты акæсут. Ног аз æмæ уæ Цыппурсы хорзæх уæд! Фарнджын ут! Нæ ног фембæлдмæ.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Конкурс "Учитель года 2024", номинация "Учитель-логопед-2024"

Материал  учителя- логопеда Тамаевой Анастасии Юрьевны, представленный на конкурс "Учитель года 2024"....

РАБОЧАЯ ПРОГРАММА «ФИНАНСОВАЯ ГРАМОТНОСТЬ» ДЛЯ ДЕТЕЙ СТАРШИХ И ПОДГОТОВИТЕЛЬНЫХ ГРУПП (5 - 7 ЛЕТ) на 2023 – 2024, 2024 – 2025 учебные годы

РАБОЧАЯ ПРОГРАММА«ФИНАНСОВАЯ ГРАМОТНОСТЬ»ДЛЯ ДЕТЕЙ СТАРШИХ И ПОДГОТОВИТЕЛЬНЫХ ГРУПП (5 - 7 ЛЕТ)на 2023 – 2024, 2024 – 2025 учебные годы...

Новогоднее оформление группы к Новому 2024 году "Новогодняя фантазия" Первая младшая группа №1 "Рыбка" (2023-2024)

Приближается волшебный праздник Новый год. Спешу поделиться нашими идеями новогоднего оформления! Всем известно, что приготовление к этому празднику начинается заранее, в том числе и в детском саду....

2024 – ГОД СЕМЬИ Указом Президента Российской Федерации от 22.11.2023 N 875 2024 год объявлен Годом семьи. Семья является источником любви, понимания и поддержки, учит детей быть добрыми, честными и справедливыми. Указ Президента Российской Федерации о

2024 – ГОД СЕМЬИ Указом Президента Российской Федерации от 22.11.2023 N 875 2024 год объявлен Годом семьи. Семья является источником любви, понимания и поддержки, учит детей быть добрыми, честными и...