Аргъауы сценари «Куыдз, гæды, хæрæг, æмæ уасæг»
методическая разработка (старшая группа) на тему

Тотиева Анжела Анатольевна

Сценарий  осетинской  сказки

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл skazka_stsenka.docx275.38 КБ

Предварительный просмотр:

Цæгат Ирыстон – Аланийы муниципалон бюджетон  скъолаагъоммæйы уагдон «Камбилеевкæйы  хъæуы 19- æм

Аргъауы        сценари

C:\Users\МБДОУ 19\Desktop\hello_html_m1bcd4dcd.jpg

Бацæттæ йæ кодтой

19-æм рæвдауæндоны сывæллæттæ

Хъомылгæнæг:        

Тотиты А.А.

Архайджытæ:

Нана – Икъаты Аминæ

Дада –  Бураты Аслан

Хæрæг  - Джусойты Давид

Куыдз – Зассеты Арианæ

Гæды – Гуларты Миланæ

Уасæг – Дзыныхты Сæрмæт

Аргъау «Куыдз,  гæды, хæрæг,  æмæ уасæг»

Хъомылгæнæг:   Иу  райсом нана кæртмæ рауади

Нана: Ай диссаг нæу, диссаг, райсомæй раджы фестадтæн, зæгъын пецы арт бакæнон. Тагъд-тагъд кæртмæ рауадтæн, зæгъын сугтæ æрбадавон. Бауырнæд уæ, иу нæг суджы мур дæр дзы не`ссардтон.

- Дада,о дада!

Дада: Цы, кæныс цы?

Нана: Кæм дæ, кæм?

Дада: Цы хабар у? Кæй  фос та бирæгъ ныццагъта?

Нана: Цæй фосы кой  кæныс, цытæ дзурыс?

Райсомæй раджы кæртмæ рауадтæн, зæгъын сугтæ æрбадавон. Иунæг суджы мур дæр не`ссардтон.

Дада: Омæ йæ дæхæдæг нæ зоныс, дæхæдæг, нæ хæрæг базæронд бынтон.

Нана: Æз дæр бæргæ базæронд дæн, фæлæ мæ куыстытæ мæ хъуырæй уæлдæр.

Дада: Омæ ма иу гыццыл бафæрæз, Нана.

Нана: Алы бон дæр иу ныхас:

- гыццыл ма бафæраз, гыццыл ма бафæраз. Омæ уый кæд уыдзæнис кæд?

Дада: Мæнæ нæ хæрæг куы балхæнæм, уæд дзы уыдзæнис хос дæр, уæд дзы уыдзæнис дон дæр.

Нана: Хорз, хорз, Дада. Гъеныр та мын гыццыл фенцондæр.

Зарынц:                Хæрæг базæронд бынтон

                        Нал у суг ласын йæ бон,

                        Ноджы тых улæфт кæны,

                        Æмæ куыстытыл тыхсы.

Нана: Цом æмæ мæ куыстытæ акæнон.

Дада:                 О, мæ дзæбæх хæрæг,

                        О, мæ хæдзар дарæг,

                        Бирæ суг мын фæластай,

                        Ныр дын мæ бон ницуал у,

                        Цу æмæ дæ амонд ссар.

Лизгæ кæн ардыгæй тагъд !!!!

Хъомылгæнæг:   Хæрæг  Ио! – гæнгæ фæцæуы, æмæ йыл амбæлди куыдз

Хæрæг: Ио! Ио! Ио! – фæцæуы.

Куыдз: Гъæу! Гъæу! Гъæу!

              Дæ бон хорз, хæрæг!

Хæрæг: Æгас цу, æгас!

Куыдз: Кæдæм дæ фæндаг дарыс ахæм рæссугъд фæззыгон бон?

Хæрæг: Мæстджын дæн, мæстджын.

Куыдз: Алчи фæззæджы йæ куыстыты кой кæны, цы кодтай цы, хæрæг?

Хæрæг: Бирæ суг фæластон, бирæ хос фæластон. Ныр базæронд дæн, мæ бон нал у суг ласын , æмæ мæ хæдзарæй ратардтой.

Куыдз: Ма тыхс, хæрæг, мæныл дæр ахæм цау æрцыд.

Хæрæг: Цы кодтай, цы, куыдз?

Куыдз: Бирæ фос фæхызтон, бирæ фæцыдтæн фосы фæдыл, ныр базæронд дæн, мæ бон нал у фосы фæдыл цæуын, æмæ мæ хæдзарæй ратардтой.

Хæрæг: Ма тыхс куыдз, кæд нын исчи баххуыс кæнид.

Куыдз: Цом, цом!

Хъомылгæнæг: афтæ цæуынц хæрæг æмæ куыдз. Къутæрты бынæй райхъуыст кæйдæр Мяу!!!!

Гæды: Мяу! Мяу! Мяу!

            Уæ бон хорз!

Хæрæг, куыдз: Æгас цу, æгас!

Гæды: Кæдæм уæ фæндаг дарут?

Хæрæг, куыдз: Мæстджын `стæм.

Гæды: Цы кодтат, цы?

Хæрæг: Базæронд дæн, мæ бон нал у суг ласын æмæ мæ хæдзарæй ратардтой.

Куыдз: Базæронд дæн. Мæ бон нал у фосы фæдыл цæуын æмæ мæ хæдзарæй ратардтой.

Гæды: Уæдæ мæныл дæр ахæм цау куы æрцыди…

Куыдз: Гъæу! Гъæу! Цы кодтай, цы?

Гæды: Бирæ мыстытæ фæахстон, иунæг мыст дæр никуы бауагътон къæбицмæ. Ныр базæронд дæн æмæ иу бон иугыццыл афынæй дæн. Мыст цыхты былæй иу мур ахордта. Уый адыл мæ хæдзарæй ратардтой.

Куыдз: Гъæу! Гъæу! Гъæу!

              Ма тыхс, гæды, цом махимæ, кæд нын исчи баххуыс кæнид.

Гæды: Цом, цом.

Хъомылгæнæг: афтæ цæуынц хæрæг,  куыдз æмæ гæды. Уалыммæ айхъуыстой уасæджы зарæг

Уасæг: Хъу-хъæ-ри-хъу!

              Уæ бон хорз!

Хæрæг, Куыдз, Гæды: Æгас цу, æгас!

Уасæг: Мæнæ  цы диссаджы дзæбæх уазджытæ ис!

             Цæй æнкъардæй цæут!

Хæрæг, Куыдз, Гæды: Мæстджын `стæм.

Уасæг: Цæуыл маст кеанут?

Хæрæг, Куыдз, Гæды: Базæронд стæм, нæ бон нал у уæззау куыст кæнын æмæ нæ хæдзарæй ратардтой.

Уасæг: Уый дын диссаг! Ма тыхсут, мæнæн тс стыр хæдзар. Рацæут, иумæ цæрдзыстæм, сабыргай хæдзары куыстытæ кæндзыстæм, хъæлдзæгæй кафдзыстæм.

Гæды: Бузныг, бузныг.

Куыдз: Гъæу! Гъæу! – æз дидинджытыл дон æркæнон.

Хæрæг: Æз та кæрт амæрзон.

Уасæг: Хорз, хорз.

Нана: Дада, цæй æнкъардæй бадыс?

Дада: Цы бакæнон, хæдзары куыдз нал ис, хæрæг нал ис, гæды нал ис, цæуыл цин кæнон…

Нана: Раст зæгъыс, Дада, нæ хæрæг кæд зæронд уыдис, уæд дæр сабыргай йæ куыст кодта.

Нана: Цом æмæ сæ ссарæм.

Дада: Цом, цом.

         Гида!  ----------------------------

Нана: Мæнæ ис мæ Куыдз, мæ Гида, мæ Хъилхъус. Рацæут нæхимæ, махæн дæр тынг æнкъард у æнæ сымах.

Хæрæг: Нана, уасæг нын тынг баххуыс кодта. Цæй æмæ йæ нæхимæ акæнæм.

Нана: Ракæнут, ракæнут уасæджы дæр, зарджытæ нын зардзæни.

Дзурынц   Æмбисæндтæ:

Хордзинад рох кæнын нæ хъæуы. – Нана

Иумæ цард хъæлдзæгдæр у.    Дада

Хистæр хæдзары фарн у.     Хæрæг

Хорз ма ракæн æмæ фыд ма ссарай.    Гæды

Зæрондæн йæ фарн бирæ у.     Куыдз

Хистæрæн йæ фындз асæрф, æмæ йæ зондæй бафæрс. Уасæг

Зæрондæн кад кæн, зон дæхи дæр уырдæм хъæуы.  Иумæ


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

сказка куыдз, хæрæг, гæды æмæ уасæг

сценарий сказки куыдз, хæрæг, гæды æмæ уасæг...

"куыдз, гады, хараг ама уасаг"

Развитие творческих способностей у дошкольников....