День осетинского языка в подготовительной группе
материал (подготовительная группа)

Плиева Ольга Джумберовна

«Мадæлон æвзаг  у  адæймаджы удыхъæды дидинæг,  нæ хъаруйы цæджындз,  фæлтæрты ‘хсæн фидар хид».

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл stsenariy_15_may.docx688.11 КБ

Предварительный просмотр:

https://image.jimcdn.com/app/cms/image/transf/none/path/s378eece27015c3ea/image/i8de9100a3bf50643/version/1432118676/image.png

«Мадæлон æвзаг  у  адæймаджы удыхъæды дидинæг,  нæ хъаруйы цæджындз,  фæлтæрты ‘хсæн фидар хид».

Бацæттæ кодта:

хъомылгæнæг

Плиты Джумберы чызг Ольгæ

Æрыдон 2024 аз


(хъуысы симд,сывæллæттæ симд кафгæ мидæмæ æрбахизынц)

Рацæуынц 2 сабийы дзургæйæ:

Марк: Нæ зоныс, цы хабар у, цæмæн рауай-бауай кæнынц иууылдæр?

Давид: Мæгъа, кæд исты бæрæгбон у......

(æрбауайы чызг плакатимæ)

Аланкæ,цы бон у абон,зæгъ-ма?

Аланæ: Абон у ирон æвзаджы бон , рох уæ фæци? Уæ фыдуагдзинады аххосæй, æвæццæгæн! Марк, нæ йæ хъуыды кæныс?

Марк: 

Æцæг, æцæг! Ныхæстæ дæр ма мын куы уыд бæрæгбонмæ!

Давид: (былысчъилæй) Алы аз та ирон æвзаджы бон вæййы! Цыма цæмæ гæсгæ?

Аланæ: Уымæн æмæ иронау раст ничиуал дзуры, ничи уал кæсы,суанг ма заргæ дæр рæдыдтимæ кæнынц!

Давид: Æз тынг рæсугъд дæр ма дзурын!

Марк: Алæ-ма уæдæ, иронау зæгъ-Звонок уже звенел!

Давид: Ха-ха-ха! Мæлæты диссагы хъыддаг: Звонок уже уыди!

(Марк æмæ Аланæ худынц)

Марк: Уый дын дæсны!

Аланæ: Уæдæ ма ноджы дæр зæгъ-Сегодня я буду выступать на празднике.

Давид: Табуафси! Абон æз выступат кæндзынæн праздникы.

(Марк æмæ Аланæ худынц.Давид йæ сæр ныхы).

Аланæ: Федтай. Зондаби! Зонын ,дам, иронау рæсугъд дзурын. Йе афтæ дзурынц абон бирæ ирæттæ, æмæ уымæн хъæуы бæрæгбæттæ аразын, цæмæй не’взаг ма мæгыр кæна.

Марк: Раст дæ, Аланæ, кæннод афтæмæй æцæг фесæфдзæн, амæлдзæн.....

Давид: Æмæ иунæг мах бæрæгбонæй цы рауайдзæн? Цы пайда у?

Аланæ: Æмæ иунæг мах нæ аразæм абон бæрæгбон.

Марк: Абон æппæт Ирыстоны адæм дзурдзысты иронау.

Уæ бон хорз, боны хуыздæр арфæтæ уæ хай! Фарн уæм бадзурæд нæ зынаргъ уазджытæ æмæ ныййарджытæ! Æгас  нæм цæут нæ гыццыл хуртæ, амондджын бæрæгбонтæ уыл цæуæд. Абон нын у Ирон æвзаджы бæрæгбон. Алы адæймагæн дæр æрдзæй лæвæрд вæййы иу æвзаг, кæцы хуыйны мадæлон. Нæ бæрæгбон байгом кæндзыстæм æмдзæвгæтæй,байхъусæм нæ сабитæм.

1-аг сывæллон,кæсы Рæмонты Амелия

Цӕй диссаг дӕ, мӕ Ирыстон,

Куыд адджын у дӕ уынд.

Цӕй зынаргъ дӕ, мӕ зӕрдӕйӕн,

Куыд дын ӕй зӕгъон, куыд?..

Куыд дын уарзын, дӕ хуры скаст,

Сӕууон ӕртӕхты худт.

Дӕ аллы хох, дӕ аллы дзыхъ,

Мӕ цин ӕмӕ мӕ уд.

Сабырдзинад дӕ зӕххыл уӕд,

Дидин ӕфтау фӕрнӕй.

Мӕ Ирыстон, зӕххы цъарыл,

Дӕуӕй зынаргъ дӕр нӕй!

2-аг сывæллон,кæсы Цæгæраты Давид

Зонæй мæ Ирыстон

Æнæ дæу сидзæр дæн,

Хурмæ нæ тавы дзæбæх.

Цинимæ зæрдæйы

Урс цæссыг фезмæлы

Афтæмын зынаргъ у дæ зæхх.

Сæрыстырæй нæхи ирон куы хонæм

Уæд не’взагыл куыд ауыгътам нæ къух?

Æви,мыййаг æй нал хæссæм нæ сæрмæ.

Уырыссагау цæмæ дзурæм æдзух?

Цæй диссаг дæ,мæ Ирыстон,

Куыд аддж.ын у дæ уынд.

3-аг сывæллон,кæсы Гергаулты Æхсар

Ирон æвзаг мæ хæзна

Куыд адджын у йæ дзырд

Лæгæн йæ фырт куы бæззæ

Уæд амонджын у фыд.

Ирон æвзаг мæ фыд у,

Мæ цард, мæ цин, мæ бон

Куы мæ бафæрсай,чи дæ

Мæ дзуапп цæттæ мæнæн.

Ирон лæппу, ирон дæн

Кæд саби дæн уæддæр.

Ирон æвзаджы хъысмæт аразгæ у не’ппæтæй дæр æмæ йыл хъуамæ иумæ зæрдиагæй кусæм. Афтæ фæзæгъынц æвзаг, дам, бинонты’хсæн гуыры. Сывæллон йæ бинонты хсæн фыццаг ныхас иронау куы фехъуса, фыццаг ирон зарæг куы сахуыр кæна, зæрдиагæй йæ уæд бауарздзæни, гъеуæд ын уыдзæни мадæлон. Бакæсæм цыбыр равдыст «Дзур иронау»

Равдыст «Дзур иронау»

Уаты нана цыдæртæ архайы, йæ хъæбулы хъæбул чиныджы кæсы, чындз æрбацæуы уатмæ.

Лæппу. Дунейы тæккæ стырдæр хæрзтæн

У сæ хуыздæр мадæлон æвзаг.

Чи йæм кæсы иунæг боны цæстæй,

Уый у йæ адæмæн ызнаг.

Мад. Ацы лæппуимæ что мне делать, æппындæр нæ зонын!?Сыночек, чем ты занят? Ацы чиныджы дæ хуыцауы хорзæхæй мыд конд ис? Маму слушайся, займись английским! Большим человеком станешь,заграницу поедешь, æхцатæ заработаешь. Джипп купишь! Маму подвозить будешь. Выхожу из машины, соседи мне завидуют, а я никого не вижу! Ой-Ой-Ой!! На работу опаздываю. Бай-бай!

Лæппу. Нана, мæ мады фыдæлтæ Англисæй уыдысты?

Нана. Нæ, мæ къона, уæртæ нæхи Санибайæ.

Лæппу. Уæдæ мæ мад Англис,Англис цы кæны? Мæн фæсарæнты ницы хъуыддаг ис. Ирон дæн æмæ Ирыстоны цæрдзынæн, иронау дзурдзынæн. Джипп ам дæр ис балхæнæн.

Нана.

Дзур,мæ къона ,дзур иронау,

Азтæ атæхдзысты бонау.

Хорз лæг уыдзынæ кæддæр.

Бахъæудзæн дæ гъеуæд сæр.

Базон кафын æмæ зарын,

Зон дæ адæмы нымайын.

Ма у не гъдæуттæн ызнаг.

Уарз дæ мадæлон æвзаг.

Иумæ. «Кæд дæ ирон , уæд де’взаг зон».

Кæрон 

Хъыгагæн ,бирæ ирæттæ ферох кæнынц сæ мадæлон æвзаг , иронау дзурын сæ сæрмæ нал фæхæссынц. Ферох сæ вæййынц нæ рæсугъд æгъдæуттæ дæр. Цалынмæ наци йæ æвзаг нæ фесафа, уæдмæ у наци, уæдмæ йæ фарн цæры. Æгъдæуттæ æмæ рæсугъддзинад æвзагæй цæуынц.

Цæмæй райдайы райгуырæн бæстæ? Ацы фарстæн алчи æмхуызон дзуапп нæ фæдæтты, фæлæ мæнмæ гæсгæ, æппæты растдæр у мæнæ ацы хъуыды: «Райгуырæн бæстæ райдайы авдæны зарæгæй, мадæлон æвзагыл цы авдæны зарæг вæййы уымæй, нæ туджы ахъары мады æхсыримæ, хистæрты аргъæуттæ æмæ таурæгътимæ». Зæгъæн ис, Ирыстон райдайы ирон æвзагæй.

4-æм сывæллон,кæсы Зæгæлаты Илонæ

«Ирон æвзаг»

Сабийæн авдæнмæ дзидзи мад дары.

Мидбылты худгæ йын «А-лол-лай» зары.

Саби дæр раст цыма зарæг æнкъары,

Мады ныхæстимæ не взаг æмбары.

Байрæз мын, байрæз , мæ зæрдæйы уидаг,

Сомбон нæ Ирæн куыд уай ды ысуинаг

Макуы сив мады æвзагыл дæ зæрдæ,

Ничи дын зæгъдзæн, мæ хур ,уæд «æвзæр дæ».

Дар-иу дæ зæрдæ нæ рагфыдæл Нартыл!

Уыдон Куырдалæгон бахсыста йа арты.

Уыдоны фарнæй мыл хайджын куыд фæуай,

Ирæн мын разагъды сахъгуырд куыд ысуай!

5-æм сывæллон,кæсы Хæбæлаты София

«Уайдзæф» Чеджемты Геор

Ирон æвзаг,

Ирон кæрдзын

Уæ сæрмæ дæр куы нал хæссут!

Дзæбæх мын ут,фæлæ тыхстæй

Иронау дæр куы нал хъæрзут.

Йæхи дурæй,

Йæ бындурæй

Æргъау мæсыг цæмæ хæлы?

Мæ сау нымæг,мæ сау саргъыл

Мæ цæстысыг цæмæ згъæлы?

Нæй фесæфæн ирон æвзагæн, нæй,

Ирон адæм уæд фесæфдзысты демæ.

Ирон æвзаг мæ зæрдæ у мæнæн.

Куы мæла уый, уæд амæлдзынæн йемæ.

6-æм сывæллон,кæсы Хъæцмæзты Марк

Уыртаты Сæрмæты æмдзæвгæ «У ирон!»

Кæд ирон мыггаг хассыс,

Кæд  ирон зæххыл цæрыс,

Зон  ирон  лæджы æгъдау !

Зон нæ фыдæлты  æвзаг! 

                                                               

Кафгæ рацу махмæ тагъд,

Рагон симд æрсимæм мах

Уадз , цæгъдæд  æнусты цагъд,

Уадз хъуысæд  нæ Иры зард!

Нæ сабитæ бæрæгбон срæсугъд кæндзысты зарæгæй. Азарæм иумæ нæ зарæг.

Зарæг «Мадæлон æвзаг»

     Мадалон авзаг

Мах нырма стæм сабитæ

Афтæмæй фыссæм

Ахуыр кæнæм абетæ

Чингуытæ кæсæм.

Цас уарзæм ирон æвзаг

Уый зæгьæн дæр нæй

Мады рæвдыд, мады ад

Базыдтам дæуæй.

Цас аргъæутæ баззыдтам

Цас диссæгтæ, цас

Раст цыма зæрватыккау

Чиныг у æгас

Цас уарзæм ирон æвзаг

Уый зæгьæн дæр нæй

Мады рæвдыд, мады ад

Базыдтам дæуæй.

Бон изæрмæ кадджытæ

Мах фæкæсæм фаг

Зæрдæйæн куыд адджын дæ

Мадæлон æвзаг.

Рæсугъд у тынг нæ бæстæ. Нæ Иры адæмæн æрдзæй, æркафут цæй чызджыты кафт фæрнæй.

Кафт «Чызджыты кафт»

Байхъусæм æмдзæвгæтæм.

7-æм сывæллон,кæсы Кочиты Кирæ

Даура «Дзур иронау»

Дзур ма кьона, дзур иронау.

Азта атахдзысты бонау.

Хорз лаг уыдзына каддар.

Бахъаудзан да гьеуад сар.

Базон кафын ама зарын.

Зон да адамы нымайын.

Ма у не гьдауттан ызнаг.

Уарз да мадалон авзаг.  

8-æм сывæллон,кæсы  Бадриты Фаризæт

Гаджиты Хадизæт «Æз Ирыстоны хъæбул»

Æз а-зæххыл нæма рацардтæн бирæ,

Æхсæс азы æгасæй дæр æрмæст,

Фæлæ æнкъарын Ирон дзыллæйы лирæ.

Мæ гыццыл уд Ирон фарнæй æфсæст.

Мæнмæ мæ мад ирон дзырдтæй ысдзырта,

Куы фæзындтæн Ирыстоны Зæххыл.

«Мæ хъæбул» мæ Ирон дзырдтæй ысхуыдта....

Мæ Ирон хъæлæс айзхлыд дæрдтыл.

Æз рæздзынæн Ирыстоны Хъæбысы,

Мæ дадзинты Аланты туг фыцы.

Аланты туг та никæдбон нæ сысы

Рæсугъд фидæнмæ иудадзыг тырны.

9-æм сывæллон,кæсы Тыбылты Сабинæ

«Ирыстон» Баситы Мсост

Нæ номдзыд Ирыстон,

Нæ дунейы цин,

Нæ амонды царды

Бæркадджын æфсин.

Нæ бæстæйы фарнæй

Ныррухс и дзæбæх....

Сырх дидинæг калы

Нæ райгуырæн зæхх.

Сырх дидинæг калдзæн

Æнусмæ нæ дуг!

Ды махæн, Ирыстон,

Нæ зæрдæ, нæ туг.

10-æм сывæллон,кæсы Хъараты София

Алборты Хадзы-Умар «Мады æвзаг»

Дæ мады æвзагыл

Кæд дзурыс, кæд зарыс-

Дæ фыдгул- ызнагæн

Йæ сау зæрдæ марыс.

Кæд рохæй ыскуыдта

Дæ мады æвзаг,-

Йæ къах дыл æркъуырдта

Дæ фыдгул ызнаг!

Бакæсæм цыбыр сценкæ- «Фыд æмæ йæ фырттæ».

Сценкæ  «Фыд æмæ йæ фырттæ»

Фыд йæ фыртты ахуыр кодта сæ кæрæдзи уарзгæйæ цæрыныл, фæлæ йæм нæ хъуыстой. Уæд фыд цъылын æрбахæссын кодта æмæ сæм дзуры:

-Асæттут – ма ацы цъылын!

Лæппутæ йыл бирæ фæцархайтой, фæлæ йæ асæттын сæ бон нæ баци.

-Дада, нæу нæ бон!

Фыд цъылын райхалын кодта æмæ йын уистæ иугай сæттын райдыдта.Уистæ иугай æнцонæй асастой, уæдæ цы. Уæд лæг загъта.

-Гъе, сымах дæр афтæ , кæрæдзи уарзгæйæ куы цæрат, уæд уын никæй бон ницы бауыдзæн, фæлæ хылтæ куы кæнат æмæ алыр дæмты куы хæцат, уæд уæ алчидæр басæтдзæн.

Кæрон.

Ацы цыбыр ныв нæ ахуыр кæны æнгомдзинадыл. Æмæ иумæ куы уæм, уæд не ‘взагæн фесæфынæй тас нæу.

Арвы риуæй мæй йæ тынтæ тавы

Мидбыл худгæ стъалытæн зæгъы

Акæсут: ирон фæсивæд зарынц

Байхъусут, ирон фæндыр цæгъды

Бакæсут ирон адæмы уæздандæр кафт «Хонгæ кафт».

Кафт «Хонгæ»

Нæ фыдæлтæ нын рæсугъдæй цы мадæдлон æвзаг ныууагътой , уый хъуамæ кæстæртæ дарддæр царды рæсугъдæй хæссой.

Уæдæ ахуыр кæм вæййы уым худгæ дæр акæнынцæ. Бакæсæм цыбыр юмористикон сценкæмæ «Дохтыры амынд хос»-мæ.

Сценкæ « ДОХТЫРЫ АМЫНД ХОС»

(Дохтыр бады йæ къухы телефон æмæ дзы хъазы. Æрбахоста йæм зæронд ус йæ лæдзæгыл æнцойгæнгæйæ).

Ус: - Дæ бон хорз дохтыр!

Дохтыр: - Куыннæ уыдзæн мæ бон хорз дæу хуызæн зæрæдтæм чи кæсы.

Ус: (йæ хъус бадарта дохтыры рдæм). - Цы зæгъыс?

Дохтыр: - Ницы, ницы! Стыр бузныг дын зæгъын.

Ус: - Ай диссаг нæу. Зæххы цъарыл мæ цынæ рисы, ахæм нал баззад.

Дохтыр: Æмæ дзы мæн аххосджын кæныс?

Ус: Мæ ахсæнæй мæлынмæ æрцæуын, исты куы бахæрын, уæд.

Дохтыр: - Ау! Æмæ уый тыххæй мæнмæ цæмæн æрбацыдтæ? Йæ хос дæхимæ куы ис. - Ма бахæр æмæ дын нал рисдзæн.

Ус: - Райсомæй куы рабадын, уæд мæ уæрджытæ мæ быны нал фæцæуынц. Сæ рыстæй мæ бон нал вæййы.

Дохтыр: - Мæнæ диссæгтæ ацы ус! Кæд дын афтæ зын у растын дæ уатæй, уæд цæмæн стыс, хуысс æмæ дын нал рисдзысты.

Ус: - Кæцы низ ма дзы нымайон? - Мæ сæры рыстæй мæ бон дзурын дæр нал вæййы бон - изæрмæ.

Дохтыр: - Мæнæ хъаймæт!! Дæхиуыл баст нæу дæ сæры рыст? Мацы дзур æмæ хорз уыдзынæ.

Ус: - Уæдæ мын цы амоныс дохтыр, исты хостæ ма мын рафысс?

Дохтыр: - Хостыл ма æхца цæмæн хардз кæныс: Ма хæр, ма рацу-бацу кæн, стæй дзургæ дæр мауал кæн. Æмæ дæ хосты аргъ дæр дæхицæн баззайдзæн.

Ус: О, о! Дæ цæрæнбон бирæ уа. (Фæцæуы. Ахъуыды кодта. Фæстæмæ фездæхт.)

Уæй дæ быны хъæр райхъуыса, кæд ай цахæм дохтыр дæ? Куыннæ бахæрон, куыннæ дзурон, куыннæ цæуон, уæд цы бауыдзынæн?

( Йæ лæдзæг æм фелвæста æмæ йæ, йæ разæй нæмгæ асырдта æлгъитгæ.)

Кæрон.

Дунейы фарн зæгъæд æмæ алы ирон дæр куыд уа цæсгомджын ирон фарнæй.

Байхъусæм æмдзæвгæтæм.

11-æм сывæллон,кæсы Цæгæраты Аланæ

«Æз ирон дæн» Айларты Чермен

Æз дæн нырма æнæхъом саби,

Æз цардмæ худгæйæ кæсын.

Фæлæ ирон дæн, уый æмбарын,

Æмæ мæ сæр бæрзонд хæссын.

 

Æз дæн Ирыстонæн йæ фидæн,

Йæ сомбон аразæг, йæ ныфс

Ирон тугдадзинты æхсиды

Ды та дæ ныфс мæнæй хæссыс.

 

Цæмæй куы бахъомылон райсом,

Дæлæмæ ма руадзон ма кад,

Æмæ ирон дзырдæн йæ фарнæн

Кæнон цæрæнбонты лæггад.

 

 Æз дæн нырма æнæхъом саби,

Ды хистæр, хоныс мæ, мæ хур,

Æмæ дæ ныфс мæныл кæд дарыс,

Уæд мæм ирон æвзагыл дзур!

12-æм сывæллон,кæсы Агъуызарты Дамир

«Ирон» Кобесты – Хабæты Азæ

Ирон у мæ мыггаг

Мæ ном дæр ирон

Мæ дадзинты згъоры

Ирон туг, уый зон.

Ирон у мæ бакаст,

Мæ ныхас – ирон

Ысхъомыл дæн Иры-

Къæдзæхтæ дзы, дон.

Ирон хæринæгтæ-

Кæрдзын мæ цæхдон

Дæрддыл уын цы дзурон

Мæ бæстæ нæртон.

Нæй никæуыл баивæн

Дæуæн, Ирыстон.

Куырыхон хистæртæ

Цæхæрцæст фæдон.

Мæ зæрдæ куыд райы

Зæрдæйæн æхцон

Мæхицæй ныббуц дæн,

Ирон дæн, ирон!

13-æм сывæллон,кæсы

« Ирон авзаг ма хазна»

                       

Ирон авзаг ма хазна

Куыд адджын у йа дзырд

Лаган йа фырт куы базза

Уад амонджын у фыд.

Ирон авзаг ма фыд у

Ма цард, ма цин, ма бон

Куы ма бафарсай,чи да

Ма дзуапп цатта манан.

Ирон лаппу, ирон дан

Кад саби дан уаддар.

13-æм сывæллон,кæсы

«Ирыстон»

Æз райгуырдтæн Ирыстоны

Мæ туг дæр у ирон

Фыдæлты туг ис ме уæнты

Мæ зæрдæ дæр æндон.

Кæд  дæн  бынтон  чысыл

Нæмæ  схастон  мæ рæз

Уæддæр  мæ  Иры тынг уарзын

Йæ буц  кæстæр дæн  æз.

Мæ тугдазинты –Нарты туг.

Æз Ирæн дæн цæргæс.

Ирон ныхас, ирон æвзаг-

Мæ уд æмæ мæ цæст.

            Æмæ куыд рæсугъд сты ирон зарджытæ! Ирон фæндыр æмæ кафт.Симд фæссивæд, симд!

Кафт «Симд»

Кæронбæттæны бакæсæн таурæгъмæ цыппар цырагъ.

Сценкæ 4 цырагъы:

1-аг цырагъ (Æууæнк): Æз дæн æууæнк, никæй уал хъæуын, адæмы æхссæн нал ис æууæнк , æмæ мæ судзынæй пайда нал ис.

2-аг цырагъ (Ирон æвзаг) Æз дæн  ирон æвзаг! Мæнмæ тыхтæ нал ис æмæ мæ цырагъ уынæрт кæны. Адæм мын аргъ нал кæнынц, нал хæссынц сæ сæрмæ мæдæлон æвзагыл дзурын. 

3-аг цырагъ(Сабырдзинад) Æз дæн сабырдзинад! Хъыгагæн адæмы æз нал хъауын, аргъ нал кæнынц сабырдзинадæн æмæ сæ цардæн. Мæ судзынæй пайда нал ис.

Саби. Цы кусут? Смах хъуамæ судзат. Æз тæрсын талынгæй.

4-æм (Ныфс) Ма тæрс , маку. Цалынмæ æз судзон, уæд мæ ис ссудзын æртæ цырагъы. Æз дæн ныфс.

Кæрон.

Нæ зынаргъ уазджытæ, нæ равдыст кæронмæ æрхæццæ. Нæ зæрдæ уын зæгъы æппæты фыццаг æнæниздзинад. Стыр Хуыцаумæ ис бирæ хорздзинæдтæ æмæ уыцы хорздзинæдтæй хайджын ут.

Мæн фæнды цæмæй æппынæдзух уæ зæрдыл дарат Къостайы ныхæстæ: «Мæ зынаргъ Ирыстоны адæм, кæрæдзи уарзгæйæ цæрут!»

Ирон æвзаг цæрæд æнустæм, тыхджынæй – тыхджын дæр кæнæд æмæ йын фесæфæн макуы уæд.

Уарзут уæ мадæлон æвзаг, ма рох кæнут ирон кад æмæ æгъдæуттæ. Стыр бузныг уын!

Зарæг «Асы, асы, Осетины»


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

День Осетинского языка

День Осетинского языка...

Речевое развитие + осетинский язык в старшей группе ТЕМА: «Дом» - Винегрет из сказок /обучение осетинскому языку

Конспект занятия  по речевому развитию с элементами обучения роднму языку в старшей группе...

Сценарий развлечения "День башкирского языка" в подготовительной группе

В нашей Республике Башкортостан живут  народы разных национальностей. У каждого народа есть свои особенности, традиции, культура. Все это отличает каждый народ друг от друга. Именно это...

Сценарий праздника «День родного языка» (старшая – подготовительная группы)

Добрый день, уважаемые гости, и дорогие наши дети! Сегодня у нас праздник – Международный День родного языка! У каждого человека есть Родина и свой родной язык! Каждый человек должен знать и хор...

Сценарий праздника «День родного языка» (старшая – подготовительная группы)

Сценарий праздника «День родного языка»(старшая – подготовительная группы) 1 вед.: Добрый день, уважаемые гости, и дорогие наши дети! Сегодня у нас праздник – Междуна...

Конспект образовательного мероприятия «Международный День родного языка» для подготовительной группы

Конспект образовательного мероприятия. Календарный праздник  в соответствии с программой воспитания:  "21 февраля - Международный День родного языка»....