Ирон æвзаг æмæ литературæйы бæрæгбон 2025
план-конспект занятия (подготовительная группа)
Ирон æвзаг æмæ литературæйы бæрæгбон 2025
Скачать:
| Вложение | Размер |
|---|---|
| 689.6 КБ |
Предварительный просмотр:
Республикæ Цæгат Ирыстон - Алани
7 – æм МУНИЦИПАЛОН БЮДЖЕТОН РÆВДАУÆНДОН
Ирон ӕвзаджы бӕрӕгбон
Бацаттæ кодта:
ирон æвзаджы хъомылгæнæг
Плиты Альбинæ
г. Алагир, 2025 аз
(хъуысы ирон мелоди).
Хъомылгæнæг: Сывæллæттæ, акæсут ма цас рæсугъд уазджытæ нæм арбацыд. Нæ мидбылхуд ма сын балæвар кæнæм æмæ сын зæгъæм : Уæ райсом хорз!
Сывæллæттæ: Уæ райсом хорз!
Хъомылгæнæг: Фарн уæм бадзурæд нæ зынаргъ уазджытæ!
Абон 15 майы Ирыстон бæрæг кæны ирон æвзаг æмæ литературæйы бæрæгбон. Ацы бæрæгбон у иумæйаг бæрæгбон æппæт ирон адæмæн. 15 май у Къостайы чиныг «Ирон фæндыр»-ы райгуырæн бон æмæ ирон адæмæн сси ирон фарны, æвзаджы æмæ литературæйы бæрæгбон. Алы адæймагæн дæр æрдзæй лæвæрд вæййы иу æвзаг, кæцы хуыйны мадæлон æвзаг.
Мадæлон æвзаг нæ туджы ахъары мады æхсыримæ, йæ алолайы зарджытимæ, хистæрты аргъæуттæ æмæ таурæгътимæ.
«Ирон æвзаг» æмдзæвгæ кæсы Быгъылты Заур
Ирон æвзаг мæ хæзна
Куыд адджын у йæ дзырд
Лæгæн йæ фырт куы бæзза
Уæд амондджын у фыд.
Ирон æвзаг мæ фыд у
Мæ цард,мæ цин, мæ бон
Куы мæ бафарсай, чи дæ?
Мæ дзуапп цæттæ мæнæн .
Ирон лæппу, ирон дæн,
Кад саби дæн уæддæр!
Хъомылгæнæг: Алы адæмыхаттæн дæр ис йæхи æвзаг, истори, æгъдæуттæ. Нæ ирон æгъдæуттæ сты кадджын æмæ аив. Ирон æвзаг у тынг рæсугъд æмæ хъæздыг. Ирон адæмы истори та у тынг цымыдиссаг.
Нæ рагфыдæлтæ нæм мингай азты сæрты рæсугъдæй цы æвзаг æрхæццæ кодтой, уый.
Хъуамæ кæстæртæ дæр дарддæр царды рæсугъдæй хæссой, сæрыстыр дзы уой, æмæ цæсты гагуыйау хъахъхъæной нæ рæсугъд æгъдæуттæ æмæ традицитæ.
Æмдзæвгæ «У ирон» бакæсдзæн Гæтцыты Ева.
Кæд ирон мыггаг хæссыс,
Кæд ирон зæххыл цæрыс,
Зон ирон лæджы æгъдау!
Зон нæ фыдæлты æвзаг!
Кафгæ рацу махмæ тагъд,
Рагон симд æрсимæм мах
Уадз, цæгъдæд æнусты цагъд,
Уадз, хъуысæд нæ Иры зард!
Хъомылгæнæг: Нæ куырыхон адæм иу хуымæтæджы нæ загътой:
«Адæм цардхъом сты, цалынмæ фыдæлты æвзаг хъахъхъæнын фæразой уæдмæ, сæ æвзагыл куынæ уал дзурой, уæд фесæфдзысты сæ наци, сæ истори, культурæ, фæхицæн уыдзысты сæ царддæттæг уидæгтæй.
(Абайты Васойы призентаци экраныл).
Нæ номдзыд ахуыргонд, ирон æвзаджы дæсны, академик Абайты Васо афтæ загъта: «Искæцы æвзаг куы амæла, уæд амæлдзысты уыцы æвзагыл дзурæг адæм дæр». Ирон æвзаг у зæххы къорийыл рагондæр цы фондз æвзаджы ис, уыдонæй иу.
Цъæхойты Тотрадз бакæсдзæн æмдзæвгæ «Мадæлон æвзаг».
Дзур мæ къона, дзур иронау
Азтæ атæхдзысты бонау
Хорз лæг уыдзынæ кæддæр.
Бахъæудзæн дæ йæуæд сæр.
Базон кафын æмæ зарын
Зон дæ адæмы нымайын.
Ма у не' гъдауттæн ызнаг.
Уарз дæ мадæлон æвзаг.
Хъазт: «Куырм арс».
Хъомылгæнæг: Кæцы фæнды адæмæн дæр мадæлон æвзаг у фарн æмæ æгъдау, иу фæлтæрæй иннæмæ адæттыны сайрагдæр фæрæз. Æвзаджы хъысмæт баст у адæмы хъысмæтимæ. Йæ мадæлон æвзагмæ куыдфæндыйы цæстæй чи кæсы, уыцы адæмæн та нæй фидæн.
Æмдзæвгæ «Æвзаг» бакæсдзæн Къæлхидты Алыксандр.
Ды,- мæ ныфсбадæн мæсыг,
О, куыд мæ тавы дæ зынг,
О, куыд бирæ уарзын дæу,
Уый мæ бон зæгъын дæр нæу.
Ды,- ирон æвзаг- мæ цин.
Ды,- ирон æвзаг- мæ дин,
О, куыд мæ тавы дæ хур.
Æз - дæ мæсыгæн йæ дур.
Дæуыл æз зарджытæ кæнын,
Дæуимæ фидæнмæ цæуын.
Фæндагамонæг дæ мæнæн!
Æнæ дæу нæй мæнæн цæрæн!
Ды дæ, ирон æвзаг мæ мад.
Æнæ дæу ницы у мæ цард
Дæ номæй абон ард хæрын,
Хуыцауы фæдзæхст дæ кæнын!
Хъомылгæнæг: Фыдыбæстæ, ныййарæг зæхх, райгуырæн уæзæг, мад, фыд, мадæлон æвзаг.
Цы у æнæ уыдонæй адæймаджы цард? Мах стæм ирæттæ æмæ хъуамæ уарзæм нæ райгуырæн зæхх. Ирыстоны урс сæр хæхтæ æмæ цъæх быдыртæ, дидинæгкалæг уыгæрдæнтæ æмæ æлутоны ад чи кæны, уыцы хæххон суадæттæ.
Æмдзæвгæ «Ирон дзырд» бакæсдзæн Черчесты Артур.
Дæ зæрдæйы бынæй цы бæстæйы уарзыс,
Гъе уый у дæ хъысмæт, дæ ном.
Ирон дзырд у махæн нæ фыдæлты намыс,
Ирон дзырд – нæ Иры цæсгом.
Ирон дзырд, мæ хуртæ, æнусты цæргæс у,
Цæй рагæй йæ агуырдтон æз!
Ирон дзырд, ирон дзырд… Уый мады æнгæс у.
Ирон дзырд - Хуыцауы хъæлæс.
(Худæй хъазт).
Хъомылгæнæг: Сывæллæттæ, байхъусут-ма мæм лæмбынæг, æз уын бакæсдзынæн уыци-уыцитæ, сымах та сæ базонут.
- Дзурын нæ зоны,
Йе æвзаг ын зон,
Уый дын дæ зондыл
Бафтаудзæн зонд. (Чиныг).
2. Æртæ æфсымæрыл иу нымæт худ (фынг).
3.Зæгъгæ нын уый нæ фæци, не мбариккам, кæрæдзи (æвзаг).
4. Сты фæрсæй-фæрстæм, фæлæ кæрæдзийы нæ уынынц (цæстытæ).
Тынг раст дзуаппытæ мæ зæрдæ уæ барухс. Сабитæ, кæд мах ирæттæ стæм, уæд ма мын зæгъут,
Нæ республикæ куыд хуыйны?
Нæ тырысайыл цавæр хуызтæ ис æмæ цы нысан кæнынц йæ хуызтæ?
Ирон фынг цы хонæм?
Цал чъирийæ кувæм хуыцаумæ? Цы нысан кæнынц æртæ чъирийы?
Цавæр ирон хæринæгтæ зонут?
Ирон националон дарæс, сылгоймаджы, нæлгоймаджы?
Сывæллæттæ, нæ бæрæгбон кæронмæ æрхæццæ. Рæсугъдæй, æнæнизæй бахъомыл ут!
Дзурут уæ мадæлон æвзагыл, ма йæ рох кæнут! Хæрзбон.
По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Гом ахуыры конспект " Ирон æвзаг æмæ литературайы барагбон 2021"
Ирон æвзаг æмæ литературайы барагбон 2021...

ИРОН ӔВЗАДЖЫ БӔРӔГБОНЫ СЦЕНАРИ «КЪОСТА ӔМӔ МАДӔЛОН ӔВЗАГ!»
Традицимӕ гӕсгӕ ирон ӕвзаджы бӕрӕгбоны кадӕн нӕ республикӕйы бирӕ цымыдисаг мадзӕлттӕ арӕзт ӕрцыди. Нӕ рӕвдауӕндоны дӕр уагъд ӕрцыд мадзал «Къоста ӕмӕ мадӕлон ӕвзаг»....

ИРОН ӔВЗАДЖЫ БӔРӔГБОНЫ СЦЕНАРИ «КЪОСТА ӔМӔ МАДӔЛОН ӔВЗАГ!»
Традицимӕ гӕсгӕ ирон ӕвзаджы бӕрӕгбоны кадӕн нӕ республикӕйы бирӕ цымыдисаг мадзӕлттӕ арӕзт ӕрцыди. Нӕ рӕвдауӕндоны дӕр уагъд ӕрцыд мадзал «Къоста ӕмӕ мадӕлон ӕвзаг»....

Список методической литературы средней группы на 2024-2025 учебный год
Список методической литературы средней группы на 2024-2025 учебный год...
Ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы бæрæгбон
Сывæллæттæн æмбарын кæнын ирон æвзаг нæ адæмы хæзна кæй у, сæвзæрын кæнын сæ зæрдæты ирон æвзаг зонынмæ тырнындзинад, аргъ ын кæнын, архайын йæ дарддæры рæзтыл. Зонгæ кæнын сывæллæтты Ирыстоны ка...
Ирон æвзаг æмæ национ культурæйы бæрæгбон
Амонæг: Фарн уӕм бадзурӕд нӕ зынаргъ уазджытӕ ӕмӕ нӕ зынаргъ ныййарджытӕ!Ӕгас нӕм цӕут нӕ гыццыл хуртӕ, амонджын бӕрӕгбонтӕ уыл цӕуӕд.Абон Ирыстон бӕрӕг кӕны ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы бон. Ацы бон у...

