Ирон ӕвзаджы бӕрӕгбон
план-конспект занятия (подготовительная группа)

Плиева Альбина Эльбрусовна

Ирон ӕвзаджы бӕрӕгбон 

 

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл iron_avzadzhy_baragbon_2023.docx744.48 КБ

Предварительный просмотр:

Республикæ Цæгат Ирыстон - Алани

7 – æм МУНИЦИПАЛОН БЮДЖЕТОН РÆВДАУÆНДОН

Ирон ӕвзаджы бӕрӕгбон

Бацаттæ кодта:

ирон æвзаджы хъомылгæнæг

Плиты Альбинæ

г. Алагир, 2023 аз

(ирон мелодийы цагъдмӕ сабитӕ ӕрбацыдысты залмӕ).

Хъомылгӕнӕг: Фарн уам бадзурӕд нӕ зынаргъ уазджытӕ!

Ӕгас цӕут нӕ гыццыл хуртӕ!

Абон нӕ зӕрдӕтӕ дзаг кӕнынц ӕхсызгондзинадӕй, уарзондзинадӕй.

Абон Иры дзыллӕтӕн у кадджын бӕрӕгбон. 1899 азы 15майы Ирыстоныл ӕрцыд стыр хорздзинад – мыхуыры рацыд нӕ уарзон поэт Хетӕгкаты Къостайы ӕнӕмӕлгӕ чиныг «Ирон фӕндыр».

Сӕдӕ азы фӕстӕ та 1999азы нӕ Республикайы президент Дзасохты Алыксандр рауагъта указ, 15 май куыд суа ирон ӕвзаг ӕмӕ литературайы бӕрӕгбон.

Ӕмдзӕвгӕ «Не взаг» бакӕсдзӕн Икъаты Давид.

Не взаг- нӕ фыдӕлты фарн ӕмӕ кад

Не взаг- нӕ намыс, нӕ уыдзан ӕгад

Арвыл кӕй ном фыст ӕрцыдис, кӕс- ма

Стъалыты дзыгуыр ысхуыдтам «Къоста».

Хъомылгӕнӕг: Ӕвӕдза, ирон адӕм тынг амондджын сты, уымӕй ӕмӕ нын ис ӕмбисонды тырыса Къоста. Къоста скадджын кодта ирон адӕмы ном, сыгъзӕрин дамгъӕтӕй йӕ ныффыста Кады тырысайыл. Махӕй ӕнамонддӕр нæ уыдзӕн искуы уыцы тырыса дӕлӕмӕ куы руадзам.

Ӕмдзӕвгӕ бакӕсдзӕн Дарина. Кӕд ирон мыггаг хӕссыс.

Кад ирон зӕххыл цӕрыс.

Зон ирон лӕджы ӕгъдау!

Зон нӕ фыдӕлты ӕвзаг!

Кафгӕ рацу махмӕ тагъд,

Рагон симд ӕрсирӕм мах

Уадз, цӕгъдӕд ӕнусты цагъд

Уадз, хъуысӕд нӕ Иры зард!

Хъомылгӕнӕг: Алы адӕймагӕн дӕр ӕрдзӕй лӕвӕрд вӕййы иу ӕвзаг, кӕцы хуыйны мадӕлон. Сывӕллон дзурын нӕма базоны, афтӕмӕй фехъусы мады фӕлмӕн хъӕлӕс, мадӕлон ӕвзаджы фӕрцы саби банкъары хъӕлӕсӕй йӕ алыварс дуне.

Ӕмдзӕвгӕ: «Мадӕлон ӕвзаг» бакӕсдзӕн Хетаг.

Дзур мӕ къона, дзур иронау

Азтӕ атӕхдзысты бонау.

Хорз лӕг уыдзынӕ кӕддӕр.

Бахъӕудзӕн дӕ гъеуӕд сӕр.

Базон кафын ӕмӕ зарын

Зон дӕ адӕмы нымайын

Ма у не гъдӕуттӕн ызнаг.

Уарз дӕ мадӕлон ӕвзаг.

Хъомылгӕнӕг: Нӕ мадӕлон ӕвзаг цӕмӕй бахъахъхъӕнӕм, уый бирӕ аразгӕ у бинонтӕй. Нӕ рагфыдӕлтӕ нӕм мингай азты сӕрты рӕсугъдӕй цы ӕвзаг ӕрхӕццӕ кодтой, уый хъуама кӕстӕртӕ дӕр дарддӕр царды рӕсугъдӕй хӕссой, сӕрыстыр дзы уой ӕмӕ цӕстыгагуыйау хъахъхъӕной нӕ рӕсугъд ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ традицитӕ.

Ӕмдзӕвгӕ бакӕсдзӕн София.

Ирон ӕвзаг- нӕ хӕзнаты хӕзнадӕр,

Ӕвидигӕ, ӕлутонау, йӕ тых.

Нӕй махӕн уымӕй а зӕххыл зынаргъдӕр,

Ӕнустӕм у ӕнӕмӕлгӕ, хъӕддых.

Нӕ зарджытӕ ирон ӕвзагыл зарӕм,

Нӕ истори ирон дзырдтӕй фыссӕм.

Нӕ «Кадджыты» дунейы хӕрзтыл барӕм,

Сӕ хъайтарты нӕ зӕрдӕмӕ хӕссӕм!

Хъомылгӕнӕг: Сывӕллӕттӕ, уӕдӕ уӕ ӕмбисӕнттӕ та чи зоны нӕ мадӕлон ӕвзаджы тыххӕй?

1 Мадӕлон ӕвзаг, мады ад кӕны.

2 Чи цал ӕвзаджы зоны, уал лӕджы у.

3 мадӕлон ӕвзаг, хуыцауы лӕвар.

4 Ӕвзаг фӕндагамонӕг у.

5 Иронау чи дзуры уый арфӕйаг у, чин ӕ дзуры, уый та худинаг.

Хъомылгӕнӕг: Ныр та ахъазӕм.  «Худӕй хъазт».

Дарддӕр нӕ уазджытӕн равдисӕм нӕ зонындзинадтӕ. Сабитӕ загъут-ма

1. Цы хуыйны нӕ республикӕ?

2. Цы хуыйны Ирыстоны сӕйраг горӕт?

3. Цы хуыйны нӕ цӕрӕнбынат, нӕ горӕт?

4. Цавӕр ӕвзагыл дзурынц ирон адӕм?

5. Цал хуызӕй арӕзт у ирон тырыса?

6. Цы амонынц йӕ хуызтӕ?

7. Цал чъирийæ кувӕм ирон фынгыл?

8. Цал къахыл лӕууы ирон фынг?

9. Цы амонынц ӕртӕ чъирийы?

10. Чи уыдысты нӕ рагфыдӕлтӕ?

Раст загътат, Алантӕ, Скифтӕ, Сарматтӕ уыдысты нӕ рагфыдӕлтӕ. Уыдон уыдысты тыхджын, ныфсджын, ахсарджын. Арӕх иу кодтой бӕхтыл ерыстӕ. Сымах дӕр фӕнды бӕхтыл ерыстӕ акӕнын?

Хъазт «Ерыстӕ бӕхтыл».

Ныр та нын ӕмдзӕвгӕ кӕсы Вика.

Мадӕлон ӕвзаг.

Сызгъӕрин фест, нӕ мадӕлон ӕвзаг.

Ирон ӕвзаг- ныййарӕг мадау адджын.

Фӕлӕ йын мах нӕхӕдӕг сыстӕм знаг,

Ирон лӕгӕн ирон дзырд нал у кадджын.

Цы ныл ӕрцыд? Ыскодтой нын кӕлӕн?

Ирон уӕвын куы нал хӕссӕм нӕ сӕрмӕ.

Ирон ӕвзагӕн нӕй уӕддӕр мӕлӕн,

Нӕ иры хӕхтӕ, райхъал ут нӕ хъӕрмӕ!

Хъомылгӕнӕг: Ирон чызг ӕмӕ лӕппу хъуамӕ цавӕр уой, уый та нын радзурдзысты Анна ӕмӕ Алихан.

Ирон чызг хъуама уа ӕгъдауджын

Йӕ хистӕртӕн кӕна лӕггад.

Уый хъуамӕ уа уаздан, ӕфсармджын

Ӕмӕ дзы уӕд уыдзӕни кад.

Лӕппу та хъуамӕ уа, ӕхсарджын

Тӕппуд уӕвӕн иронӕн- нӕй

Ӕнӕ  мӕнг хъуамӕ уай ӕмбалджын

Ӕмӕ цӕрдзынӕ уӕд фӕрнӕй.

Хъомылгӕнӕг: Мӕ зынаргъ чызджытӕ, лӕппутӕ!

Ӕнӕ мӕнг бадарут уӕ зӕрдыл.

Нӕ фидӕн сымах стут, мӕ хуртӕ

Ӕмӕ хъуыды кӕнут дӕрдтыл.

Ма бауадзут фесафын нӕ фыдӕлты ӕгӕронхӕзнатӕ.

Ирон фарн! Ирон ӕгъдау! Ирон фарн!

Ӕмдзӕвгӕ кӕсы Динарӕ.

Амондджын уый у, йӕ номӕй

Адӕм кӕмӕй хӕрынц ард,

Чи вӕййы райгонд йӕ бонӕй

Царды кӕмӕн кӕнынц кад.

Амондджын уый у, тӕхуды

Йе взаг кӕмӕ у нымад

Чи йыл фӕтыхсы йӕ удау,

Чи йыл нывӕнды йӕ зард.

Хъомылгӕнӕг: Нӕ зынаргъ уазджытӕ, нӕ гыццыл хуртӕ уын равдисдзысты аргъау «Нанайы Гида».

Ууыл нӕ бӕрӕгбон кӕронмӕ ӕрхӕццӕ. Рӕсугъд бӕрӕгбӕттӕ уыл кӕнӕд. Хӕрзбон.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Проект Къоста-ирон адæмы цырагъдар

Жизнь и творчество Коста!...

Къостайы бӕрӕгбон

Къостайы бӕрӕгбон...

ИРОН ӔВЗАДЖЫ БӔРӔГБОНЫ СЦЕНАРИ «КЪОСТА ӔМӔ МАДӔЛОН ӔВЗАГ!»

Традицимӕ гӕсгӕ ирон ӕвзаджы бӕрӕгбоны кадӕн нӕ республикӕйы бирӕ цымыдисаг мадзӕлттӕ арӕзт ӕрцыди. Нӕ рӕвдауӕндоны дӕр уагъд ӕрцыд мадзал «Къоста ӕмӕ мадӕлон ӕвзаг»....

ИРОН ӔВЗАДЖЫ БӔРӔГБОНЫ СЦЕНАРИ «КЪОСТА ӔМӔ МАДӔЛОН ӔВЗАГ!»

Традицимӕ гӕсгӕ ирон ӕвзаджы бӕрӕгбоны кадӕн нӕ республикӕйы бирӕ цымыдисаг мадзӕлттӕ арӕзт ӕрцыди. Нӕ рӕвдауӕндоны дӕр уагъд ӕрцыд мадзал «Къоста ӕмӕ мадӕлон ӕвзаг»....

Ирон ӕвзаджы бӕрӕгбон 2024

Ирон ӕвзаджы бӕрӕгбон 2024...

Мадæлон æвзаджы бæрæгбон 2024

Мадæлон æвзаджы бæрæгбон 2024...