Мадæлон æвзаджы бæрæгбон 2024
план-конспект занятия

Плиева Альбина Эльбрусовна

Мадæлон æвзаджы бæрæгбон 2024

 

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл madaelon_aevzadzhy_baeraegbon.docx134.63 КБ

Предварительный просмотр:

Республикæ Цæгат Ирыстон - Алани

7 – æм МУНИЦИПАЛОН БЮДЖЕТОН РÆВДАУÆНДОН

Мадæлон æвзаджы бæрæгбон

Picture background

Бацаттæ кодта:

ирон æвзаджы хъомылгæнæг

Плиты Альбинæ

г. Алагир, 2024 аз

(Ирон мелодийы цагъдмæ сабитæ æрбацыдысты залмæ).

Хъомылгæнæг: Уæ бонтæ хорз сывæллæттæ. Арфæйаг ут нæ зынаргь уазджытæ æмæ уæ бæрæгбоны хорзæх уæд!

Сабитæ, мæ алыварс ма алæууыт æмæ æнгуылдзты гимнастикæ акæнæм.

Фондз æфсымæры нæртон

Уыдонæн сæ нæмттæ зон

Хистæр слæуыди фыццаг

Раст цыма сæрыстыр саг!

Амонæн æнгуылдз дæр ныр

Сраст кодта йæ æлвæст гуыр.

Астæуккаг æппæтæй даргьдæр

Æтт æнæном дæр фæцырд,

Ай та кæстæр у, зынаргьдæр

Фондзæй фаззæтау- æмдзырд

Иумæ æрбакæсут ма сты æдзухдæр цырд!

Хъомылгæнæг: Ныр та сывæллæттæ кæрæдзийы кьухтыл æрхæцæм, кæрæдзимæ нæ мидбылты бахудæм æмæ нæ хорз зæрдæйыуаг кæрæдзийæн балæвар кæнæм.

Уæ къухтæ суадзут æмæ уæ бандæттыл сбадут.

Сывæллæттæ, абон аппæт адæмæн дæр у бæрæгбон. Алы адæмы хатт дæр бæрæг кæны мадæлон æвзаджы бæрæгбон.

Презинтация

Хъомылгæнæг: Сабитæ, бакæсут-ма экранмæ. Цы уынут экраныл? Уарæсейы картæ (слайд 1)

Сывæллæттæ: мах экраныл уынæм картæ.

Хъомылгæнæг: Раст загьтат, уый у Уæрæсейы карта. Нæ райгуырæн бæстæ. Уæрæсе у иннæ паддзахадтимæ абаргæйæ се гасæй дынджыр дæр. Сабитæ картæйы æвдыст цæуы нæ зæххы кьори, æрмæст кьаддæр хуызы райсгæйæ. Арв хуызæй дзы нысангонд цæуынц дæттæ, бур,морæ, кæрдæгхуызæй та хус бынæттæ.алы хуызтæй ма сты республикæтæ æмæ горæттæ. Нæ паддзахадон арæнтæ нысан гонд сты сырх хуызæй. Уæрæсейы сæйраг горæт та цы хуыйны, сывæллæттæ?

Сывæллæттæ: Уæрæсейы сæйраг горæт у Мæскуы.

Хъомылгæнæг: Махæн дæр нæ республикæ ис Уæрæсейы зæххыл. Зæгъут-ма , нæ республикæ куыд хуыйны?

Сывæллæттæ: Нæ республикæ хуыйны Цæгат Ирыстон –Алани.

Цæгат Ирыстон-Аланийы картæ. Тырыса,Герб (слайд 2)

Хъомылгæнæг: Сабитæ, ацы картæ та у нæ республикæйы картæ. Сымах мын дзурут нæ республикæйы горæттæ, аз та уын сæ картæйыл амондзынæн.

(Амоны ма цалдæр хъæуы).

Хъомылгæнæг: Цæмæн хонæм Ирыстон нæ райгуырæн зæхх. Уымæн æмæ Ирыстоны цæрынц ирон адæм. Адæймаг цы бæстæйы, цы зæххыл райгуырд уый фæхоны Фыдыбæстæ, Фыдызæхх. Фæлæ адæймаг сабийы бонтæй фæстæмæ цы взагыл фæдзуры, уый та фæхоны мадæлон. Мадæлон взаг, мады ад кæны, мады æхсыримæ сывæллоны уæнгты ахъары.

Сабитæ, нæ республикæйы ирон адæмæй уæлдай æндæр адæмыхæттытæ цæры? Куыд уæм кæсы?

Сывæллæттæ: О, цæры. Цæры нæм: уырысæгтæ,туркæгтæ, сомихæгтæ, цигайнæгтæ,гуырдзиагтæ, мæхъæлæттæ, цæцæйнæгтæ, грекъагтæ.

Адæмыхæттытæ сæ националон дарæсы (слайд 3)

Алы адæмыхаттæн дæр йæ нацийы бæрæггæнæнтæ сты, йæ мадæлон взаг, культурæ,цардыуаг,зондахаст æмæ цæрæнбынат. Уыдонæй се гасæй сæйраг дæр у мадæлон æвзаг.

Æмдзæвгæ «Мадæлон æвзаг» бакæсдзæн Рустам.

Сты зондæн уацхæссæг æппæт дунейы взæгтæ

Нæ дзы взары хæстæг æмæ дарддаг

Фæлæ ныхойыс зæрдæйы къæсæртæ

Армæст дæр дым æ мадæлон æвзаг

Ирон æвзаг мæ фыд у

Мæ цард, мæ цин, мæ бон

Куы мæ бафæрсой чи дæ,

Мæ дзуапп цæттæ мæнæн

Ирон лæппу-ирон дæн

Кæд саби дæн уæддæр!

Хъомылгæнæг: Нæ куырыхон адæм иу хуымæтæджы нæ загътой: Адæм цардхъом сты, цалынмæ фыдæлты æвзаг хъахъхъæнын фæразой уæдмæ,сæ æвзагыл куы нал дзурой, уæд фесæфдзысты сæ наций, сæ историй æмæ культурæ, фæхицæн уыдзысты сæ царддæттæг уидæгтæй,

Ирон æвзаг, нæ фыдæлты хæзна у, тынг рагон æмæ хъæзныг. Алы рæтты цæугæйæ æнусæй æнусмæирон адæмæн уыди бирæ алыхуызон сыхæгтæ. Уымæ гæсгæ не взаг у бирæвæрсыг, кабузджын. Ирон æвзаг у, зæххы къорийыл рагондæр цы фондз æвзаджы ис, уыдонæй иу.

Ирон æвзаджы равзæрды бæлас (слайд 4)

«Ирон æвзаг» æмдзæвгæ бакæсдзæн Давид.

Дзур мæ къона, дзур иронау

Азтæ атæхдзысты бонау

Хорз лæг уыдзынæ кæддæр

Бахъæудзæн дæ гъеуæд сæр

Базон кафын æмæ зарын

Зон дæ адæмы нымайын.

Ма у не гъдæуттæн ызнаг.

Уарз дæ мадæлон æвзаг!

Хъомылгæнæг: Ныр та сабитæ ахъазæм.

Хъазт «Гæды æмæ мыстытæ».

Æмдзæвгæ «Ирон æвзаг» бакæсдзæн Альбинæ

Амондджын уый у, йæ номæй

Адæм кæмæй хæрынц ард

Чи вæййы райгонд йæ бонæй

Царды кæмæн кæнынц кад.

Амондджын уый у, тæхуды

Йе взаг кæмæ у нымад

Чи йыл фæтыхсы йæ удау,

Чи йыл нывæнды йæ зард.

Хъомылгæнæг: сабитæ, мадæлон æвзаджы тыххæй уæ исчи зоны æмбисæндтæ?

1.Мадæлон æвзаг, мады ад кæны.

2.Чи цал æвзаджы зоны, уал лæджы у.

3.Мадæлон æвзаг, хуыцауы лæвар.

4.Фæндаг, æвзаг амонæг у.

5.Иронау чи дзуры уый арфæйаг у, чи нæ дзуры, уый та худинаг!

6.Ахуыр кæн æцæгæлон æвзаг, дæхи æвзагæн та аргъ кæн!

Хъомылгæнæг: Нæ мадæлон æвзагыл тынг ахсджиаг æмæ вазыгджын фарстатыл бакуыста Абайты Васо. Йæ куыстытæй уалдай ахадгæдæр сты « Ирон æвзаг æмæ фольклор», « Нарты эпос», « Уырысаг- ирон дзырдуат». Васойы фæста ирон æвзаг æмæ литературæйы бындур æвæрæг уыд Хетæгкаты Къоста æмæ иннæтæ.

Æмдзæвгæ «Ирон æвзаг» бакæсдзæн Артур.

Ирон æвзаг нæ царды хос

Нæ цæугæ Терк, нæ лæугæ хох,

Фыдæлты взаг, Къостайы взаг,

Ирон лæджы зæрдæйы таг.

Ирон æвзаг, нæ цинты цин

Ирыстонæн- йæ Хурзæрин

Ирон æвзаг- нæ ис нæ бон

Уæд арфæйаг дæ бæрæгбон!

Ǣмдзæвгæ «Мадæлон æвзаг» бакæсдзæн Вера.

Ирон æвзаг, цæй диссаг дæ!

Ǣвзагты хсæн , куыд аив дæ!

Куыд зынаргъ дæ ирон лæгæн

Ныййарæгау мын   адджын дæ.

Ирон æвзаг мæ цæсты рухс

Нæртон æвзвг, дæуæй дæн буц

Ǣз райгуырдтæн дæ зæрдæйæ

Хæссыс мын фарн ныфс дæтгæйæ.

Хъомылгæнæг: Сабитæ, ныр та ахъазæм.

Хъазт: «Тых æвзарæн бæндæн».

Хъомылгæнæг: Нæ фыдæлтæй нæм ахæм æмбисонд баззад: «Зонд хистæрæй кæстæрмæ у!» æмæ мах хъуамæ ма фесафæм нæ адæмы æгъдау. Цæмæй нæ фæлтæртæ хæссой фидæнмæ нæ фыдæлты кад æмæ намыс!

Ǣмдзæвгæ «Ирон æвзаг» бакæсдзæн Маргаритæ.

Ирон æвзаг- ирон адæмы дарæг.

Ирон æвзаг-нæ фæллойы бындур,

Ирон æвзаг- нæ сагъæстæ æмбарæг,

Ирон æвзаг- Ирыстонæн йæ хур.

Куыд фæмысын, нæ урс хæхтæ, нæ бæстæ.

Нæ хъал дæттæ, нæ дидинæгджын фæз!

Куыд адджын дæ, куыд кадджын дæ мæ цæсты!

Ныййарæгау дæ бирæ уарзын æз!

Хъомылгæнæг: Сывæллæттæ, загъут-ма мын

Чи уыдысты нæ рагфыдæлтæ?

Цавæр æвзагыл дзурынц ирон адæм?

Нæ республикæйы ма цавæр адæмы хæттытæ цæры?

Цал горæты ис нæ республикæйы? Куыд хуыйнынц?

Куыд хъуамæ цæрой æппæт адæмыхæттытæ?

Хъомылгæнæг: Абон нæ бæрæгбон кæронмæ æрхæццæ.

Рæсугъд бæрæгбæттæ уыл цæуæд. Хæрзбон.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Къостайы бӕрӕгбон

Къостайы бӕрӕгбон...

ИРОН ӔВЗАДЖЫ БӔРӔГБОНЫ СЦЕНАРИ «КЪОСТА ӔМӔ МАДӔЛОН ӔВЗАГ!»

Традицимӕ гӕсгӕ ирон ӕвзаджы бӕрӕгбоны кадӕн нӕ республикӕйы бирӕ цымыдисаг мадзӕлттӕ арӕзт ӕрцыди. Нӕ рӕвдауӕндоны дӕр уагъд ӕрцыд мадзал «Къоста ӕмӕ мадӕлон ӕвзаг»....

ИРОН ӔВЗАДЖЫ БӔРӔГБОНЫ СЦЕНАРИ «КЪОСТА ӔМӔ МАДӔЛОН ӔВЗАГ!»

Традицимӕ гӕсгӕ ирон ӕвзаджы бӕрӕгбоны кадӕн нӕ республикӕйы бирӕ цымыдисаг мадзӕлттӕ арӕзт ӕрцыди. Нӕ рӕвдауӕндоны дӕр уагъд ӕрцыд мадзал «Къоста ӕмӕ мадӕлон ӕвзаг»....

Ирон ӕвзаджы бӕрӕгбон

Ирон ӕвзаджы бӕрӕгбон...

Ирон ӕвзаджы бӕрӕгбон 2024

Ирон ӕвзаджы бӕрӕгбон 2024...