Ирон ӕвзаджы бӕрӕгбон 2024
план-конспект занятия

Плиева Альбина Эльбрусовна

Ирон ӕвзаджы бӕрӕгбон 2024

 

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл iron.docx234.1 КБ

Предварительный просмотр:

Республикæ Цæгат Ирыстон - Алани

7 – æм МУНИЦИПАЛОН БЮДЖЕТОН РÆВДАУÆНДОН

Ирон ӕвзаджы бӕрӕгбон

Бацаттæ кодта:

ирон æвзаджы хъомылгæнæг

Плиты Альбинæ

г. Алагир, 2024 аз

(Хъуысы ирон мелоди, сывæллæттæ националон дарæсы залмæ æрбацыдысты).

Амонæг: Ǣгас цæут сывæллæттæ. Фарн уæм бадзурæд нæ зынаргъ уазджытæ. Абон мах ам æрымбырд стæм, уымæн æмæ Иры дзыллæтæн у кадджын бæрæгбон. Нæ зæрдæтæ дзаг кæнынц æхсызгондзинадæй, уарзондзинадæй. 1889азы, 15май мыхуыры рацыд Хетагкаты Къостайы чиныг «Ирон фæндыр». Уыцы бон ирон адæмæн сси ирон фарны, æвзаджы, литературæйы бæрæгбон.

Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!

(сывæллæтты сбадын кæнын сæ бандæттыл).

Уый тынг раджы уыди. Хуыцау нæ рагфыдæлтæн стыр арфæ ракодта, балæвар сын кодта нæртон æвзаг æмæ сын загъта: - Ацы æвзаг уыдзæн уæ фарн, уæ иугæнæг тых, уæ цин, уæ фидæн. Цалынмæ ацы æвзагыл дзурат, уæдмæ уын фесæфæн нæй. Бирæ зын фæндæгтыл фæцыдысты нæ фыдæлтæ, бирæ адæмтимæ æмбæлдысты, фæлæ се ваг нæ рох кодтой, æнусты сæрты нæм æрхастой нæ диссаджы Нарты кадджытæ, аргъæутæ, æмбисæндтæ, зарджытæ. Абон дæр ирон зарæг зæлы нæ хæхты.

Табуафси, байхъусæм ма нæ гыццыл хуртæм, зарынц Ирыстоныл зарæг.

Амонæг: Ирон æвзаджы бон, ацы бон цыма Ирыстонæн йæ ирон цæсгом тынг дæр разыны, йæ ирон зæрдæ парахатдæрæй раргом вæййы, ахæм æнкъарæнтæ сывзæры адæймагмæ.

Ǣмдзæвгæ «Не взаг» бакæсдзæн Астан.

Не взаг-хæзнадон,бæркадджын къæбиц.

Не взаг-нæртон лæджы рагон бæллиц.

Не взаг-Къостайы хъуыдыты цæхæр.

Не взаг- у не гъдау,нæ амонды сæр.

Не взаг-дыууæ Иры иугæнæг хид.

Не взаг! Ирон лæджы уæнгты æхсид!

Ма уæд ирон тугæн фесæфæн, ма!

Не взаг æнгомдæр, уадз, Иры бæтта!

Ǣмдзæвгæ «Мæ Ир» бакæсдзæн Каролина.

Нæ фæцæрин æз иу бон дæр нæ зæххыл,

Куынæ уаид мæ мадæлон æвзаг.

Куы ауайынц нæ урс хæхтæ мæ цæстыл

Мæ риу уæд цинæй нал фæкæны фаг.

Дæ кад мæнæн æрвон хурау зынаргъ у,

Дæ рæвдыдæй мæ зæрдæ хайджын у,

Фыдæлты кад нæ алкæмæн цырагъ у.

Дæ таурæгъ та мыдау мын адджын у!

Амонæг: Нæ мадæлон æвзаг цæмæй бахъахъхъæнæм, цæмæй не взаг йæ гаччы сбада, уый тыххæй сывæллæттæм хадзары дзурын хъæуы иронау. Бинонтæ цы взагыл дзурой сывæллонмæ, сывæллон дæр уыцы взагыл дзуры.

Ǣмдзæвгæ «Уайдзæф» бакæсдзæн Алан.

Ирон æвзаг, ирон кæрдзын

Уæ сæрмæ дæр куы нал хæссут

Дзæбæх мын ут, фæлæ тыхстæй

Иронау дæр куы нал хъæрзут

Нæхи дурæй, йæ бындурæй,

Ǣргъæу мæсыг, цæмæн кæлы?

Мæ сау нымæт, мæ сау саргъыл

Мæ цæстысыг цæмæ згъæлы?

Амонæг: Фыдыбæстæ, ныййарæг зæхх, райгуырæн уæзæг, мад, фыд, мадæлон æвзаг. Цы у æнæ уыдонæй адæймаджы цард? Цæмæй абон нæ сывæллæттæ сæ мадæлон æвзаг хуыздæр зоной, уый тыххæй сын арфдæр, уæрæхдæр кæнын хъæуы сæ зонындзинæдтæ, аргъæуты, æмбисæндты, уыци-уыциты, тагъддзуринæгты æмæ иннæ фольклоры хуызты руаджы. Сывæллæттæ, сымах та исчи зоны æмбисæндтæ?

  1. Лæг йæ гъдауæй лæг у.
  2. Ǣфсарм кæм ис, æгъдау дæр уым ис.
  3. Кæстæрæн йæ хæс-хистæрмæ хъусын.
  4. Хистæры буц дар-ды дæр зæронд кæндзынæ.
  5. Хистæр-зондамонæг, кæстæр-æгъдаухæссæг.
  6. Кæстæртæ хистæртæй хуыздæр куыннæ уæй, уæд мыггаг сæфтмæ цæуы.
  7. Адæймаджы хорздзинад уæлæуыл зайы.
  8. Чи дæ, уый мын ма дзур, цы сарæзтай уый мын зæгъ.
  9. Лæгъз ныхас дурмæ дæр хъары.
  10. Цæст цы уына,хъус цы хъуса, уыдон се ппæт дзуринаг не сты.

Амонæг: Тынг хорз сабитæ, мæнæ цас æмбисæндтæ зонут. Ныр та ахъазæм. Хъазт……

Амонæг: Сабитæ, ныр та мæм лæмбынæг хъусут, æз уын кæсдзынæн уыци-уыцитæ, сымах та сæ базонут.

  1. Райгуырд цъитирæбын, хохы

Къæдзæхтимæ бацыд тохы

Коммæ агæпп кодта рындзыл

Ǣмæ быдырмæ фæтындзы (суадон).

  1. Бирæгъ, арсæй дæр нæ тæрсы

Мигътæ алырдæм фæхæссы

Тоны бæлæсты бындзарæй

Баппары сæ доны барæй (Дымгæ).

  1. Бон хъус вæййы, æхсæв хъуыр-хъуыр кæны,

Хæдзармæ чи цæуы, уый хицауæн хъусын кæны (куыдз).

  1. Хъарм фæлмæн кæрц дары,

Къонайыл хуыссы, аргъæуттæ мысы (гæды).

  1. Хъæугæрæтты хъавгæ зилын,

Дæн къарных, фæлитой.

Къæдзил кæркгæстæм ыстилын,

Уадз æмæ мæ сурой. (рувас).

Амонæг: Базыдтат сæ, мæнæ цы зондджын стут.

Ǣмдзæвгæ «Ирон æвзаг» бакæсдзæн Ц. Фариза.

Ирон æвзаг-ирон адæмы дарæг

Ирон æвзаг-нæ фæллойы бындур,

Ирон æвзаг-нæ сагъæстæ æмбарæг

Ирон æвзаг – Ирыстонæн йæ хур.

Куыд фæмысын нæ урс хæхтæ, нæ бæстæ

Нæ хъал дæттæ, нæ дидинæгджын фæз

Куыд адджын дæ, куыд кадджын дæ мæ цæсты

Ныййарæгау дæ бирæ уарзын æз!

Амонæг: Сабитæ, кæд мах ирæттæ стæм, кæд ирон æгъдæуттæ зонæм, уæд ма мын мæ фарстытæн дзуаппытæ радтут.

1.Ирон фынг цы хонæм?

2.Фынджы сæр цы хонæм?

3.Цал чъирийæ кувæм? (Сæ нæмттæ. Хур, дон, зæхх).

4.Цавæр ирон хæринæгтæ зонут?

5.Ирон сылгоймаджы,нæлгоймаджы националон дарæс.

Ирон мад æмæ фыдæй райгуыр, Ирыстоны схъомыл у æмæ де взагыл былсчъилтæ кæн, иронау кæсын, фыссын ма зон. Ирон газет ма рафыс, ирон чингуытæ ма æлхæн.

Ǣмдзæвгæ бакæсдзæн Рустам.

Ирон, куы нæ дзурай иронау,

Уæд уый нæ нацийы кæрон у

Ирон дæ ды, уæд дзур, мæ хур, иронау.

Зынаргъ мын у мæ мадæлон æвзаг!

Майдар æхсæв нын рухс уыдзани бонау,

Ирон æвзаг! Ирон фарæн у дзаг!

Ǣмдзæвгæ « Ǣвзаг» бакæсдзæн Баситы Амелина.

Ды –мæ ныфсбадæн мæсыг

О,куыд  мæ тавы дæ зынг.

О, куыд бирæ уарзын дæу

Уый мæ бон зæгъын дæр нæу.

Ды, ирон æвзаг-мæ цин.

Ды ирон æвзаг- мæ дин.

О,куыд мæ тавы дæ хур

Ǣз-дæ мæсыгæн йæ дур.

Амонæг: Не взаг у нæ къонайы судзгæ цырагъ.  Уыцы цырагъ алкæйы хæдзары дæр цæхæр калæд. Уарзут уæ Райгуырæн бæстæ, уæ мадæлон æвзаг. Нæ адæмæн аккаг хъæбултæй байрæзут.

Нырта нæ бæрæгбоны кæронбæттæны бакæсут аргъаумæ: «Зæронд уызын йæхицæн мад куыд агуырдта». Нæ зынаргъ уазджытæ, нæ бæрæгбон кæронмæ æрхæцæ. Ǣнæмаст, æнæниз уæ хуыцау уадзæд. Ирыстон армытъæпæны йас йедтæмæ нæу æмæ кæрæдзийæн аргъ кæнут, кæрæдзийы уарзгæйæ цæрут. Хæрзбон.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Проект Къоста-ирон адæмы цырагъдар

Жизнь и творчество Коста!...

Къостайы бӕрӕгбон

Къостайы бӕрӕгбон...

ИРОН ӔВЗАДЖЫ БӔРӔГБОНЫ СЦЕНАРИ «КЪОСТА ӔМӔ МАДӔЛОН ӔВЗАГ!»

Традицимӕ гӕсгӕ ирон ӕвзаджы бӕрӕгбоны кадӕн нӕ республикӕйы бирӕ цымыдисаг мадзӕлттӕ арӕзт ӕрцыди. Нӕ рӕвдауӕндоны дӕр уагъд ӕрцыд мадзал «Къоста ӕмӕ мадӕлон ӕвзаг»....

ИРОН ӔВЗАДЖЫ БӔРӔГБОНЫ СЦЕНАРИ «КЪОСТА ӔМӔ МАДӔЛОН ӔВЗАГ!»

Традицимӕ гӕсгӕ ирон ӕвзаджы бӕрӕгбоны кадӕн нӕ республикӕйы бирӕ цымыдисаг мадзӕлттӕ арӕзт ӕрцыди. Нӕ рӕвдауӕндоны дӕр уагъд ӕрцыд мадзал «Къоста ӕмӕ мадӕлон ӕвзаг»....

Ирон ӕвзаджы бӕрӕгбон

Ирон ӕвзаджы бӕрӕгбон...

Мадæлон æвзаджы бæрæгбон 2024

Мадæлон æвзаджы бæрæгбон 2024...