Сценарий осеннего утренника «Фӕззӕджы бӕрӕгбон» в младшей группе на осетинском языке
план-конспект занятия (младшая группа)
Сценарий осеннего утренника
«Фӕззӕджы бӕрӕгбон»
в младшей группе
на осетинском языке
Скачать:
| Вложение | Размер |
|---|---|
| 176.93 КБ |
Предварительный просмотр:
Муниципальное бюджетное дошкольное образовательное учреждение
«Детский сад №7» г. Алагир
Сценарий осеннего утренника
«Фӕззӕджы бӕрӕгбон»
в младшей группе
на осетинском языке
Подготовила:
Музыкальный руководитель
Дзитоева Залина Константиновна
Воспитатель
Чихтисова Фатима Казбековна
2025 г.
Хъомылгӕнӕг: Сабитӕ, абон махмӕ ис фӕззӕджы бӕрӕгбон. Мах зардзыстӕм, кафдзыстӕм, ӕмдзӕвгӕтӕ дзурдзыстӕм.
Фӕззыгон фӕкӕны дымгӕ ӕмӕ бӕлӕсты сыфтӕ фӕхауынц. Равдисӕм ма куыд фӕдымгӕ кӕны?
Мӕнӕ цас алыхуызон сыфтӕ ис. Цавӕр хуызтӕ цын ис? (бур, сырх) Ныртӕккӕ мах ацы сыфтимӕ рӕсугъд кафт акӕндзыстӕм. Алчи дӕр уӕ фӕйнӕ дыууӕ сыфы сисӕд ӕмӕ тымбыл ӕрлӕууӕм.
Кафт сыфтимӕ
Хъомылгӕнӕг: Сабитӕ, ракӕсут ма цы диссаджы рӕсугъд сыф нӕм ӕрбатахт! Ацы сыф дзурын зоны, цыма мын цы зӕгъдзӕн? Байхъусон ӕм (хъусы). Сыф мын афтӕ зӕгъы, дзӕнгӕрӕгӕй ацӕгъдут ӕмӕ уӕм фӕззӕг ӕрбацӕуа уазӕгуаты. (цӕгъды)
Ӕрбацыд Фӕззӕг
Фӕззӕг: Уӕ бонтӕ хорз, мӕ гыццыл хуртӕ! Ӕз уӕм ӕрбацыдтӕн уазӕгуаты. Ӕз дӕн фӕззӕг! Сымахимӕ зардзынӕн, хъаздзынӕн ӕмӕ кафдзынӕн.
Хъомылгӕнӕг: Фӕззӕг, сабитӕ тынг уарзынц хъазын ӕмӕ кафын.
Фӕззӕг: Уӕдӕ ма райсут уӕ къухтӕм дзӕгъдзӕгъгӕнӕнтӕ ӕмӕ хъӕлдзӕг кафт акӕнӕм.
Кафт дзӕгъдзӕгъгӕнӕнтимӕ.
Хъомылгӕнӕг: Фӕззӕг, сабитӕ бацӕттӕ кодтой дӕуӕн ӕмдзӕвгӕтӕ ӕмӕ ма цӕм байхъус дӕ хорзӕхӕй.
Фӕззӕг: Зӕрдиагӕй байхъусдзынӕн.
Хъомылгӕнӕг: Ныр та нын нӕ зарӕгмӕ байхъус.
Фӕззӕг: Тынг рӕсугъд азарыдыстут. Сабитӕ, мӕн фӕнды сымахимӕ ахъазын
Хъазт «Хур ӕмӕ къӕвда»
(Хур кӕсы ӕмӕ мах тезгъо кӕнӕм, рӕсугъд сыфтӕ ӕмбырд кӕнӕм. Куы зӕгъон «къӕвда» уӕд хъуама иууылдӕр амбӕхсӕм). Цӕттӕ стут?
Фӕззӕг: Сабитӕ, бузныг уын зӕгъын абон мӕ кӕй фӕхуыдтат уӕ бӕрӕгбонмӕ. Мӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыдыстут. Куыд рӕсугъд кафыдыстут, куыд дзӕбӕх радзырдтат ӕмдзӕвгӕтӕ, куыд хъӕлдзӕг хъазыдыстут.
Фӕлӕ уӕм ӕз дӕр афтид къухӕй не'рбацыдтӕн. Мӕнӕ уын мӕ фӕззыгон лӕвӕрттӕ.
Сывӕллӕттӕ: Бузныг!
Фӕззӕг: Ныр мӕнӕн цӕуын афон у. Нӕ иннӕ фембӕлдмӕ. Хӕрзбон сабитӕ!
Хъомылгӕнӕг: Махӕн дӕр сабитӕ, нӕ бӕрӕгбон кӕронмӕ ӕрхӕццӕ. Ныр ацӕуӕм нӕ къордмӕ ӕмӕ нӕ фӕззӕджы лӕвӕрдтӕй фӕминас кӕнӕм.

