9 мая
план-конспект занятия (старшая группа)

развлечение


Предварительный просмотр:

Хъомылгæнæг: Сывæллæттæ, бакæсут ма, мæнæ уæ ныййарджытимæ цы нывтæ скодтат уыдонмæ æмæ мын зæгъут цавæр бæрæгбонимæ баст сты уæ нывтæ?
Сывæллæттæ: Фарæстæм Май, Уæлахизы бон.
Хъомылгæнæг: Тынг раст загдтат. Табуафси рбадут бандæттыл æмæ лæмбынæг байхъусут.
Бирæ азты размæ мин фарастсæдæ цыппор фыццæгæм азы немыц æрбабырстой нæ Райгуырæн бæстæмæ. Æмæ адæм сыстадысты йæ бахъахъхъæнынмæ. Нæлгоймæгтæ хæстмæ ацыдысты, сылгоймæгтæ, зæрæдтæ æмæ сывæллæттæ баззадысты. Уыдон салдæттæн æххуыс кодтой, куыстой заводты, фабрикæты. Уыцы хæсты Ирыстонæй тынг бирæ салдæттæ тох кодта. Уыдон уыдысты хъæбатыр æмæ æнæбасæтгæ. Æнæхъæн цыппар азы цыдис хæст.
Хетæг Б. Цъæх арвы бын хъæлдзæгæй рæзæм,
Нæ федтам, нæ зонæм циу хæст.
Йæ хабæрттæ йын арæх хъусæм
Нæ хæстон бабатæй æрмæст.
Æзнаг нæм æрбабырста нæнхъæл,
Уыд тугдзых, цæф сырдау, ызнæт.
Йæ сау фæнд, йæ хъуыры ныццæх гæр
Нæ зæххыл ыссардта мæлæт.

Мирæ, Хетæг Ч., Астан
Презентаци хæсты тыххæй.

Мин фарастсæдæ цыппор фæндзæм азы, фарæстæм майы нæ салдæттæ знæгтыл фæуæлахиз сты. Бахъахъхъæдтой æппæт дунейы сабырдзинад æмæ Фыдыбæстæйы стыр хæст, уыцы бон фарæстæм Май нæ адæмæн сси стыр бæрæгбон-Уæлахизы бон.
Зарæг «Катюшæ».
Тохы фæстæ иу салдæттæн уылæфты рæстæг куы радтой, уæд салдæттæ сæхи ирхæфстой, кафыдысты, зарыдысты зарджытæ æмæ мах дæр ныртæккæ уыцы зарджытæй иу азардзыстæм.
Зарæг «Попурри»

Ирыстоны тынг бирæ ис хæсты ,чи фескъухт ахæм хъæбатыртæ. Сæ хъæбатырдзинадæй нæ Ирыстоны кад æмæ бæрзонд намыс систой. Уыдон уыдысты Фыдыбæстæйы хъахъхъæнджытæ. Нæ зæххыл дæр æмæ фæсарæнты дæр, хæсты цы хъæбатыртæ фæмардис, уыдонæн арæзт æрцыд тынг бирæ цыртдзæвæнтæ, сæ кадæн судзы Æнусон арт.
Презентаци.
Алы Фарæстæм Майы дæр адæм дидинджытимæ æрбацæуынц алы цыртдзæвæнмæ дæр æмæ ныллæг сæ сæртæй æркуывынц.
Немыцаг хæцæнгарзы нæмгуытæй нæ фæтарст Уæрæсейы цæрæг Пётр Барбашов дæр. Йæ цард радта цæмæй мин адæймаджы æгасæй баззайой, уый тыххæй. Пётр Барбашовæн нæ Иры зæххыл æрцыд стыр цыртдзæвæн æвæрд.
Хæстмæ ацыдысты Гæздæнтæй авд æфсымæры дæр æмæ фæстæмæ хæстæй сæ иу дæр нал раздæхт.
Баситы Чабæхан уыд хъуыстгонд ахуыргæнæг хæсты заманы.
Немыц Алагирмæ куы æрбабырстой уæд цæ фæндыди сæхи газет рауадзын æмæ Баситы Чабæханы сæхирдæм кодтой цæмæй семæ куса æмæ цын æххуыс кæна, уый тыххæй æмæ зыдта немыцаг æвзаг. Фæлæ æрыгон чызг немыцæгтимæ кусын кæй не сразы уый тыххæй йæ амардтой.
Алагирæй цы бирæ адæм ацыдысты хæстмæ æмæ чи нал рыздæхт фæстæмæ, уыдонæн æвæрд æрцыд æфсымæры ингæн.
Ацы хæстонтæ нæ фыдыбæстæйы сæрвæлтау радтой сæ цард æмæ нал æрыздæхтысты хæсты быдырæй.
Хъомылгæнæг: Сывæллæттæ, куыд уæм кæсы, цæмæн цын сывæрдтой цыртдзæвæнтæ æмæ цæм алы аз, фарастæм май мах цæмæн цæуæм?
Сывæллæттæ: Уымæн æмæ уыдон мах тыххæй сæ цард радтой, цæмæй мах сæрмæ кæддæриддæр цъæх арв уа, рæсугъдæй, сæрибарæй рæзæм æмæ нæ рох ма куы уой сæ сгуыхтдзинæдтæ.
Хъомылгæнæг: Бирæ азтæ рацыд хæст куы фæцис уæдæй нырмæ, фæлæ адæмæй сæ хъæбатыртæ æмæ уыдоны сгуыхтдзинæдтæ нæ рох кæнынц. Уыдоны кадæн ныффыстой зарджытæ, æмдзæвгæтæ, сарæзтой кинонывтæ, рауагътой хæсты тыххæй чингуытæ.
Геор К.
Геор М.
Уæлахизы бон,
Цыты бæрæгбон,
Нæ буц ветерантæ
Сæ кады майданты,
Сæ цины цæссыгтæй,
Сæ цæстытæ дзаг.
Хъомылгæнæг: Сывæллæттæ, ацы бæрæгбон цæмæн хуыйны цæссыгæй æхсад бæрæгбон?
Сывæллæттæ: Уымæн æмæ уыцы хæсты фæмардис тынг бирæ адæм.
Хъомылгæнæг: Хæсты ветерантæй чи баззад уыдонæн куыд бæрæг кæнынц сæ бæрæгбон?

Сывæллæттæ: Ветерантæн арфæ ракæнынц, скæнынц цын лæвæрттæ, зæрдæлхæнæнтæ, лæвар цын кæнынц дидинджытæ,бацæттæ кæнынц равдыстытæ, концертæ, изæрæй та фенæн вæййы бæрæгбоны салют.

Ангелина К., Амина Дз.

Зарæг « Прадедушка мой»
Хъомылгæнæг:
Стыр кад,тыхджын намыс равдыстой нæ фæсивæд, нæ фыдæлтæ, хъæбатыртæ рох никуы уыдзысты. Фæлæ хæст хæст у, Райгуырæн зæхх иунæг у æмæ йыл тынг фидар хæцын хъæуы. Чи куыд хъуыды кæны, цавæр хъуамæ уа æфсæддон?
Сывæллæттæ: Тыхджын, хъæбатыр, ныфсджын, æнæниз, хъаруджын. Йæ адæмы æмæ йæ Райгуырæн бæстæ бирæ уарза.
Хъомылгæнæг: Сывæллæттæ, ахъазæм ерыстæй æмæ равдисæм нæ тыхджындзинад, хъæбатырдзинад. Адих кæнут дыууæ къордыл.

Ныртæккæ мах ахъадзыстæм хъазтæй «Бæхтæ».

Къорды фыццаг архайджытæм ратдзыстæм фæйнæ бæхы. Бæхыл хъæуы сбадын, атæхын æмæ модулы алыварс æрзилын, æрбатæхын къордмæ раттын бæх иннæ хъазæгмæ æмæ къорды кæрон ыслæуын. Кæцы къорд рæвдзæр сыххæст кæна йæ хæс, уыцы къорд рамбылдта.

Иннæ хъазт хуыйны «Чи тагъддæр бахæццæ кæна пъисмо командирмæ?»
Къорды фыццаг архайджытæм ратдзыстæм фæйнæ пъисмойы.
Фыццаджыдæр хъæуы цъымараты сæрты багæппытæ кæнын афтæ, цæмæй уæ къæхтæ ма ныххуылыдз уой, атæхын кеглиты æхсæнты, модулы алыварс æрзилын æмæ фæстæмæ æрбатæхын йæ къордмæ раттын пъисмо иннæ хъазæгмæ æмæ ыслæуын къорды кæрон. Къорды фæстаг хъазæг дæтты пъисмо штабы командирмæ. Кæцы къорд рæвдзæр сыххæст кæна йæ хæс, уыцы къорд рамбылдта.
Хъомылгæнæг: Уыйадыл нæ бæрæгбон кæронмæ æрхæццæ ис. Уæхи равдыстат ныфсджынæй, сæрæнæй æмæ уе ппæтæн дæр уæ цæрæнбон бирæ. Нæ зæрдæ уын зæгъы дунейы сабырдзинад, уæ цæсгæмтыл та кæддæриддæр мидбылхудт куыд уа!

Слово ветеранам.

София М.

Песня «Салют Победы»