Аргъау "Зӕронд уызын йӕхицан мад куыд агуырдта"
методическая разработка по художественной литературе (подготовительная группа)

     Куырттаты  сау  хъӕды  рӕбын иу  ӕрдузы  бын царди иу зӕронд  уызын. Къуыбылон  йӕхи  зонын  хъом  куы фӕци, уӕдӕй  нырмӕ ацы ӕрдузы цӕры, йӕ мад ын иу куыд  дзырдта, афтӕмӕй   мӕнӕ  ацы уагъылыйы къутӕры  бын  райгуырди. Йӕ саби бонтӕ  арвыста мӕнӕ   ацы  ӕхсӕрбӕлӕсты  бын, уӕлӕ  уыцы  ӕрыскъӕфджын къуыбырты  астӕу. Уӕртӕ уыцы дурджын ӕрхмӕ та иу дон нуазынмӕ  цыди  йӕ  мадимӕ.

Скачать:

ВложениеРазмер
Microsoft Office document icon iry_fidan_1.doc477.5 КБ

Предварительный просмотр:

Аргъау: Зӕронд уызын йӕхицан мад

куыд агуырдта.

Автор:

Куырттаты сау хъӕды рӕбын иу ӕрдузы бын царди иу зӕронд уызын. Къуыбылон йӕхи зонын хъом куы фӕци, уӕдӕй нырмӕ ацы ӕрдузы цӕры, йӕ мад ын иу куыд дзырдта, афтӕмӕй мӕнӕ ацы уагъылыйы къутӕры бын райгуырди. Йӕ саби бонтӕ арвыста мӕнӕ ацы ӕхсӕрбӕлӕсты бын, уӕлӕ уыцы ӕрыскъӕфджын къуыбырты астӕу. Уӕртӕ уыцы дурджын ӕрхмӕ та иу дон нуазынмӕ цыди йӕ мадимӕ.

Уызын- Гайтаты Самира

УЫЗЫН: Ехх ӕвӕдза, цы рӕстӕджытӕ уыди!

… Цас сӕрӕн курджытӕ мӕ уыдис.- Уый дын фаллаг сыхӕй Уызынбег! Йӕ сиргӕ уад дӕр бирӕйы архъ уыди!

Иннӕ ахӕм Уызыхъо! Йӕ бындар фӕуа, уый цавӕр диссаг уыди, бирӕгъӕй дӕр куыннӕ тарсти, йӕхицӕй иу къуыбылой ацарӕзта, ӕмӕ иу тулгӕ - тулгӕ комы балӕууыд.

Фӕлӕ дзы уӕддӕр Уызынбийӕн ӕбмал нӕ уыди! Куы

иу мӕ федта, уӕд иу фыр цинӕй йӕ цӕстытӕ цӕхӕртӕ акалдтой! Мӕнмӕ къахихсыд баци фӕткъуытӕ ӕмӕ къозотӕ хӕссынӕй.

Раст зӕгъгӕйӕ мӕ зӕрдӕмӕ мын фандӕг дӕр ыссардта.

Фӕлӕ мӕ иунӕг мады зыбыты иунӕгӕй куд ныууагътаин. (кӕуы) Ныр мӕ мад дӕр нал ис (кӕуы) , Уызынби дӕр ус ӕрхаста (кӕуы). Ныр ма цы кӕнон (ныллаг хъаласай).

Нӕ фӕлӕ ма цӕуон, ӕмӕ мӕхицӕн мад бацагурон! Кӕнгӕ мад (цауы)

УЫЗЫН: Мӕ фӕндагмӕ дарддӕр куы акӕсин.

Хæфс-Бибылты Арсен

ХӔФС: Дӕ хорзӕхӕй, хорз уызын, уый бӕрц дурты астӕу мӕнӕй дарддӕр кӕуыл ныллӕууай, уый дын нӕй?

УЫЗЫН: Мӕ къонайыл, ай Уӕрджын хӕфс куы дӕ, ӕмӕ дӕ куыннӕ базыдтон, бахатыр кӕн.

ХӔФС: Ӕмӕ уагӕры афтӕ тынг цӕуыл тыхсыс?

УЫЗЫН: Мӕхицӕн мад агур цыдтӕн.

ХӔФС: Зӕронд уызыны та ма мад цӕамӕн хъӕуы?

УЫЗЫН: Мазӕгъ, Уӕртджын хӕфс! Ӕнӕ мадӕй ацы дунейыл тынг зын цӕрӕн у. Мады хуызӕн дӕ ничи бамбардзӕн.

ХӔФС: Уӕдӕ ӕз ныр дыууӕ фондзыссӕдз азы ӕнӕ мадай цӕрын, ӕмӕ мӕ зӕрдыл дӕр никуыуал ӕрлӕууыди.

УЫЗЫН: Уӕрджын хӕфс! Уӕд та мын кӕнгӕ мад уаис?

Дӕ коммӕ кӕсдзынӕн!

ХӔФС: Ӕндӕр мӕт дӕр мӕ нӕй!

(йа размӕ фӕци арс йӕ хъӕбулимӕ)

АРС: Банцайут ма, мӕ бон уӕ нал у, уӕ хъӕлӕбайӕ.

Арс-Хæныкъаты Мариана

УЫЗЫН: Дӕ лаппынты хурӕй бафсӕд, Арсыпхан!

АРС: Сӕ хуртӕн нӕ зонын, Къуыбылон, фӕлӕ мӕ алы бон мӕстӕй хорз арынц! Фӕлӕ уӕддӕр фӕразын, хъӕбул аджын у!

УЫЗЫН: Мад та ноджы адджын дӕр у!

Нӕ фӕлӕ, Арсыпхан, цы уый зоныс?

АРС: Цы, дӕ хорзӕхӕй.

УЫЗЫН: Уӕд та мын кӕнгӕ мад уаис?

АРС: Уаих ӕрбауай, Къуыбылон! Зӕрондӕй ма дӕ цавӕр мад хъӕуы?

УЫЗЫН: Цы фӕнды кары дӕр мад тынг хъӕуы, Арсыпхан…

АРС: Уӕдӕ мӕнӕ ӕз мӕхи лӕппынтӕй куы бафӕлладтӕн. Бауырнӕад дӕ, мӕ туг мын дойныйӕн банызтой!

УЫЗЫН: Фӕлӕу ма, фӕлӕу, сагтӕ ӕмӕ уызынтӕ ӕрвадиуӕг кӕнынц. Хо ӕмӕ ӕфсымӕры цот ысты.

(цӕуы, ӕмӕ йа размӕ фӕци бирӕгъ )

.

Бирæгъ- Къæбысты Джамболат

БИРӔГЪ: Мӕнӕ цы дзӕбӕх тымбыл уызын ис, амӕй дӕхи хорз фен. Къуыбылон, кӕдӕм цӕуыс, кӕдӕм?

УЫЗЫН: Да изар хорз, Бигъола. Нӕ мӕ вдӕлы, мад агур цӕуын Сагты коммӕ.

БИРӔГЪ: Фӕлӕу ма, кӕдӕм тагъд кӕныс, мӕ разы уал ӕрбӕд, ӕмӕ нӕхи хорз фенӕм истӕмӕйты.

(цӕгъды музыкӕ, бирӕгъ райста тӕбӕгъ, ӕмӕ ӕрбадти).

УЫЗЫН: Ӕмӕ дӕ цуры иу тӕбӕгъ йедтӕмӕ куыннӕ ис? Уӕд цымӕ цӕмӕн?

БИРӔГЪ: Уымӕн ӕмӕ дӕ мӕхӕдӕг хӕрдзынӕн.

УЫЗЫН: Цы загътай! Нырмӕ дӕр дӕу тыххӕй куы фӕбадтӕн! Ныртӕккӕ дын ӕз хӕрд фенын кӕндзынӕн (намы бирӕгъы).

( сценӕмӕ ралыгъд тӕрхъус кӕугӕйӕ)

ТӔРХЪУС: (кауы) Гыцци! Гы-ы-ы-цци!

УЫЗЫН: Ай Тӕкку куы дӕ, Тӕкку! Ӕмӕ кӕугӕ та цӕмӕн кӕныс?

ТӔРХЪУС: Гыццийы рувас ӕр-ца-цахста ӕ-ӕ-ӕмӕ йӕ хъӕдмӕ ахастӕ! Ныр к – куыд ц- цӕрдзынӕн ӕнӕ… ӕнӕ мадӕй? (кӕуы).

УЫЗЫН: Ма ку, Тӕкку, ма ку.

ТӔРХЪУС: Гыцци! Гыцци!

Ныр куыд цӕрдзынӕн ӕнӕ мӕдӕй? Уырыдзытӕ ма мын чи хӕсдзӕн? И – и - и! Аргъӕуттӕ ма мын чи кӕндзӕни? И – и - и!

Тæрхъус- Беломыцева Карина

УЫЗЫН: Ма ку, Тӕкку, ма ку! Ӕз дын уырыдзытӕ дӕр хӕсдзынӕн, аргъӕуттӕ дӕр дын кӕндзынан. Амӕй фӕстӕмӕ дын уыдзынӕн Гыцци (зараг Мад хъабулан…).

Цалдӕр боны мадагур фазылдтӕн, фӕлӕ ыссардтон аджын хъӕбул. (зараг)

УЫЗЫН: Иунӕг сывӕллон дӕр хъуамӕ ӕнӕ мадӕй ма хъомыл кӕнӕ. Сырдтӕ дӕр ма кӕрӕдзийы лаппынты куы ӕрбахъӕбыс кӕнынц. Ныййарӕг мад ма фесӕф, ма ма ныууадз, нӕ зӕрдӕтӕ иу уидагӕй баст сты, ӕмӕ йӕ аскъуынын ма бауадз. (зарӕг дарддӕр).


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Аргъау "Зæронд уызын йæхицæн мад куыд агуырдта"

Аргъау "Зæронд уызын йæхицæн мад куыд агуырдта"...