«Цæрæгойтæ куыд цæттæ кæнынц сæхи зымæгмæ» Астæуккаг къорд
план-конспект занятия (средняя группа) на тему

конспект

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл otkrytoe_zanyatie.docx324.44 КБ

Предварительный просмотр:

Ход занятия.

Сывӕллӕттӕ  ирон( музыкӕмӕ гӕсгӕ) бацыдысты залмӕ,ӕрлӕууыдысты тымбыл.

С.    Дӕ бон хорз,мӕ  Ирыстон

        Нӕ рӕсугъд бӕрзонд къдзӕхтӕ!

        Нӕ Иры тыхджын лӕппутӕ

         Нӕ Иры  рӕсугъд чызджытӕ ӕмӕ нӕ зынаргъ уазджытӕ!

Хъ.  Сабитӕ цавӕр афӕдзы афон у?

С.     Зымӕг.

Хъ.   Цӕмӕй йӕ базыдтат?

С.     Уары мит, уазал дымгӕ кӕнны,бон цыбыр у,ахсӕв та даргъ.(ӕмӕ афтӕ дарддӕр)

Хъ.   Цавӕр уӕлӕдарӕс скодтой  сӕ уӕлӕ адӕм зымӕджы?

С.     Хъарм цырыхъытӕ, къарм хутӕ ,хъурбаттӕн,кӕрц.

Хъ.   Цавӕр цъиутӕ баззадысты зымӕгиуӕт кӕнынмӕ?

С.     Халон, сырдтон циу,бӕлон.

Хъ.   Зымӕгон хъӕды цавӕр цӕрӕгойтӕ фенӕн ис ?

С.     Тӕрхъус , бирӕгъ,рувас, ӕхсӕрсӕттӕг.

Хъ.   Арс ӕмӕ уызыны на бон у фенӕн?

С.     Нӕу.

Хъ.   Цӕуылнӕ

С.  Уымӕн ӕмӕ зымӕг канынц фынӕй

Хъ. Цавӕр цӕрӕгойтӕн аивы зымӕгыл сӕ кӕрцы хуыз

С.Тӕрхъус ӕмӕ ӕхсӕрсӕттӕгӕн

Хъ. Сабитӕ мах абон цӕуӕм зымагон  хъӕдмӕ,хъӕды цӕрӕгойтӕ сӕхи куыд бацӕттӕ кодтой уый фенӕм

Сывӕллӕтӕ музыкӕмӕ гӕсгӕ фӕцӕуынц хъӕдмӕ.
Къӕдзӕхы цур къалиуы бын ссардтой голлаг
Хъ.Ай та цы уы ? Чи ныууагъта кӕмӕй ферох,Сабитӕ на йӕ зонут ?
С.Митын Дада
Хъ.Цымӕ йӕ мидӕг та цы ис ? Фенӕм ӕй.
Хъомылгӕнӕг сывӕллӕтимӕ райхӕлдтой голлаг ӕмӕ йӕм кӕсынц.
Хъ.Адон лӕвӕрдтӕ куы сты хъӕды цӕрӕгойтӕн  мӕнӕ мыд ,ацы лӕвар кӕмӕн у куыд уӕм кӕсы ?

С.Арсӕн

Хъ.Цомут ӕмӕ йын йӕ лӕвӕр радтӕм.Арс цавӕр у ?

С.Стыр,тыхджын,хъуынджын

Хъ.кӕм цӕры ? Зымӕджы цы кусы ?

С.Лӕгӕты.Зымӕджы фынӕй кӕны

Хъ.Азарӕм йын  ало-лай зарӕг ӕмӕ йӕ лӕвар йын радтӕм.

Сывӕллӕтӕ дарддӕр цӕуынц сӕ фӕндагыл,ӕмӕ ӕрбацыдысты тӕрхъусы хӕдзармӕ

Хъ.Уый та нӕм хуынкгомӕй чи ракаст ?

С.Тӕрхъус

Хъ.Тӕрхъус цавӕр у ?

С.Тӕппуд,гыццыл,йӕ хъустӕ даргъ,йӕ къӕдзил цыбыр,уарзы уырыдзы,къабускъа,кӕрдӕг

Хъ.  Сабитӕ тӕрхъусимӕ ахъазӕм.

С. Сусӕгӕй нӕм чи ракаст

    Сабитӕй та чи фӕтарст

О,тӕрхъус ,о хъилхъус

Сабитӕй ды ма тӕрс

О,тархъус ,о хъилхъус

Сабитимӕ ахъаз.

Хъазт « Тӕрхъустӕ»

Тӕрхъус быдыры  гӕп, гӕп.

Тӕрхъус быдыры  сӕп,сӕп,

Тӕрхъус уырыдзы хӕмц,хӕмц.

Сывӕллӕттӕ тӕрхъусимӕ ахъазыдысты,йӕ лӕвар йын радтой ӕмӕ дарддӕр ацыдысты. Ӕмӕ ӕрбацыдысты Тулдз бӕласы цурмӕ,кӕсынц ӕмӕ бӕласыл бады ӕхсӕрсӕттӕг.

Хъ. Ай та чи у?

С. Ӕхсӕрсӕттӕг

Хъ. Йӕ къухмӕ райста ӕмӕ сывӕллӕтты фӕрсы:цавӕр у?йӕ къӕдзил,йӕ хъустӕ,йӕхӕдӕг?

С.Гыццыл,йӕ хъустӕ цыбыр, йӕ къӕдзил даргъ,хъунджын,рӕсугъд.

Хъ. Йӕ къӕдзил та куыд хуины?

С. Мӕра.

Хъ.Зымӕгмӕ йӕхицӕн цытӕ бавӕры?

С. Зокъотӕ,ӕнгузтӕ,ӕхсӕртӕ,гыркъотӕ.

Хъ. Раст загъут ,мӕнӕ йын Митын Дада дӕр ӕрбарвыста лӕвар ӕмӕ йын сымхӕццӕ сты голладжы,хъӕуы сӕ равзарын чыргъӕдтӕм,аххуыс ын кӕндзыстӕм ?

 « Хъазт Золушкӕ.»

Сывӕллӕттӕ аххуыс кодтой ӕмӕ фацауынц сӕ фӕндагыл.

Кӕсынц ӕмӕ бӕласы цур лӕуынц рувас ӕмӕ бирӕгъ.

Хъ. Сабитӕ,уӕртӕ уыцы бӕласы цур та чи лӕууы?

С. Бирӕгъ ӕмӕ рувас.

Хъ. Бирӕгъ ӕмӕ рувас та кӕм цӕрынц?

С. Бирӕгъ цӕры лӕгӕты, рувас та хуынкгомы.

Хъ. Ӕрбакӕсут ма бирӕгъ  цавӕр у?

С. Стыр,хъуынджын,мӕстыгӕр,ӕххормаг.

Хъ. Рувас та?

С. Гыццыл,бурварс,хинӕйдзаг,сайӕг ӕмӕ давӕгой.

Хъ. Цавӕр аргъауы сыл фембӕлдыстӕм ӕрӕджы? Ахъуыды ма кӕнут.

С. Аргъӕу «Тыппыро»

Хъ. Ӕрхъуыды мӕ кӕнут бирӕгъ тыппыройӕн куыд загъта.

С. Тыппыро,тыппыро ӕз дӕ хӕргӕ кӕндзынӕн!

Хъ. Ӕмӕ уый та куыд загъта?

С . Ма мӕ бахӕр бирӕгъ, ӕз дын мӕ зарӕг кӕндзынӕн.  Зарӕг азарыди ӕмӕ дарддӕр атылд йӕ фӕндагыл.

Хъ. Рувас та йӕ куыд асайдта?

С. Ӕз зӕронд дан, къуырма дӕн,сбад мын мӕ фындзы кӕроныл ӕмӕ азар .

Хъ. Сабитӕ цӕмӕй бирӕгъ ӕмӕ рувас макӕй уал бахӕрой уый тыххӕй цын Митын Дада балӕвар кодта тымбыл гуылтӕ.

Лӕвӕрдтӕ радтой ӕмӕ дарддӕр ацыдысты. Цӕуынц хъӕды ӕмӕ уынынц къодахы цур бады уызын.

Хъомылгӕнӕг уызыны йӕ къухмӕ систа ӕмӕ фӕрсы сабиты.

Хъ. Ай та цавӕр сырд у ?

С. Уызын

Хъ.Уызын кӕм цӕры ?

С.Хъодахы хуыннгомы

Хъ.Йӕ кӕрц та цӕмӕй  у ?

С.Судзинтӕй

Хъ.Цы уарзы уызын ?

С.Зокъотӕ,фӕткъуытӕ

Хъ.Уызын зымӕг цы кусы ?

С.Фынӕй кӕны.

Митын Дада уызынӕн балӕвар кодта фӕткъуытӕ ӕмӕ йын сӕ радтам.

Фӕцӕуынц та дарддӕр,сӕ хъустыл ауад халоны хъӕр,бӕласмӕ скастысты ӕмӕ дзы халон бады

Хъ.Бӕласыл та чи бады ?

С.Халон.

Хъ. Халон цавӕр у ?

С.Сау,ис  ын базыртӕ,къӕдзил,бырынкъ.

Хъ.Ӕмӕ куыд уасы халон ?

С.Хъахъ-хъахъ-хъахъ

Хъ.Фенӕм ма нӕ голладжы,митын Дада халонӕн цы балӕвар кодта уый

Хъ.Сабитӕ алкӕмӕн дӕр сӕ лӕвӕрдтӕ радтам,никӕй ферох кодтам,Зӕгъӕм хӕрзбон хъӕдӕн ӕмӕ йӕ цӕрӕгойтӕн.Фӕстӕмӕ нӕ сабидонмӕ цомут.

Ӕрбацыдысты сабидонмӕ.

Хъ.Сабита Мӕнӕ цыхты къӕрт

Сымах зыдтат халон цыхт уарзы уый ?

С.  На зыдтам.

Хъ.Митын Дада алцыдӕр уыны ӕмӕ зоны

Йӕ лӕвар йын радтой.

Хъ. Уӕ зӕрдӕмӕ фӕцыди хъӕды?

Ӕмӕ дзы тынгдӕр цы фӕцыд уӕ зӕрдӕмӕ ?

С. --------

Хъ.Нӕ голлаг ма цыдӕр уӕззау у, цымӕ ма дзы цы ис ?

Голлаг бакодта ӕмӕ дзы систа хъаст “Чи кӕм цӕры ?”

Хъ.Сабитӕ мӕнӕ ма ӕрбакӕсут цы уын ӕрбарвыста митын Дада

Ахъазӕм ма дзы.

Мӕнӕ стыр нывы ис цӕрӕгойтӕн сӕ хӕдзӕрдтӕ,гыццыл нывты та цӕрӕгойтӕ сӕхӕдӕг,ӕмӕ сымах хъуамӕ алы цӕрӕгойӕн дӕр ссарат йӕ хӕдзар

Ӕмӕ йӕ ум сыбмӕлын кӕнат.

Сабитӕ ӕндадзӕнтӕй нывтӕ баныхӕстой кӕм ӕмбӕлы уым(алы сырды дӕр йӕ цӕрӕн бынаты цур)

Сабитӕ ахъазыдысты.

Хъ.Митын Дада сымахӕн ноджыдар лӕвӕрдтӕ ӕрбарвыста ӕмӕ уын зӕгъы бузныг

уӕхи хорз кӕй дардтат,хорз зонындзинӕдтӕ кӕй равдыстат,хъӕды цӕрӕгойты бирӕ кӕй уарзут уый тыххӕй.

Нысан:

  1. Бафидар кӕнын хъӕдтаг цӕрӕгойты ӕмӕ сӕ цӕрӕнбынатты нӕмттӕ (арс,рувас,бирӕгъ,уызын.ӕхсӕрсӕттӕг ). Бафидар кӕнын цӕрӕгойтӕ куд цӕрынц зымӕджы хъӕды.Парахат кӕнын  сывӕллӕтты дзырдуат ,хъусын лӕмбынаг ,зӕрдыл дарын ног ныхӕстӕ:хуынкгом,мӕра,лӕгӕт,ахстон,ӕхсӕрсӕттӕг.
  2. Ахуыр кӕнын ӕмбарын ӕрдзы хуымӕтӕджы ивт дзинӕдтӕ. Парахат кӕнын сабиты зонындзинӕдтӕ.
  3. Рӕзын кӕнын сабиты логикон хъудыкӕнынад,ахуыр сӕ кӕнын сӕ архайдӕн анализ кӕнын,иртасын куыст кӕнын.
  4. Хъомыл кӕнын сабитӕм ӕрдзмӕ уарзондзинад,иумӕ ,кӕрӕдзийӕн     ӕххуыс кӕнгӕйӕ архайын.

Муниципальное бюджетное дошкольное образовательное учреждение «Детский сад №14 г. Беслана» Правобережного района Республики Северная Осетия-Алания

«Цæрæгойтæ куыд цæттæ кæнынц сæхи зымæгмæ»

Астæуккаг къорд

C:\Users\ULTRA\Desktop\img17.jpg

Воспитатели: Цкаева Р.А.

                       Тараева А.К.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Æнæсцох ахурадон архайд (НОД) Темæ: «Бийнонтæ» Астæуккаг къуар

Æнæсцох ахурадон архайд  (НОД) Темæ: «Бийнонтæ» Астæуккаг къуар...

Гом ахуырады конспект «Мады бон» (хистœр къорд)

Гом ахуырады конспект «Мады  бон» (хистœр къорд)...

Мастер – класс бацæттæгæнæн къорды ныййарджытимæ «Аив кæнын ирон сылгоймаджы националон дарæс»

Мастер – классбацæттæгæнæн къорды ныййарджытимæ«Аив кæнын ирон сылгоймаджы националон дарæс»...

Аргъау "Зæронд уызын йæхицæн мад куыд агуырдта"

Аргъау "Зæронд уызын йæхицæн мад куыд агуырдта"...