Уырыссаг адæмон аргъау «Теремок» - «Гæнах» ирон æвзагмæ тæлмацæй Астæуккаг къорды сывæллæттæ.
методическая разработка (старшая группа) на тему
Предварительный просмотр:
Цæгат Ирыстон – Аланийы муниципалон бюджетон скъолаагъоммæйы уагдон
«Камбилеевкæйы хъæуы 19- æм сывæллæтты рæвдауæндон»
Уырыссаг адæмон аргъау «Теремок» - «Гæнах»
ирон æвзагмæ тæлмацæй
Астæуккаг къорды сывæллæттæ.
Бацæттæ кодтой хъомылгæнджытæ:
Цакъоты Мадинæ Дзæрæхы чызг
Тотиты Анжелæ Анатолийы чызг
2018 аз.
Ирон Гæнах (Теремок)
Амонæг: Ралæууыд уалдзæг. Цæрæгойтæ райхъал сты сæ фынæйæ. Дидинæг фестади æрдз. Уæртæ быз-бызаг бындз дæр рахылд йæ æмбæхсæн бынатæй…
Бындз: (йæ базыртæ айвæзта, ауыдта гыцылл хæдзар)
Кæй хæдзар у ацы гыццыл хæдзар? Чи цæры йæ хуылфы? (кæсы мидæмæ). Замманай гыццыл хъæдын хæдзар мын.
Амонæг: Бацыд йæ хуылфмæ æмæ дзы æрцард
Уалынмæ æхситт кæнгæ æртæхы къогъо.
Къогъо: Кæй хæдзар у ацы гыццыл хæдзар? Чи цæры йæ хуылфы?
Бындз: Æз бындз быз-бызæг, ды та чи да?
Къогъо: Æз къогъо Пискъ
Бындз: Рацу иумæ цæрæм, иунæгæй цæрæн нæй
(бакодта йæ мидæмæ)
Амонæг: Афтæ райдыдтой цæрын иумæ, дыууæйæ. Уалынмæ фæзынд мыст Хырт-Хыртбег.
Мыст: Чи цæры ацы хæдзары?
Æз бындз быз-бызæг!
Æз къогъо Пискъ!
Ды та чи дæ?
Мыст: Æз мыст Хырт-Хыртбег.
Къогъо: Рацу, махимæ цæр, иумæ цæрын хуыздæр у. (бакодтой йæ мидæмæ)
Амонæг: Афтæ райдыдтой цæрын иумæ хæларæй, æртæйæ. Уалынмæ гæпп-гæппгæнгæ фæзынд хæфс Квашæ.
Хæфс: Кæй хæдзар у ацы гыццыл хæдзар? Чи цæры йæ хуылфы?
Æз, бындз быз-бызæг,
Æз, къогъо Пискъ,
Æз мыст Хырт-Хыртбег,
Ды та чи дæ?
Хæфс: Æз хæфс Квашæ
Мыст: Рацу махмæ иумæ цæрæм
Амонæг: Иумæ райдыдтой цæрын хæларæй цыппарæй.
Тагъд, тагъд сæм æрбауайы хъил-хъус, зылынкъх тæрхъус æд
лæппын.
Тæрхъус: Диссаг, чи цæры ам? Æттæмæ ма ракæсут. (хойы сæм)
Æз, бындз быз-бызæг,
Æз, къогъо Пискъ,
Æз мыст Хырт-Хыртбег,
Æз, хæфс Квашæ,
Ды та чи дæ?
Æз тæрхъус хъи-лхъус, зылынкъх, мæ лæппынимæ
Хæфс: Рацу махмæ, иумæ цæрæм
Амонæг: Афтæ райдыдтой цæрын иумæ хæларæй фондзæй
Уалынмæ кæцæйдæр смудгæ фæзынд хинæйдзаг рувас (смуды)
Рувас: Чи цæры ацы хæдзары? Цыма дзы кæрчытæ нæй? (хойы)
Æз, бындз быз-бызæг,
Æз, къогъо Пискъ,
Æз мыст Хырт-Хыртбег,
Æз, хæфс Квашæ,
Æз тæрхъус хъи-лхъус, зылынкъх, мæ лæппынимæ
Ды та чи дæ?
Рувас: Æз рæссугъд, уæздан рувас
Тæрхъус: Рацу махмæ иумæ цæрæм, иумæ тыхджын уыдзыстæм
Амонæг: райдыдтой цæрын иумæ æнгомæй, æхсæзæй
Уалынмæ æрбайхъуыст цъæх бирæгъы уынæр
Бирæгъ: Чи æрцард, ам?
Æз, бындз быз-бызæг,
Æз, къогъо Пискъ,
Æз мыст Хырт-Хыртбег,
Æз, хæфс Квашæ,
Æз тæрхъус хъи-лхъус, зылынкъх, мæ лæппынимæ
Æз рæссугъд, уæздан рувас
Ды та чи дæ?
Бирæгъ: Æз тыхджын цъæх бирæгъ
Рувас: Рацу махмæ иумæ цæрæм, æцæг давгæ мауал кæн.
Амонæг: Афтæ иумæ цæрынц хæларæй, хъæлдзæгæй, кафынц.
Бындз: Куыд хорз у, æмбæлттæ! Ныр мах бирæ стæм æмæ тыхджын стæм! (кафынц, цин кæнынц)
Амонæг: Дардæй æрбхъæр кодта тызмæг арс
Арс: Гъе,Гъе! Ам чи ис?
Иумæ: Æмæ ды та чи дæ?
Арс: Æз, арс, уеппæты падздзах!
Иумæ: Мах дæ нал тæрсæм, мах ныр бирæ стæм, тыхджын стæм. (асырдтой йæ иумæ). Рацыдысты фæстæмæ.
Иумæ: Æгас цæуæд иудзинад!
Кæрæдзи къухтыл хæцгæ иу къахдзæф размæ.(поклон)
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Æнæсцох ахурадон архайд (НОД) Темæ: «Бийнонтæ» Астæуккаг къуар
Æнæсцох ахурадон архайд (НОД) Темæ: «Бийнонтæ» Астæуккаг къуар...
Мамсыраты Дæбейы аргъау « Кæрдо бæлас»
laquo; Кæрдо бæлас»Автор: Мæлдзыг кæрдойы апп ссардта....

Мастер – класс бацæттæгæнæн къорды ныййарджытимæ «Аив кæнын ирон сылгоймаджы националон дарæс»
Мастер – классбацæттæгæнæн къорды ныййарджытимæ«Аив кæнын ирон сылгоймаджы националон дарæс»...

Аргъау "Зæронд уызын йæхицæн мад куыд агуырдта"
Аргъау "Зæронд уызын йæхицæн мад куыд агуырдта"...
Аргъау "Зӕронд уызын йӕхицан мад куыд агуырдта"
Куырттаты сау хъӕды рӕбын иу ӕрдузы бын царди иу зӕронд уызын. Къуыбылон йӕхи зонын хъом куы фӕци, уӕдӕй нырм...
