Аргъау "Зæронд уызын йæхицæн мад куыд агуырдта"
план-конспект занятия

Плиева Альбина Эльбрусовна

Аргъау "Зæронд уызын йæхицæн мад куыд агуырдта"

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл zaerond_uyzyn_yaehitsaen_mad_kuyd_aguyrdta.docx353.92 КБ

Предварительный просмотр:

Республикæ Цæгат Ирыстон - Алани

7 – æм МУНИЦИПАЛОН БЮДЖЕТОН РÆВДАУÆНДОН

Зæронд уызын йæхицæн мад куыд агуырдта.

Бацаттæ кодта:

ирон æвзаджы хъомылгæнæг

Плиты Альбинæ

г. Алагир, 2024 аз

Къубылон: - Ехх, гыцци! Мæ мадимæ ацы рæсугъд æрдузы æрцардыстæм. Мæнæ ацы къудзиты бын райгуырдтæн.

Къубылон: - Ехх, æвæдза, цы рæстæджытæ уыди! Цас сæрæн усгуртæ мæм цыди мæ чызгон бонты! Уый дын фаллаг сыхæй Уызынбег! Йæ сиргæ уад дæр бирæйы аргъ уыди! Иннæ  ахæм æрхыцæрæг Уызыхъо! Йæ бындар макуы фæуа, уый бирæгъæй дæр нæ тарсти! Фæлæ дзы уæддæр Уызынбийæн æмбал нæ уыди! Куы  мæ- иу федта, уæд-иу йæ цæсты фиутæ атадысты мæ уындæй. Уызынби диссаджы усгур уыди! Судзинихсыд баци мæнæн фæткъуытæ æмæ къозотæ хæссынæй. Раст куы зæгъон уæд мын мæ зæрдæмæ дæр фæндаг ссардта, фæлæ мæ мады иунæгæй куыд ныуагътаин! Ǣмæ ныр мæ мад дæр нал ис, Уызынби дæр нал фæзындис! (кауы). Ехх, гыцци ма мын æгас куы уаид! Ǣвæдза куы адджын у мад! (йæ цæсыгтæ сæрфы).

Цæуон æмæ мæхицæн искуы мад бацагурон, кæнгæ мад!

(сыстад, æхсæры къæцæл райста æмæ фæцæуы. Иу тъæпæн дурыл æрлæууыди æмæ кæсы дардмæ).

Уæртджын хæфс: Хъва, Хъва. Ме сæфт æрцыди! Цы хабар у, уыйбæрц дурты астæу мæнæй дарддæр кæуыл ныллæуай, уый дын нæй!?

Къубылон: Мæ къонайыл! Ай Уæртджын хæфс куы дæ. Стыр хатыр бакæн!

Уæртджын хæфс: Уагæры афтæ цæуыл тыхсыс, мæ хуызæн рæсугъды ма фен! Хъва! Хъва!

Къубылон: Мад агур рацыдтæн.

Уæртджын хæфс: Мад! Йæ æдылы къоппа, зæрондæй ма мадæй цы кæныс?

Къубылон: Ма зæгъ, мад дыл бацин кæндзæн, аргъау дын ракæндзæн.

(Уæртджын хæфс уыцы ныхæстæм йæ ком аивæста).

Уæртджын хæфс: Ǣз тынг дзæбæх цæрын æнæ мадæй. Мысгæ дæр æй никуы уал æркодтон.

Къубылон: Уый та куыд, мадæн æмбал нæй, Уæртджын хæфс! Кæнгæ мад дæ нæ фæнды мæнæн? Дæ коммæ кæсдзынæн! (Хæфс бафынæй).

Къубылон: Ай куы бафынæй и! (Йæ къух ыл ауыгъта æмæ ацыд дарддæр. Амбæлд арсыл).

Къубылон: Дæ бон хорз Арсыпхан æмæ дæ лæппынты хурæй бафсæд.

Арсыпхан: Сæ хуртæн нæ зонын, фæлæ мæ мæстæй хорз марынц. Ǣмæ мын цы гæнæн ис, фæразын, хъæбул адджын у! (Къубылон арф ныууылæфыд).

Къубылон: Мад та ноджы адджындæр у!

Арсыпхан, цы уый зоныс? Мæнæн дæ кæнгæ мад нæ фæнды?

Арсыпхан: Уаих æрбауай, зæрондæй ма дæ цæй мад хъæуы?

Нæ, нæ, Къубылон, мæнæй дын мад нæй. Ай мæнæ мæхи лæппынтæй мæ сæр кæм бафснайон уый куы нал зонын, мæ туг мын дойныйæн куы банызтой! Мæнæй дын ницы пайда ис. Дæ фæндтæ дæ къухы бафтæнт.

(Арс фæцæуæг ис. Къубылон май æ фæстæ хæлæгкæнгæ каст).

Къубылон: Фæлæу-ма, фæлæу,мæ мад иу афтæ куы дзырдта: « Сагтæ æмæ уызынтæ хотæ æмæ æфсымæртæ сты зæгъгæ. Цон æмæ уым мæхицæн мад бацагурон. (Араст та уызын дарддæр, йæ размæ бирæгъ фæцис).

Къубылон: - Де зæр хорз Бигъола!

Бигъола: Фæлæу-ма, кæдæм тагъд кæныс, мæ фарсмæ уал абад.

Къубылон: - Нæ мæ вдалы, мадагур цæуын Сагты коммæ.

Бигъола: Ай мæ æхсæвæр фæирвæзы, мæ комыдæттæ йæм æруадысты, афтæ ма фæлæу дын зæгъын! (Уызын фæтарс æмæ лидзæг фæцис, къудзийы бын амбæхст).

Мæнæ ацы сым-сымон мæ фындзы бынæй куыд аирвæст. Баззадтæн та æнæ æхсæвæрæй У-ууу!

(Хъусы уызын тæрхъусы кæуын, аракæс-бакæс кодта æмæ  бирæгъ куы нал уыд, уæд бауад тæрхъусмæ).

Тæрхъус: - Гыцци!  Гыц-ци-и-и!

Къубылон: Ай Тæкку куы дæ. Цæуыл кæуыс?

Тæрхъус: Гыццийы рувас æрцахста æмæ йæ хъæдмæ ахаста! Ныр ма куыд цæрдзынæн æнæ мадæй? Уырыдзытæ ма мын чи хæсдзæн? И-и-и-й

Аргъæуттæ ма мын чи кæндзæн? И-и-и-й (Къубылон йæ дзæмбыйæ Тæккуйы æрсæрфта æмæ йын афтæ зæгъы):

Къубылон: Ǣз дын аргъæуттæ дæр кæндзынæн. Ǣз дын уырыдзытæ дæр хæсдзынæн.- Ма ку, Тæкку, ма ку! Ǣз дын уыдзынæн гыцци. (Къубылон Тæккуйы хъусæн аба кодта æмæ йæ, йæ хъæбысы æрбакодта).

Къубылон: Цалдæр боны мад агур фæзылдтæн, æмæ адджын хъæбул ыссардтон.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты